Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд

Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд

Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд

«Ныфсджын сты Дӕуӕй, Дӕ ном чи зоны, уыдон» (ПСАЛОМ 9:11, МГТ).

1, 2. Адӕм ӕдас цард ӕнӕхъуаджы кӕм агурынц?

УӔЗЗАУ рӕстӕджы кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, искӕуыл кӕнӕ нӕ истӕуыл нӕ ныфс дарын кӕй фӕнды. Иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ сӕм фылдӕр ӕхца куы уаид, уӕд сын тас ницӕмӕй уаид, фӕлӕ ӕцӕгдӕр та ӕхцайыл нӕй ныфс дарӕн. Библи дзуры: «Йӕ хъӕздыгдзинадыл йӕ ныфс чи дары, уый ӕрхаудзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 11:28). Иннӕтӕ та ныфсджын сты сӕ разамонджытӕй, фӕлӕ суанг ӕппӕты хуыздӕр разамонджытӕ дӕр фӕрӕдийынц. Ӕмӕ уыдон иууылдӕр ӕппынфӕстаг амӕлынц. Библийы ис ахӕм зондджын ныхӕстӕ: «Ма ӕвӕрут уӕ ныфс ӕлдӕрттыл, адӕймаджы фыртыл, кӕцымӕ нӕй ирвӕзындзинад» (Псалом 145:3). Хуыцауы ныхӕстӕ ма нӕ фӕдзӕхсынц, цӕмӕй ӕрмӕст нӕхицӕй дӕр ма уӕм ныфсджын. Махӕй дӕр алчи «адӕймаджы фырт» йедтӕмӕ ницы у.

2 Пехуымпар Исай йӕ рӕстӕджы цӕрӕг Израилы разамонджытӕн уайдзӕф кодта, «мӕнгдзинады ӕрлидзӕндоныл» кӕй ӕууӕндыдысты, уый тыххӕй (Исай 28:15—17). Цӕмӕй ӕдасӕй цардаиккой, уый тыххӕй сӕ сыхаг адӕмтимӕ скодтой политикон цӕдистӕ. Ахӕм цӕдистыл нӕ уыд ӕууӕндӕн, мӕнг уыдысты. Афтӕ абон дӕр дины разамонджытӕй бирӕтӕ иу кӕнынц политикон разамонджытимӕ. Уыцы цӕдистӕ дӕр разындзысты «мӕнг» (Раргомад 17:16, 17). Адӕм уыдон фӕрцы ӕдасӕй нӕ цӕрдзысты.

Йесо Навин ӕмӕ Халевы хорз цӕвиттонтӕ

3, 4. Зӕрдӕвӕрд зӕххы тыххӕй Йесо Навин ӕмӕ Халевы хабар иннӕ дӕс сгарӕджы хабарӕй куыд хицӕн кодта?

3 Уӕдӕ кӕуыл хъуамӕ ӕууӕндӕм? Моисейы бонты Йесо Навин ӕмӕ Халев кӕуыл ӕууӕндыдысты, ууыл. Израилӕгтӕ Египетӕй куы ссӕрибар сты, уӕд цасдӕры фӕстӕ цӕттӕ уыдысты Ханаанмӕ, Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ, бацӕуынмӕ. Уыцы зӕхх басгарынмӕ арвыстӕуыд дыууадӕс нӕлгоймаджы. Уыдон 40 боны фӕстӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ хабӕрттӕ радзырдтой. Ӕрмӕстдӕр дыууӕйӕ — Йесо Навин ӕмӕ Халев — загътой, израилӕгтӕм Ханааны зӕххы хорз цард кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Иннӕтӕ дӕр сразы сты, уый алӕмӕты бӕстӕ кӕй у, ууыл, фӕлӕ загътой: «Уыцы зӕххыл цы адӕм цӕры, уыдон сты тыхджын, ӕмӕ [сӕ] фидар сахартӕ тынг стыр сты. [...] Уыцы адӕмы ныхмӕ рацӕуын нӕ бон нӕу, уымӕн ӕмӕ уыдон махӕй тыхджындӕр сты» (Нымӕцтӕ 13:27, 28, 31).

