Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут

Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут

Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут

«Хӕйрӕгӕн иу фадат дӕр ма дӕттут» (ЕФЕСӔГТӔМ 4:27, «Баингтоны тӕлмац»).

1. Хӕйрӕг кӕй ис, ууыл бирӕтӕ цӕмӕн дызӕрдыг кӕнынц?

ӔНУСТЫ дӕргъы бирӕтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Хӕйрӕгӕн ис сыкъатӕ, саджил къӕхтӕ, йӕ къухы – сагой, ӕмӕ дзы фыдгӕнджыты зындоны артмӕ ӕппары. Уыцы хъуыдыйӕн Библиимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис. Фӕлӕ уыдӕтты тыххӕй бирӕтӕ дызӕрдыг кӕнынц, Хӕйрӕг кӕй ис, ууыл, кӕнӕ хъуыды кӕнынц, уый ӕнӕуи цавӕрдӕр фыддзинад кӕй у.

2. Фыстад Хӕйрӕджы тыххӕй цы дзуры?

2 Библи ӕргомӕй дзуры ӕмӕ бӕлвырд-бӕрӕгӕй ӕвдисы, Хӕйрӕг кӕй ис. Йесо Чырысти йӕ уыдта уӕлӕрвты ӕмӕ йемӕ ныхас кодта зӕххыл (Иов 1:6; Матфейы 4:4–11). Уыцы уӕларвон удгоймаг фыццаг куыд хуынд, уый Библийы фыст нӕй. Фӕлӕ йӕ хоны Хӕйрӕг («хахуыргӕнӕг»), Хуыцауыл хахуыртӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Уый ма хонынц Сайтан дӕр («ныхмӕлӕууӕг»), уымӕн ӕмӕ цӕуы Иегъовӕйы ныхмӕ. Сайтан Хӕйрӕгыл ма ис иу ном – «рагон калм», ӕвӕццӕгӕн, Евӕйы асайынӕн калмӕй кӕй спайда кодта, уый тыххӕй (Раргомад 12:9; 1 Тимофеймӕ 2:14). Хонынц ма йӕ «хинӕйдзаг» дӕр (Матфейы 6:13) *.

3. Цӕуыл ӕрныхас кӕндзыстӕм?

3 Мах, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджыты, ӕппындӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй иунӕг ӕцӕг Хуыцауы цыфыддӕр знаг Сайтаны хуызӕн уӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хъусӕм апостол Павелы уынаффӕмӕ: «Хӕйрӕгӕн иу фадат дӕр ма дӕттут» (Ефесӕгтӕм 4:27, «Баингтоны тӕлмац»). Ӕркӕсӕм Сайтаны миниуджытӕй иуӕй-иутӕм, ӕмӕ ӕрныхас кӕнӕм, уый хуызӕн цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм, ууыл.

Цыфыддӕр хахуыргӕнӕджы хуызӕн ма ут

4. Хинӕйдзаг Хуыцауӕй цавӕр хахуыр ныхӕстӕ загъта?

4 Хинӕйдзаджы хахуыргӕнӕг хуымӕтӕджы нӕ хонынц. Хахуыргӕнӕг у, искӕй фыдкой чи кӕны, мӕнг ныхӕстӕ йыл чи мысы ӕмӕ йыл цъыфкалӕн чи кӕны. Хуыцау Адамы бафӕдзӕхста: «Хорз ӕмӕ ӕвзӕр зоныны бӕласӕй ма бахӕр, цы бон дзы бахӕрай, уыцы бон амӕлдзынӕ» (Уӕвынад 2:17). Уый Евӕ дӕр куыннӕ зыдта, фӕлӕ йын калмы уылты Хӕйрӕг загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Хуыцау зоны, цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон байгом уыдзысты уӕ цӕстытӕ ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн, зондзыстут хорз ӕмӕ ӕвзӕр» (Уӕвынад 3:4, 5). Уыдон уыдысты фыдхахуыр ныхӕстӕ Иегъовӕ Хуыцауы ныхмӕ!

5. Диотреф йӕ хахуырты тыххӕй дзуапп цӕмӕн хъуамӕ радтаид?

