Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы закъон дын зӕрдӕрухсы хос у?

Иегъовӕйы закъон дын зӕрдӕрухсы хос у?

Иегъовӕйы закъон дын зӕрдӕрухсы хос у?

«Тӕхудиаг лӕг, кӕцыйӕн Хицауы закъоны [ис] йӕ фӕндон» (ПСАЛОМ 1:1, 2).

1. Мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, амондджын цӕмӕн стӕм?

ИЕГЪОВӔ махӕн, йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн, ахъаз кӕны, алы хорздзинӕдтӕй нӕ рӕвдауы. Раст у, абон нӕ иу дӕр ӕнӕмаст, ӕнӕфыдбылыз нӕу. Фӕлӕ уӕддӕр стӕм тынг амондджын. Уӕвгӕ, уым диссагӕй ницы ис, уымӕн ӕмӕ мах кувӕм «амондджын Хуыцауӕн», ӕмӕ нын йӕ сыгъдӕг уд нӕ зӕрдӕты цины цӕхӕр судзы (1 Тимофеймӕ 1:11; Галатӕгтӕм 5:22). Йӕ зӕрдӕйы та цины цӕхӕр уымӕн фӕсудзы, амондджын чи у, хорз цӕмӕдӕр чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ бирӕ хорздзинӕдтӕй хайджын чи у. Ӕмӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыд, бӕгуыдӕр, цух нӕ уадзы хорз лӕвӕрттӕй (Иаковы 1:17). Ахӕм Хуыцауӕн чи кувы, уый амондджын куыннӕ у!

2. Кӕцы псаломтӕ равзардзыстӕм?

2 Псаломты чиныг арӕх кӕны тӕхудиаг, амондджын адӕймаджы кой. Цӕвиттонӕн райсӕм фыццаг дыууӕ псаломы. Йесо Чырыстийы рагон фӕдылдзӕуджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ дыккаг псалом снывӕзта Израилы паддзах Давид (Куыстытӕ 4:25, 26). Фыццаг псалом — Хуыцауы комытӕфӕй райгуыргӕ зарӕг — райдайы афтӕ: «Тӕхудиаг лӕг, кӕцы нӕ цӕуы ӕнӕрӕстыты уынаффӕмӕ» (Псалом 1:1). Ацы ӕмӕ иннӕ статьяйы равзардзыстӕм, фыццаг дыууӕ псаломы адӕймаджы зӕрдӕйы цины рухс куыд уадзынц, уый.

Чи у тӕхудиаг

3. Псалом 1:1 гӕсгӕ Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг амондджын цӕмӕн у?

3 1-аг псалом ӕвдисы, Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг тӕхудиаг, кӕнӕ амондджын цӕмӕн у, уый. Псаломзарӕггӕнӕг зары: «Тӕхудиаг лӕг, кӕцы нӕ цӕуы ӕнӕрӕстыты уынаффӕмӕ ӕмӕ нӕ лӕууы тӕригъӕдджынты фӕндагыл, ӕмӕ нӕ бады ӕгъдау халджыты [«фауджыты», НД] ӕмбырды» (Псалом 1:1).

4. Захари ӕмӕ Елисаветӕ нын фӕзминаг цӕмӕй сты?

4 Цӕмӕй ӕцӕгдӕр амондджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Иегъовӕйы рӕстаг уагӕвӕрдтыл хӕцӕм. Захари ӕмӕ Елисаветӕ, «уыдысты рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы раз, ӕххӕст кодтой Хицауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ ӕнаиппӕй», ӕмӕ сӕм уый тыххӕй ӕрхаудта стыр амонд: хъӕбулы ад кӕмӕй базыдтой, уый уыд Аргъауӕг Иоанн (Лукайы 1:5, 6). Мах дӕр уыдоны куы фӕзмӕм ӕмӕ «куы нӕ цӕуӕм ӕнӕрӕстыты уынаффӕмӕ», ома фыдгӕнджыты зондмӕ куы нӕ хъусӕм, уӕд уыдзыстӕм амондджын.