4 Израилӕгтӕ байхъуыстой дӕс сгарӕгмӕ ӕмӕ афтӕ старстысты, ӕмӕ ма Моисейыл хъуыр-хъуыр кӕнын дӕр райдыдтой. Ӕппынфӕстаг, Йесо Навин ӕмӕ Халев стыр тыхстӕй загътой: «Цы зӕхх басгӕрстам, уый диссаджы хорз зӕхх у. Кӕд ныл Иегъовӕ хӕрзаудӕн кӕна, уӕд нӕ бакӕндзӕн, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕм кӕлы, уыцы зӕхмӕ ӕмӕ нын ӕй ратдзӕн. Ӕрмӕст Иегъовӕйы ныхмӕ ма рацӕут, ӕмӕ ма тӕрсут уыцы бӕстӕйы адӕмӕй» (Нымӕцтӕ 14:6—9). Фӕлӕ сӕм уӕддӕр израилӕгтӕ нӕ байхъуыстой, ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ уыцы рӕстӕджы нӕ бацыдысты.

5. Йесо Навин ӕмӕ Халев Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй хорз цӕмӕн дзырдтой?

5 Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй Йесо Навин ӕмӕ Халев хорз цӕмӕн дзырдтой, иннӕ дӕс сгарӕджы та — ӕвзӕр? 12 сгарӕджы дӕр федтой уыцы иу фидар сахартӕ ӕмӕ уым чи ӕрцард, уыцы адӕмты. Ӕмӕ дӕс сгарӕджы раст загътой, израилӕгтӕ афтӕ тыхджын кӕй нӕ уыдысты, цӕмӕй уыцы зӕхх байстаиккой. Уый Йесо Навин ӕмӕ Халев дӕр зыдтой. Фӕлӕ дӕс нӕлгоймаджы хъуыддӕгтӕм кастысты адӕймаджы цӕстӕй. Йесо Навин ӕмӕ Халев та ӕууӕндыдысты Иегъовӕйыл. Уыдон ын йӕ хъомысджын хъуыддӕгтӕ федтой Египеты, Сырх денджызы цур ӕмӕ Синайы хохрӕбын. Бирӕ азты фӕстӕ ацы хабӕрттӕ, ӕрмӕст сӕ хъусгӕ чи фӕкодта, уыцы иерихойнаг Раавы зӕрдӕмӕ афтӕ бахъардтой, ӕмӕ Иегъовӕйы адӕмӕн баххуыс кодта, кӕд уымӕй йӕ цард тӕссаг уавӕры ӕппӕрста, уӕддӕр (Йесо Навин 2:1—24; 6:22—25). Йесо Навин ӕмӕ Халев — Иегъовӕйы хъуыддӕгтӕ сӕхи цӕстӕй чи федтой, уыдон — ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндыдысты, Хуыцау йӕ адӕмы сӕрыл дарддӕр дӕр кӕй тох кӕндзӕн. Иегъовӕйыл ӕнӕхъуаджы кӕй не ’ууӕндыдысты, уый сбӕлвырд цыппор азы фӕстӕ, израилӕгты ног фӕлтӕр Йесо Навины разамындӕй Ханаанмӕ куы бацыдысты ӕмӕ уыцы зӕхх куы бацахстой, уӕд.

Иегъовӕйыл фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм

6. Чырыстӕттӕ абон фӕлварӕнтыл цӕмӕн ӕмбӕлынц ӕмӕ кӕмӕй хъуамӕ уой ныфсджын?

