Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл»

«Фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл»

«Фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл»

ЙЕСОЙЫ мӕлӕты бон (дзуттаг къӕлиндармӕ гӕсгӕ 14 нисан) ӕрхаудта н. э. 33 азы 31 мартъимӕ, цыппӕрӕммӕ, хурныгуылды фӕстӕ. Уыцы изӕр Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ ӕрӕмбырд сты Иерусалимы иу хӕдзары уӕллаг уаты Куадзӕн бӕрӕг кӕнынмӕ. «Ацы дунейӕ Фыдмӕ ацӕуынмӕ» цӕттӕгӕнгӕйӕ, Йесо равдыста, йӕ апостолты кӕронмӕ кӕй бауарзта (Иоанны 13:1). Куыд? Бамбарын сын кодта диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сӕ афтӕмӕй бацӕттӕ кодта, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕ.

Ӕмбисӕхсӕвмӕ ’ввахс Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн дунейыл» (Иоанны 16:33, «Мах дуг» № 5, 1992). Йесойы уыцы фидар ныхӕстӕй цы фӕндыд зӕгъын? Зӕгъгӕ, «кӕд ацы дуне фыддзинадӕй дзаг у, уӕддӕр ӕз мӕстыгӕр не сдӕн ӕмӕ мӕ маст нӕ истон. Ӕз дунейӕн уый бар нӕ радтон, цӕмӕй мӕ йӕхи хуызӕн скодтаид. Ӕмӕ уый сымахӕн дӕр бантысдзӕн». Йесо йӕ зӕххон царды фӕстаг сахӕтты йӕ иузӕрдион апостолты цӕуыл сахуыр кодта, уый руаджы уыдон дӕр хъуамӕ дунейыл фӕуӕлахиз уыдаиккой.

Абоны дунейы фыддзинад тынг кӕй сарӕх ис, ууыл чи нӕ сразы уыдзӕн? Цавӕр ахаст нын ис ӕнӕрастдзинадмӕ ӕмӕ ӕвирхъау хъуыддӕгтӕм? Уый аххосӕй мах дӕр мӕстыгӕр систӕм кӕнӕ та нӕ маст райсын фӕфӕнды? Нӕ алыварс адӕм бынтондӕр кӕй фехӕлдысты, уый ныл куыд ӕндавы? Ацы фыддунейы ӕндӕвдадӕй дарддӕр ма нӕхӕдӕг дӕр ӕнӕххӕст кӕй стӕм ӕмӕ нӕм тӕригъӕдджын фӕндтӕ кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ тох кӕнӕм дыууӕ знаджы ныхмӕ: иуырдыгӕй, ацы фыддунейы ныхмӕ, иннӕрдыгӕй та нӕхи ӕвзӕр миниуджыты ныхмӕ. Цымӕ уыцы тохы ӕнӕ Хуыцауы ӕххуысӕй фӕуӕлахиз уыдзыстӕм? Куыд нын ӕххуыс кӕны? Цавӕр миниуджытыл нӕ хъӕуы бакусын нӕ буары монцты ныхмӕ фӕлӕууынӕн? Цӕмӕй ацы фарстытӕн дзуаппытӕ ссарӕм, уый тыххӕй ӕркӕсӕм, Йесо йӕ зӕххон царды фӕстаг бон йӕ уарзон ахуыргӕнинӕгты цӕуыл ахуыр кодта, уымӕ.

Сӕрбӕрзонддзинадыл уӕлахиз кӕн сӕрныллӕгдзинадӕй

Зӕгъӕм, ӕркӕсӕм сӕрбӕрзонддзинадмӕ, кӕнӕ ӕнӕрвӕссондзинадмӕ. Уый тыххӕй Библийы дзырдӕуы: «Сӕрбӕрзонддзинад кӕны сӕфтмӕ, ӕмӕ стырзӕрдӕдзинад — ӕгадмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 16:18). Фыстад ма нын уынаффӕ дӕтты: «Йӕхицӕн исты ӕнхъӕл чи у, ницы уӕвгӕйӕ, уый йӕхӕдӕг йӕхи сайы» (Галатӕгтӕм 6:3). О, сӕрбӕрзонддзинад хӕссы зиан ӕмӕ у мӕнгард. Мах раст бакӕндзыстӕм, «цытуарзондзинадмӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинадмӕ» ӕнӕуынон цӕстӕй куы кӕсӕм, уӕд (Ӕмбисӕндтӕ 8:13).

