Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Дыккаг закъоны чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Дыккаг закъоны чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

НӔ ЭРӔЙЫ агъоммӕ 1473 аз. Иегъовӕ израилӕгты Египеты цагъарадӕй куы ссӕрибар кодта, уӕдӕй рацыд дыууиссӕдз азы. Уал азы ӕдзӕрӕг быдыры дыууӕрдӕм фӕкодтой, фӕлӕ сын сӕхи зӕхх нӕма ис. Ныр лӕууынц Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл. Цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы уыцы бӕсты? Цавӕр фыдбылызтӕ? Куыд кӕндзысты?

Тагъд израилӕгтӕ Иорданы цӕугӕдоныл бахиздзысты Ханааны зӕхмӕ. Уым сӕ бакӕнын хъӕудзӕн иу вазыгджын хъуыддаг, ӕмӕ сӕ Моисей цӕттӕ кӕны. Куыд? Цалдӕр хатты адӕмы раз ныхасы рацыд. Сӕ ныфсыл сын ныфс бафтыдта, алыхуызон амындтытӕ ӕмӕ сын фӕдзӕхстытӕ радта. Сӕ зӕрдыл ма сын иухатт ӕрлӕууын кодта, ӕрмӕстдӕр Иегъовӕ Хуыцауӕн кӕй хъуамӕ кувой ӕмӕ сӕ алфамбылай цӕрӕг адӕмы хуызӕн куыд нӕ суой. Дыккаг закъоны чиныгӕн уыцы раныхӕстӕ сты йӕ фылдӕр хай. Цы зондамонӕнтӕ дзы ис, уыдон мах дӕр тынг хъӕуынц, уымӕн ӕмӕ абон дӕр Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын ӕнцон нӕу (Дзуттытӕм 4:12).

Дыккаг закъоны чиныг, фӕстаг сӕрӕй фӕстӕмӕ, ныффыста Моисей. Цы хабӕртты кой дзы цӕуы, уыдон ӕрцыдысты цыбыр рӕстӕгмӕ — дыууӕ мӕйӕ гыццыл фылдӕр * (Дыккаг закъон 1:3; Йесо Навин 4:19). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы чиныг нын Иегъовӕ Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ уарзынӕн ӕмӕ йын ӕнувыдӕй лӕггад кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕны, уымӕ.

«ДӔХИ ЦӔСТӔЙ ЦЫ ФЕДТАЙ, УЫДӔТТӔ ДӔ РОХ МА УӔНТ»

(Дыккаг закъон 1:1—4:49)

Моисей израилӕгты раз фыццаг хатт ныхасы куы рацыд, уӕд сын ранымадта, ӕдзӕрӕг быдыры сыл цытӕ ’рцыд, уыдӕттӕ, цӕмӕй ма тарстаиккой Зӕрдӕвӕрд зӕхх бацахсын. Тӕрхоны лӕгтӕ куыд равзӕрстой, уый та сын, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Иегъовӕ йӕ адӕмы ’хсӕн цы уаг ӕмӕ фӕтк фидар кӕны, уый йӕ уарзондзинадыл дзурӕг кӕй у. Моисей ма радзырдта, дӕс сгарӕджы Зӕрдӕвӕрд зӕххӕй хорзӕй кӕй ницы загътой, сӕ размӕйы фӕлтӕр дӕр ацы бон гъе уый тыххӕй не ’рыййӕфтой. Уыцы ныхӕстӕ сӕ хъуыдытыл куыннӕ хъуамӕ бафтыдтаиккой — Зӕрдӕвӕрд зӕхх уыд сӕ тӕккӕ раз.

Израилы фырттӕн Иегъовӕ Иорданыл ахизыны размӕ куыд кодта ӕмӕ се знӕгтыл куыд уӕлахиз кодтой, уыдӕттӕ сын Моисей сӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодта, уымӕй, хӕрзаг, фӕныфсджындӕр сты, цӕугӕдоны фаллаг фарс зӕххытӕ дӕр бацахсдзыстӕм, зӕгъгӕ. Уыцы бӕстӕйы адӕм уыдысты гуымирытӕн кувӕг адӕм. Уӕдӕ Моисей израилӕгты хорз афон бафӕдзӕхста гуымирыты тыххӕй!

