Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Ацы зӕххыл... ӕрзил»

«Ацы зӕххыл... ӕрзил»

«Ацы зӕххыл... ӕрзил»

«Ацы зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзил» (УӔВЫНАД 13:17).

1. Хуыцау Авраамы кӕдӕм арвыста?

УЛӔФТ бонты искуыдӕм дӕхи ирхӕфсынмӕ арӕх ацӕуыс? Зӕгъӕм, машинӕйыл ӕрдзы хъӕбысмӕ? Кӕнӕ велосипедыл: де уӕнгтӕ айтынг кӕнынмӕ ӕмӕ дӕ алфамбылай рӕсугъддзинадӕй дӕ мондӕгтӕ суадзынмӕ? Йе та дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы фистӕгӕй цӕуын, цӕмӕй кӕм цы ис, уый фенай ӕмӕ ӕрдзы ӕмбисонды нывтӕй дӕ цӕст барӕвдауай? Фӕлӕ машинӕйыл уай, велосипедыл, йе та фистӕгӕй цӕуай — уӕддӕр дӕ балц бирӕ нӕ ахӕссы. Уӕдӕ ма уӕд ахъуыды кӕн, Хуыцау Авраамӕн, «сыст ӕмӕ ацы зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрзил, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз дӕуӕн ратдзынӕн», зӕгъгӕ, куы загъта, уӕд ӕм йӕ зӕрдӕ цы сдзырдтаид?! (Уӕвынад 13:17).

2. Авраам Египетӕй куы рацыд, уӕд кӕдӕм араст?

2 Ацы ныхӕстӕ кӕм фыст сты, уыцы сӕрмӕ ма ӕнӕхъӕнӕй ӕркӕсӕм. Авраам йӕхӕдӕг, йӕ бинойнаг ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ ӕрӕнцадысты Египеты. Уӕвынады 13-ӕм сӕры куыд кӕсӕм, афтӕмӕй цасдӕры фӕстӕ сыстадысты, сӕ фос сӕ разӕй акодтой ӕмӕ сӕ ных «Негевмӕ» сарӕзтой. Уый фӕстӕ Авраам «цыдис иу ӕрлӕууӕн бынатӕй иннӕмӕ, Негевӕй суанг Вефилы онг». Иуафон йӕ фыййӕуттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лоты фыййӕуттӕ фӕбыцӕу сты. Ӕнӕфӕхицӕнгӕнгӕ сын нал уыд. Ныр хъуамӕ сӕ фос атардтаиккой хицӕн хизӕнуӕттӕм. Ӕмӕ Авраам Лотӕн бар радта, кӕцы зӕхх дӕ хъӕуы, уый равзар, зӕгъгӕ. Лот равзӕрста «Иорданы алфамбылай» — «Иегъовӕйы цӕхӕрадонау» хъӕздыг, донӕй ӕфсӕст чи уыди, уыцы зӕхх. Уыйадыл Лот ӕрцард Содомы. Авраамӕн та Хуыцау загъта: «Курын дӕ, схӕц ма дӕ цӕстытыл ӕмӕ кӕм лӕууыс, уырдыгӕй акӕс цӕгатмӕ, хуссармӕ, скӕсӕнмӕ ӕмӕ ныгуылӕнмӕ». Уыцы зӕххытӕй йӕм бирӕтӕ, ӕвӕццӕгӕн, Вефилмӕ хӕстӕг уӕлвонг ранӕй хорз зындысты. Фӕлӕ хабӕрттӕ ӕрмӕст ууыл хъуамӕ ма фӕуыдаиккой. Хуыцау ӕм бахатыд, зӕгъгӕ, «ацы зӕххыл ӕрзил» ӕмӕ йӕ фен.

3. Авраамы балц цӕстытыл ауайын кӕнын зын цӕмӕн у?

3 Авраам цалынмӕ Хевронмӕ бахӕццӕ, уӕдмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххыл цас фӕзылд, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ уыцы бӕстӕ уӕддӕр махӕй бирӕ хуыздӕр зыдта. Йӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ кӕмыты уыд, ууыл ма ахъуыды кӕнӕм: Негев, Вефиль, Иорданы алфамбылай бӕстӕ, Содом ӕмӕ Хеврон. Ацы бынӕттӕ кӕм уыдысты, уый дӕ бон у дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын? Чи зоны, нӕ, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй уыцы рӕтты бирӕтӕ нӕ уыдысты — уыцы зӕххыл кӕрӕй-кӕронмӕ не ’рзылдысты. Куыдфӕнды ма уа — Библи цы бынӕтты кой кӕны, уыдон хъуамӕ зонӕм. Цӕмӕн?