5. Цӕмӕй «тӕригъӕдджынты фӕндагмӕ» ма ахизӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

5 Фыдгӕнджыты зондыл куы нӕ цӕуӕм, уӕд нӕ къах «тӕригъӕдджынты фӕндагыл» никуы ӕрӕвӕрдзыстӕм. Бӕлвырдӕй зӕгъгӕйӕ, ӕмгӕрон дӕр нӕ цӕудзыстӕм, уыдон кӕм фембырд кӕнынц, ахӕм рӕттӕм — се ’взӕры кой кӕмӕн айхъуыст, ахӕм ӕнӕгъдау хиирхӕфсӕн бынӕттӕм. Фӕлӕ зӕгъӕм, тӕригъӕдджынты митӕ нӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц, уӕд та? Иегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нӕ апостол Павелы уынаффӕйыл сараза. Уый фыста: «Ма ӕркъул кӕнут уӕ сӕртӕ искӕйы ӕфсондзы бын ӕнӕрӕстытимӕ. Уымӕн ӕмӕ цы ис иумӕйагӕй рӕстдзинадӕн ӕнӕзакъондзинадимӕ? Цы ис иумӕйагӕй рухсӕн талынгимӕ?» (2 Коринфӕгтӕм 6:14). Хуыцауыл нӕ ныфс куы ӕвӕрӕм ӕмӕ нӕ «зӕрдӕ сыгъдӕг» куы уа, уӕд тӕригъӕдджынты зондахастӕй нӕ фӕхъӕстӕ уыдзыстӕм, сӕ митӕм сын нӕ бахӕлӕг кӕндзыстӕм. Нӕ фӕндтӕ ӕмӕ нӕ бӕллицтӕ уыдзысты рухс, нӕ уырнындзинад та — ӕнӕцӕстмӕ (Матфейы 5:8; 1 Тимофеймӕ 1:5).

6. Фауджытӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

6 Кӕд нӕ Иегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын фӕнды, уӕд хъуамӕ ма «бадӕм ӕгъдау халджыты [«фауджыты», НД] ӕмбырды». Ахӕм адӕймӕгтӕ, Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ чи цӕры, уыдоныл арӕх фӕкӕнынц худгӕ. Фӕлӕ ацы «фӕстаг бонты», ӕцӕгады фӕндаг чи ныууагъта, уӕлдайдӕр уыдон нӕ ауӕрдынц Хуыцауы адӕмы фауыныл. Апостол Петр ахӕмты тыххӕй йе ’муырнджыты фӕдзӕхста: «Уарзонтӕ [...] ӕппӕты разӕй зонут, фӕстаг бонты кӕй фӕзындзысты налат ӕлгъитджытӕ [«фауджытӕ», НФ], сӕрмагондӕй сӕхи фӕндӕттӕ кӕнджытӕ. Ӕмӕ дзурджытӕ: „кӕм ис Йӕ ӕрцӕуыны зӕрдӕвӕрд? Уымӕн ӕмӕ куы райдыдтой мӕлын фыдӕлтӕ, сфӕлдисыны райдайӕнӕй, уӕдӕй нырмӕ ӕппӕтдӕр афтӕ лӕууы“» (2 Петры 3:1—4). Фауджыты ӕмбырды куы нӕ бадӕм, уӕд ныл уыдоны бон нӕ акӕндзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 1:22—27).

7. Псалом 1:1 нӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф айсын цӕмӕн хъӕуы?

7 Псалом 1:1 стих нӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ айсӕм, уӕд Фыстад ахуыргӕнгӕйӕ цы хорздзинад ссардтам, уый фесафдзыстӕм — Хуыцауӕй адард уыдзыстӕм. Ӕмӕ уӕд нӕ хабар цӕудзӕн фыддӕрмӕ: фыццаг уал фыдгӕнджыты зондмӕ байхъусдзыстӕм. Стӕй та нӕ рӕстӕг семӕ ӕрвитын байдайдзыстӕм. Афтӕмӕй ӕцӕгады фӕндаг ныууадздзыстӕм ӕмӕ налат фауджытӕ суыдзыстӕм. Уӕдӕ фыдгӕнджытимӕ куы иу кӕнӕм, уӕд уыдонау сфыдзонд уыдзыстӕм ӕмӕ Иегъовӕ нӕ хӕлар нал уыдзӕн (1 Коринфӕгтӕм 15:33; Иаковы 4:4). Нӕхи уымӕ макуы ӕруадзӕм!

8. Цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ иудадзыгдӕр удварны хӕзнатыл уой, уымӕн цы хъӕуы?

8 Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ иудадзыгдӕр уыдзысты удварны хӕзнатыл ӕмӕ нӕ зӕрдӕ фыдгӕнджытимӕ иу кӕнын нӕ комдзӕн. «Мӕт мацӕуыл кӕнут,— фыста Павел,— фӕлӕ ӕдзухдӕр куывды мидӕг ӕмӕ курдиаты, арфӕ кӕнгӕйӕ ӕргом кӕнут уӕ фӕндондзинӕдтӕ Хуыцауы раз,— ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг». Дарддӕр Павел дзуры, цӕмӕй ӕцӕг, намысджын, рӕстдзинад, сыгъдӕг, ӕгъдауджын, кады аккаг, хорз миниуӕг ӕмӕ ӕппӕлинаг цы у, ууыл хъуыды кӕнӕм (Филиппӕгтӕм 4:6—8). Цӕй уӕдӕ Павелы уынаффӕйыл цӕуӕм ӕмӕ нӕхи уыйонг ма ӕруадзӕм, ӕмӕ фыдгӕнджыты хуызӕн суӕм.

9. Кӕд фыдгӕнджыты митӕ нӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уӕддӕр алкӕмӕндӕр куыд ӕххуыс кӕнӕм?

9 Фыдгӕнджыты митӕ кӕд нӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц, уӕддӕр хъусынгӕнгӕйӕ семӕ фӕлмӕн ныхас кӕнӕм, растдӕр апостол Павел ромаг хицауиуӕггӕнӕг Феликсӕн «рӕстдзинады, хиуылхӕцындзинады ӕмӕ ӕрцӕуинаг тӕрхоны тыххӕй» куыд дзырдта, афтӕ (Куыстытӕ 24:24, 25; Колоссӕгтӕм 4:6). Мах Паддзахады хорз хабар хъусын кӕнӕм алкӕмӕндӕр — чифӕнды ма уа, ӕмӕ алкӕмӕдӕр хӕлар зӕрдӕ дарӕм. Уымӕн ӕмӕ зонӕм, «ӕнусон цардмӕ раст ахаст кӕмӕн ис, уыдон» ӕцӕгады фӕндагыл кӕй ӕрлӕудзысты ӕмӕ сын Хуыцауы закъон зӕрдӕрухсы хос кӕй суыдзӕн (Куыстытӕ 13:48НД).

Иегъовӕйы закъон ын у зӕрдӕрухсы хос

10. Библи ахуыры рӕстӕг цы фӕкӕсӕм, уый цӕмӕй хуыздӕр бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ тынгдӕр бацагайа, уымӕн цы хъӕуы?

10 Псаломзарӕггӕнӕг дарддӕр дзуры тӕхудиаг, амондджын адӕймаджы тыххӕй: «Хицауы закъоны йӕ фӕндон, ӕмӕ Уый закъоныл хъуыды кӕны [«ныллӕг хъӕлӕсӕй кӕсы», НД] уый ӕхсӕвӕй-бонӕй» (Псалом 1:2). Махӕн, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн, нӕ фӕндон ис Иегъовӕйы закъоны — у нын зӕрдӕрухсы хос. Кӕд нӕ нӕ уавӕртӕ амоной, уӕд нӕ бон у, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ, йе та исты ӕрмӕгыл арф хъуыды кӕнгӕйӕ «ныллӕг хъӕлӕсӕй кӕсын». Фыстад ныллӕг хъӕлӕсӕй кӕсын хорз уымӕн у, цӕмӕй йӕ хуыздӕр бахъуыды кӕнӕм ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ тынгдӕр бацагайа.

11. Библи «ӕхсӕвӕй-бонӕй» цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм?