6 Ацы «ӕнахуыр уӕззау рӕстӕджыты» мах дӕр израилӕгтау сӕмбӕлӕм нӕхицӕй тыхджындӕр знӕгтыл (2 Тимофеймӕ 3:1, НД). Иуӕй-иуты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы нӕ хӕрзӕгъдау цард, иннӕтӕ та нын архайынц нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕныныл, афтӕ ма сӕмбӕлӕм, нӕмынӕй ӕмӕ ныл марынӕй дӕр чи нӕ бацауӕрддзӕн, ахӕм адӕймӕгтыл. Ӕнӕ искӕй ӕххуысӕй махӕн нӕ бон нӕу уыцы фӕлварӕнтӕ сфӕразын, уымӕн ӕмӕ нын сӕ ӕвзарын кӕны, адӕймаджы тыхӕй фылдӕр тых кӕмӕ ис, уый — Сайтан Хӕйрӕг (Ефесӕгтӕм 6:12; 1 Иоанны 5:19). Кӕм ссарӕм ӕххуыс? Рагзаманты иу иузӕрдион адӕймаг Иегъовӕмӕ кувгӕйӕ загъта: «Ныфсджын сты Дӕуӕй, Дӕ ном чи зоны, уыдон» (Псалом 9:11МГТ). Иегъовӕйы ӕцӕгдӕр куы зонӕм ӕмӕ йӕ ном цӕуыл дзурӕг у, уый куы ӕмбарӕм, уӕд махӕн дӕр Йесо Навин ӕмӕ Халевау уыдзӕн нӕ ныфсы мӕсыг (Иоанны 17:3).

7, 8. а) Хуыцау цы сфӕлдыста, уый нын куыд ӕххуыс кӕны Иегъовӕйыл ӕууӕндынӕн? ӕ) Библи та уымӕн куыд ӕххуыс кӕны?

7 Цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм Иегъовӕйыл? Йесо Навин ӕмӕ Халев Иегъовӕйыл уымӕн ӕууӕндыдысты, ӕмӕ федтой, йӕ хъару кӕм рабӕрӕг, уыцы хъуыддӕгтӕ. Мах дӕр сӕ федтам. Ахъуыды ма кӕн, Иегъовӕ цы сфӕлдыста, ууыл, уыимӕ Дун-дунейыл ӕмӕ йӕ миллиардгай галактикӕтыл. Иегъовӕйы бӕрны ӕрдзы ӕвӕджиауы тыхтӕ кӕй истыс, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын у. Хуыцауы сконд диссаджы дунейыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нын Иовимӕ ӕнӕсразыгӕнгӕ нӕй. Уый Иегъовӕйӕ загъта: «Йӕ ныхмӕ чи ӕрлӕуудзӕн? Чи йын зӕгъдзӕн: „Цы кусыс?“» (Иов 9:12). Ӕцӕгдӕр, Иегъовӕ не ’ххуысгӕнӕг куы уа, уӕд ӕнӕхъӕн Дун-дунейы дӕр кӕмӕй хъуамӕ тӕрсӕм? (Ромӕгтӕм 8:31).

8 Ахъуыды ма кӕнӕм Иегъовӕйы Ныхас Библийыл дӕр. Уый у Хуыцауы зонды ӕвидигӕ суадон, ӕмӕ дзы уыйбӕрц тых ис, цӕмӕй нын баххуыс кӕна ӕвзӕр ахуыртӕ ныууадзынӕн ӕмӕ нӕ цард Иегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразынӕн (Дзуттытӕм 4:12). Растдӕр Библийӕ базыдтам Иегъовӕйы, йӕ ном, ӕмӕ федтам, уыцы ном цы нысан кӕны, уый (Рацыд 3:14). Мах базыдтам, Иегъовӕ йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕныны тыххӕй кӕй свӕййы, чи йӕ фӕнды, уый — уарзӕгой Фыд, раст Тӕрхонгӕнӕг, уӕлахиздзау Ӕфсӕддон. Ӕмӕ ма уынӕм, йӕ ныхас алы хатт дӕр кӕй сӕххӕст кӕны. Хуыцауы Ныхас ахуыргӕнгӕйӕ мах дӕр ӕрфӕнды псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Ныфсджын дӕн Дӕ дзырдӕй» (Псалом 118:42; Исай 40:8).

9. Ахӕстаргъ ӕмӕ нын Йесойы райгасы хабар куыд фидар кӕнынц не ’ууӕнк Иегъовӕйыл?