4, 5. а) Ӕмбисӕндтӕ 18:15 гӕсгӕ, Библийы алы бынӕтты тыххӕй кӕсгӕйӕ, цы хъӕуы зонын ӕмӕ ӕмбарын? ӕ) Софонийы 2-аг сӕры цӕй кой цӕуы?

4 Хуыцауы Ныхас зӕгъы: «Ӕмбаргӕ адӕймаджы зӕрдӕ амал кӕны зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ зондджынты хъус агуры зонындзинӕдтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 18:15). Адӕймаг царды бирӕ цыдӕртӕ базоны, фӕлӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ зона Иегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый тыххӕй хъӕуы Библи кӕсын (2 Тимофеймӕ 3:16). Фӕлӕ ма йӕ хъуамӕ кӕнӕм ӕмбаргӕ дӕр. Ома, дзырд цӕуыл цӕуы, уымӕ лӕмбынӕг ӕркӕсӕм, иу хай дзы иннӕимӕ куыд баст у, уый бамбарӕм. Раст афтӕ кӕнын хъӕуы, Библийы алы бынӕтты тыххӕй кӕсгӕйӕ дӕр. Цӕвиттон, Египет кӕм ис, уый алчидӕр зоны. Фӕлӕ Авраам Египетӕй «Негевмӕ», стӕй Вефилмӕ ӕмӕ уырдытӕй та Хевронмӕ цы фӕндӕгтыл цыд, уый зонӕм? Ацы бынӕттӕ кӕрӕдзимӕ дард уыдысты ӕви хӕстӕг?

5 Библи кӕсыны пъланмӕ гӕсгӕ, чи зоны, бакастӕ Софонийы чиныджы 2-аг сӕр. Уыцы иу сӕры ис алыхуызон адӕмты, стӕй сахартӕ ӕмӕ бӕстӕты кой — Газӕ, Аскалон, Азот, Екрон, Содом, Ниневи, Ханаан, Моав, Аммон, Ассири. Ацы бӕстӕты кӕддӕр цард цӕджджинагау куыд фыхт, ӕмӕ дзы чи цард, уыдоныл Хуыцауы пехуымпарӕдтӕ куыд ӕххӕст кодтой, уый дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕ бон у?

6. Чырыстӕттӕй бирӕтӕ картӕтӕм цӕмӕн фӕкӕсынц? (Кӕс фӕлгӕты.)

6 Хуыцауы Ныхас иртасджытӕй бирӕтӕ Библийы картӕтӕм арӕх кӕй фӕкӕсынц, уый сын тынг фӕахъаз. Хъуыддаг уый мидӕг нӕй, ӕмӕ географи уарзынц, фӕлӕ йӕ ӕмбарынц — афтӕмӕй Хуыцауы Ныхасы тыххӕй сӕ зонындзинӕдтыл ӕфты. Стӕй ма бамбарынц, цы хабӕрттӕ зонынц, уыдон иннӕтимӕ куыд баст сты. Ацы статьяйы дзы ӕркӕсдзыстӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ. Уый руаджы Иегъовӕ дӕ зӕрдӕйӕн суыдзӕн ноджы зынаргъдӕр ӕмӕ йын йӕ Ныхас хуыздӕр ӕмбардзынӕ. (Кӕс фӕлгӕты 14 фарсыл.)

Иу ранӕй иннӕ ранмӕ цас ис, уый цӕмӕн хъӕуы зонын

7, 8. а) Цавӕр домбай хъуыддаг сарӕзта Самсон Газӕйы? ӕ) Самсоны хъӕбатырдзинадмӕ ныр ӕндӕр цӕстӕй цӕмӕн кӕсӕм? б) Самсоны хабӕрттӕ цы ’вдисынц?

7 Тӕрхонгӕнджыты 16:2 дзырдӕуы, тӕрхонгӕнӕг Самсон Газӕмӕ кӕй ӕрцыд, ууыл. Ныртӕккӕ ног хабӕртты Газӕйы кой арӕх кӕй ракӕнынц, уымӕ гӕсгӕ зондзынӕ, Самсон кӕй уыд филистимӕгты бӕстӕйы, Зӕххастӕу денджызы был [11]. Ныр та ӕркӕсӕм Тӕрхонгӕнджыты 16:3 стихмӕ: «Самсон фӕфынӕй кодта ӕмбисӕхсӕвмӕ, стӕй ӕмбисӕхсӕв сыстад, сахары кулдуармӕ фӕлӕбурдта, ӕд тарвӕзтӕ ӕмӕ йӕ ӕд ӕвдузӕн стыдта, йе ’ккой йӕ акодта ӕмӕ йӕ Хевроны акомкоммӕ хохы сӕрмӕ схаста».

