Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у цӕрдуд

Рацыды чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Рацыды чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

АЦЫ чиныджы фыст ис, «цагъартӕ кӕй скодтой ӕмӕ хъизӕмарӕй кӕй мардтой», уыдоны ссӕрибары хабар (Рацыд 1:13). Стӕй, иу дзыллӕйы равзӕрды зондагайӕг хабар. Уым ма фыст ис ӕнахуыр диссӕгтӕ, ӕмбисонды закъӕттӕ ӕмӕ хӕсгӕ кувӕндоны цатыр арӕзт куыд цыд, уый тыххӕй. Рацыды чиныджы, ӕмткӕй, ныхас адӕттыл цӕуы.

Ацы чиныг ныффыста дзуттаг пехуымпар Моисей. Ӕмӕ дзы дзырд цӕуы израилӕгты цардыл 145 азы дӕргъы: н. э. агъоммӕ 1657 азы Иосифы мӕлӕнбонӕй н. э. агъоммӕ 1512 азмӕ, хӕсгӕ кувӕндоны цатыр арӕзт куы фӕци, уӕдмӕ. Уыцы чиныг канд историон ӕрмӕг нӕу, фӕлӕ ма у Хуыцауы ныхасы, Хуыцауы фыстӕджы, хай. «Цӕрдуд ӕмӕ хъаруджын» дӕр уый тыххӕй у (Дзуттытӕм 4:12НФ). Уӕдӕ Рацыды чиныгӕн нӕ царды ис стыр ахадындзинад.

«ХУЫЦАУ СЫН СӔ ДЗЫНАЗЫН ФЕХЪУЫСТА»

(Рацыд 1:1—4:31)

Иаковы байзӕддӕгтӕ Египеты бонӕй-бонмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕй кодтой, уый тыххӕй сӕ фараон цагъартӕ скодта ӕмӕ сӕ уӕззау куыстыл бафтыдта. Фараон ма бардзырд радта, цӕмӕй израилӕгты ноггуырд лӕппуты марой. Ӕртӕмӕйдзыд Моисей уыцы азарӕй аирвӕзт. Фараоны чызг дзы йӕхицӕн лӕппу загъта. Кӕд Моисей паддзахы галуаны хъомыл кодта, уӕддӕр 40-аздзыдӕй йӕ адӕммӕ баиу ӕмӕ иу египетаг лӕджы амардта (Куыстытӕ 7:23, 24). Уый тыххӕй алыгъд Мадиаммӕ. Уым ӕрхаста ус, цыд фыййау. Судзгӕ къутӕрӕй йӕм Иегъовӕ дзуры, цӕмӕй Египетмӕ ацӕуа ӕмӕ израилӕгты цагъарадӕй ракӕна. Йе ’фсымӕр Аароны та йын сӕвӕрдта минӕварӕй.

Фарстытӕн дзуапп:

3:1— Цавӕр сауджын уыд Иофор? Рагзаманты-иу хӕдзары хицау йӕ бинонтӕн уыд сауджын. Куыд зыны, афтӕмӕй Иофор уыд мадианитӕгты мыггаджы хистӕр. Ацы адӕмыхатт Авраамы байзӕддӕгтӕ кӕй уыдысты (йӕ ус Хеттурӕйӕ), уымӕ гӕсгӕ сын, ӕвӕццӕгӕн, зындгонд уыд Иегъовӕ Хуыцауы дин (Уӕвынад 25:1, 2).

4:11— Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «адӕймаджы багоби, бакъуырма ӕмӕ бакуырм кӕны»? Иегъовӕ-иу кӕд раздӕр кӕйдӕрты бакуырм кодта ӕмӕ-иу сӕ ӕгомыг скодта, уӕддӕр куырм ӕмӕ ӕгомыг чи уыд ӕмӕ чи у, уыдон Иегъовӕйы тыххӕй не сты ахӕм (Уӕвынад 19:11; Лукайы 1:20—22, 62—64). Сӕ туджы цы тӕригъӕд рахастой, уый фыдӕй фесты афтӕ (Иов 14:4; Ромӕгтӕм 5:12). Фӕлӕ Хуыцау уый кӕй уадзы, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у зӕгъын, зӕгъгӕ ӕз «адӕймаджы багоби, бакъуырма ӕмӕ бакуырм кӕнын».