9 Ахӕстаргъ фыст кӕй ӕрцыд, уый дӕр ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕйыл ӕууӕндӕн ис (Матфейы 20:28). Куыд хорз у, Хуыцау йӕ иунӕг Фырты кӕй рарвыста, цӕмӕй йӕ цард мах тыххӕй нывондӕн ӕрхастаид! Ахӕстаргъӕн ӕцӕгдӕр стыр тых ис. Уый ӕмбӕрзы, фӕсмон чи кӕны ӕмӕ Иегъовӕмӕ сыгъдӕг зӕрдӕимӕ чи ӕрбацӕуы, ӕппӕт уыцы адӕмы тӕригъӕдтӕ (Иоанны 3:16; Дзуттытӕм 6:10; 1 Иоанны 4:16, 19). Цӕмӕй ахӕстаргъ фыст ӕрцыдаид, уый тыххӕй хъуыди Йесо Чырыстийы райгас кӕнын. Ацы диссаг хъуыддагӕн уыд сӕдӕгай ӕвдисӕнтӕ, ӕмӕ уый фӕрцы дӕр нӕ бон у Иегъовӕйыл ӕууӕндын. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ цӕуыл дарӕм, уый ӕнӕхъуаджы нӕ фӕуыдзӕн (Куыстытӕ 17:31; Ромӕгтӕм 5:5; 1 Коринфӕгтӕм 15:3—8).

10. Иегъовӕйыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн нӕ цард ӕвдисӕн куыд у?

10 Уыдон сты ӕрмӕстдӕр цалдӕр бӕлвырдгӕнӕны, махӕн нӕ бон цӕмӕн у ӕмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм фидарӕй Иегъовӕйыл, уымӕн. Ис ма ноджы фылдӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ, иуӕй-иутӕ сӕ вӕййынц адӕймагӕн йӕхи царды. Зӕгъӕм, рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ махӕй алчидӕр бахауы уӕззау уавӕрты. Ӕмӕ сӕ аиуварс кӕнынӕн Иегъовӕйӕ разамынд куы фӕагурӕм, уӕд фенӕм, царды куыд хорз ахады (Иаковы 1:5—8). Нӕ ӕрвылбоны царды Иегъовӕйыл нӕ ныфс тынгдӕр куы дарӕм, ӕмӕ уый фӕрцы нӕ къухы цы хорз хъуыддӕгтӕ ӕфты, уый куы уынӕм, уӕд ыл ноджы тынгдӕр ӕууӕнддзыстӕм.

Давид ӕууӕндыд Иегъовӕйыл

11. Давид цавӕр уавӕрты ӕууӕндыд Иегъовӕйыл?

11 Иегъовӕйыл чи ӕууӕндыд, уыдонӕй иу уыд Давид, рагон Израилы цӕрӕг. Давидӕн тӕссаг уыд, марынмӕ йӕ чи хъавыд, уыцы паддзах Саулӕй ӕмӕ Израил бацахсыныл чи архайдта, уыцы филистимӕгты хъомысджын ӕфсадӕй. Фӕлӕ уый удӕгасӕй баззад ӕмӕ ма уӕлахиз дӕр фӕци. Цӕй фӕрцы? Давид ӕй йӕхӕдӕг ӕмбарын кӕны: «Хицау — мӕ рухс ӕмӕ мӕ ирвӕзындзинад: кӕмӕй тӕрсон ӕз? Хицау — мӕ царды фидардзинад: кӕмӕй тӕрсон ӕз?» (Псалом 26:1). Мах дӕр уӕлахиздзаутӕ уыдзыстӕм, Иегъовӕйыл афтӕ куы ӕууӕндӕм, уӕд.

12, 13. Давид куыд равдыста, Иегъовӕйыл кӕй хъуамӕ ӕууӕндӕм, кӕд нӕ ныхмӕдзӕуджытӕ немӕ се ’взагӕй куыд хӕцӕнгарзӕй, афтӕ хӕцынц, уӕддӕр?