8 Куыд зоныс, афтӕмӕй Газӕйы хуызӕн сахар-фидӕрттӕн сӕ кулдуӕрттӕ ӕд тарвӕзтӕ уыдысты стыр ӕмӕ тынг уӕззау. Ӕмӕ сӕ хӕссынӕн, ай-гъай дӕр, стыр тых хъуыд. Гъемӕ ахӕм тых уыд Самсонмӕ. Фӕлӕ сӕ цымӕ кӕдӕм ахаста ӕмӕ цы фӕндагыл цыд? Газӕ ис донбылгӕрон, денджызы ӕмвӕзадмӕ хӕстӕг [15]. Хеврон та ис Газӕйӕ скӕсӕнырдӕм, ӕмӕ денджызы ӕмвӕзадӕй у 900 метры бӕрзонддӕр. Ахӕм хӕрды цӕуын дӕр куыннӕ хъуыд! «Хевроны акомкоммӕ хох» кӕм уыд, уый бӕлвырд нӕу, фӕлӕ иу сахарӕй иннӕмӕ уыцы хӕрды цӕуын хъуыд иу-60 километры. Самсоны цас бахъуыд цӕуын, уый зонгӕйӕ йын йӕ хъӕбатырдзинадмӕ ныр ӕндӕр цӕстӕй нӕ кӕсыс? Ахӕм хъару йӕм кӕцӕй уыд? «Иегъовӕйы сыгъдӕг уд ыл ӕрцыд» (Тӕрхонгӕнджыты 14:6, 19; 15:14). Мах, чырыстӕттӕ, зонӕм, Хуыцауы хъомысджын сыгъдӕг уд абон ӕрдхӕрӕны хъару никӕмӕн дӕтты. Фӕлӕ нын уый ахъаз кӕны Библийы арф хъуыдытӕ хуыздӕр бамбарынӕн ӕмӕ нын нӕ «мидӕггаг адӕймаджы» хъаруджын кӕны (1 Коринфӕгтӕм 2:10—16; 13:8; Ефесӕгтӕм 3:16; Колоссӕгтӕм 1:9, 10). Уӕдӕ Самсоны хабӕрттӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй нын Хуыцауы сыгъдӕг уд алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн.

9, 10. а) Гедеон мадиамӕгтыл куыд фӕуӕлахиз? ӕ) Кӕм цавӕр сахар уыд, уый куы зонӕм, уӕд ацы хабар нӕ зӕрдӕйы арфдӕр цӕмӕн хиздзӕн?

9 Библийы цы бынӕтты кой цӕуы, уыдоны ’хсӕн дӕрддзӕгтӕ зонын хорз кӕй у, уый ӕвдисы, Гедеон мадиамӕгтыл куыд фӕуӕлахиз, уыцы хабар. Библи чи фӕкӕсы, уыдон ӕй зонынц, тӕрхонгӕнӕг Гедеон ӕртӕ сӕдӕ хӕстонимӕ кӕй ныддӕрӕн кодта, Изреелы дӕлвӕзы Морейы обауы бынмӕ чи ӕрбынат кодта, уыцы ӕфсад — 135 000 тыхгӕнӕджы мадиамӕгтӕй, амаликӕгтӕй ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕй [18]. Гедеоны адӕм уасӕн сыкъаты ныууасыдысты, сӕ дурынтӕ асастой, сӕ цырӕгътӕ разындысты ӕмӕ сӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кодтой: «Иегъовӕ ӕмӕ Гедеоны цирхъ!». Се знӕгтӕ фӕсонт сты, сӕ зӕрдӕтӕ тасӕй айдзаг сты, ӕмӕ кӕрӕдзи цӕгъдын байдыдтой (Тӕрхонгӕнджыты 6:33; 7:1—22). Цымӕ уыцы ӕхсӕв сӕ тох ууыл ахицӕн? Бакӕс Тӕрхонгӕнджыты 7-ӕм ӕмӕ 8-ӕм сӕртӕ. Уым дзырдӕуы, зӕгъгӕ, Гедеон знагыл йӕхи ныццавта. Ацы сӕрты цы бынӕтты кой цӕуы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ кӕмыты уыдысты, уый бӕрӕг нӕу, ӕмӕ Библийы картӕтӕм дӕр хаст уымӕн не ’рцыдысты. Фӕлӕ дзы уӕддӕр бирӕтӕ бӕрӕг сты, ӕмӕ, Гедеон цы рӕтты уыд, уый ис базонӕн.