Йесойы апостолтӕ цытуарзон ӕмӕ сӕрбӕрзонд уыдысты? Ӕппынкъаддӕр иу хатт быцӕу кодтой, стырдӕр сӕ чи у, ууыл (Маркы 9:33—37). Иннӕ хатт та Иаков ӕмӕ Иоанн сӕхицӕн куырдтой кадджын бынӕттӕ Хуыцауы Паддзахады (Маркы 10:35—45). Йесойы фӕндыд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕм ахӕм хъуыдытӕ мауал уыдаид. Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕджы сыстад, хисӕрфӕн йӕ астӕуыл ӕрбабаста ӕмӕ райдыдта йӕ ахуыргӕнинӕгты къӕхтӕ ӕхсын. Бӕлвырд у, уымӕй сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый. «Кӕд Ӕз, Ахуыргӕнӕг ӕмӕ Хицау уӕвгӕйӕ, цӕхсадтон сымахӕн уӕ къӕхтӕ,— дзуры Йесо,— уӕд сымах дӕр хъуамӕ уӕ кӕрӕдзийы къӕхтӕ ӕхсат» (Иоанны 13:14, НФ). Сӕрбӕрзонддзинад хъуамӕ ивд ӕрцӕуа ныхмӕвӕрд миниуӕгӕй — сӕрныллӕгдзинадӕй.

Фӕлӕ сӕрбӕрзонддзинадыл адӕймаг ӕнцонтӕй нӕ фӕуӕлахиз уыдзӕн. Уыцы изӕр фӕстӕдӕр Йесо Искариотаг Иудӕйы, гадзрахатӕй йыл чи хъуамӕ рацыдаид, уый куы арвыста, уӕд иуӕндӕс апостолы ’хсӕн бацайдагъ стыр быцӕу. Цӕуыл быцӕу кодтой? Стырдӕр сӕ чи у, ууыл! Йесо сӕм хыл кӕнын нӕ райдыдта, фӕлӕ та сын ногӕй сабырӕй бамбарын кодта, иннӕтӕн кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной. Уый загъта: «Паддзӕхтӕ ӕлдариуӕг кӕнынц адӕмтыл, ӕмӕ уыдоныл бар дарджытӕ хӕрзгӕнджытӕ хуыйнынц; фӕлӕ сымах афтӕ нӕ: стылдӕр уӕ чи у, уӕд куыд къаддӕр, сӕргълӕууӕг та куыд лӕггадгӕнӕг». Йӕхи цӕвиттоныл дзургӕйӕ ма ноджыдӕр бафтыдта: «Ӕз уе ’хсӕн дӕн, куыд лӕггадгӕнӕг [«кӕстӕриуӕггӕнӕг», НФ]» (Лукайы 22:24—27).

Цымӕ апостолтӕ бамбӕрстой, цӕуыл сӕ ахуыр кодта, уый? Куыд зыны, афтӕмӕй бамбӕрстой. Цалдӕр азы фӕстӕ апостол Петр ныффыста: «Ут иуылдӕр ӕмвӕнд, тӕригъӕдгӕнаг, ӕфсымӕруарзӕг, хӕларзӕрдӕ, хӕларуарзӕг, сабырзонды» (1 Петры 3:8). Куыд тынг хъӕуы мах дӕр сӕрбӕрзонддзинадыл сӕрныллӕгдзинадӕй уӕлахиз кӕнын! Хорз уаид, кадмӕ куы нӕ бӕлликкам, стыр бартӕм ӕмӕ зынгӕ бынатмӕ куы нӕ тырниккам. «Хуыцау хъалтӕн сӕ ныхмӕ лӕууы,— дзуры Библи,— фӕлмастӕн та дӕтты йӕ хорзӕх» (Иаковы 4:6, НФ). Ахӕм ныхӕстӕ ма ис рагон зондджын ӕмбисонды: «Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Иегъовӕйӕ чи тӕрсы, уымӕ уыдзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард» (Ӕмбисӕндтӕ 22:4).

Уӕлахиз кӕн ӕнӕуынондзинадыл. Куыд?