12 Иу хатт Давид куывта: «Фехъус, Хуыцау, мӕ хъӕлӕс мӕ куывды мидӕг; бахъахъхъӕн мӕ цард знаджы тасдзинадӕй. Бааууон мӕ кӕн мӕнгӕрдты фӕндӕй, фыдгӕнджыты змӕстӕй, кӕцытӕ сцыргъ кодтой се ’взаг, куыд кард; атынг кодтой сӕ ӕрдын — рӕхойӕн ныхас [«фатау хъавынц маргау дзырдтӕй», МГТ], цӕмӕй сусӕгӕй ӕхсой ӕнаиппы» (Псалом 63:2—5). Мах бӕлвырд нӕ зонӕм, Давид ацы ныхӕстӕ цӕмӕн ныффыста, уый. Фӕлӕ зонӕм, абон нӕ ныхмӕдзӕуджытӕ дӕр кӕй «сцыргъ кӕнынц се ’взаг», цӕмӕй сӕ ныхасӕй хӕцӕнгарзау архайой. Уыдон ӕнаипп чырыстӕтты тыххӕй дзурынц кӕнӕ фыссынц хахуыр ныхӕстӕ, цыма «фаттӕ» «ӕхсынц», афтӕ. Фӕлӕ Иегъовӕйыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн?

13 Давид дарддӕр загъта: «Хуыцау фӕцӕф кӕндзӕн уыдоны фатӕй: ӕвиппайды уыдзысты уыдон рӕхуыст. Сӕ ӕвзагӕй уыдон фӕцӕф кӕндзысты сӕхӕдӕг сӕхи [...] Рӕстгӕнӕг та сцин кӕндзӕн Хуыцауыл ӕмӕ ӕнхъӕлцау уыдзӕн Ууыл [«Уымӕй ныфсджын уыдзӕн», МГТ]» (Псалом 63:8—11). О, кӕд нӕм не знӕгтӕ «се ’взӕгтӕ цыргъ кӕнынц», уӕддӕр фӕстагмӕ «сӕ ӕвзагӕй уыдон фӕцӕф кӕндзысты сӕхӕдӕг сӕхи». Иегъовӕ ӕппынфӕстаг хъуыддӕгтӕ хорзырдӕм фӕкӕндзӕн, ӕмӕ йыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн Уый сӕ цин уыдзӕн.

Езекийы ӕууӕнк ӕнӕхъуаджы нӕ уыд

14. а) Езеки Иегъовӕйыл йӕ ныфс цавӕр уӕззау уавӕры дардта? ӕ) Езеки куыд равдыста, ассирийӕгты гӕдыныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыд, уый?

14 Паддзах Езеки дӕр Иегъовӕйыл ӕнӕхъуаджы не ’ууӕндыд. Езекийы хицауиуӕгады рӕстӕджы Иерусалимӕн тӕссаг уыд хъомысджын Ассирийы ӕфсадӕй. Уыцы ӕфсад басаста бирӕ ӕндӕр адӕмты. Уыдон ма бацахстой Иудӕйы иннӕ сахартӕ дӕр, баззад ма сын ӕрмӕст Иерусалим, ӕмӕ Сеннахирим йӕхицӕй ӕппӕлыд, уыцы сахар дӕр кӕй бацахсдзӕн. Рабсакы уылты уый раст загъта, Египетӕй ӕххуысмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын дзӕгъӕлы кӕй у. Ӕрмӕст ма уый фӕстӕ загъта: «Дӕ Хуыцау, дӕ ныфс кӕуыл дарыс, уый дӕ ма сайӕд, ахӕм ныхӕстӕй: „Иерусалим не ’рцӕудзӕн лӕвӕрд Ассирийы паддзахы къухмӕ“» (Исай 37:10). Фӕлӕ Езеки зыдта, Иегъовӕ йӕ кӕй нӕ фӕсайдзӕн. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ куывта: «О Иегъовӕ, нӕ Хуыцау, бахиз нӕ [ассирийӕгты] къухӕй, цӕмӕй, зӕххыл цы паддзахӕдтӕ ис, уыдон иууылдӕр базоной, ды, Иегъовӕ, иунӕг Хуыцау кӕй дӕ» (Исай 37:20). Иегъовӕ фехъуыста Езекийы куывд. Ӕмӕ иу ӕхсӕвмӕ зӕд амардта 185 000 ассирийаг ӕфсӕддоны. Иерусалим фыдбылызӕй фервӕзт, ӕмӕ Сеннахирим Иудӕйы зӕххӕй ӕнустӕм фӕлыгъд. Ацы цау чи фехъуыста, уыдон иууылдӕр базыдтой, Иегъовӕ иунӕг Стыр Хуыцау кӕй у.