10 Гедеон, йе знӕгтӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны фӕсырдта Бефшитты онг, уырдыгӕй та — хуссарырдӕм Авелмехолӕйы онг, Иорданы цӕугӕдонмӕ хӕстӕг (Тӕрхонгӕнджыты 7:22—25). Библийы кӕсӕм: «Гедеон Иорданмӕ ӕрхӕццӕ, ӕмӕ йӕхӕдӕг ӕмӕ йемӕ цы ӕртӕ сӕдӕ лӕджы уыди, уыдонимӕ ахызт. Тынг ныффӕлладысты, фӕлӕ уӕддӕр знаджы фӕстӕ цыдысты». Доны сӕрты куы бахызтысты, уӕд се знӕгты фӕдыл ацыдысты хуссарырдӕм — Сокхофмӕ ӕмӕ Пенуелмӕ,— дыууӕ дӕр сты Иавокмӕ хӕстӕг. Уый фӕстӕ сӕ фӕдыл фӕцыдысты хӕхтӕм, Иогбегӕмӕ (нырыккон Амманмӕ, Иорданимӕ, хӕстӕг). Знӕгты фӕстейӕ сургӕйӕ ӕмӕ цӕгъдгӕйӕ, израилаг ӕфсӕддонтӕ фӕцыдысты 80 километры. Ӕппынфӕстаг Гедеон дыууӕ мадиамаг паддзахы ӕрцахста ӕмӕ сӕ амардта. Уый фӕстӕ раздӕхт йӕ райгуырӕн сахар Офрӕмӕ,— хӕст кӕй бынмӕ бацайдагъ, уыцы сахармӕ (Тӕрхонгӕнджыты 8:4—12, 21—27). Уӕдӕ, Гедеон цалдӕр минуты сыкъайӕ кӕй уасыд, судзгӕ цырагъ хӕрдмӕ кӕй дардта ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг кӕй хъӕр кодта, хъайтар уымӕй не сси. Дзӕбӕх куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд ноджы хуыздӕр бамбардзыстӕм, уырнындзинадӕй чи цард, уыдоны тыххӕй Библи афтӕ цӕмӕн зӕгъы: «Рӕстӕг мын фаг нӕ уыдзӕн, цӕмӕй уын радзурон Гедеоны [ӕмӕ иннӕты]... тыххӕй, кӕцытӕ... фидар кодтой ӕдыхдзинадӕй [«ӕдыхӕй тыхджын-иу систы», НФ], фидар уыдысты хӕсты» (Дзуттытӕм 11:32—34). Мах дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕллайӕм, фӕлӕ уӕддӕр дарддӕр дӕр Хуыцауы фӕндон хъуамӕ ма ӕххӕст кӕнӕм? (2 Коринфӕгтӕм 4:1, 16; Галатӕгтӕм 6:9).

Ахӕм хъуыдыйыл лӕуд цӕмӕн уыдысты ӕмӕ афтӕ цӕмӕн кодтой?

11. Израилӕгтӕ, Кадесмӕ бацӕуыны размӕ ӕмӕ уый фӕстӕ, цавӕр фӕндӕгтыл фӕцыдысты?

11 Иуӕй-иутӕ уарзынц Библийы картӕты алыхуызон бынӕттӕ агурын, фӕлӕ дӕм куыд кӕсы: уыцы картӕтӕй адӕймаджы зӕрдӕ, зондахаст базонӕн ис? Цӕвиттонӕн райсӕм, израилӕгтӕ Синайы хохӕй Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куыд цыдысты, уыцы хабар. Се ’рлӕууӕн бынӕттӕ ивгӕ бахӕццӕ сты Кадесмӕ (Кадес-Варнимӕ) [9]. Дыккаг закъон 1:2 куыд дзуры, афтӕмӕй фӕцыдысты 11 боны — 270 километры бӕрц. Уырдыгӕй Моисей 12 лӕджы арвыста Зӕрдӕвӕрд зӕхх басгарынмӕ (Нымӕцтӕ 10:12, 33; 11:34, 35; 12:16; 13:1—3, 25, 26). Сгарджытӕ цӕгатмӕ сӕ фӕндаг акодтой Негевыл, ӕвӕццӕгӕн, ахызтысты Вирсавийыл, стӕй Хевроныл ӕмӕ бахӕццӕ сты Зӕрдӕвӕрд зӕххы цӕгат арӕнмӕ (Нымӕцтӕ 13:22—25). Израилӕгтӕ дӕс сгарӕджы ныфссӕттӕн ныхӕстыл кӕй баууӕндыдысты, уый фыдӕй 40 азы ӕдзӕрӕг быдырты дыууӕрдӕм фӕкодтой (Нымӕцтӕ 14:1—34). Уыцы хабар сын сӕ уырнындзинад ӕмӕ, Иегъовӕйыл сӕ зӕрдӕ куыд дардтой, уый тыххӕй цы дзуры? (Дыккаг закъон 1:19—33; Псалом 77:22, 32—43; Иудӕйы 5).