Фарстытӕн дзуапп:

2:4—6, 9, 19, 24, 31—35; 3:1—6. Израилӕгтӕ, Иорданы скӕсӕнварс цы адӕмыхӕттытӕ цард, уыдоны иууылдӕр цӕуылнӕ ныццагътой? Иегъовӕ израилӕгты бафӕдзӕхста, цӕмӕй Исавы фырттимӕ ма схӕцыдаиккой. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ уыдон Иаковы ӕфсымӕры байзӕддӕгтӕ уыдысты. Израилӕгтӕ хъуамӕ ма бавнӕлдтаиккой моавӕгтӕ ӕмӕ аммонитӕгтӕм дӕр — Авраамы ӕфсымӕр Лоты байзӕддӕгтӕм. Фӕлӕ сын аморрейӕгты паддзӕхтӕ Сигон ӕмӕ Ог тугхӕстӕг не ’ййӕфтой, ӕмӕ сӕхи зӕххӕн схицау кодтаиккой, уый бар сын нӕ уыд. Гъе ӕмӕ Сигон израилӕгты йӕ зӕххыл ахизын куы нӕ бауагъта ӕмӕ Ог та сӕ ныхмӕ йе ’фсадимӕ куы рацыд, уӕд Иегъовӕ израилӕгтӕн загъта, сӕ сахартӕ сын ныппырх кӕнут, сӕ адӕмы та сын ныццӕгъдут, зӕгъгӕ.

4:15—20, 23, 24. Хуыцау дзуарнывтӕ аразын кӕй нӕ уагъта, уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ кӕйдӕр кӕнӕ цӕйдӕр ныв кӕнын нӕ фӕтчы? Нӕ. Хуыцау нӕ уагъта нывтӕ кувынӕн аразын — загъта, зӕгъгӕ, гуымирыты раз ма зоныг кӕнут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут. Ома ӕнӕуи кӕйдӕр кӕнӕ цӕйдӕр дурнывтӕ аразӕн ӕмӕ сӕ ныв кӕнӕн нӕй, уый фӕдыл Библийы ницы ис фыст (3 Паддзахӕдты 7:18, 25).

Зондзонӕн махӕн:

1:2, 19. Израилы фырттӕ ӕдзӕрӕг быдыры фӕрахау-бахау кодтой 38 азы бӕрц, кӕд ӕмӕ Кадес-Варнимӕ «Хоривы хохӕй [хӕххон бӕстӕ Синайы алфамбылай, Хуыцау сын Дӕс фӕдзӕхсты кӕм радта, уырдыгӕй] Сеиры хӕхтыл ахизгӕйӕ иуӕндӕс боны цыд» йеддӕмӕ нӕ уыд. Се ’гоммӕгӕсы тыххӕй куыд бабын сты, куыд! (Нымӕцтӕ 14:26—34).

1:16, 17. Хуыцау тӕрхон кӕныны фӕдыл незаманты цы закъӕттӕ сфидар кодта, уыдон абон дӕр ахадынц. Кӕйфӕнды хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ дӕр барадон комитеты уӕнгтӕ хъуамӕ макӕй хъулон кӕной кӕнӕ искӕй ӕфсӕрмӕй тӕрхон ма зыгъуыммӕ кӕной.

4:9. Израилӕгтӕ цӕмӕй фӕрнӕй цардаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ ма рох кодтаиккой, сӕхи цӕстӕй цытӕ федтой, уыдӕттӕ. Зӕрдӕвӕрд ног дуне къӕсӕрыл кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Библи лӕмбынӕг ахуыр кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй мах дӕр Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтӕ нӕ зӕрдыл дарӕм.

УАРЗ ИЕГЪОВӔЙЫ ӔМӔ ЙЫН ЙӔ ФӔДЗӔХСТЫТӔ ӔХХӔСТ КӔН

(Дыккаг закъон 5:1—26:19)

Моисей израилӕгты раз ныхасы дыккаг хатт куы рацыд, уӕд сын биноныгӕй радзырдта, Синайы хохыл Закъон куыд райста, уыцы хабар. Сфӕлхат сын кодта Дӕс фӕдзӕхсты. Ранымадта сын, цы авд адӕмыхатты сӕ хъӕудзӕн мыггагскъуыд скӕнын, уый. Моисей ма сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, ӕдзӕрӕг быдыры хорз цы хъуыддаг бамбӕрстой, уый дӕр: «Ӕрмӕст дзулӕй... нӕ цӕры адӕймаг, фӕлӕ Иегъовӕйы дзыхӕй цӕуӕг алы дзырдӕй». Ног зӕхмӕ бацӕугӕйӕ хъуамӕ «ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ дӕр ӕххӕст кӕной» (Дыккаг закъон 8:3; 11:8).

Израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕххыл хъӕудзӕн ног закъӕттӕ канд дин ӕмӕ кувыны тыххӕй нӕ, фӕлӕ ма тӕрхоны, хицауадон, ӕфсӕддон, ӕхсӕнадон хъуыддӕгтӕ ӕмӕ бинонты царды тыххӕй дӕр. Моисей сын уыцы закъӕттӕ ранымадта ӕмӕ сын ныффӕдзӕхста, Иегъовӕйы уарзут ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут, зӕгъгӕ.

Фарстытӕн дзуапп:

8:3, 4. Куыд ӕмбаргӕ у — ӕдзӕрӕг быдырты цӕугӕйӕ дыл «дӕ уӕлӕдарӕс нӕ ихсыди ӕмӕ дӕ къӕхтӕ нӕ рӕсыдысты»? Уый дӕр, маннӕйау, уыд Хуыцауы диссӕгтӕй иу. Израилӕгтӕ Египетӕй сӕ уӕлӕ цы дарӕс рахастой ӕмӕ цы къахыдарӕсы рацыдысты, уыдон дардтой ӕдзӕрӕг быдыры дӕр. Сывӕллӕттӕй-иу чи фестырдӕр кӕнӕ-иу хистӕртӕй чи амард, уыдоны дзаумӕттӕ ӕмӕ дзабыртӕ-иу дардтой иннӕтӕ. Ӕдзӕрӕг быдыры сӕ балцы райдиан ӕмӕ кӕрон цы номхыгъдтӕ ӕрцыд конд, уыдон куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй израилӕгты нымӕц ӕдзӕрӕг быдыры нӕ фӕфылдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, сӕ уӕлӕ цы дзаума рахастой, уыдон сын фаг уыдаиккой (Нымӕцтӕ 2:32; 26:51).

14:21. Израилӕгтӕ кӕд сӕхӕдӕг, йӕ туг кӕмӕн нӕ рацыд, ахӕм цӕрӕгойы дзидза нӕ хордтой, уӕд ӕй цӕмӕн уыд ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕттӕн кӕнӕ ӕндӕрбӕстӕгтӕн уӕй кӕнӕн? Библийы «ӕрцӕуӕггаг» амоны, дзуттыты дин чи райста, кӕнӕ та израилӕгты ’хсӕн чи ӕрцард, сӕ бӕстӕйы закъӕттӕ сын чи ӕххӕст кодта, фӕлӕ Иегъовӕйӕн чи нӕ куывта, уымӕ. Уыцы ӕндӕрбӕстӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕм Закъон ницы бар дардта, ӕмӕ хӕдмӕл цӕрӕгойӕн сӕ бон уыд, цы сӕ фӕндыд, уый аразын. Израилӕгтӕн уыд уыцы адӕмӕн хӕдмӕл цӕрӕгойты дӕттын кӕнӕ сын сӕ уӕй кӕныны бар. Сӕ дин сын чи райста, уыцы адӕм та уыдысты Закъоны бадзырды дӕлбар. Ӕмӕ Левиты 17:10 куыд кӕсӕм, афтӕмӕй сын туг хӕрӕн дӕр нӕ уыд.

24:6. «Ӕрмгуырой кӕнӕ йӕ уӕллаг фыд цъынды исын... уд» цъынды исынӕй хъауджыдӕр цӕуылнӕ уыд? Ӕрмгуырой ӕмӕ йӕ уӕллаг фыд амыдтой адӕймагӕн йӕ «уд», ома цӕмӕй цард, уый. Ӕмӕ-иу сӕ цъынды кӕнӕ дзырдгонд рӕстӕгмӕ чи иста, уый бинонты кодта хӕринагӕй ӕнӕхай.