5 Израилӕгтӕн загъдӕуыд: «Адӕмыл ма зил ӕмӕ хахуыртӕ ма кӕн» (Левит 19:16). Апостол Иоанн йӕ рӕстӕджы иу хахуыргӕнӕджы тыххӕй загъта: «Ӕз ныффыстон аргъуанмӕ, фӕлӕ сӕм хицауиуӕг кӕнын чи уарзы, уыцы Диотреф нӕ ницӕмӕ дары. Ӕмӕ ӕз куы ӕрцӕуон, уӕд радзурдзынӕн йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Цъыф ныл калы» (3 Иоанны 9, 10, НТ). Диотреф хахуыртӕ кодта Иоанныл ӕмӕ уый тыххӕй хъуамӕ дзуапп радтаид. Иузӕрдион чырыстӕттӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй Диотрефы хуызӕн уа ӕмӕ стыр хахуыргӕнӕг Сайтаны фӕзма?!

6, 7. Искӕуыл хахуыртӕ кӕнынӕй нӕхи цӕмӕн хизӕм?

6 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл арӕх хахуыртӕ фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ рӕстӕй фӕаххосджын кӕнынц. «Хистӕр сауджынтӕ... ӕмӕ чиныджы дӕснытӕ лӕууыдысты ӕмӕ тынг зылын кодтой [Йесойы]» (Лукайы 23:10). Хистӕр сауджын Анани ӕмӕ иннӕтӕ зылын кодтой Павелы (Куыстытӕ 24:1–8). Уымӕй уӕлдай ма Библи Сайтаны тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ, уый у «не ’фсымӕрты фыдкойгӕнӕг, кӕцы Хуыцауы раз ӕхсӕвӕй-бонӕй уыдоны фыдкой кӕны» (Раргомад 12:10). Кӕй фыдкой кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕ сты, ацы фӕстаг бонты ма зӕххыл сӕрст чырыстӕттӕй чи ис, уыдон.

7 Иунӕг чырыстоны дӕр нӕ фӕнды искӕуыл хахуыртӕ кӕнын кӕнӕ искӕй рӕстӕй аххосджын кӕнын. Фӕлӕ, хъуыддӕгтӕ бӕлвырд куы нӕ зонӕм, афтӕмӕй искӕй ныхмӕ куы дзурӕм, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ афтӕ дӕр рауайа. Моисейы Закъонмӕ гӕсгӕ адӕймаджы ӕмбӕлди амарын, мӕнг ӕвдисӕнӕй зонгӕ-зонын куы ныллӕуыдаид, уӕд (Рацыд 20:16; Дыккаг закъон 19:15–19). Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕ йе сӕфт уыны, «даутӕ чи мысы, ахӕм мӕнг ӕвдисӕнӕй» (Ӕмбисӕндтӕ 6:16–19, «Мах дуг» №12, 1999). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах фӕнды нӕхи хизын, цӕмӕй сӕйраг хахуыргӕнӕг ӕмӕ искӕй рӕстӕй аххосгӕнӕджы хуызӕн ма уӕм.

Фыццаг лӕгмары фӕндагыл ма цу

8. Хӕйрӕг «райдайӕнӕй лӕгмар» цӕмӕ гӕсгӕ уыд?

8 Хӕйрӕг у лӕгмар. «Уый уыд райдайӕнӕй лӕгмар»,– загъта Йесо (Иоанны 8:44). Сайтан лӕгмар сси, Адам ӕмӕ Евӕйы Хуыцауӕй куы фӕиппӕрд кодта, уӕд. Уый мӕлӕты амӕттаг фӕкодта фыццаг къайы ӕмӕ сӕ байзӕддӕгты (Ромӕгтӕм 5:12). Уӕдӕ банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ уыцы хъуыддаг, ӕнӕуи цавӕрдӕр фыддзинады аххосӕй кӕй не ’рцыд, фӕлӕ йӕ чидӕр кӕй бакодта.

9. 1 Иоанны 3:15 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ лӕгмартӕ суӕм?