15. Ацы фӕлдурӕджджын дунейы цы уӕззау уавӕртыл ис сӕмбӕлӕн, уыдонмӕ ӕрмӕстдӕр кӕд уыдзыстӕм цӕттӕ?

15 Абон мах дӕр Езекийау стӕм хӕсты быдыры. Мах тох кӕнӕм монон хӕсты. Ӕмӕ куыд монон ӕфсӕддонтӕ, афтӕ хъуамӕ сфӕлтӕрӕм, цӕмӕй удӕгасӕй баззайӕм. Уый тыххӕй хъуамӕ развӕлгъау зонӕм, знаг нӕм кӕцырдыгӕй ӕрбабырсдзӕн ӕмӕ цӕттӕ уӕм йӕ ныхмӕ фӕлӕууынмӕ (Ефесӕгтӕм 6:11, 12, 17). Ацы фӕлдурӕджджын дунейы уавӕртӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕивой. Адӕймаг ӕнхъӕл дӕр нӕ вӕййы, афтӕ бӕстӕйы мидӕг змӕстытӕ райдайынц. Историйы дӕргъы алыхуызон динтыл хӕст адӕммӕ хорз цӕстӕй кӕм кастысты, уыцы бӕстӕты гӕнӕн ис, ӕмӕ уымӕ цӕхгӕр сӕ ахаст фӕивой. Мах дӕр Езекийау гъеныр куы сахуыр уӕм Иегъовӕйыл фидарӕй, ӕнӕдызӕрдыгӕй ӕууӕндын, ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм цӕттӕ цыфӕнды ӕвирхъау цаутӕм дӕр.

Цы нысан кӕны Иегъовӕйыл ӕууӕндын?

16, 17. Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм, уый куыд бӕрӕг кӕны?

16 Иегъовӕйыл ӕрмӕст ныхӕстӕй ӕууӕндын фаг нӕу. Уый хъуамӕ цӕуа нӕ зӕрдӕйӕ ӕмӕ бӕлвырд кӕна нӕ хъуыддӕгтӕй. Кӕд Иегъовӕйыл ӕууӕндӕм, уӕд хъуамӕ кӕронмӕ ӕууӕндӕм йӕ Ныхас, Библийыл дӕр. Мах ӕй хъуамӕ алы бон дӕр кӕсӕм, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ нӕ цард уымӕ гӕсгӕ аразӕм (Псалом 118:105). Иегъовӕйыл ӕууӕндынмӕ ма хауы йӕ сыгъдӕг уды архайдыл дӕр ӕууӕндын. Сыгъдӕг уды ӕххуысы фӕрцы махӕн нӕ бон у, Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы «дыргъ» цӕуы, уый хӕссын ӕмӕ, нӕ удыхъӕды цы ӕвзӕр миниуджытӕ ныффидар, уыдоныл уӕлахиз кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 6:11; Галатӕгтӕм 5:22—24). Афтӕ, сыгъдӕг уды ӕххуысӕй бирӕтӕ ныууагътой тамако дымын кӕнӕ та наркотиктӕ кӕнын, иннӕтӕ та — сӕ ӕнӕгъдау цард. О, Иегъовӕйыл куы ӕууӕндӕм, ныфсджын дзы куы уӕм, уӕд мах нӕхи нӕ, фӕлӕ уый хъаруйы фӕрцы фидар кӕндзыстӕм (Ефесӕгтӕм 3:14—18).