Ӕркӕсӕм ацы дунейы иннӕ арӕхӕмбӕлгӕ миниуӕгмӕ — ӕнӕуынондзинадмӕ. Ӕнӕуынондзинад бирӕ цӕмӕйдӕрты ӕвзӕры: тасӕй, ӕнӕфенддзинадӕй, хъулон ахастӕй, ӕфхӕрдӕй, ӕнӕрастдзинадӕй, стӕй ма адӕмыхӕттытӕ, знӕмтӕ ӕмӕ расӕтӕй алчи йӕхи хуыздӕр кӕй хоны, уымӕй. Ӕмӕ йӕ аххосаг цыфӕнды ма уа, уӕддӕр куыд зыны, афтӕмӕй ӕнӕуынондзинад алы ран дӕр арӕх у (2 Тимофеймӕ 3:1—4). Уыцы миниуӕг уыдис Йесойы дуджы цӕрӕг адӕммӕ дӕр. Дзуттӕгтӕн ӕнӕуынон уыдысты хъалонисджытӕ — адӕмыл дӕр сӕ нӕ нымадтой, афтӕ ма не ’рвӕссыдысты самарийӕгтыл дӕр (Иоанны 4:9, НФ). Ахӕм ахаст ма дардтой, дзуттаг чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ дӕр. Фӕлӕ Йесо цы ног дин ӕрхаста, уымӕ йӕ рӕстӕджы хъуамӕ ӕрцыдаиккой алыхуызон адӕм (Куыстытӕ 10:34, 35; Галатӕгтӕм 3:28). Уымӕ гӕсгӕ уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн хӕларзӕрдӕйӕ радта ног фӕдзӕхст.

Йесо загъта: «Ног фӕдзӕхст дӕттын сымахӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийы уарзат; Ӕз сымах куыд бауарзтон, афтӕ сымах дӕр уарзут кӕрӕдзийы». Уыдон ӕнӕмӕнгдӕр хъуамӕ сахуыр уыдаиккой кӕрӕдзи ахӕм уарзтӕй уарзын, уымӕн ӕмӕ сын Йесо дарддӕр загъта: «Уымӕ гӕсгӕ базондзысты иуылдӕр, сымах Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕй стут, куы уа уарзондзинад уе ’хсӕн» (Иоанны 13:34, 35). Ацы фӕдзӕхст ног уыд, уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхсты, «дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз иннӕйы дӕр», зӕгъгӕ, цы хъуыды ис, уымӕй фылдӕр цӕмӕдӕр амыдта (Левит 19:18). Цӕмӕй хицӕн кодтой уыцы дыууӕ фӕдзӕхсты? Йесо хъуыддаг хуыздӕр бамбарын кодта: «Уый у Мӕ фӕдзӕхст, цӕмӕй уӕ кӕрӕдзийы уарзат, Ӕз куыд бауарзтон сымах, афтӕ. Нӕй стылдӕр уыцы уарзондзинадӕй исчи йӕ уд куы сӕвӕра йӕ хӕлӕртты тыххӕй» (Иоанны 15:12, 13). Уыдон сӕ кӕрӕдзийы тыххӕй ӕмӕ иннӕ адӕмы тыххӕй дӕр сӕхи мӕлӕтмӕ раттынмӕ хъуамӕ цӕттӕ уыдаиккой.

Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон куыд у, арф тӕгтӕ сӕ чи ауагъта, уыцы маргхъӕстӕ ӕнӕуынондзинадӕй фервӕзын? Иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзгӕйӕ. Афтӕ аразынц милуангай сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕ, алыхуызон адӕмыхӕттытӕй, культурӕтӕй, динтӕ ӕмӕ политикон ӕхсӕнадтӕй. Абон уыдон ӕмбырд кӕнынц, иудзинад кӕм ис, ӕмӕ ӕнӕуынондзинад кӕм нӕй, ахӕм ӕхсӕнады — Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕппӕтдунеон ӕфсымӕрады. Сӕ зӕрдыл дарынц апостол Иоанны ныхӕстӕ: «Алкӕцы, йе ’фсымӕры нӕ уарзӕг у лӕгмар; сымах та зонут, никӕцы лӕгмарӕн ис мыггагмӕйы цард, уый мидӕг уӕвӕг» (1 Иоанны 3:15.) Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ къухмӕ хӕцӕнгарз нӕ исынц ӕмӕ хӕстмӕ дӕр нӕ цӕуынц, уымӕй уӕлдай ма зӕрдиагӕй архайынц кӕрӕдзийы уарзыныл дӕр.

Фӕлӕ нын цавӕр ахаст хъуамӕ уа, не ’муырнӕг чи нӕу ӕмӕ нӕм, чи зоны, знаджы цӕстӕй дӕр чи кӕсы, уыдонмӕ? Йесо цӕджындзыл куы хъизӕмар кодта, уӕд йӕ марджыты тыххӕй куывта: «Мӕ Фыд! бахатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц, цы кӕнынц» (Лукайы 23:34). Знӕтӕй судзгӕ адӕм Стефаны дуртӕй куы мардтой, уӕд йӕ фӕстаг ныхӕстӕ уыдысты: «Хицау [«Иегъовӕ», НД]! ацы тӕригъӕд сын ма банымай» (Куыстытӕ 7:60). Йесо ӕмӕ Стефан, се сӕфт сӕ чи уыдта, уыдонӕн дӕр сӕ хорзмӕ бӕллыдысты. Уыдон сӕ зӕрдӕйы маст нӕ хастой. «Кӕндзыстӕм хорздзинад алкӕмӕн дӕр»,— дзуры нын Библи (Галатӕгтӕм 6:10).