25:9. Тиу йӕ идӕдз чындзы куы нӕ куырдта, уӕд-иу ын чындз йӕ дзабыр цӕмӕн раласта ӕмӕ-иу ын йӕ цӕсгомыл цӕмӕн бату кодта? «Ӕлхӕныны... рӕстӕг... Израилы кӕддӕр ахӕм ӕгъдау уыд: иу хъуамӕ йӕ цырыхъхъ раластаид ӕмӕ [йӕ] иннӕмӕ радтаид» (Руф 4:7, «Мах дуг» № 4, 2000). Тиуӕн-иу йӕ дзабыр куы раластой, уӕд-иу уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ йӕ кӕй нӕ фӕндыд йӕ хӕс сӕххӕст кӕнын — йӕ идӕдз чындзы ракурын ӕмӕ йӕ мард ӕфсымӕрӕн лӕгбындар ныууадзын. Уый уыд худинаг (Дыккаг закъон 25:10). Ӕмӕ-иу ын йӕ цӕсгомыл ту дӕр уымӕн бакодтой (Нымӕцтӕ 12:14).

Зондзонӕн махӕн:

6:6—9. Израилӕгтау мах дӕр хъуамӕ зонӕм Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ, уой нӕ зӕрдӕйы, макуы сӕ рох кӕнӕм, нӕ сывӕллӕттӕн сӕ уарзын кӕнӕм. Хъуамӕ сӕ нӕ «къухыл бабӕттӕм», ома нӕ алы фезмӕлдӕй дӕр ӕвдисӕм, Иегъовӕйӕн коммӕгӕс кӕй стӕм. Нӕ коммӕгӕсдзинад та хъуамӕ алчидӕр афтӕ уына, раст цыма Хыцауы фӕдзӕхстытӕ нӕ «ныхыл» баст сты.

6:16. Ӕнӕууӕнк израилӕгтӕ Массӕйы, доны тыххӕй, куыд хъуыр-хъуыр кодтой, ӕмӕ уымӕй Иегъовӕйы куыд фӕлвӕрдтой, мах афтӕ макуы бакӕнӕм (Рацыд 17:1—7).

8:11—18. Мулк, исбон ӕмӕ фӕллойы фӕдыл чи ацӕуы, уымӕй Иегъовӕ ферох вӕййы.

9:4—6. Нӕхи хъуамӕ алкӕмӕй растдӕр ма хонӕм.

13:6. Иегъовӕйы фӕндагӕй нӕ мачи фӕиппӕрд кӕнӕд.

14:1. Барӕй йӕхицӕн фыдмитӕ чи кӕны, йӕхи чи сахъат кӕны, уый йӕхицӕй хынджылӕг кӕны. Стӕй ахӕм митӕ фылдӕр хатт мӕнг диныл хӕст адӕм кӕй фӕкӕнынц, уымӕ гӕсгӕ мах афтӕ хъуамӕ ма кӕнӕм (3 Паддзахӕдты 18:25—28). Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый кӕй зонӕм, уымӕ гӕсгӕ махӕн не ’мбӕлы марды тыххӕй нӕхицӕн фыдмитӕ кӕнын — хи тонын кӕнӕ хи хойын.

20:5—7; 24:5. Хъуамӕ хынцӕм адӕймаджы уавӕртӕ, хъуыддагӕн аргъӕвӕн куы нӕ уа, уӕддӕр.

22:23—27. Сылгоймагыл исчи тыхӕй куы хӕца, уӕд ӕй хъӕуы йӕ хъӕлӕсыдзаг хъӕр, цъӕхахст кӕнын.

«РАВЗАР ЦАРД»

(Дыккаг закъон 27:1—34:12)

Моисей израилӕгты размӕ ныхасы ӕртыккаг хатт куы рахызт, уӕд сын бамбарын кодта: Иорданыл бахизгӕйӕ Закъон хъуамӕ стыр дуртыл ныффыссой ӕмӕ ӕгоммӕгӕсдзинады тыххӕй — ӕлгъыстытӕ, коммӕгӕсдзинады тыххӕй та арфӕтӕ фехъусын кӕной. Цыппӕрӕм хатт ныхасы куы рацыд, уӕд та Иегъовӕ израилӕгтимӕ ногӕй бардзырд сфидар кодта. Моисей та адӕмы ногӕй фӕдзӕхсы ӕгоммӕгӕсдзинадӕй ӕмӕ сӕм сиды, «равзарут цард», зӕгъгӕ (Дыккаг закъон 30:19).