11 «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» нын иудадзыгдӕр дзуры, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсӕм (Матфейы 24:45). Мах зӕрдиагӕй фӕнды, Иегъовӕ адӕмӕн цы зӕгъинаг у, уый хуыздӕр бамбарын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз у, «ӕхсӕвӕй-бонӕй» йӕ куы кӕсӕм,— о, ӕхсӕв дӕр, хуыссӕг ныл куы нӕ хӕца, уӕд. Петр дӕр дзырдта: «Куыд ноггуырд сывӕллӕттӕ, бауарзут сыгъдӕг дзырды ӕхсыр, цӕмӕй уымӕй сымах сырӕзат ирвӕзындзинадӕн» (1 Петры 2:1, 2). Библи алы бон дӕр кӕсын уарзыс? Хуыцауы ныхӕстӕ ӕмӕ фӕндтыл ӕхсӕвыгӕтты арф хъуыды кӕнын та? Псаломзарӕггӕнӕг уарзта (Псалом 62:7).

12. Иегъовӕйы закъон нын зӕрдӕрухсы хос куы уа, уӕд цы араздзыстӕм?

12 Хуыцауы закъон нын зӕрдӕрухсы хос у ӕви нӕ, уымӕй аразгӕ у нӕ ӕнусон фидӕн. Уыцы закъон у ӕххӕст ӕмӕ раст, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕныны стыр лӕвар ис (Псалом 18:8—12). Ахуыргӕнинаг Иаков фыста: «Чи бамбара ӕххӕст закъон, сӕрибары закъон, ӕмӕ уый мидӕг уа, уый рохгӕнаг хъусӕг нӕу, фӕлӕ у хъуыддӕгтӕй ӕххӕстгӕнӕг, ахӕм тӕхудиаг у йӕ хъуыддӕгты» (Иаковы 1:25). Кӕд нын Иегъовӕйы закъон зӕрдӕрухсы хос у, уӕд ныл иу бон дӕр афтӕ нӕ ацӕудзӕн, ӕмӕ удварны хӕзнатыл ма ахъуыды кӕнӕм. Фӕнддзӕн нӕ «Хуыцауы арфадтӕ» базонын ӕмӕ фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын (1 Коринфӕгтӕм 2:10—13; Матфейы 6:33).

Уыдзӕн куыд бӕлас

13—15. Цӕугӕдоны был сагъд бӕласы хуызӕн кӕд уыдзыстӕм?

13 Псаломзарӕггӕнӕг рӕстгӕнӕджы тыххӕй дарддӕр дзуры: «Уыдзӕн уый куыд бӕлас, цӕугӕдоны цур сагъд, кӕцы ӕрхӕссы йӕ дыргъ йӕхи афон, ӕмӕ кӕцыйы сыф не руайы; ӕмӕ йын ӕппӕт уый цы кӕны, бантысдзӕн» (Псалом 1:3). Иннӕ ӕнӕххӕст адӕмау мах дӕр, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ, ӕнӕмаст не стӕм (Иов 14:1). Чи зоны, ӕмӕ нӕ нӕ дины тыххӕй сурынц, алыхуызон зынтӕ нын ӕвзарын кӕнынц (Матфейы 5:10—12). Фӕлӕ нӕ Хуыцауы фӕрцы ничи басӕтдзӕн, фидар бӕлӕсты тыхдымгӕ куыд нӕ асӕтты, афтӕ.

14 Цӕугӕдоны был сагъд бӕлас тӕвд ӕмӕ хус заман дӕр донцух нӕ вӕййы. Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, куы дзы ӕфсӕрмы кӕнӕм, уӕд нын уый, нӕ ӕнӕсысгӕ Суадон, Иегъовӕ Хуыцау, хъарутӕ дӕтдзӕн. Павел иудадзыгдӕр Хуыцауӕй ӕххуыс кӕй куырдта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Алцыдӕр мӕ бон у бафӕразын, хъару мын чи дӕтты, уый [Иегъовӕйы] фӕрцы» (Филиппӕгтӕм 4:13НД). Иегъовӕйы сыгъдӕг уд нын фӕндагамонӕг ӕмӕ хъарутӕдӕттӕг кӕй у, нӕ уырнындзинад дӕр доны был сагъд бӕласау фидар уымӕн у ӕмӕ йын «баруайынӕй» тас дӕр уымӕн нӕу. Мах Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ дыргъ хӕссӕм ӕмӕ сыгъдӕг уды дыргъ нӕ царды ӕвдисӕм (Иереми 17:7, 8; Галатӕгтӕм 5:22, 23).