9 «Ма мар»,– дзырдӕуы, израилӕгтӕн цы Дӕс фӕдзӕхсты лӕвӕрд уыд, уыдонӕй иуы (Дыккаг закъон 5:17). Апостол Петр чырыстӕттӕм фыста: «Марыны... тыххӕй уӕ ӕфхӕрд макӕмӕ ӕрхауӕд» (1 Петры 4:15, НТ). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ никӕй марынц. Фӕлӕ нӕ Хуыцау аххосджыныл банымаид, не ’мчырыстӕттӕй искӕмӕй не сӕфт куы уыниккам ӕмӕ йын йӕ мӕлӕтмӕ куы бӕлликкам, уӕд. «Йе ’фсымӕрӕй йе сӕфт чидӕриддӕр уыны, уый лӕгмар у,– фыста апостол Иоанн.– Сымах та зонут: лӕгмартӕй иуӕн дӕр мыггагмӕйы цард нӕй» (1 Иоанны 3:15, НТ). Израилӕгтӕн фӕдзӕхст уыд: «Де ’фсымӕрмӕ фыдзӕрдӕ ма хӕсс» (Левит 19:17). Уӕдӕ не ’мчырыстонимӕ кӕрӕдзи исты хъуыддаджы куы нӕ бамбарӕм, уӕд-иу ӕй ӕвӕстиатӕй аскъуыддзаг кӕнӕм, цӕмӕй нын лӕгмар Сайтан нӕ чырыстон иудзинад ма фехала (Лукайы 17:3, 4).

Сӕйраг мӕнгдзурӕджы ныхмӕ фидар лӕуу

10, 11. Цӕмӕй сӕйраг мӕнгдзурӕг Сайтаны ныхмӕ фидар лӕууӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

10 Хӕйрӕг у мӕнгдзурӕг. «Уый мӕнг куы дзуры,– загъта Йесо,– уӕд йӕхион дзуры, уымӕн ӕмӕ уый у мӕнгдзурӕг ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» (Иоанны 8:44). Сайтан Евӕйӕн мӕнг загъта, Йесо та дунемӕ уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй дзырдтаид ӕцӕгады тыххӕй (Иоанны 18:37). Мах, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ, Хӕйрӕджы ныхмӕ фидар куы лӕууӕм, уӕд мӕнг ӕмӕ сайӕн ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм. Мах хъуамӕ «ӕцӕг цы у, уый дзурӕм» (Захари 8:16; Ефесӕгтӕм 4:25). Иегъовӕ, «ӕцӕгады Хуыцау», арфӕ кӕны ӕрмӕст йӕ рӕстаг Ӕвдисӕнтӕн. Ӕнӕрӕстытӕн йӕ номӕй дзурыны бар нӕй (Псалом 30:6; 49:16; Исай 43:10).

11 Сайтаны фӕлитой хъуыддӕгтӕй нӕ ӕцӕгад кӕй ссӕрибар кодта, уымӕн куы аргъ кӕнӕм, уӕд фидар лӕудзыстӕм чырыстон фӕндагыл, «ӕцӕгады фӕндагыл» (2 Петры 2:2; Иоанны 8:32). Библийы ахуырӕдтӕ иууылдӕр иумӕ сты «фарны уацы ӕцӕгад» (Галатӕгтӕм 2:5, 14, НТ). Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «цӕуӕм ӕцӕгады» – ӕппӕт тыхтӕй йыл хӕцӕм ӕмӕ «мӕнгдзинады фыды» ныхмӕ фидар лӕууӕм (3 Иоанны 3, 4, 8).

Фыццаг динафӕливӕджы зондыл ма цу

12, 13. Динафӕливджытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

12 Хӕйрӕг чи сси, уыцы зӕд раздӕр цыд ӕцӕгады. Фӕлӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй «нӕ бафӕрӕзта ӕцӕгады, уымӕн ӕмӕ йӕм нӕй ӕцӕгад» (Иоанны 8:44). Уыцы фыццаг динафӕливӕг къӕйныхӕй цыд «ӕцӕгады Хуыцауы» ныхмӕ. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй чидӕртӕ бахаудысты «хӕйрӕджы хызы», ӕвӕццӕгӕн, фӕсайды сты ӕмӕ ӕцӕгады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты. Уымӕ гӕсгӕ Павел йе ’мкусӕг Тимофеймӕ фыста, цӕмӕй сӕ фӕлмӕнӕй афтӕ ахуыр кӕна, ӕмӕ ногӕй сӕ уырнындзинад фӕфидар уа ӕмӕ Сайтаны хызӕй фервӕзой (2 Тимофеймӕ 2:23–26). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бирӕ хуыздӕр у ӕцӕгадыл фидар хӕцын ӕмӕ динафӕливджыты мӕнг ныхӕсты хызы ма бахауын.