17 Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ ма Иегъовӕйыл ӕууӕндын нысан кӕны, уый кӕуыл ӕууӕнды, уыдоныл ӕууӕндын дӕр. Зӕгъӕм, Иегъовӕ «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн» бахӕс кодта, цӕмӕй зӕххыл Паддзахады хъуыддагмӕ йӕ хъус дара (Матфейы 24:45—47). Иегъовӕйы разамындыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ цагъарӕн аргъ кӕнӕм ӕмӕ нӕхи куыд фӕнды, афтӕ нӕ архайӕм. Уымӕй дарддӕр ма чырыстон ӕмбырдты лӕггад кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ уыдон, апостол Павелы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нысангонд сты сыгъдӕг удӕй (Куыстытӕ 20:28). Хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмгуыстгӕнгӕйӕ, мах ӕвдисӕм, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм (Дзуттытӕм 13:17).

Павелы фӕзмут

18. Абон чырыстӕттӕ Павелы куыд фӕзмынц, фӕлӕ ныфсджын цӕмӕй не сты?

18 Апостол Павел йӕ лӕггады рӕстӕджы бирӕ фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, ӕмӕ мах дӕр ӕмбӕлӕм. Йӕ бонты хицауады кусджытӕн чырыстӕтты тыххӕй бирӕ ӕвзӕр цыдӕртӕ дзырдтой ӕмӕ-иу ӕй хаттӕй-хатт бахъуыд уыцы ӕнӕраст цӕстӕнгӕстӕ сраст кӕнын кӕнӕ та закъоны фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг сфидар кӕнын (Куыстытӕ 28:19—22; Филиппӕгтӕм 1:7). Абоны чырыстӕттӕ дӕр Павелы фӕзмынц. Фадат куы фӕзыны, уӕд адӕмӕн дзурӕм нӕ архайды тыххӕй ӕмӕ уымӕн, гӕнӕн цӕмӕй ис, уымӕй пайда кӕнӕм. Афтӕ ма архайӕм хорз хабар закъоны фӕрцы бахъахъхъӕнын ӕмӕ йӕ сфидар кӕнын дӕр. Фӕлӕ мах ӕрмӕст уыдӕттӕй ныфсджын не стӕм, уымӕн ӕмӕ нын исты бантысдзӕн ӕви нӕ, уый, тӕрхондӕтты фӕуӕлахиз уыдзыстӕм кӕнӕ нӕ адӕм хорз исты зӕгъдзысты, ууыл баст нӕу. Мах ӕууӕндӕм Иегъовӕйыл. Нӕ зӕрдыл дарӕм, уый рагон Израилӕн цы зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ загъта, уыдон: «Уӕ тых уымӕй рабӕрӕг уыдзӕн, куы нӕ тыхсат ӕмӕ [мӕныл] куы ӕууӕндат» (Исай 30:15).

19. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ не ’фсымӕрты фӕдыл куы зылдысты, уӕд Иегъовӕйыл ӕнӕхъуаджы не ’ууӕндыдысты?

19 XX ӕнусы нын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ организацийы архайд цавӕрдӕр хъуыддӕгты къуылымпы кодтой кӕнӕ та-иу нын бынтондӕр архайыны бар нӕ лӕвӕрдтой Скӕсӕн ӕмӕ Ныгуылӕн Европӕйы, Ази ӕмӕ Африкӕйы иуӕй-иу рӕтты, афтӕ ма Хуссар ӕмӕ Цӕгат Америкӕйы бӕстӕты дӕр. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Иегъовӕйыл ӕнӕхъуаджы ӕууӕндыдыстӕм? Нӕ. Кӕд-иу Иегъовӕ цыдӕр ахсджиаг нысаны охыл хаттӕй-хатт карз фӕдылзылд дӕр бауагъта, уӕддӕр-иу уый фидар кодта, уыцы фӕдылзылды ӕппӕт зынтӕ йӕхиуыл чи бавзӕрста, уыдоны. Фӕлварӕнты бирӕ чырыстӕттӕ сӕхицӕн скодтой хорз ном, Иегъовӕ сӕ кӕй уырныдта ӕмӕ йыл сӕ ныфс кӕй дардтой, уымӕй.