12. Израилӕгты уырнындзинады тыххӕй цы зӕгъӕн ис ӕмӕ нын уый хъуыдыйаг цӕмӕн у?

12 Ацы фарстыл ахъуыды кӕнӕм, израилӕгтӕ кӕм лӕууыдысты, уымӕ ӕркӕсӕм, афтӕмӕй. Израилӕгтӕн сӕ зӕрдӕты уырнындзинад куы уыдаид ӕмӕ Йесо Навин ӕмӕ Халевы ныхасмӕ куы байхъуыстаиккой, уӕд сӕ бирӕ бахъуыдаид Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ цӕуын? Кадесӕй Беэр-лахай-роймӕ (Исахъ ӕмӕ Ревеккӕ кӕм цардысты, уырдӕм) уыд иу-16 километры [7]. Уырдыгӕй Зӕрдӕвӕрд зӕххы хуссайраг кӕрон Вирсавимӕ та сӕ цӕуын хъуыд 95 километры бӕрц (Уӕвынад 24:62; 25:11; 2 Паддзахӕдты 3:10). Египетӕй Синайы хохмӕ куы ’рцыдысты, стӕй та 270 километры Кадесмӕ куы фӕцыдысты, уӕд ӕрлӕууыдысты тӕккӕ дӕр Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл. Мах дӕр абон лӕууӕм зӕрдӕвӕрд Дзӕнӕты къӕсӕрыл. Ӕмӕ нын уый цӕуыл дзурӕг у? Израилӕгтыл цы ’рцыд, уымӕй апостол Павел ахӕм хатдзӕг скодта: «Уӕдӕ бацархайӕм уыцы ӕнцойадмӕ бацӕуыныл, цӕмӕй уыдонмӕ гӕсгӕ мачи уа ӕгоммӕгӕс» (Дзуттытӕм 3:16—4:11).

13, 14. а) Цавӕр уавӕры фӕцырд сты гаваойнӕгтӕ? ӕ) Гаваойнӕгты зӕрдӕйы цы уыд, уый цӕмӕй рабӕрӕг ӕмӕ махӕн цӕуыл дзурӕг у?

13 Сӕхи бынтон ӕндӕрхуызонӕй равдыстой гаваойнӕгтӕ: уыдон сӕ ныфс дардтой Хуыцауыл ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кодтой. Йесо Навин израилӕгты Иорданы цӕугӕдоныл, Хуыцау Авраамы мыггагӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм куы бакодта, уӕд хъуамӕ уырдыгӕй ханаайнӕгты фӕтардтаиккой (Дыккаг закъон 7:1—3). Тард хъуамӕ ӕрцыдаиккой гаваойнӕгтӕ дӕр. Израилӕгтӕ Иерихон ӕмӕ Гайы сахартӕ зӕххӕмвӕз куы скодтой, уӕд сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой Галгалмӕ хӕстӕг ран. Гаваойнӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй сӕ ханаайнӕгтау Хуыцауы фыдӕх баййӕфтаид, ӕмӕ Йесо Навинмӕ Галгалмӕ минӕвӕрттӕ арвыстой. Дзуттӕгтимӕ бафидауыны тыххӕй, Ханаанӕй кӕй сты, уый не схъӕр кодтой.

14 Минӕвӕрттӕ загътой: «Дӕ цагъартӕ ӕрцыдысты тынг дард бӕстӕй уӕ Хуыцау Иегъовӕйы ном ссарынмӕ» (Йесо Навин 9:3—9). Сӕ уӕлӕ бызгъуыртӕ кӕй уыд, сӕ хызынты та — хус къӕбӕртӕ, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зынд, цыма ӕцӕгдӕр дард кӕцӕйдӕр ӕрцыдысты. Уӕвгӕ та Гаваонӕй Галгалмӕ иу-30 километры йеддӕмӕ нӕ уыд [19]. Йесо Навин ӕмӕ сыл Израилы мыггӕгты хистӕртӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ Гаваон ӕмӕ йӕ алыварс сахартимӕ фидыды бадзырд скодтой. Гаваойнӕгтӕ тӕрсгӕ кӕй кодтой, хинӕй бафидауыныл уымӕн ныллӕууыдысты? Нӕ. Уыдоны зӕрдиагӕй фӕндыд Израилы Хуыцауы хорзӕх ссарын. Ӕмӕ сӕ Иегъовӕ ныууагъта. Стӕй сын бахӕсчындӕуыд куыст — «адӕмӕн ӕмӕ Иегъовӕйы нывондхӕссӕнӕн суг цӕттӕ кӕнын ӕмӕ дон хӕссын» (Йесо Навин 9:11—27). Гаваойнӕгтӕ уый фӕстӕ дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кодтой Иегъовӕйӕн — цыфӕнды куыстмӕ дӕр-иу ӕнӕзивӕгӕй бавнӕлдтой. Вавилонӕй чи раздӕхт ӕмӕ кувӕндон чи цалцӕг кодта, уыцы нефинейтимӕ уыдаид гаваойнӕгтӕ дӕр (Ездрӕ 2:1, 2, 43—54; 8:20). Махӕн дӕр нӕ бон у гаваойнӕгты фӕзмын — Хуыцауимӕ фидыдӕй цӕрын ӕмӕ цыфӕнды хӕслӕвӕрд дӕр зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнын.