13 Фыццаг дыууӕ адӕймаджы раст дин ныууагътой, Хӕйрӕджы мӕнг ныхӕстӕм кӕй байхъуыстой, уый тыххӕй. Уӕдӕ нӕ цымӕ хъӕуы динафӕливджытӕм хъусын кӕнӕ сын сӕ литературӕ ӕмӕ, Интернеты цы фыссынц, уый кӕсын? Хуыцауы ӕмӕ ӕцӕгад куы уарзӕм, уӕд уыдӕттӕй нӕхи хиздзыстӕм. Динафӕливджыты хъуамӕ нӕ хӕдзӕрттӕм ма уадзӕм ӕмӕ сын суанг салам дӕр ма дӕттӕм, кӕннод сын сӕ «хӕрам хъуыддӕгты суыдзыстӕм цӕдисӕмбӕлттӕ» (2 Иоанны 9–11, НТ). Уӕдӕ нӕ Хӕйрӕг афтӕ макуы фӕсайӕд, цӕмӕй «ӕцӕгады фӕндаг» ныууадзӕм ӕмӕ «сӕфты мӕнг ахуырӕдтӕ» чи хӕссы ӕмӕ нӕ рӕсугъд гӕдыбыд ныхӕстӕй асайынмӕ чи хъавы, уыцы мӕнг ахуыргӕнджыты фӕдыл ацӕуӕм (2 Петры 2:1–3).

14, 15. Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты ӕмӕ йе ’мкусӕг Тимофейы цӕмӕй фӕдзӕхста?

14 Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд фыййӕуттӕй сӕвӕрдта – Хуыцау Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, хизут уыцы Аргъуан. Ӕз зонын, мӕ ацыды фӕстӕ уӕм кӕй бацӕудзысты, дзугыл чи нӕ ауӕрддзӕн, ахӕм тугдзых бирӕгътӕ. Уӕхи ӕхсӕн дӕр фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм лӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты асайой сӕ фӕдыл» (Куыстытӕ 20:28–30, НТ). Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ фӕзынд ахӕм динафӕливджытӕ, «рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кодта».

15 Н. э. 65 азы апостол Павел фӕдзӕхста Тимофейы, цӕмӕй ӕцӕгады дзырд раст амона. «Ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕстӕм ӕмгӕрон ма цу,– фыста йӕм уый.– Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй. Рак буарыл куыд ахӕлиу вӕййы, афтӕ анхъӕвздзӕн сӕ ахуырад. Уыдонӕй сты Именей ӕмӕ Филит. Уыдон фӕиппӕрд сты ӕцӕгадӕй, дзурынц, мӕрдтӕ ныридӕгӕн райгас сты, зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй халынц иуӕй-иуты уырнындзинад». Чырыстӕттӕ раст динӕй здӕхын райдыдтой! «Фӕлӕ Хуыцауы ӕвӕрд фидар бындур,– фыста ма ноджыдӕр Павел,– уӕддӕр ӕнӕфӕцудгӕ у» (2 Тимофеймӕ 2:15–19, НТ).

16. Кӕд фыццаг динафӕливӕг йӕ хинмитӕ нӕ уадзы, уӕддӕр Хуыцауыл ӕмӕ йӕ Ныхасыл иузӕрдион цӕмӕн стӕм?