4:16— Моисей Аароны «Хуыцау» куыд уыд? Моисей уыд Хуыцауы минӕвар. Аарон та дзырдта Моисейы номӕй. Уымӕ гӕсгӕ йын Моисей уыд куыд «Хуыцау».

Зондзонӕн махӕн:

1:7, 14. Иегъовӕйӕн йӕ адӕм Египеты куы хъиамӕт кодтой, уӕд сын ахъаз кодта. Афтӕ абон дӕр йӕ Ӕвдисӕнтӕн ахъаз кӕны, суанг карз ӕфхӕрды рӕстӕджы дӕр.

1:17—21. Иегъовӕ нӕ «нӕ рох кӕны, хорздзинадӕй [нӕ] цух нӕ уадзы» (Нееми 13:31).

3:7—10. Иегъовӕ йӕ адӕмы дзыназын хъусы ӕмӕ сын ӕнӕбаххуысгӕнгӕ нӕ фӕвӕййы.

3:14. Иегъовӕ алы хатт дӕр йӕ фӕндтӕ сӕххӕст кӕны. Уымӕ гӕсгӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Библийы ныхӕстӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, ууыл.

4:10, 13. Моисей, дзурынмӕ хорз кӕй нӕ арӕхст, ууыл афтӕ тынг стыхст ӕмӕ йын Хуыцау куы загъта, зӕгъгӕ дын ӕххуыс кӕндзынӕн, уӕд дӕр ын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй фараонмӕ ӕндӕр искӕй арвыстаид. Фӕлӕ йын Иегъовӕ уӕддӕр загъта фараонмӕ бацӕуын, ӕмӕ йын йӕ хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнынӕн зонд ӕмӕ хъарутӕ радта. Мах дӕр нӕхи не ’дыхдзинӕдты тыххӕй ма ӕфхӕрӕм, фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Иегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ зӕрдӕбынӕй нӕ хӕс ӕххӕст кӕнӕм: хъусын кӕнӕм ӕмӕ ӕцӕгад амонӕм (Матфейы 24:14; 28:19, 20).

БИРӔ ДИССӔГТЫ ФӔСТӔ ССӔРИБАР СТЫ

(Рацыд 5:1—15:21)

Моисей ӕмӕ Аарон лӕууынц фараоны раз. Хатынц ӕм: ауадз израилӕгты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры Иегъовӕйы номыл бӕрӕгбон скӕной. Фӕлӕ сӕ Египеты хицау уӕддӕр нӕ уадзы. Иегъовӕ Египетыл Моисейы къухӕй иу-иннӕйы фӕдыл карз ӕфхӕрдтытӕ рауагъта. Фараон израилӕгты ӕрмӕстдӕр дӕсӕм ӕфхӕрды фӕстӕ ауагъта. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд, ӕмӕ фараон йе ’фсадимӕ сӕ фӕстӕ ныййарц. Уӕд Иегъовӕ Сырх денджызыл фӕндаг айгӕрста ӕмӕ йӕ адӕмы фервӕзын кодта. Египетӕгтыл денджызы дӕттӕ ӕркалдысты ӕмӕ фӕдӕлдон сты.

Фарстытӕн дзуапп:

6:3— Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков Хуыцауы ном нӕ базыдтой? Ацы лӕгтӕ, Израилы фыдӕлтӕ, Хуыцаумӕ куывтой йӕ номӕй, стӕй сын Иегъовӕ зӕрдӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты бавӕрдта. Фӕлӕ Иегъовӕ уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кодта, уый нал ӕрӕййӕфтой (Уӕвынад 12:1, 2; 15:7, 13—16; 26:24; 28:10—15).

7:1— Моисей фараонӕн «Хуыцау» куыд уыд? Хуыцау Моисейӕн ахӕм тых ӕмӕ бархъомыс радта, ӕмӕ фараоныл йӕ бар цыди. Уымӕ гӕсгӕ дзы хъуамӕ тӕрсгӕ ма кодтаид.

7:22— Кӕд дон иууылдӕр туг фестад, уӕд ма египетаг дингӕнджытӕ сыгъдӕг дон кӕцӕй истой? Цалынмӕ Нил туг нӕ фестад, уӕдмӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, дон ӕрбахастой. Сыгъдӕг дон ма истаиккой, Нилмӕ хӕстӕг дондзаст рӕтты цы цъайтӕ скъахтой, уырдыгӕй (Рацыд 7:24).