Ӕххуысгӕнӕг ӕнусмӕ

Йесо ма уыцы изӕр фӕстӕдӕр йӕ иуӕндӕс иузӕрдион апостолӕн загъта, тагъд рӕстӕджы семӕ кӕй нал уыдзӕн (Иоанны 14:28; 16:28). Фӕлӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Ӕз балӕгъстӕ кӕндзынӕн Фыдӕн, ӕмӕ уын ратдзӕн ӕндӕр Рӕвдауӕджы [«ӕххуысгӕнӕджы», НД], уадз уӕд мыггагмӕ сымахимӕ» (Иоанны 14:16). Зӕрдӕвӕрд ӕххуысгӕнӕг у Хуыцауы сыгъдӕг уд. Уый сын бамбарын кӕндзӕн Фыстады арфадтӕ ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, Йесо сӕ цӕуыл ахуыр кодта, уый (Иоанны 14:26).

Сыгъдӕг уд абон махӕн та куыд ӕххуыс кӕны? Хуыцауы Ныхас Библийы уылты. Пехуымпарӕдтӕ чи дзырдта ӕмӕ Библи чи фыста, уыцы нӕлгоймӕгтӕ уыдысты «Сыгъдӕг Удӕй зӕрдӕргъӕвд» (2 Петры 1:20, 21, НФ; 2 Тимофеймӕ 3:16). Фыстад куы ахуыр кӕнӕм ӕмӕ цы базонӕм, уымӕй царды куы пайда кӕнӕм, уӕд нӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кӕндзысты, зондджындӕр, ӕмбаргӕдӕр ӕмӕ ӕрхъуыдыджындӕр уыдзыстӕм. Афтӕмӕй нын ӕнцондӕр нӕ уыдзӕн ацы фыддунейы ӕндӕвдады ныхмӕ лӕууын?

Сыгъдӕг уд ма нын ӕххуыс кӕны ӕндӕр хуызы дӕр — уый ныл ӕндавы хорзырдӕм. Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ миниуджытӕ ӕвдисдзыстӕм. «Уды дыргъ та: уарзондзинад, циндзинад, фидыддзинад, бирӕ фӕразондзинад, хорздзинад, фӕлмӕн зӕрдӕ, уырнындзинад, фӕлмасдзинад, хиуыл хӕцын»,— дзуры Библи. Ацы миниуджыты йедтӕмӕ ма нын цы баххуыс кӕндзӕн буары монцтимӕ, зӕгъӕм, ӕнӕгъдаудзинад, быцӕу кӕнын, хӕлӕгдзинад, мӕстыгӕрдзинад ӕмӕ ӕндӕр ахӕм миниуджытимӕ тох кӕнын? (Галатӕгтӕм 5:19—23).

Хуыцауы сыгъдӕг удыл нӕ ныфс куы фӕдарӕм, уӕд нӕм исты уӕззау хъуыддаг кӕнӕ маст сфӕразынӕн фӕзыны, «нӕхимӕ цы хъару ис, уымӕй фылдӕр хъару» (2 Коринфӕгтӕм 4:7, НД). Сыгъдӕг уд нӕ, гӕнӕн ис, фыдӕвзарӕнтӕ кӕнӕ фӕлварӕнтӕй ма фервӕзын кӕна, фӕлӕ нын ӕнӕмӕнгдӕр баххуыс кӕндзӕн се сфӕразын (1 Коринфӕгтӕм 10:13). «Алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы»,— фыста апостол Павел (Филиппӕгтӕм 4:13, НД). Хуыцау ахӕм хъару дӕтты йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы. Куыд бузныг хъуамӕ уӕм сыгъдӕг уды тыххӕй! Хуыцау ӕй дӕтты, Йесойы чи уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн (Иоанны 14:15).

«Мӕ уарзондзинады лӕуут»

Йӕ зӕххон царды фӕстаг ӕхсӕв ма Йесо йӕ апостолтӕн загъта: «Кӕмӕ сты Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый уарзы Мӕн; Мӕн чи уарзы, уый бауарздзӕн Мӕ Фыд дӕр» (Иоанны 14:21). «Мӕ уарзондзинады лӕуут»,— фӕдзӕхста сын уый (Иоанны 15:9, НФ). Фыд ӕмӕ Фырты уарзондзинады куы лӕууӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн нӕ тӕригъӕдджын монцты ныхмӕ ӕмӕ ацы фыддунейы ӕндӕвдады ныхмӕ тох кӕнынӕн. Фӕлӕ куыд?

