Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕ — зонын кӕй хъӕуы, уыцы Хуыцау

Иегъовӕ — зонын кӕй хъӕуы, уыцы Хуыцау

Иегъовӕ — зонын кӕй хъӕуы, уыцы Хуыцау

ЦАРДЫ дӕхи ницы ахсджиаг хъуыддагӕй цух кӕныс? Хуыцауы тыххӕй кӕд гыццыл йедтӕмӕ нӕ зоныс, уӕд о. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ милуангай адӕймӕгтӕ куыд бафиппайдтой, афтӕмӕй, Библийӕ Хуыцауы тыххӕй цы базыдтой, уый сын царды бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕрхаста. Цы пайда хӕссы, уый уайтагъд банкъарынц ӕмӕ ма йӕ дарддӕр дӕр ӕнкъарын байдайынц.

Иегъовӕ Хуыцауы, Библийы Авторы, фӕнды цӕмӕй йӕ мах базонӕм. Псаломзарӕггӕнӕг фыста: «Ӕмӕ уадз базонӕнт, Ды иунӕг, Кӕцыйӕн ном — Хицау, [«Иегъовӕ», МГТ] Ӕппӕтбӕрзонд ӕппӕт зӕххы сӕрмӕ». Уый ӕмбары, мах ӕй куы зонӕм, уӕд уый нӕхи пайдайӕн кӕй у. «Ӕз дӕн Иегъовӕ, дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, уый дын чи амоны». Цы пайда нын хӕссы, Иегъовӕ Хуыцауы, Ӕппӕтбӕрзонды зонын? (Псалом 82:19; Исай 48:17).

Зӕгъӕм, ахуыр нӕ кӕны, ӕрвылбон дӕр цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уыдон иуварс кӕнын, дӕтты нын удӕнцой ӕмӕ фидар ныфс фидӕнӕн. Уымӕй уӕлдай ма, Иегъовӕимӕ хуыздӕр кӕй зонгӕ кӕнӕм, уый фӕрцы ӕндӕр цӕстӕй кӕсӕм, ӕгас дунейы дӕр адӕмы тынг цы фарстатӕ тыхсын кӕнынц, уыдонмӕ. Цавӕр фарстатӕ сты?

Дӕ цардӕн нысан ис?

Кӕд адӕмӕн техникӕ ӕмӕ зонады сӕ къухы стыр ӕнтыстытӕ бафтыд, уӕддӕр адӕмы тыхсын кӕнынц уыцы иу ахсджиаг фарстатӕ: цӕй тыххӕй цӕрын? Цы уыдзӕн мӕ фидӕн? Цы у царды нысан? Адӕймаг сын бӕлвырд дзуаппытӕ куы нӕ ссара, уӕд нӕ зондзӕн, дарддӕр куыд цӕра, уый. Цымӕ ахӕм уавӕры бирӕ адӕм ис? 1990-ӕм азты кӕрон Германы иу иртасӕн куысты рӕстӕджы цы адӕмы бафарстой, уыдонӕн се ’рдӕгмӕ арӕх кӕнӕ хаттӕй-хатт афтӕ фӕкӕсы, цыма сӕ цардӕн нысан нӕй. Ӕвӕццӕгӕн, ды кӕм цӕрыс, уым дӕр ахӕм уавӕр ис.

Адӕймаг цӕй тыххӕй цӕры, уый куы нӕ зона, уӕд ын нӕй, йӕ сомбоны цард кӕуыл араза, уыцы бындур. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕ царды нысан агургӕйӕ, фӕтырнынц ӕхсӕнады хорз бынат скӕнынмӕ кӕнӕ та хъӕздыгдзинад ӕмбырд кӕнынмӕ. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ цардӕй райгонд нӕ вӕййынц. Бирӕтӕ сӕ цардӕн нысан кӕй не ссарынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ цӕрын дӕр нал фӕфӕнды. Афтӕ уыд иу ӕрыгон рӕсугъд сылгоймагимӕ, уый тыххӕй фыстӕуыд иу газеты («International Herald Tribune»). Уыцы сылгоймаг схъомыл «тынг хъӕздыг ӕмӕ цардхъом бинонты ’хсӕн ӕмӕ йын алы ран дӕр фӕндаг уыд гом». Кӕд ӕппындӕр ницы цух уыди, уӕддӕр йӕхи иунӕг хатыд ӕмӕ йӕм афтӕ каст, цыма йӕ цард дзӕгъӕлы у. Фынӕйы хостӕ банызта ӕмӕ йӕ мардӕй ссардтой. Ӕвӕццӕгӕн ма зондзынӕ, йӕхи афтӕ иунӕг чи хатыд ӕмӕ ӕвирхъау мӕлӕтӕй чи фӕмард, ахӕм адӕймӕгты.