20. Закъон нын цы сӕрибардзинад радта, уымӕй кӕд бузныг стӕм, уӕддӕр цавӕр хъуыддӕгты уыдзыстӕм фидар?

20 Фӕлӕ бирӕ бӕстӕты махӕн закъонмӕ гӕсгӕ ис архайыны бар, ӕмӕ иуӕй-иу хатт дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты махӕй раппӕлынц. Уый тыххӕй сӕ стӕм бузныг ӕмӕ йӕ ӕмбарӕм, уый дӕр Иегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕны. Иегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕны, уый фӕрцы нын ис фылдӕр сӕрибардзинад, ӕрмӕст нӕхи цард фӕхуыздӕр кӕнынӕн нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйӕн ӕппӕт адӕмы раз фылдӕр лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ нын хицауады кусджытӕ фылдӕр аргъ кӕной, зӕгъгӕ, уый тыххӕй мах ацы дунейы хъуыддӕгты никуы архайдзыстӕм, къаддӕр никуы хъусын кӕндзыстӕм кӕнӕ та, Иегъовӕйӕн куыдфӕндыйӕ лӕггад кӕнӕм, уый онг нӕхи никуы ӕруадздзыстӕм. Мах нӕхи Мессиайы Паддзахады бӕрны бакодтам, ӕмӕ ӕппӕт хъуыддӕгты дӕр лӕууӕм Иегъовӕйы хицаудзинады фарс. Мах нӕ ныфс дарӕм ацы цардӕвӕрдыл нӕ, фӕлӕ ног дунейыл, ӕмӕ уым та ацы зӕххӕн разамынд дӕтдзӕн ӕрмӕстдӕр уӕларвон Паддзахад, Мессиайы Паддзахад. Уыцы хицауадӕн нӕ разиан кӕндзысты нӕдӕр бомбӕтӕ, нӕдӕр ракетӕтӕ ӕмӕ нӕдӕр ядерон хӕст, ӕмӕ йӕ уӕларвӕй дӕр нӕ ӕрӕппардзысты. Ууыл ӕппындӕр ничи фӕуӕлахиз уыдзӕн, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, Иегъовӕйы цы фӕнды, уый (Данелы 2:44; Дзуттытӕм 12:28; Раргомад 6:2).

21. Цавӕр фӕндагыл нӕ фӕнды цӕуын?

21 Павел загъта: «Мах... не стӕм дызӕрдыггӕнджытӕй сӕфтмӕ, фӕлӕ лӕууӕм уырнындзинады, уды ирвӕзындзинадӕн» (Дзуттытӕм 10:39). Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр Иегъовӕйӕн кӕронмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм. Мах хъуамӕ Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕндӕм, ныфсджын дзы уӕм ныр дӕр ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнустӕм дӕр (Псалом 36:3; 124:1).

Цы базыдтай?

• Йесо Навин ӕмӕ Халев Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй хорз цӕмӕн дзырдтой?

• Иегъовӕйыл кӕронмӕ цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?

• Цы нысан кӕны Иегъовӕйыл ӕууӕндын?

• Иегъовӕйыл ӕууӕндгӕйӕ цавӕр зондахастыл хӕст хъуамӕ уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Йесо Навин ӕмӕ Халев Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй хорз цӕмӕн дзырдтой?

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Иегъовӕйы сконд дуне нын дӕтты фидар бындур ууыл ӕууӕндынӕн.

[Барлӕвӕрдӕй]

Ӕртӕ нывы дӕр: Courtesy of Anglo-Australian Observatory, photograph by David Malin

[Ныв 28 фарсыл]

Иегъовӕйыл ӕууӕндын нысан кӕны, уый кӕуыл ӕууӕнды, уыдоныл ӕууӕндын.