Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Нымӕцты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Нымӕцты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ИЗРАИЛӔГТӔ Египетӕй куы рацыдысты, уӕд систы хӕдбар адӕм. Рӕхджы хъуамӕ бацыдаиккой Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ, фӕлӕ сӕ сӕ фӕнд фӕсайдта: дыууиссӕдз азы фӕрахау-бахау кодтой «стыр ӕмӕ ӕвирхъау ӕдзӕрӕг быдыры» (Дыккаг закъон 8:15). Цӕмӕн? Базонӕн ӕй ис Нымӕцты чиныгӕй. Ацы чиныгӕй бамбардзыстӕм, Иегъовӕ Хуыцау ӕмӕ йӕ минӕвӕрттӕм хъусын цӕмӕн хъӕуы, уый.

Моисей Нымӕцты чиныг фыста ӕдзӕрӕг быдыры ӕмӕ Моавы дӕлвӕзты. Ныхас дзы цы хабӕрттыл цӕуы, уыдон, ӕмткӕй, ахсынц 38 азы ӕмӕ 9 мӕйы: райдай н. э. агъоммӕ 1512 азӕй ӕмӕ фӕу н. э. агъоммӕ 1473 азӕй (Нымӕцтӕ 1:1; Дыккаг закъон 1:3). Нымӕцты чиныг ӕй схуыдтой, 38 азы дӕргъы израилӕгтӕн цы номхыгъдтӕ скондӕуыд, уыдон дзы кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ (1—4, 26 сӕртӕ). Чиныг дих кӕны ӕртӕ хайыл. Фыццаг хайы ныхас цӕуы, Синайы хохрӕбын цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдоныл. Дыккаг хайы — израилӕгтӕ хурсыгъд ӕдзӕрӕг быдыры куыд рахау-бахау кодтой, ууыл. Ӕртыккаджы та — Моавы дӕлвӕзты сыл цы ’рцыд, ууыл. Уыцы хабӕрттӕ кӕсгӕйӕ, хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Цымӕ мӕнӕн та цӕуыл дзурӕг сты? Цы сӕ ис зондӕн райсӕн?»

СИНАЙЫ ХОХРӔБЫН

(Нымӕцтӕ 1:1—10:10)

Фыццаг номхыгъд сарӕзтой, израилӕгтӕ Синайы хохрӕбын куы ӕрӕнцадысты, уӕд. 20 азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыцы нӕлгоймӕгты нымӕц (ӕнӕ левиттӕй) уыд 603 550. Адӕмы, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн нымадтой, цӕмӕй зыдтаиккой хӕстхъом лӕгты нымӕц. Уӕдӕ лӕууӕны, ӕмткӕй райсгӕйӕ, уыд ӕртӕ милуанӕй фылдӕр адӕймаджы.

Номхыгъдтӕ арӕзт куы ӕрцыдысты, уӕд израилӕгтӕн лӕвӕрд ӕрцыд алыхуызон амындтытӕ: фӕндагыл чи кӕй фӕстӕ хъуамӕ цӕуа; хӕсгӕ кувӕндоны цатыры куыд кусын хъӕуы; низтӕй хи куыд хъахъхъӕнын хъӕуы; левиттӕ цавӕр хӕстӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной; лӕг йӕ усыл куы фенӕууӕнк уа, уӕд цы хъуамӕ араза; назорейтӕ ард куыд хъуамӕ хӕрой. 7-ӕм сӕры дзырдӕуы, мыггаджы хистӕрты нывондхӕссӕн Хуыцауӕн саккаг кӕнынӕн цавӕр мысайнӕгтӕ, лӕвӕрттӕ ӕмӕ нывӕндтӕ хъуамӕ ӕрхастаиккой, ууыл. 9-ӕм сӕры та — Куадзӕны тыххӕй. Израилӕгтӕ ма райстой амындтытӕ, сӕ цатыртӕ лӕууӕны куыд хъуамӕ ӕвӕрдтаиккой ӕмӕ сӕ куыд хъуамӕ истаиккой, уый тыххӕй дӕр.

Фарстытӕн дзуапп:

2:1, 2— Ӕдзӕрӕг быдыры алы ӕртӕ мыггаг дӕр сӕ цатырты раз цы «нысӕнттӕ» ӕвӕрдтой, уыдон цы уыдысты? Уыцы нысӕнтты тыххӕй Библийы ницы фыст ис. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у — динмӕ ницы бар дардтой, табуйагыл нымад нӕ уыдысты. Нысӕнтты руаджы-иу адӕймаг ссардта йӕ цатыр.