Нӕ уд уӕлдай кӕнӕм

15. Чырыстон Грекъаг Фыстытӕ цы бынӕтты кой кӕнынц, уыдон зонын дӕр цымыдисаг цӕмӕн у?

15 Чырыстон Грекъаг Фыстыты дӕр цӕуы алыхуызон бынӕтты кой. Дзырдӕн, Йесо ӕмӕ апостол Павел кӕмыты уыдысты ӕмӕ кӕмыты хъусын кодтой (Маркы 1:38; 7:24, 31; 10:1; Лукайы 8:1; 13:22; 2 Коринфӕгтӕм 11:25, 26). Ныртӕккӕ цы балцытыл дзурдзыстӕм, уыдон-иу дӕ цӕстытыл ауайын кӕн.

16. Верийы цӕрӕг чырыстӕттӕ Павелӕн кӕй аргъ кодтой, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг?

16 Павел йӕ дыккаг уацамындон балцы (игӕргъуыз хахх картӕйыл) куы уыд, уӕд ӕрцыд Филиппы сахармӕ (ныр ис Грецийы) [33]. Хорз хабар кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй йӕ ахӕстоны бакодтой, фӕлӕ йӕ стӕй фӕстӕмӕ рауагътой. Уырдыгӕй ацыд Фессалоникӕмӕ (Куыстытӕ 16:6—17:1). Иудейтӕ уыцы сахары куы сызмӕстой, уӕд ӕй бынӕттон ӕфсымӕртӕ арвыстой Веримӕ (цӕуын ӕм хъуыд 65 километры бӕрц). Ацы ран Павел ӕцӕг Хуыцауыл бирӕты баууӕндын кодта, фӕлӕ иудейтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ йын адӕмы йӕ ныхмӕ скодтой. «Уӕд ӕфсымӕртӕ уыцы сахат» Павелы денджызмӕ арвыстой, ӕмӕ «Павелимӕ цӕуджытӕ ахӕццӕ кодтой уый Афины онг» (Куыстытӕ 17:5—15). Куыд зыны, афтӕмӕй ног баууӕндджытӕй чидӕртӕ зивӕг дӕр нӕ фӕкодтой 40 километры Эгейы денджызы онг фистӕгӕй фӕцӕуын, стӕй науыл иу-500 километры фӕленк кӕнын, кӕд сӕ фӕндаггаг ӕхца дӕр хъуыд, уӕддӕр. Уыцы дард фӕндаг уыди тынг тӕссаг, фӕлӕ ӕфсымӕртӕ нӕ фӕтарстысты — араст сты Хуыцауы минӕвар Павелимӕ, цӕмӕй ма йемӕ ноджы иу гыццыл фӕуыдаиккой.

17. Милит ӕмӕ Ефесы ’хсӕн цал километры уыди, уый зонгӕйӕ хуыздӕр цы ’мбарӕм?

17 Павел йе ’ртыккаг балцы (цъӕх хахх картӕйыл) рӕстӕг ӕрцыд наулӕууӕн сахар Милитмӕ (Милетмӕ). Уырдӕм ӕрхуыдта Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты. Уыдон се ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр ныууагътой, ӕмӕ ӕрцыдысты Павелмӕ, кӕд Ефесӕй Милитмӕ иу-50 километры уыд, уӕддӕр. Фӕндагыл, ӕвӕццӕгӕн, цин кодтой, Павелыл кӕй фембӕлдзысты. Павел йӕ зӕгъинӕгтӕ куы загъта ӕмӕ куы скуывта, уӕд «иууылдӕр тынг скуыдтой, Павелыл ныттыхстысты ӕмӕ йын пъатӕ кодтой». Уый фӕстӕ «йӕ афӕндараст кодтой науы онг», ӕмӕ Павел араст Иерусалиммӕ (Куыстытӕ 20:14—38). Ефесмӕ здӕхгӕйӕ уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, хӕрзаг, сӕ фембӕлдыл бирӕ фӕхъуыды, фӕныхас кодтой. Ахӕм дардӕй кӕй ӕрцыдысты, цӕмӕй цӕуӕг цӕстдарӕгимӕ аныхас кодтаиккой, зонд дзы райстаиккой ӕмӕ бафидар уыдаиккой, уый тыххӕй дӕ цӕсты нӕ сырӕзтысты?! Уыцы лӕгты дӕ бон у истӕмӕй бафӕзмын?