15 «Куыд»-ӕй цы рагон дзуттаг дзырд раивдӕуыд, уый псаломзарӕггӕнӕг ӕрхаста бӕлас ӕмӕ адӕймаджы абарынӕн. Уыдон кӕд кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кӕнынц, уӕддӕр сӕм ис ӕмхуызон миниуӕг. Доны былтыл сагъд бӕлӕстӕ сыфтӕрджын, къабазджын кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, псаломзарӕггӕнӕджы цӕстытыл ауайын кодтой, Иегъовӕйы закъон зӕрдӕрухсы хос кӕмӕн уыд, ахӕм адӕмы хъӕздыг удварн. Махӕн дӕр Хуыцауы закъон зӕрдӕрухсы хос куы уа, уӕд бӕлӕстау бирӕ цӕрдзыстӕм — растдӕр зӕгъгӕйӕ, мыггагмӕ (Иоанны 17:3).

16. Алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын цӕмӕн стӕм ӕмӕ цы хуызы?

16 Рӕстӕй кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ нын Иегъовӕ зынтӕ ӕмӕ фӕлварӕнтӕ фӕразынӕн хъарутӕ дӕтты. Стӕй уацамындӕй нӕ зӕрдӕ райы ӕмӕ бирӕ дыргъ хӕссӕм (Матфейы 13:23; Лукайы 8:15). Мах алы хъуыддаджы дӕр стӕм ӕнтыстджын, уымӕн ӕмӕ нын царды сӕйрагдӕр Иегъовӕйы фӕндон у. Хуыцау йӕ фӕндтӕ алыхатт дӕр кӕй сӕххӕст кӕны ӕмӕ нын йӕ фӕдзӕхстытӕ зӕрдӕрухсы хос кӕй сты, нӕ удварн хъӕздыгдӕр гъе уый тыххӕй кӕны (Уӕвынад 39:23; Йесо Навин 1:7, 8; Исай 55:11). Ӕмӕ уый афтӕ у, цыфӕнды уӕззау уавӕры ма уӕм, уӕддӕр (Псалом 111:1—3; 3 Иоанны 2).

Фыдгӕнджыты «хъал цард» — рӕстӕгмӕ

17, 18. а) Псаломзарӕггӕнӕг фыдгӕнӕджы цӕимӕ абарста? ӕ) Фыдгӕнджытӕ кӕд хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кӕнынц, уӕддӕр сын фидӕн цӕуылнӕ ис?

17 Ӕвӕдза, куыд тынг хицӕн кӕны фыдгӕнӕджы хъысмӕт рӕстгӕнӕджы фидӕнӕй! Фыдгӕнджытӕ, чи зоны, цасдӕр рӕстӕг хъӕздыгӕй-хъӕздыгдӕр кӕной, фӕлӕ сӕ удварнӕй куы зӕгъӕм, уӕд сты бынтондӕр гӕвзыкк. Уый бӕрӕг у псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕй: «Афтӕ нӕ — ӕнӕрӕстгӕнджытӕ, фӕлӕ уыдон — куыд рыг [«зыгуым», «Мах дуг» №6, 2002], дымгӕйӕ сист. Уый тыххӕй фӕцуддзысты ӕнӕрӕстытӕ тӕрхоны, ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ — рӕстыты ӕмбырды» (Псалом 1:4, 5). Дӕ хъус ма ӕрдар: псаломзарӕггӕнӕг зӕгъы, зӕгъгӕ, «афтӕ нӕ — ӕнӕрӕстгӕнджытӕ». Ома ӕнӕраст адӕм рӕстгӕнджытау дыргъджын, бирӕ цӕрӕг бӕлӕсты хуызӕн не сты.