5:27— Ӕндӕр лӕгимӕ-иу ӕмуатон чи ӕрцыд, уыцы сылгоймагӕн-иу «йӕ синтӕ» куыд «бахус сты»? Ацы стихы дзырд «синтӕ» амоны адӕймаджы ӕрдон уӕнгтӕм (Уӕвынад 46:26). «Бахус уыдзысты» та — уыцы уӕнгтӕ-иу кӕй фӕсахъат уыдаиккой, ӕмӕ-иу сылгоймагӕн зӕнӕг нал рацыдаид.

Зондзонӕн махӕн:

6:1—7. Назорейтӕ сӕхи сӕнӕфсир, сӕн ӕмӕ карз нозты хъӕстӕ нӕ кодтой. Сӕ сӕрыхъуынтӕ-иу не ’лвыдтой ӕмӕ уымӕй ӕвдыстой, Иегъовӕйы коммӕ кӕй кӕсынц, сылгоймаг йӕ лӕджы кӕнӕ йӕ фыды коммӕ куыд кӕсы, афтӕ. Стӕй сӕхи сыгъдӕг дардтой: не ’внӕлдтой мардмӕ, сӕ хиуон куы уыдаид, уӕддӕр. Абон ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ Иегъовӕ ӕмӕ йӕ организацийы тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты цух кӕнынц. Иуӕй-иутӕ дзы ацӕуынц дард бӕстӕм дӕр, ӕмӕ сын арӕх, сӕ бинонтӕй чи фӕхъӕуы, уый зианмӕ ӕрцӕуыны фадат дӕр нӕ вӕййы.

8:25, 26. Ацӕргӕ левиттӕн стыр кад кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ-иу сӕ хӕсгӕ кувӕндоны цатыры куыстӕй ссӕрибар кодтой, ӕмӕ-иу сын сӕ бӕсты ӕндӕрты сӕвӕрдтой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ бон уыд ӕрыгон левиттӕн ӕххуыс кӕнын. Абон кӕд ацӕргӕты Паддзахады хабар хъусын кӕнынӕй ничи сӕрибар кӕны, уӕддӕр уыцы рагон ӕгъдау дзурӕг у иу хъуыддагыл: кардзыд чырыстоны кӕд йӕ фадӕттӕ цавӕрдӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнын нӕ амонынц, уӕддӕр йӕ бон у, йӕ хъарутӕм гӕсгӕ, исты аразын.

ӔДЗӔРӔГ БЫДЫРЫ РАХАУ-БАХАУ КӔНЫНЦ

(Нымӕцтӕ 10:11-21:35)

Хӕсгӕ кувӕндоны цатыры сӕрмӕ мигъы къуымбил хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд израилӕгтӕ сӕ дард фӕндагыл араст сты. 38 азы ӕмӕ дыууӕ мӕйы фӕстӕ ӕрцӕудзысты Моавы ӕдзӕрӕг быдыртӕм. Израилӕгтӕ цы фӕндӕгтыл фӕцыдысты, уымӕ ӕркӕсӕн ис брошюрӕ «Дӕ цӕст ахӕсс „арфӕгонд зӕххыл“» 9-ӕм фарсыл (мыхуыры йӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ; ис уырыссагау).

Фараны ӕдзӕрӕг быдыртыл Кадесмӕ цӕугӕйӕ израилӕгтӕ, ӕппын къаддӕр, ӕртӕ хатты схӕцыдысты хъуыр-хъуырыл. Фыццаг хатт уыд, Иегъовӕ дзы цалдӕры артӕй куы фесӕфта, уӕд. Дыккаг хатт, дзидза нын нӕй зӕгъгӕ, куы хъуыр-хъуыр кодтой ӕмӕ сын Иегъовӕ уӕрццытӕ куы рарвыста. Ӕртыккаг хатт та, Мариам ӕмӕ Аарон хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл, ӕмӕ Хуыцау Мариамыл хъотыр бафтыдта ӕмӕ йын цасдӕр рӕстӕг адӕмы ’хсӕнмӕ цӕуӕн нӕ уыд.