Искуы фехъуыстай, зӕгъгӕ дам нын зонад царды сусӕгдзинӕдтӕ раргом кӕндзӕн? Немыцаг ӕрвылкъуырион газеты дзырдӕуыд: «Зонад кӕд раст у, уӕддӕр йӕ бон нӕу монон разамынд дӕттын. Куыд зыны, афтӕмӕй эволюцийыл кӕронмӕ нӕ бакуыстой, ӕмӕ квантон физикӕ дӕр,— развӕлгъау кӕй нӕй базонӕн, йӕ уыцы ивындзинӕдтимӕ,— нӕ дӕтты удӕнцой ӕмӕ ныфс» («Die Woche»). Зонадон ссӕрдтыты фӕрцы ахуыргӕндтӕ бирӕ сарӕзтой, цӕмӕй цард йӕ бирӕ хуызтимӕ афыстаиккой, ӕмӕ ма бамбарын кодтаиккой, цард цы ӕрдзон зилдухтӕ ӕмӕ процессты руаджы ис, уыдон дӕр. Фӕлӕ зонадӕн йӕ бон нӕу зӕгъын, мах цӕй тыххӕй цӕрӕм ӕмӕ цы уыдзӕн нӕ фидӕн, уый. Ӕрмӕст зонадыл куы дарӕм нӕ ныфс, уӕд нӕм царды нысаны тыххӕй цы фарстытӕ ис, уыдон ӕнӕ дзуаппӕй баззайдзысты. Иу газеты хъуыдымӕ гӕсгӕ адӕм ӕрцыдысты ахӕм хатдзӕгмӕ — «алкуыдӕр хъӕуы разамынд» («Süddeutsche Zeitung»).

Сфӕлдисӕгӕй хуыздӕр нын ахӕм разамынд чи ратдзӕн? Сӕрысуангӕй адӕмы зӕххыл уый кӕй ӕрцӕрын кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ хъуамӕ зона, ам цӕмӕн сты. Библийы дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ адӕмы уый тыххӕй сфӕлдыста, цӕмӕй зӕхх байдзаг кӕной, зилой йӕм ӕмӕ йӕ хъахъхъӕной. Адӕмӕн сӕ алы хъуыддаджы дӕр хъуамӕ зындаиккой Хуыцауы миниуджытӕ: рӕстдзинад, зонд ӕмӕ уарзондзинад. Иегъовӕ нӕ цӕмӕн сфӕлдыста, уый куы базонӕм, уӕд бамбарӕм, цӕмӕн цӕрӕм, уый (Уӕвынад 1:26—28).

Цы ис саразӕн?

Фӕлӕ кӕд зӕрдӕзӕгъгӕ дзуаппытӕ нӕма ссардтай ацы фарстатӕн — цӕй тыххӕй цӕрын? Цы уыдзӕн мӕ фидӕн? Цы у царды нысан? — уӕд куыд? Уӕд дӕ Библи хоны, цӕмӕй Иегъовӕимӕ хуыздӕр базонгӕ уай. Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Ӕнусон цард та уый у, цӕмӕй зоной Дӕу,— иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Дӕуӕй ӕрвыст Йесо Чырыстийы». Библи ма нын дзуры, цӕмӕй Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытыл кусӕм, уӕлдайдӕр та уарзондзинадыл. Афтӕ ма нӕ разӕнгард кӕны нӕ разы нысан сӕвӕрынмӕ дӕр: чи ӕрхӕстӕг кӕны, Хуыцауы уыцы Мессианон Паддзахады бӕрны нӕхи бакӕнын. Ацы ныхӕстӕ дӕ зӕрдӕмӕ куы айсай, уӕд дӕ цардӕн уыдзӕн нысан ӕмӕ фидӕнӕн та — диссаджы, фидар ныфс. Ӕмӕ нырмӕ цы ахсджиаг фарстатӕн нӕ ардтай дзуаппытӕ, уыдон дӕ нал тыхсын кӕндзысты (Иоанны 17:3, НФ; Екклесиаст 12:13).