18 Фыдгӕнджытӕ цыфӕнды хъӕздыг ма уой, уӕддӕр сын фидӕн нӕй (Псалом 36:16; 72:3, 12). Уыдон сты, Йесо иу ӕмбисонды цы ӕнӕзонд хъӕздыг лӕджы кой ракодта, уый хуызӕн. Ӕмбисонд та уымӕн ӕрхаста, ӕмӕ йӕм чидӕр бахатыд, нӕ бынтӕ нын адих кӕн, зӕгъгӕ. Йесо уыцы лӕгӕн ӕмӕ сӕ цуры лӕууӕг адӕмӕн загъта: «Кӕсут, уӕхи хъахъхъӕнут хъӕздыгдзинӕдтӕ ӕмбырд кӕнынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй нӕу». Йӕ хъуыдыйы цы уыд, уый бамбарын кодта ӕмбисондӕй: иу хъӕздыг лӕгӕн йӕ быдыры ахӕм хъӕздыг тыллӕг ӕрзад, ӕмӕ сфӕнд кодта йӕ хордӕттӕ фехалын ӕмӕ стырдӕртӕ саразын. Ӕмӕ йӕхицӕн загъта, зӕгъгӕ мӕ хор уым бафснайдзынӕн, ӕмӕ уӕд хӕрдзынӕн, нуаздзынӕн ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвитдзынӕн мӕ цард. Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: «Ӕнӕзонд! ацы ӕхсӕв дӕ уд айсдзысты дӕуӕн; кӕмӕн баззайдзысты, ды кӕй ӕрӕмбырд кодтай, уыдон?» Йесо йе ’мбисонд балхынцъ кодта ахӕм ныхӕстӕй: «Афтӕ вӕййы хӕзнатӕ йӕхицӕн чи ӕмбырд кӕны, уыдонимӕ, фӕлӕ Хуыцауы мидӕг [чи] нӕ хъӕздыг кӕны» (Лукайы 12:13—21).

19, 20. а) Раг заманты хор куыд най кодтой ӕмӕ йӕ куыд сыгъдӕг кодтой, уый радзур. ӕ) Фыдгӕнджыты псаломзарӕггӕнӕг зыгуымимӕ цӕмӕн абарста?

19 Фыдгӕнджытӕ «Хуыцауы мидӕг» кӕй нӕ хъӕздыг кӕнынц, уый тыххӕй зыгуымы — хоры ӕхсӕдӕнты сӕфт фӕкӕндзысты, зонӕг-уынӕг сӕ нал уыдзӕн. Раг заманты-иу адӕм сӕ хортӕ куы ӕркарстой, уӕд-иу сӕ куыристӕй мусты самадтой. Мустӕ арӕзтой уӕлвонг рӕтты. Най та кодтой афтӕ: хоры куыристӕ-иу мусы астӕрдыл байтыдтой. Стуртыл-иу дурын кӕнӕ ӕфсӕн дӕндаг чъеури баивтыгътой ӕмӕ-иу ӕй куыристыл ауагътой. Чъеури-иу ӕфсиры зӕнгтӕ хъӕмп фестын кодта, нӕмыг та-иу азгъӕлын кодта. Уый фӕстӕ-иу кӕри фыййагӕй дымгӕмӕ дардтой (Исай 30:24). Хоры нӕмгуытӕ-иу хаудысты мусы астӕуы дзыгуырмӕ, хъӕмп, сыгтӕ — кӕронмӕ, зыгуым та-иу дымгӕ ахаста (Руф 3:2). Дарддӕр-иу бавнӕлдтой хор ӕхсӕдынмӕ: сыхырнаты луаргӕйӕ-иу нӕмыг лыстӕг хуыртӕ, цъӕмӕлтӕ ӕмӕ сыгтӕй ссыгъдӕг кодтой. Хор сыгъдӕггонд фӕци, уӕд-иу ӕй кӕнӕ хордӕтты бафснайдтой, кӕнӕ та-иу ӕй ӕрыссадтой (Лукайы 22:31). Зыгуымӕн та-иу йӕ кой дӕр нал уыд.