Кадесӕй Моисей дыууадӕс лӕджы арвыста Зӕрдӕвӕрд зӕхх сгарынмӕ. Сгарджытӕ ӕрыздӕхтысты дыууиссӕдз боны фӕстӕ. Дӕс сгарӕджы уыцы зӕххӕй хорзӕй кӕй ницы загътой, уымӕ гӕсгӕ адӕм Моисей, Аарон ӕмӕ дыууӕ ныфсхаст сгарӕджы — Йесо Навин ӕмӕ Халевы дуртӕй марынвӕнд скодтой. Иегъовӕ сыл хъуамӕ фыдрын бафтыдтаид, фӕлӕ йын Моисей балӕгъстӕ кодта, ӕмӕ уый дӕр йӕ фӕнд аивта. Уӕд Хуыцау адӕмӕн фехъусын кодта, дыууиссӕдз азы ӕдзӕрӕг быдырты кӕй фӕхӕтдзысты, цалынмӕ уыцы фӕлтӕр нӕ сыскъуыйа, уӕдмӕ.

Иегъовӕ ма радта ӕндӕр фӕдзӕхстытӕ дӕр. Корей ӕмӕ ма йемӕ бирӕтӕ сыстадысты Моисей ӕмӕ Аароны ныхмӕ. Ӕмӕ цы агуырдтой, уый ссардтой: иуты дзы арт аныхъуырдта, иннӕтӕ та зӕххы скъуыды ныххаудысты. Дыккаг бон израилӕгтӕ иууылдӕр Моисей ӕмӕ Аароныл бустӕ кӕнын байдыдтой. Уый фыдӕй 14 700 адӕймаджы баййӕфта Иегъовӕйы фыдӕх. Хуыцау равдыста, Аароны хистӕр сауджынӕй йӕхӕдӕг кӕй равзӕрста — йӕ лӕдзӕг дидинӕг рафтыдта. Уыцы хабары фӕстӕ ма Иегъовӕ радта закъӕттӕ левитты хӕстӕ ӕмӕ адӕмы сыгъдӕг кӕныны тыххӕй. Тӕригъӕдтӕ цы сырх хъуджы фӕныкӕй сыгъдӕг кодтой, уый амыдта Чырыстийы нывондмӕ (Дзуттытӕм 9:13, 14).

Израилы фырттӕ фӕстӕмӕ Кадесмӕ ӕрыздӕхтысты. Ам Мариам йӕ цардӕй ахицӕн. Ацы ран дӕр та израилӕгтӕ Моисей ӕмӕ Аароныл хъуыр-хъуыр кӕнын байдыдтой: ныр та сын дон нӕ уыд. Моисей ӕмӕ Аарон адӕмӕн дон радтой, фӕлӕ уыцы диссаджы тыххӕй Иегъовӕйы не скадджын кодтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыдысты. Израилӕгтӕ Кадесӕй куы рацыдысты ӕмӕ Оры хохмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Аарон амард. Едомы иувӕрсты цӕугӕйӕ израилӕгтӕ бафӕлмӕцыдысты, ӕмӕ та Хуыцау ӕмӕ Моисейы ныхмӕ дзурын райдыдтой. Уӕд сыл Иегъовӕ маргджын кӕлмытӕ бафтыдта. Моисей та ногӕй лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци, ӕмӕ йын уӕд Хуыцау загъта: ӕрхуы калм сараз, бӕрзонд михыл ӕй ныссадз, ӕмӕ кӕлмытӕ кӕуыл фӕхӕцой, уый-иу уымӕ кӕсӕд, ӕмӕ сӕрӕгасӕй баззайдзӕн. Калм амыдта, махӕн ӕнусон цард раттыны тыххӕй Йесо Чырыстийы кӕй байтындздзысты, уымӕ (Иоанны 3:14, 15). Израилӕгтӕ амморейаг паддзӕхты — Сигон ӕмӕ Огы ныддӕрӕн кодтой ӕмӕ сын сӕ зӕххытӕ бацахстой.

Фарстытӕн дзуапп:

12:1— Мариам ӕмӕ Аарон Моисейыл цӕмӕн сбустӕ кодтой? Мариам, куыд зыны, афтӕмӕй бӕллыд стырдӕр бартӕм. Ӕмӕ Моисеймӕ ӕдзӕрӕг быдыры йӕ ус Сепфорӕ куы ӕрбаиу, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, старст, йӕ адӕмы ’хсӕн нымад сылгоймаг куы нал уа, уымӕй (Рацыд 18:1—5).

12:9—11— Хуыцау хъотыр ӕрмӕстдӕр Мариамыл цӕмӕн бафтыдта? Куыд зыны, афтӕмӕй змӕнтӕг уый уыд, ӕмӕ Аароны зонд дӕр уый сдзӕгъӕл кодта. Фӕлӕ Аарон йӕхиуыл ӕрхудт, йӕ рӕдыдыл басаст.