Куыд тынг фӕзындзӕн уый адӕймаджы цардыл? Уый Ханс йӕхицӕй зоны *. Раздӕр Ханс кӕд Хуыцауыл гыццыл ӕууӕндыд, уӕддӕр йӕ уырнындзинад йӕ цардыл никуыд зынди. Ханс наркотиктӕ кодта, хъахбай сылгоймӕгтимӕ цыдис, уарзта мотоциклтӕ, ӕмӕ-иу кӕмдӕр цыдӕр знаггад дӕр ракодта. «Фӕлӕ мӕ цард ницы уыди, мӕ зӕрдӕ дзы нӕ ради»,— дзуры уый. Хансыл иу-25 азы куы цыд, уӕд йӕхицӕн загъта, Хуыцауы хуыздӕр кӕй хъуамӕ базона, ӕмӕ райдыдта Библи лӕмбынӕг кӕсын. Иегъовӕимӕ ӕввахсдӕр куы базонгӕ ӕмӕ куы бамбӕрста, адӕймаг цӕй тыххӕй хъуамӕ цӕра, уӕд Ханс йӕ цард фӕивта, донаргъуыд райста ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕн сси. Фӕстаг дӕс азы дӕргъы уый Хуыцауӕн ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕны. Ханс зӕрдӕбынӕй дзуры: «Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр царды ницы ис. Уыцы хъуыддаг ницӕимӕ ис абарӕн. Иегъовӕйы куы базыдтон, уӕд ссардтон царды нысан».

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕмы ӕрмӕст царды нысаны фарста нӕ тыхсын кӕны. Дунейы уавӕр куыд фыддӕр кӕны, афтӕ фылдӕр адӕмы хъуыдыты ӕфтауы ӕндӕр ахсджиаг фарста.

Цӕмӕн ӕрцыд афтӕ?

Адӕймагыл исты уӕззау хабар куы ӕрцӕуы, уӕд арӕхдӕр йӕхимӕ фӕдӕтты иу фарста: цӕмӕн ӕрцыд афтӕ? Адӕймаг йӕ маст куыд сфӕраздзӕн, уый фылдӕр баст у, ацы фарстӕн раст дзуапп ссардзӕн ӕви нӕ. Фӕлӕ зӕрдӕзӕгъгӕ дзуапп куы нӕ ссара, уӕд дарддӕр хъизӕмар кӕндзӕн ӕмӕ, гӕнӕн ис, йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын дӕр райдайа. Цӕвиттонӕн райсӕм Брунийы хабар.

«Цалдӕр азы размӕ амард мӕ гыццыл чызг,— дзуры Бруни, астӕуккаг кары сылгоймаг.— Ӕз Хуыцауыл ӕууӕндыдтӕн ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ӕххуысмӕ бацыдтӕн сауджынмӕ. Уый мын загъта, зӕгъгӕ, дам Хуыцау Зузаннӕйы уӕларвмӕ акодта, ӕмӕ уым ныр зӕд у. Мӕ хъӕбулы мӕлӕтӕй мыл ӕрмӕст мӕ дуне нӕ баталынг, фӕлӕ ма Хуыцаумӕ дӕр смӕсты дӕн, йӕхимӕ мын ӕй кӕй акодта, уый тыххӕй». Брунийӕн цалдӕр азы йӕ зӕрдӕйы рыст нӕ сабыр кодта. «Уыцы рӕстӕджы мын Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй чидӕр Библийӕ равдыста, Хуыцаумӕ мӕсты кӕнын кӕй нӕ хъӕуы. Иегъовӕ Зузаннӕйы уӕларвмӕ нӕ акодта ӕмӕ зӕд дӕр нӕу. Рынчын та уымӕн фӕци, ӕмӕ адӕм ӕнӕххӕст сты. Зузаннӕ ныр мӕрдвынӕй кӕны ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Иегъовӕ йӕ кӕд райгас кӕндзӕн, уымӕ. Ӕз ма базыдтон Хуыцау адӕмы кӕй сфӕлдыста, цӕмӕй ӕнусмӕ цӕрой дзӕнӕты зӕххыл, ӕмӕ тагъд рӕстӕджы афтӕ дӕр кӕй уыдзӕн. Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый ӕцӕгдӕр куы райдыдтон ӕмбарын, уӕд ӕм баввахсдӕр дӕн ӕмӕ мӕ рыст дӕр фӕкъаддӕр» (Псалом 36:29; Куыстытӕ 24:15; Ромӕгтӕм 5:12).