8:26, 27— Цӕмӕн загъта Моисей, зӕгъгӕ, израилӕгты нывӕндтӕ «египетӕгтӕн ӕлгъаг» уыдзысты? Египеты бирӕ цӕрӕгойтӕн табу кодтой. Ӕмӕ Моисей фараонӕн нывӕндты кой уымӕн скодта, цӕмӕй йӕ ныхасы уыдаид уӕз ӕмӕ йын йӕ курдиатмӕ ӕрыхъуыстаид, зӕгъгӕ, ауадз израилӕгты Иегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ.

12:29— Фыццаггуырдтыл нымад чи уыд? Адӕмӕй фыццаггуырдтӕ уыдысты ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕ (Нымӕцтӕ 3:40—51). Фараон йӕхӕдӕг уыд фыццаггуырд, фӕлӕ мард не ’рцыд. Уымӕн йӕхицӕн уыд бинонтӕ. Дӕсӕм ӕфхӕрдӕй хӕдзары хицау нӕ мард, фӕлӕ хистӕр фырт.

12:40— Цас фӕцардысты израилӕгтӕ Египеты зӕххыл? Ацы стих цы 430 азы кой кӕны, уымӕ хауы, Израилы фырттӕ «Египеты зӕххыл ӕмӕ Ханааны зӕххыл» цы рӕстӕг цардысты, уый («Сыгъдӕг Фыстады Ног Дунейы тӕлмац фиппаинӕгтимӕ»). Н. э. агъоммӕ 1943 азы 75-аздзыд Авраам Ханаанмӕ цӕугӕйӕ ахызт Евфратыл (Уӕвынад 12:4). Уыцы азӕй, 130-аздзыд Иаков Египетмӕ куы ’рцыд, уӕдмӕ рацыд 215 азы (Уӕвынад 21:5; 25:26; 47:9). Уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ма израилӕгтӕ уый фӕстӕ Египеты дӕр фӕцардысты 215 азы.

15:8— Сырх денджызы дӕттӕ сӕлгӕ ныккодтой? Ног Дунейы тӕлмацы «сӕлын»-ӕй цы дзуттаг дзырд раивдӕуыд, уый нысан кӕны ӕрбадын кӕнӕ сбӕзджын уын. Иовы 10:10 ацы дзырд амоны цыхтахсынмӕ. Уӕдӕ дӕттӕ ныссалдысты, зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ дон ныйих ис. Рацыды 14:21 цы «тыхджын скӕсӕйнаг дымгӕйы» кой цӕуы, уый афтӕ уазал куы уыдаид, ӕмӕ дзы дӕттӕ куы ныссалдаиккой, уӕд уыцы ӕнахуыр уазалы тыххӕй исты фыст уыдаид. Фӕлӕ дӕттӕ сӕхигъӕдӕй сисау кӕй слӕууыдысты, уымӕ гӕсгӕ афтӕ каст, цыма дон ныссалд, ныйих кӕнӕ сбӕзджын.

Зондзонӕн махӕн:

7:14—12:30. Дӕс ӕфхӕрды ӕрдзон бӕллӕхтӕ нӕ уыдысты. Уыдон тыххӕй-иу Хуыцау раздӕр загъта, ӕмӕ-иу стӕй, цӕугӕ дӕр афтӕ ӕркодтой. Уыцы дӕс ӕфхӕрды куыд хорз ӕвдисынц, дон, хуры рухс, сасчытӕ, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕмыл Сфӕлдисӕджы бар кӕй цӕуы! Ӕфхӕрдтытӕй ма бӕрӕг у, Хуыцау йе знӕгтыл исты фыдбылыз куы рауадзы, уӕд йӕ кувӕг адӕмы та хъахъхъӕнгӕ кӕй бакӕны.

11:2; 12:36. Иегъовӕ йӕ адӕмӕн арфӕ кӕны. Хуыцау, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ бакодта, ӕмӕ израилӕгтӕ Египеты кӕй фӕкуыстой, уый тыххӕй мызд райстой. Уыдон уыцы бӕстӕм уацайрӕгтӕй нӕ, фӕлӕ сӕрибар адӕмӕй бацыдысты.

14:30. Иегъовӕ йӕ кувӕг адӕмы, цы «стыр бӕллӕх» ӕрхӕццӕ кӕны, уым сӕфын кӕй нӕ бауадздзӕн, ууыл ӕппындӕр дызӕрдыг хъуамӕ ма кӕнӕм (Матфейы 24:20—22; Раргомад 7:9, 14НД).