21:14, 15— Ам цавӕр чиныджы кой ис? Ацы стихтӕ амонынц, Библи чи фыста, уыдон ӕрмӕг цы чингуытӕй истой, уыдонмӕ (Йесо Навин 10:12, 13; 3 Паддзахӕдты 11:41; 14:19, 29). «Иегъовӕйы хӕстыты чиныг» дӕр, гъе, уыдонӕй уыд. Фыст дзы уыд Иегъовӕйы адӕмы хӕстон царды хабӕрттӕ.

Зондзонӕн махӕн:

11:27—29. Иегъовӕ исты хъуыддаг мах нӕ, фӕлӕ ӕндӕр искӕй бӕрны куы бакӕны, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уымӕй нын Моисей у фӕзминаг. Елдад ӕмӕ Медад пехуымпариуӕг кӕнын куы райдыдтой, уӕд сӕм Моисей мӕсты не сси, фӕлӕ цин бакодта.

12:2, 9, 10; 16:1—3, 12—14, 31—35, 41, 46—50. Иегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй бартӕ кӕмӕн ратты, уыдонмӕ хъусӕм.

14:24. Цӕмӕй нӕ ацы дуне тӕригъӕды фӕндагыл ма акӕна, уый тыххӕй хъуамӕ «ӕндӕр зондыл» цӕуӕм. Дуне цы зондыл цӕуы, мах хъуамӕ уыцы зондыл ма цӕуӕм.

15:37—41. Израилӕгтӕ сӕ уӕлӕдарӕсы кӕрӕттыл цы хаутӕ дардтой, уый руаджы сӕ нӕ рох кодта, Хуыцауы ӕвзӕрст адӕм кӕй уыдысты ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ма цӕрӕм ӕмӕ ацы дунейӕ ма хицӕн кӕнӕм?

МОАВЫ БЫДЫРТЫ

(Нымӕцтӕ 22:1-36:13)

Израилы фырттӕ Моавы быдырты куы ӕрӕнцадысты, уӕд моавӕгты стыр тас бацыд. Моаваг паддзах Валак Валаамы баххуырста, израилӕгты мын ралгъит, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йын Иегъовӕ йе ’лгъыст арфӕмӕ фӕкодта. Фӕстӕдӕр израилаг лӕгтӕ моаваг ӕмӕ мадиамаг сылгоймӕгтимӕ хӕтыныл схӕцыдысты ӕмӕ сӕ уыдон мӕнг хуыцӕуттӕм аздӕхтой. Уый фыдӕй Иегъовӕ 24 мин адӕймаджы бабын кодта. Фӕлӕ Финеес, Иегъовӕйыл ӕнувыд кӕй у, уый хъуыддагӕй куы равдыста, уӕд Иегъовӕ никӕмӕ уал бавнӕлдта.

Дыккаг хыгъд куыд ӕвдисы, афтӕмӕй фыццаг хыгъды чи уыд, уыдонӕй иу дӕр удӕгасӕй нӕ баззад — Йесо Навин ӕмӕ Халевӕй фӕстӕмӕ. Моисейы фӕстӕ раздзогӕй ӕвӕрд ӕрцыд Йесо Навин. Израилы фырттӕн Хуыцау радта амындтӕ кувинӕгтӕ ӕмӕ ардбахӕрды тыххӕй. Израилӕгтӕ ныддӕрӕн кодтой мадиамӕгты. Рувим, Гад ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕмбис ӕрӕнцадысты Иорданы скӕсӕнварс. Уый фӕстӕ Хуыцау израилӕгтӕн бамбарын кодта, Иорданы сӕрты куыд хъуамӕ ахизой ӕмӕ зӕххытӕ куыд бацахсой, уыдӕттӕ. Зӕххытӕ бӕрӕггонд ӕрцыдысты, ӕмӕ сӕ байуӕрстой, хӕлттӕ сӕппӕрстой, афтӕмӕй. Левиттӕн радтой 48 сахары. Уыдонӕй ӕхсӕз — ӕмбӕхсӕн сахартӕ.