Моисей цыппар хатты адӕмы ’хсӕнмӕ ныхасы куы рацыд, уымӕй уӕлдай ма сын фехъусын кодта ног раздзӕуӕджы тыххӕй, бацамыдта сын Иегъовӕйы кадӕн рӕсугъд зарӕг ӕмӕ фӕнымадта, Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ чи сива, уый сӕр цытӕ баййафдзӕн. Уый фӕстӕ Израилы мыггӕгтӕн раарфӕ кодта. Уыйадыл, 120-аздзыдӕй йӕ цардӕй ахицӕн. Бавӕрдтой йӕ. Фӕхъынцъым ыл кодтой 30 боны — Дыккаг закъоны чиныджы хабӕрттӕ цы рӕстӕг ахсынц, уымӕн йе ’мбисмӕ хӕстӕг.

Фарстытӕн дзуапп:

32:13, 14. Израилӕгтӕн кӕд фиу хӕрын нӕ уыд, уӕд куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, «фырыты фиу» хӕрдзынӕ? Ацы ран дзырд «фиуӕн» ис ахӕсгӕ нысаниуӕг ӕмӕ амоны: фыстӕн сӕ нарддӕртӕ. Ахӕсгӕ нысаниуӕг ын кӕй ис, уый та уымӕй бӕрӕг у, стихы ма «мӕнӕуы уыргты фиу» ӕмӕ «сӕнӕфсиры туджы» кой дӕр кӕй ис.

33:1—29. Моисей Израилы фырттӕн куы арфӕ кодта, уӕд Симеоны кой цӕуылнӕ скодта? Уымӕн ӕмӕ Симеон ӕмӕ Левий сӕхи ӕгӕр «тызмӕгӕй» равдыстой, ӕгӕр «ӕгъатыр» уыд сӕ маст (Уӕвынад 34:13—31; 49:5—7). Сӕ дыууӕмӕ дӕр иннӕ ӕфсымӕрты хуызӕн бынтӕ не ’рхауд. Левий райста 48 сахары. Симеоны хай та уыд Иудӕйы зӕххыл (Йесо Навин 19:9; 21:41, 42). Моисей Симеоны кой хицӕнӕй гъе уымӕн не скодта. Фӕлӕ ӕгас Израилы номыл цы фарны ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй Симеон дӕр уыд хайджын.

Зондзонӕн махӕн:

31:12. Сывӕллӕттӕ фембӕлдты рӕстӕг хъуамӕ бадой стырты фарсмӕ, ӕмӕ лӕмбынӕг хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной.

32:4. Иегъовӕйы хъуыддӕгты хъӕндзинад уымӕн нӕй, ӕмӕ зоны йӕ рӕстдзинад, йӕ зонд, йӕ уарзондзинад ӕмӕ йӕ тыхӕй уыцы иу рӕстӕг архайын.

Ис ын стыр ахадындзинад

Дыккаг закъоны чиныджы Иегъовӕ хуыйны «иунӕг Иегъовӕ» (Дыккаг закъон 6:4). Фыстӕуы дзы Хуыцауы ’взӕрст адӕмы тыххӕй. Ацы чиныг ма нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй гуымирытӕн ма табу кӕнӕм, ӕрмӕстдӕр иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн кувӕм.

Дыккаг закъоны чиныгӕн нӕ царды, бӕгуыдӕр, ис стыр ахадындзинад! Моисейы Закъон кӕд абон йӕ тыхы нал ис, уӕддӕр нын ацы чиныг стыр ӕххуыс у нӕ Хуыцау Иегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй уарзынӕн (Дыккаг закъон 6:5).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Фӕстаг сӕр — Моисей куы амард, уыцы хабӕрттӕ, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста Йесо Навин, кӕнӕ та хистӕр сауджын Елеазар.

[Картӕ 30 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

СЕИР

Кадес-Варни

Синайы хох (Хорив)

Сырх денджыз

[Барлӕвӕрдӕй]

Based on maps copyrighted by Pictorial Archive (Near Eastern History) Est. and Survey of Israel

[Ныв 30 фарсыл]

Моисейы раныхӕстӕ ахсынц Дыккаг закъоны чиныгӕн йӕ фылдӕр хай.

[Ныв 32 фарсыл]

Иегъовӕ маннӕ куыд лӕвӕрдта, уый цӕуыл дзурӕг у?

[Ныв 32 фарсыл]

Ӕрмгуырой кӕнӕ йын йӕ уӕллаг фыд цъынды исын, «уд» цъынды исынӕй хъауджыдӕр нӕ уыд.