ИЕГЪОВӔ — АДӔМЫ ФӔТӔГ

(Рацыд 15:22—40:38)

Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй ӕртӕ мӕйы фӕстӕ ӕрӕнцадысты Синайы хохрӕбын. Уым райстой Дӕс фӕдзӕхсты ӕмӕ ӕндӕр закъӕттӕ, Иегъовӕимӕ бадзырд скодтой ӕмӕ Иегъовӕ сси сӕ Фӕтӕг. Моисей Синайы хохыл фӕцис 40 боны, амындтӕ райста раст дины тыххӕй ӕмӕ хӕсгӕ кувӕндоны цатыр аразыны тыххӕй. Уыцы рӕстӕг та израилӕгтӕ сарӕзтой сызгъӕрин уӕныг ӕмӕ йын табу кӕнынмӕ фесты. Моисей хохӕй куы ӕрцӕйхызт ӕмӕ сӕ куы ауыдта, уӕд фырмӕстӕй, Хуыцау ын цы дыууӕ къӕйдуры радта, уыдон зӕххыл фӕкодта ӕмӕ ныппырх сты. Фыдгӕнджытӕ ӕфхӕрд куы баййӕфтой, уӕд та фӕстӕмӕ хохмӕ ссыд ӕмӕ ног къӕйдуртӕ райста. Моисей куы ӕрыздӕхт, уӕд бавнӕлдтой хӕсгӕ кувӕндоны цатыр аразынмӕ. Израилӕгтӕ цы бон ссӕрибар сты, уымӕй иу афӕдз куы рацыд, уӕд уыцы диссаджы цатыр ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр хъуыд, уыдон арӕзт фесты ӕмӕ ӕвӕрд ӕрцыд. Уӕд Иегъовӕ цатыр йӕ кадӕй байдзаг кодта.

Фарстытӕн дзуапп:

20:5— Куыд ӕмбарын хъӕуы, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «фыдӕлты рӕдыдтыты тыххӕй» сӕ байзӕддӕгты бафхӕры? Адӕймаг йӕ митӕн дзуапп дӕттынхъом куы свӕййы, уӕд йӕхи хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ ӕмӕ йӕхи зӕрдӕйы фӕндтӕм гӕсгӕ фӕцӕуы тӕрхонгонд. Фӕлӕ-иу Израилы адӕм гуымирытӕн кувынмӕ куы фесты, уӕд-иу уый цы бӕллӕхтӕм ӕркодта, уымӕй-иу цалдӕр фӕлтӕры дӕр утӕхсӕн кодтой. Уый-иу фӕзынд суанг иузӕрдион израилӕгтыл дӕр, уымӕн ӕмӕ се ’мтуг адӕм сӕ диныл гадзрахатӕй кӕй цыдысты, уый тыххӕй сын зын уыд Хуыцауы раст фӕндагыл цӕуын.

23:19; 34:26— Цы нысан кодта амынд, зӕгъгӕ, сӕныччы йӕ мады ’хсыры ма фыцут? Куыд дзурынц, афтӕмӕй-иу сӕныччыты (кӕнӕ ӕндӕр цӕрӕгойы лӕппынты) сӕ мады ӕхсыры фыхтой муртактӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнхъӕлдтой, зӕгъгӕ, уӕд къӕвда рацӕудзӕн. Стӕй сӕныккӕн йӕ мады ӕхсыр йӕ хӕринаг кӕй у, уый тыххӕй йӕ уым фыцын уыд ӕвирхъау ми. Ацы закъон Хуыцауы адӕмы ахуыр кодта тӕригъӕд кӕныныл.

23:20—23— Ацы стихтӕ цавӕр зӕды кой кӕнынц ӕмӕ Иегъовӕйы ном «йемӕ» куыд уыд? Уыцы зӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыд Йесо, зӕхмӕ ӕрцӕуыны агъоммӕ. Уый цыд израилӕгты разӕй ӕмӕ сӕ кодта Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ (1 Коринфӕгтӕм 10:1—4). Иегъовӕйы ном та «йемӕ» уыд, зӕгъгӕ, афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ йын йӕ Фыды ном сбӕрзонд ӕмӕ срухс кӕныны хъуыддаджы ис сӕйраг ахадындзинад.