Фарстытӕн дзуапп:

22:20—22— Иегъовӕ Валааммӕ цӕмӕн смӕсты? Иегъовӕ пехуымпар Валаамӕн комкоммӕ загъта, зӕгъгӕ, израилӕгты ма ралгъит (Нымӕцтӕ 22:12). Фӕлӕ уӕддӕр Валакы хъузӕттимӕ ацыд израилӕгты ралгъитынмӕ. Йӕ уд скъуыдта моаваг паддзахы зӕрдӕ ссарын ӕмӕ дзы исты лӕвар райсыныл (2 Петры 2:15, 16; Иудӕйы 11). Иегъовӕ йын йе ’лгъыст арфӕмӕ куы фӕкодта, уӕд ӕй уый дӕр нӕ баурӕдта: фӕндыдис ӕй паддзахы хорзӕх ссарын. Ӕмӕ йӕм бацыд ахӕм фӕндонимӕ, зӕгъгӕ, израилаг лӕгтыл Ваалӕн кувӕг сылгоймӕгты бафтау (Нымӕцтӕ 31:15, 16). Ныр ӕмбарӕм, Хуыцау Валааммӕ мӕстӕй йӕ кӕрӕфдзинады тыххӕй кӕй рафыхт.

30:6—8— Чырыстон лӕгӕн йӕ бинойнаджы ардбахӕрд басӕттыны бар ис? Иегъовӕ абон, йӕ кувӕг адӕмӕй ард чи бахӕры, кӕнӕ дзырд чи ратты, уыдоны хъуыддӕгтӕм йӕхӕдӕг фӕкӕсы. Цӕвиттон, Иегъовӕйӕн нывонддзырд раттын у сӕрмагонд хъуыддаг (Галатӕгтӕм 6:5). Уымӕ гӕсгӕ мойӕн, йӕ бинойнаг Хуыцауӕн цы дзырд радта, уый басӕттыны бар нӕй. Ус хъуамӕ алы хатт дӕр хъуыды кӕна, цы дзырд дӕтты, уый Хуыцауы Ныхасы, кӕнӕ йыл йӕ мойы раз цы хӕстӕ ис, уыдоны ныхмӕ куыд нӕ уа.

Зондзонӕн махӕн:

25:11. Финеес Иегъовӕйыл куыд зӕрдӕйӕ уыд, уый нын цӕй диссаджы цӕвиттон у! Ӕмбырд сыгъдӕг уа — уый нӕ фӕнды, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ, исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕна, уӕд ӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн хъуамӕ раргом кӕнӕм.

35:9—29. Незаманты-иу ӕнӕнхъӕлӕджы исчи искӕй куы амардта, уӕд-иу марӕг хъуамӕ йӕ бинонты ныууагътаид ӕмӕ-иу йӕ сӕр бафснайдтаид ӕмбӕхсӕн сахары. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ цард у табуйаг, хъӕуы йын аргъ кӕнын.

35:33. Зӕхх ӕнаххос адӕмы тугӕй сырх афӕлдӕхт, фӕлӕ цӕмӕй ссыгъдӕг уа, уый тыххӕй сын сӕ туг сӕ марджытӕй райсын хъӕуы. Уӕдӕ Иегъовӕ цалынмӕ зӕххыл дзӕнӕт не скӕна, уӕдмӕ фыдгӕнджыты фесафдзӕн, ӕмӕ уый раст уыдзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22; Данелы 2:44).

ХУЫЦАУЫ ДЗЫРД У АРХАЙӔГ

Хъуамӕ хъусӕм Иегъовӕмӕ ӕмӕ бартӕ кӕмӕн радта, уыдонмӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй ныхас цӕуы Нымӕцты чиныджы. Уӕдӕ цӕмӕй ӕмбырды фарн, иудзинад уа, уымӕн ацы чиныджы цас зонды ныхӕстӕ ис!

Нымӕцты чиныг цы хабӕртты кой кӕны, уыдон ӕвдисынц, Хуыцау кӕмӕй айрох вӕййы, уыцы адӕймӕгтӕ хъуыр-хъуырыл кӕй схӕцынц, ӕвзӕрдзинадыл кӕй бафтынц ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй раттынц. Чиныджы цы цӕвиттонтӕ ӕмӕ зондзонӕнтӕ ис, уыдонӕй нӕ бон у пайда кӕнын, Хъусын кӕныны фембӕлдмӕ «Ӕркӕсинаг фарстатӕ» цӕттӕ кӕнгӕйӕ. Ӕцӕгдӕр, «Хуыцауы дзырд ӕгас ӕмӕ архайӕг» у! (Дзуттытӕм 4:12).

[Ныв 30, 31 фарсыл]

Иегъовӕ кувӕндоны цатыры сӕрмӕ мигъы къуымбилӕй израилӕгтӕн дзырдта, сӕ цатыртӕ-иу кӕд хъуамӕ ӕрӕвӕрдтаиккой ӕмӕ-иу сӕ кӕд хъуамӕ систаиккой.

[Нывтӕ 32 фарсыл]

Хъуамӕ Иегъовӕмӕ ӕмӕ йӕ минӕвӕрттӕм хъусӕм.