20 Хоры нӕмгуытӕ мусмӕ куыд калдысты, зыгуым та-иу дымгӕ куыд ахаста, афтӕ рӕстгӕнджытӕ дӕр баззайдзысты, фыдгӕнджытӕ та фесӕфдзысты. Ӕвзӕргӕнджытӕн тагъд сӕ кой дӕр кӕй нал уыдзӕн, уый нын стыр цин куыннӕ у. Уӕд, Иегъовӕйы закъон зӕрдӕрухсы хос кӕмӕн у, уыдон райсдзысты бирӕ хорздзинӕдтӕ — Хуыцау уыцы коммӕгӕс адӕмӕн ратдзӕн ӕнусон цард (Матфейы 25:34—46; Ромӕгтӕм 6:23).

«Рӕстгӕнджыты фӕндаг» — амондджын фӕндаг

21. Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «зоны рӕстгӕнджыты фӕндаг»?

21 1-аг псалом фӕуд кӕны ахӕм ныхӕстӕй: «Хицау зоны рӕстгӕнджыты фӕндаг, ӕнӕрӕстгӕнджыты фӕндаг та фесӕфдзӕн» (Псалом 1:6). Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Иегъовӕ «зоны рӕстгӕнджыты фӕндаг»? Раст фӕндагыл куы цӕуӕм, уӕд нӕ уӕларвон Фыд, йӕ закъӕттӕ йын кӕй ӕххӕст кӕнӕм, уый нӕ ферох кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ йӕ кувӕг адӕмыл нымайдзӕн. Стӕй ныл кӕй тыхсы, уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у (уӕвгӕ, хъуамӕ афтӕ дӕр кӕнӕм) нӕ сагъӕстӕ йӕ бӕрны кӕнын (Иезекил 34:11; 1 Петры 5:6, 7).

22, 23. Цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы фыдгӕнджытӕм ӕмӕ рӕстгӕнджытӕм?

22 «Рӕстгӕнджыты фӕндаг» уыдзӕн ӕнустӕм, ӕнӕсӕттон фыдгӕнджытӕй та Иегъовӕ мыггаг дӕр нал ныууадздзӕн. Семӕ фесӕфдзӕн сӕ «фӕндаг» дӕр, ома сӕ митӕ, се ’гъдӕуттӕ. Ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй сӕххӕст уыдзысты Давиды ныхӕстӕ: «Иу чысыл ма ӕмӕ нал уыдзӕн ӕнӕраст; бакӕсдзынӕ йӕ бынатмӕ, ӕмӕ уый нӕй. Сабыртӕ та зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ сӕ мондӕгтӕ суадздзысты бирӕ фарнӕй. Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:10, 11, 29).

23 Зӕхх дзӕнӕт куы суа ӕмӕ йыл иу фыдгӕнӕг дӕр куы нӕ уал уа, уӕд цӕй амондджын уыдзыстӕм! Уӕд сабыртӕ ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ уыдзысты ӕцӕг фарнӕй хайджын, уымӕн ӕмӕ сын Иегъовӕйы закъон алкӕддӕр уыдзӕн зӕрдӕрухсы хос. Фӕлӕ уал уый размӕ Иегъовӕ хъуамӕ йӕ «уынаффӕ» сӕххӕст кӕна (Псалом 2:7а). Уыцы уынаффӕ цы у, стӕй махӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн цӕуыл дзурӕг у, уый базондзыстӕм иннӕ статьяйӕ.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Рӕстгӕнӕг амондджын цӕмӕн у?

• Иегъовӕйы закъон нын зӕрдӕрухсы хос у, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

• Адӕймаг доны был сагъд бӕласы хуызӕн кӕд уыдзӕн?

• Рӕстгӕнджыты фӕндаг фыдгӕнджыты фӕндагӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Хуыцаумӕ куы кувӕм, уӕд нӕ зӕрдӕ фыдгӕнджытимӕ иу кӕнын нӕ комдзӕн.

[Ныв 10 фарсыл]

Рӕстгӕнӕг бӕласы хуызӕн куыд у?