Цымӕ нӕ чъизи монцтыл ӕцӕгдӕр нӕ бар цӕудзӕн, афтӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнӕм, уый бӕлвырд куы нӕ ӕмбарӕм, уӕд? Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ Фырт нӕ хӕлӕрттӕ уой, уый нӕ кӕй фӕнды, уымӕй тынгдӕр ма нӕ ӕвзӕр митӕ ныууадзынмӕ цы хъуамӕ сразӕнгард кӕна? Иу лӕппу, Эрнесто *, зӕгъгӕ, ӕнӕгъдау цард кӕнын хӕрзӕвзонгӕй райдыдта ӕмӕ йӕ йӕ цард фӕивыныл бахъуыд карз тох кӕнын. Ныр уый дзуры: «Мӕн фӕндыд Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын, ӕмӕ Библийӕ та базыдтон, ӕз цы митӕ кодтон, уыдон Хуыцауы цӕсты ӕвзӕр, ӕнӕуаг кӕй уыдысты. Мӕхицӕн загътон, зӕгъгӕ, дарддӕр афтӕ цӕрӕн нал ис, хъуамӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын райдайон. Алы бон дӕр тох кодтон, мӕ сӕры магъзы чи зилдух кодта, уыцы ӕвзӕр, ӕнӕгъдау хъуыдытимӕ. Фӕлӕ аскъуыддзаг кодтон, уыцы тохы кӕй хъуамӕ фӕуӕлахиз уон, ӕмӕ ӕппынӕдзух Хуыцаумӕ ӕххуысы тыххӕй куывтон. Фыццаг дыууӕ азы мын тынг зын уыд, ӕмӕ ма ныр дӕр мӕхиуыл кусын».

Дунеимӕ тохы тыххӕй куы дзурӕм, уӕд хорз уыдзӕн Йесойы фӕстаг куывдыл ахъуыды кӕнын. Загъта йӕ Иерусалимы уӕллаг уатӕй рацӕуыны хӕдразмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй куывта йӕ Фыдмӕ, балӕгъстӕ йын кодта: «Нӕ кувын, цӕмӕй Ды акӕнай уыдоны дунейӕ, фӕлӕ сӕ цӕмӕй бахъахъхъӕнай фыддзинадӕй; уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр куыд нӕ дӕн дунейӕ» (Иоанны 17:15, 16). Цӕй стыр ныфс дӕттынц ацы ныхӕстӕ! Иегъовӕ йӕ хъус дары, кӕй уарзы, уыдонмӕ, ӕмӕ сын тых дӕтты, сӕхи дунейы хъуыддӕгтӕй куы фӕхизынц, уӕд.

«Ӕууӕндут»

Йесойы фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, уӕд ацы фыддунейы ныхмӕ ӕмӕ нӕ тӕригъӕдджын фӕндты ныхмӕ тохы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм. Уӕвгӕ, нӕ къухы цыфӕнды ӕнтыстытӕ ма бафта, уӕддӕр нӕ ацы дуне ӕмӕ нӕ туджы рахӕсгӕ тӕригъӕдӕй нӕ фервӕзын кӕндзысты. Фӕлӕ нӕ ныфс уый тыххӕй хъуамӕ ма асӕтта.

«Дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр,— дзырдӕуы Библийы,— фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:17). Йесо йӕ цард радта, цӕмӕй «Ууыл чи ӕууӕнды», уыдонӕй мачи фесӕфа, фӕлӕ тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй ссӕрибар уой (Иоанны 3:16). Цӕй уӕдӕ, Хуыцауы фӕндон ӕмӕ фӕндӕттӕ цас хуыздӕр ӕмбарӕм, уыйас тынгдӕр нӕ зӕрдӕмӕ исӕм Йесойы фӕдзӕхст: «Ӕууӕндут Хуыцауыл ӕмӕ Мӕныл дӕр ӕууӕндут» (Иоанны 14:1).

[Фиппаинаг]

^ 22 абз. Ном ивд у.

[Ныв 6, 7 фарсыл]

«Мӕ уарзондзинады лӕуут»,— фӕдзӕхста Йесо йӕ апостолтӕн.

[Ныв 7 фарсыл]

Тагъд рӕстӕджы ӕцӕгдӕр ссӕрибар уыдзыстӕм тӕригъӕдӕй ӕмӕ йӕ фӕстиуджытӕй.