Милуангай адӕм хъизӕмар кӕнынц алыхуызон зындзинӕдтӕй: сӕхи царды уӕззау хъуыддӕгтӕй, хӕстытӕй, ӕххормагдзинадӕй ӕмӕ ӕрдзон бӕллӕхтӕй. Брунийӕн фенцондӕр, Библийӕ куы базыдта, Иегъовӕ кӕй нӕу аххосджын нӕ фыдбылызты, уый кӕй никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм хъизӕмар кодтаиккой, ӕмӕ фыддзинадӕн тагъд кӕрон кӕй скӕндзӕн. Фыддзинад кӕй сарӕх, уый та у, ацы цардӕвӕрдӕн йӕ «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм, уый нысан. Цард хуыздӕрырдӕм чи фӕивдзӕн ӕмӕ тынг кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы диссаджы ивындзинӕдтӕ рӕхджы ӕрцӕудзысты (2 Тимофеймӕ 3:1—5; Матфейы 24:7, 8).

Куыд ис Хуыцауы базонӕн

Ханс ӕмӕ Бруни Хуыцауы тыххӕй бӕлвырд ницы зыдтой. Уыдон ыл ӕууӕндыдысты, зонгӕ йӕ нӕ кодтой, афтӕмӕй. Фӕлӕ рӕстӕг куы ссардтой Иегъовӕйы хуыздӕр базонынӕн, уӕд хорзӕхджын ӕрцыдысты. Абон адӕммӕ цы ахсджиаг фарстатӕ ис, уыдонӕн райстой бӕлвырд дзуаппытӕ. Уый фӕрцы ссардтой удӕнцой ӕмӕ фидар ныфс фидӕнӕн. Ӕмӕ афтӕ ӕрмӕст уыдон нӕ бакодтой, фӕлӕ ма Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй милуантӕ.

Иегъовӕйы базонын нӕ куы фӕнда, уӕд хъуамӕ Библи райдайӕм лӕмбынӕг ахуыр кӕнын. Уым фыст ис, чи у ӕмӕ нӕ цы домы. Афтӕ кодтой иуӕй-иутӕ фыццаг ӕнусы. Историк ӕмӕ дохтыр Лука фыссы, зӕгъгӕ, Верийы (Греци) иудейаг ӕмбырды уӕнгтӕ «райстой ныхас [Павел ӕмӕ Силӕйӕ] ӕппӕт зӕрдиагдзинадӕй, алыбон дӕр ӕвзаргӕйӕ Фыстытӕ, ӕцӕг афтӕ у ӕви нӕ» (Куыстытӕ 17:10, 11).

Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ дӕр иумӕ ӕмбырд кодтой фембӕлдтӕ уадзынӕн (Куыстытӕ 2:41, 42, 46; 1 Коринфӕгтӕм 1:1, 2; Галатӕгтӕм 1:1, 2; 2 Фессалоникӕгтӕм 1:1). Афтӕ у абон дӕр. Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ иумӕ ӕмбырд кӕнынц фембӕлдты, цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕной Иегъовӕмӕ баввахсдӕр уӕвынӕн ӕмӕ йын зӕрдӕрухсӕй лӕггад кӕнынӕн. Уӕ цуры чи цӕры, уыцы Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы ӕмбӕлай, уӕд ма дын уый ӕххуыс кӕндзӕн ноджыдӕр иу хъуыддаджы. Адӕм кӕмӕн фӕкувынц, уыцы Хуыцауы хуызӕн кӕй свӕййынц, уымӕ гӕсгӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ дӕр, йӕ бон кӕмӕн куыд у, афтӕ ӕвдисынц, Иегъовӕмӕ цы миниуджытӕ ис, уыдон. Уымӕ гӕсгӕ Ӕвдисӕнтимӕ куы ӕмбӕлӕм, уӕд Иегъовӕйы бирӕ хуыздӕр базондзыстӕм (Дзуттытӕм 10:24, 25).