32:1—8, 25—35— Аарон сызгъӕрин уӕныг кӕй сарӕзта, уый тыххӕй ӕфхӕрд цӕуылнӕ ’рцыд? Гуымирыйӕн кувыныл Аарон зӕрдӕйӕ разы нӕ уыд. Фӕстӕдӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый дӕр иннӕ левиттимӕ Хуыцауы фарс ӕрлӕууыд ӕмӕ Моисейы чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдоны ныхмӕ рацыд. Фыдгӕнджыты куы ныццагътой, уӕд Моисей адӕмы зӕрдыл ӕрлӕууын кодта стыр рӕдыд кӕй ӕруагътой. Уый та дзурӕг у, Иегъовӕ ма Ааронӕй дарддӕр ӕндӕртӕн дӕр кӕй ныххатыр кодта.

33:11, 20— Хуыцау Моисеимӕ «дзыхӕй-дзыхмӕ» куыд ныхас кодта? «Дзыхӕй-дзыхмӕ» ныхас кӕнын амоны дыууӕ адӕймаджы ныхас. Моисей ныхас кодта Хуыцауы минӕваримӕ ӕмӕ йын Иегъовӕ уый дзыхӕй лӕвӕрдта амындтӕ. Фӕлӕ Моисей Иегъовӕйы нӕ федта, уымӕн ӕмӕ «адӕймаг [Хуыцауы] куы фена, уӕд удӕгасӕй нӕ баззайдзӕн». Уӕдӕ Иегъовӕ Моисеимӕ комкоммӕ нӕ ныхас кодта. Закъон «лӕвӕрд у Зӕдты сӕрты, ӕхсӕны бацӕуӕджы къухӕй»,— дзырдӕуы Галатӕгтӕм 3:19.

Зондзонӕн махӕн:

15:25; 16:12. Иегъовӕ йӕ адӕмы цух ницӕмӕй уадзы.

18:21. Чырыстон ӕмбырды разамонджытӕй кӕй сӕвӕрынц, уыдон дӕр хъуамӕ уой фӕлтӕрд, ӕууӕнкджын, Хуыцауӕй тӕрсой ӕмӕ сӕхи пайдайӕн мацы агурой.

20:1—23:33. Иегъовӕ у сӕйраг Закъонӕвӕрӕг. Израилӕгтӕ-иу ын йӕ закъӕттӕм куы хъуыстой, уӕд-иу ын куывтой уаг ӕмӕ ӕгъдауыл, ӕмӕ сын уый уыд стыр цины хос. Абон Иегъовӕйӕн ис организаци. Уыцы организациимӕ ӕмгуыст кӕй кӕнӕм, уымӕй нӕ зӕрдӕ рухс кӕны ӕмӕ стӕм ӕдас.

Ис ын стыр ахадындзинад

Рацыды чиныг Иегъовӕйы тыххӕй цы дзуры? Хоны йӕ уарзӕгой Дарӕг, ӕмбисонды Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ йӕ фӕндтӕ Ӕххӕстгӕнӕг. Уымӕн ис йӕхи организаци ӕмӕ йын разамынд дӕтты.

Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъолайы алы къуыри дӕр Библийӕ цы скъуыддзаг февзарӕм, уый цӕттӕгӕнгӕйӕ Рацыды чиныгӕй цы бакӕсай, уый, бӕгуыдӕр, дӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕудзӕн. Дӕлсӕргонд «Фарстытӕн дзуапп» куы кӕсай, уӕд Фыстады иуӕй-иу бынӕттӕ ноджы хуыздӕр бамбардзынӕ. Сӕргонд «Зондзонӕн махӕн»-ы цы хъуыдытӕ ис, уыдоны фӕрцы базондзынӕ, ӕрвылкъуыри дӕр Библийы цы бакӕсӕм, уымӕй зондӕн райсӕн цы ис, уый.

[Ныв 28, 29 фарсыл]

Иегъовӕ фӕлмас адӕймаг Моисейы арвыста израилӕгты цагъарадӕй ракӕнынмӕ.

[Ныв 29 фарсыл]

Дӕс ӕфхӕрды ӕвдисынц, дон, хуры рухс, сасчытӕ, цӕрӕгойтӕ ӕмӕ адӕмыл Сфӕлдисӕджы бар кӕй цӕуы.

[Ныв 30, 31 фарсыл]

Иегъовӕ израилӕгтӕй йӕхицӕн адӕм загъта ӕмӕ сын Моисейы уылты йӕхӕдӕг разамынд лӕвӕрдта.