Базон Зӕрдӕвӕрд зӕххы ӕмӕ фидӕны хабӕрттӕ

18. Цы нӕ хъуамӕ фӕнда Библийы алы бынӕтты тыххӕй кӕсгӕйӕ?

18 Ацы цӕвиттонтӕ ӕвдисынц, Хуыцау израилӕгтӕн цы зӕхх радта ӕмӕ Библийы хабӕрттӕй бирӕтӕ кӕм ӕрцыдысты, уый зонын хорз кӕй у. (Нӕ бон ма хуыздӕр базонын у, уыцы зӕххы алфамбылай цы сахартӕ ӕмӕ бӕстӕтӕ уыд, уыдон дӕр.) Зӕрдӕвӕрд зӕххы тыххӕй нӕ зонындзинӕдтыл куы ӕфтауӕм, уӕд нӕ-иу ма ферох уӕд, «ӕхсыр ӕмӕ мыд» кӕм калд, уыцы зӕхмӕ бацӕуын ӕмӕ дзы фӕрнӕй цӕрыны тыххӕй израилӕгтӕй цы домдӕуыд, уый: хъуамӕ Иегъовӕйӕ тарстаиккой ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтаиккой (Дыккаг закъон 6:1, 2; 27:3).

19. Нӕ зӕрдыл нӕ иудадзыг цавӕр дыууӕ дзӕнӕты хъӕуы дарын?

19 Афтӕ абон дӕр: мах дӕр хъуамӕ Иегъовӕйӕ тӕрсӕм ӕмӕ йӕ амынд фӕндагыл цӕуӕм. Афтӕмӕй нӕ монон дзӕнӕт — чырыстӕтты ӕмбырд — ӕгас дунейыл ноджы тынгдӕр аиваздзӕн йӕ къабӕзтӕ ӕмӕ дидин калдзӕн. Уыцы дзӕнӕты цы ис ӕмӕ нын цы фарн хӕссы, уый хуыздӕр ӕмбардзыстӕм. Ноджы фылдӕр диссӕгтӕ та нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы разӕй. Йесо Навин израилӕгты Иорданыл бахизын кодта алӕмӕты рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг зӕхмӕ. Ӕмӕ уӕд абон мах та ноджы зӕрдиагдӕрӕй хъуамӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм фидӕны «арфӕгонд зӕхмӕ» — Дзӕнӕтмӕ?!

Бахъуыды кодтай?

• Библийы цы бӕстӕты кой цӕуы, уыдоны ’хсӕн цалгай километртӕ уыд, уый зонын нӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда?

• Ацы статьяйӕ алы бынӕтты тыххӕй цы базыдтай, уыдонӕй дӕм цымыдисагдӕр кӕцы фӕкаст?

• Иуӕй-иу цаутӕ кӕм цыдысты, уый картӕмӕ гӕсгӕ куы базыдтай, уӕд дзы дӕхицӕн зондӕн цы райстай?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Ныв 14 фарсыл]

«Дӕ цӕст ахӕсс „арфӕгонд зӕххыл“»

2003—2004 азты облӕстон конгрессты Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ тынг фӕцин кодтой ног брошюрӕ «Дӕ цӕст ахӕсс „арфӕгонд зӕххыл“». Брошюрӕ рацыд иу-80 ӕвзагыл. Ис дзы, Библи цы бӕстӕты кой кӕны, уыдоны хуызджын картӕтӕ, уӕлдай дӕр Зӕрдӕвӕрд зӕххы картӕтӕ алы заманты.

Ацы статья амоны, иуӕй-иу картӕтӕ кӕцы фӕрстыл сты, уыдонмӕ, фыст сты ставдӕй, дзырдӕн [15]. Кӕд дӕм ацы ног брошюрӕ ис, уӕд ӕм иу бон дзӕбӕх ӕркӕс, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы тыххӕй дӕ зонындзинӕдтыл бафтдзӕн, хуыздӕр ӕй ӕмбардзынӕ.