Чи зоны зӕгъай: «Иу Кӕйдӕр базоныны тыххӕй хъуамӕ уыйбӕрц тыхтӕ бахардз кӕнон?» Тыхтӕ бахардз кӕнын ӕнӕмӕнгдӕр хъӕуы. Фӕлӕ цӕмӕй ӕндӕр исты дӕ къухы бафта, уый тыххӕй къаддӕр бафыдӕбон кӕныс? Ахъуыды ма кӕн, ерыстӕм цӕттӕгӕнгӕйӕ зынгӕ спортсментӕ цас тыхтӕ бахардз кӕнынц. Цӕвиттонӕн, Жан-Клод Кили, къахдзоныгътыл бырӕг (Францӕй), олимпаг хъӕзтыты сыгъзӕрин призер, загъта, ӕппӕтдунеон ерысты рамбулынӕн цы хъӕуы, уый тыххӕй: «Уыцы ерыстӕм хъуамӕ 10 аз раздӕр райдайай цӕттӕ кӕнын, афӕдзӕй-афӕдзмӕ хъуамӕ пълан кӕнай, бонӕй-бонмӕ ууыл хъуамӕ хъуыды кӕнай. [...] Афӕдз 365 боны хъуамӕ дӕ зондӕн дӕр ӕмӕ дӕ буарӕн дӕр ӕнцой ма дӕттай». Ӕмӕ ӕппӕт уыцы рӕстӕг ӕмӕ тыхтӕ хардз цӕуынц, ӕрмӕстдӕр 10 минуты чи вӕййы, уыцы ерысты архайынӕн! Фӕлӕ адӕймаг Иегъовӕимӕ куы зонгӕ кӕна, уӕд ын цас ӕмӕ цас бантысдзӕн!

Бонӕй-бонмӕ чи фидардӕр кӕны, уыцы ахастытӕ

Кӕй фӕнды, ӕмӕ царды исты ахсджиаг хъуыддагӕй фӕцух уа? Никӕй. Уӕдӕ дӕм кӕд афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕ цардӕн ӕцӕг нысан нӕй кӕнӕ дӕ фӕнды бамбарын, уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ис, уӕд фидарӕй аскъуыддзаг кӕн, Иегъовӕйы, Библи кӕй кой кӕны, уыцы Хуыцауы, базонын. Иегъовӕимӕ куыд зонгӕ кӕнай, афтӕ дӕ цард хуыздӕрырдӕм ивдзӕн, ӕмӕ дын кӕддӕриддӕр хӕсдзӕн пайда.

Искуы ахӕм рӕстӕг уыдзӕн, ӕмӕ афтӕ зӕгъдзыстӕм, зӕгъгӕ, Иегъовӕйы тыххӕй алцыдӕр базыдтам? Тынг бирӕ азты дӕргъы йын чи лӕггад кӕны, уыдон нырма дӕр дис кӕнынц, уый тыххӕй ныридӕгӕн цы базыдтой, ууыл, ӕмӕ ма ногӕй-ногмӕ цы базонынц, ууыл дӕр. Уыцы хъуыддаг нын хӕссы амонд ӕмӕ нӕ тынгдӕр ӕввахс кӕны Хуыцаумӕ. Мах дӕр разы кӕнӕм апостол Павелы ныхӕстимӕ: «О ӕгӕрон хъӕздыгад Хуыцауы тарф хъуыдыйы ӕмӕ зонды! Зондӕй ӕнӕрцахсгӕ куы сты Йӕ тӕрхӕттӕ, ӕмӕ ӕнӕраиртасгӕ Йӕ фӕндӕгтӕ? Цымӕ чи базыдта Хуыцауӕн Йӕ зонд? Кӕнӕ Йын зонд дӕттӕг чи уыди?» (Ромӕгтӕм 11:33, 34, НФ).

[Фиппаинаг]

^ 12 абз. Нӕмттӕ ивд сты.

[Хицӕнгонд текст 5 фарсыл]

Адӕмы нырма дӕр тыхсын кӕнынц уыцы иу ахсджиаг фарстатӕ: цӕй тыххӕй цӕрын? Цы уыдзӕн мӕ фидӕн? Цы у царды нысан?

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

«Иегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый ӕцӕгдӕр куы райдыдтон ӕмбарын, уӕд ӕм баввахсдӕр дӕн».

[Хицӕнгонд текст 7 фарсыл]

«Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕй хуыздӕр царды ницы ис. Уыцы хъуыддаг ницӕимӕ ис абарӕн. Иегъовӕйы куы базыдтон, уӕд ссардтон царды нысан».