1) Бирӕ картӕтыл ис фӕлгӕттӕ. Амынд дзы цӕуынц, картӕйыл цы сӕрмагонд нысӕнттӕ ис, уыдон [18]. 2) Сӕ фылдӕрыл ис дӕрддзӕг барӕнтӕ. Уыдоны руаджы базонӕн ис, иу бынатӕй иннӕ бынатмӕ цал милы кӕнӕ километры ис [26]. 3) Амонӕн фатыг здӕхт у цӕгатӕрдӕм, ӕмӕ афтӕмӕй дӕ бон у, цавӕрдӕр бынат дӕ кӕцырдыгӕй хъӕуы агурын, уый базонын [19]. 4) Картӕтӕ ахуырст сты алыхуызон хуызтӕй, ӕмӕ афтӕмӕй кӕцыфӕнды бынатӕн дӕр базонӕн ис йӕ бӕрзӕнд денджызы ӕмвӕзадимӕ абаргӕйӕ [12]. 5) Кӕрӕттыл цы дамгъӕтӕ ӕмӕ нымӕцтӕ ис, уыдон руаджы дӕ бон у дӕ хъуыдыйы хӕххытӕ акӕнын, цӕмӕй цавӕрдӕр сахар кӕнӕ бынат ссарай [23]. 6) Дыууӕ фарсыл та дзы бынӕттӕн цы Амонӕн [34, 35] ис, уым номы раз амынд цӕуы картӕйы фарс ставд фыстӕй, бирӕтӕн ма дзы ис агурӕн дамгъӕ ӕмӕ нымӕц дӕр, дзырдӕн Д2. Ацы амындтытӕй иу-цалдӕр хатты куы спайда кӕнай, уӕд дӕхиуыл бадис кӕндзынӕ, Библийӕ куыд бирӕ базыдтон ӕмӕ цас цыдӕртӕ бамбӕрстон, зӕгъгӕ.

[Рамкӕ/Картӕ 16, 17 фарсыл]

ӔРДЗОН ТӔЛМЫТӔ

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

А. Стыр денджызы былгӕрӕттӕ

Ӕ. Фӕзбыдыртӕ Иорданы ныгуылӕн фарс

1. Асиры фӕзбыдыр

2. Доры (Нафоф-Доры) былгӕрон тӕлм

3. Сароны хизӕнуӕттӕ

4. Филистимы фӕзбыдыр

5. Астӕуккаг скӕсӕн-ныгуылӕн дӕлвӕз

а) Мегиддойы фӕзбыдыр

ӕ) Изреелы дӕлвӕз

Б. Хӕхтӕ Иорданы ныгуылӕн фарс

1. Галилейы хӕхтӕ

2. Кармилы хӕхты рагъ

3. Самарийы хӕхтӕ

4. Шефелӕ (обӕуттӕ)

5. Иудейаг хӕхтӕ

6. Иудейаг ӕдзӕрӕг быдыр

7. Негев

8. Фараны ӕдзӕрӕг быдыр

В. Аравӕ (Арф фефсӕргӕ тӕрф)

1. Хулы цад

2. Галилейы денджызы алфамбылай

3. Иорданы дӕлвӕз

4. Цӕхджын денджыз (Мард денджыз)

5. Аравӕ (Цӕхджын денджызы хуссар фарс)

Г. Хӕхтӕ/Фӕзхӕхтӕ Иорданы скӕсӕн фарс

1. Васан

2. Галаад

3. Аммон ӕмӕ Моав

4. Едомы уӕлвӕз

Д. Ливаны хӕхтӕ

[Картӕ]

Ермоны хох

Море

Авелмехолӕ

Сокхоф

Иогбегӕ

Вефиль

Галгал

Гаваон

Иерусалим

Хеврон

Газӕ

Вирсави

Содом?

Кадес

[Картӕ/Ныв 15 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

ХАНААН

Мегиддо

ГАЛААД

Дофан

Сихем

Вефиль (Луз)

Гай

Иерусалим (Салим)

Вифлеем (Ефрафӕ)

Мамре

Хеврон (Махпел)

Герар

Вирсави

Содом?

НЕГЕВ

Реховоф?

[Хӕхтӕ]

Мориа

[Дӕттӕ]

Цӕхджын денджыз

[Цӕугӕдон]

Иордан

[Ныв]

Авраам ӕрзылд уыцы зӕххыл.

[Картӕ 18 фарсыл]

(Мыхуыры куыд рацыд, уый фенӕн ис публикацийы)

Троадӕ

САМОФРАКИ

Неаполь

Филипп

Амфиполь

Фессалоникӕ

Вери

Афинтӕ

Коринф

Ефес

Милит

РОДОС