16 Сайтан арӕх пайда кӕны динафӕливджытӕй, цӕмӕй раст дин мӕнг ахуырӕдтӕй фӕхъӕстӕ кӕна, фӕлӕ йын дзы ницы уайы. Иу 1868 азы Чарлз Тейз Рассел лӕмбынӕг иртасын райдыдта, чырыстон аргъуантӕ рагӕй фӕстӕмӕ цы ахуырӕдтыл хӕцыдысты, уыдон, ӕмӕ сбӕрӕг кодта, Фыстадимӕ дзы хицӕндзинӕдтӕ кӕй уыд. Рассел, ӕмӕ ма ноджыдӕр рӕстдзинад чи агуырдта, иу цалдӕр ахӕм адӕймаджы сарӕзтой Библи ахуыргӕнӕн къорд Питсбурджы (АИШ, штат Пенсильвани). Уӕдӕй фӕстӕмӕ иу-140 азы дӕргъы Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц сӕ зонындзинӕдтӕ ӕмӕ рӕзы сӕ уарзондзинад Хуыцаумӕ ӕмӕ йӕ Ныхасмӕ. Кӕд фыццаг динафӕливӕг йӕ хинмитӕ нӕ уадзы, уӕддӕр «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цырддзаст кӕй у, уый ӕцӕг чырыстӕттӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Иегъовӕ ӕмӕ йӕ Ныхасыл иузӕрдион уой (Матфейы 24:45).

Дунейы ӕлдары бар дыл макуы цӕуӕд

17–19. Хӕйрӕджы уацары цы дуне ис, уый цы у ӕмӕ йӕ цӕуылнӕ хъуамӕ уарзӕм?

17 Сайтан ма нӕ сайы уымӕй дӕр, ӕмӕ нын уарзын кӕны дуне – Хуыцауӕй иппӕрд ӕнӕраст дуне. Йесо Хӕйрӕджы схуыдта «дунейы ӕлдар» ӕмӕ загъта: «Мӕныл йӕ бар нӕ цӕуы» (Иоанны 14:30, НТ). Уӕдӕ ныл Сайтаны бар макуы цӕуӕд! Мах ӕй хорз зонӕм, «дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр хӕйрӕджы уацары [кӕй] ис» (1 Иоанны 5:19, НТ). Хӕйрӕг Йесойӕн радтаид «ӕппӕт дунейы паддзахӕдтӕ» дӕр, ӕрмӕст ын иунӕг хатт куы акуывтаид, уӕд, фӕлӕ йын Хуыцауы Фырт фидарӕй «нӕ» загъта (Матфейы 4:8–10). Сайтан хицау цы дунейӕн у, уый Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй йе сӕфт уыны (Иоанны 15:18–21). Уӕдӕ диссаг нӕу, апостол Иоанн нӕ кӕй фӕдзӕхста, цӕмӕй дуне ма уарзӕм!

18 Иоанн фыста: «Ма уарзут дунейы, нӕдӕр дунейы цы ис, уый: чи уарзы дунейы, уымӕ нӕй Фыды уарзондзинад; уымӕн ӕмӕ ӕппӕт, цы ис дунейы: буары фӕндон, цӕстыты фӕндон ӕмӕ царды хъалдзинад не сты Фыдӕй, фӕлӕ ацы дунейӕ. Ӕмӕ дуне дӕр фӕивгъуыйы, ӕмӕ йӕ фӕндон дӕр, фӕлӕ Хуыцауы фӕндон ӕххӕстгӕнӕг уыдзӕн мыггагмӕ» (1 Иоанны 2:15–17). Мах хъуамӕ дуне ма уарзӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ царды уаг цырен кӕны тӕригъӕдджын буары монцтӕ ӕмӕ йын Иегъовӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтимӕ иумӕйагӕй ӕппындӕр ницы ис.

19 Ацы дуне кӕд нырма дӕр нӕ зӕрдӕйӕн адджын у, уӕд та? Уӕд хъуамӕ Хуыцауӕй ӕххуыс курӕм, цӕмӕй уыцы уарзондзинадыл ӕмӕ уый цы буары фӕндӕттӕ ӕвзӕрын кӕны, уыдоныл уӕлахиз кӕнӕм (Галатӕгтӕм 5:16–21). Нӕ зӕрдыл куы дарӕм, «фыдӕххӕссӕг удтӕ» ӕнӕхуыцау «дунейы [ӕнӕуынгӕ] хицӕуттӕ» кӕй сты, уӕд, ӕнӕмӕнгӕй, архайдзыстӕм, цӕмӕй нӕхи дунейӕ ма счъизи кӕнӕм (Иаковы 1:27; Ефесӕгтӕм 6:11, 12, НТ; 2 Коринфӕгтӕм 4:4).

20. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, мах «дунейӕ не стӕм», зӕгъгӕ?

20 Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты тыххӕй загъта: «Уыдон дунейӕ не сты, Ӕз дӕр куыд нӕ дӕн дунейӕ» (Иоанны 17:16). Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон, се ’гъдау ӕмӕ сӕ уырнындзинадыл къӕм абадын нӕ уадзынц ӕмӕ ацы дунеимӕ нӕ хӕццӕ кӕнынц (Иоанны 15:19; 17:14; Иаковы 4:4). Ацы ӕнӕраст дуне нӕ йе сӕфт уыны, йемӕ нын иумӕйагӕй кӕй ницы ис ӕмӕ рӕстдзинад кӕй хъусын кӕнӕм, уый тыххӕй (2 Петры 2:5). Раст зӕгъгӕйӕ, мах дӕр адӕмы ’хсӕн цӕрӕм ӕмӕ нӕ алыварс ис хӕтагтӕ, хъахбайтӕ, стъигъджытӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕ, давджытӕ, сайджытӕ ӕмӕ расыггӕнджытӕ (1 Коринфӕгтӕм 5:9–11; 6:9–11; Раргомад 21:8). Фӕлӕ мах «дунейы зондахастӕн» нӕхи хъӕстӕ кӕнын нӕ уадзӕм, ома ныл тӕригъӕдмӕ амидингӕнӕг тыхы бар нӕ цӕуы (1 Коринфӕгтӕм 2:12).

Хӕйрӕгӕн бынат ма дӕттут

21, 22. Павел Ефесӕгтӕм 4:26, 27 цы уынаффӕ радта, уымӕй куыд хъуамӕ пайда кӕнӕм?

21 Махыл «дунейы зондахасты» бар нӕ цӕуы – мах кӕны Хуыцауы сыгъдӕг уд. Уый фӕрцы нӕм ис уарзондзинад ӕмӕ зонӕм нӕхиуыл хӕцын (Галатӕгтӕм 5:22, 23). Уыцы миниуджытӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй фидар лӕууӕм, Сайтан нын нӕ уырнындзинад басӕттынмӕ куы фӕхъавы, уӕд. Уый фӕнды, «цӕмӕй тӕригъӕд ракӕнӕм», Хуыцауы сыгъдӕг уд та нын ӕххуыс кӕны «фыдӕхдзинад, ӕмӕ... мастдзинад» ныууадзынӕн (Псалом 36:8, МГТ). Ӕцӕг, хатт дзӕгъӕлы не смӕсты вӕййӕм, фӕлӕ нӕ Павел фӕдзӕхсы: «Мӕсты кӕнгӕйӕ тӕригъӕд ма кӕнут: хур уадз ма аныгъуылӕд уӕ мастыл; ӕмӕ ма дӕттут бынат хӕйрӕгӕн» (Ефесӕгтӕм 4:26, 27).

22 Нӕ маст куы нӕ ӕрсабыр кӕнӕм, уӕд, гӕнӕн ис, ӕмӕ рӕдийгӕ дӕр фӕкӕнӕм. Ахӕм зондахаст нын куы уа, уӕд Хӕйрӕгӕн фадат дӕттӕм, цӕмӕй ӕмбырды кӕнӕ не ’хсӕн хъаугъатӕ фӕзына ӕмӕ цы не ’мбӕлы, ахӕм хъуыддаг саразӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ дзырддаг хъуыддӕгтӕ ӕвӕстиатӕй скъуыддзаг кӕнӕм Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ (Левит 19:17, 18; Матфейы 5:23, 24; 18:15, 16). Уӕдӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды разамындмӕ хъусӕм, нӕхиуыл хӕцӕм, ӕмӕ нӕ исчи куы фӕхъыг кӕна, уӕддӕр уый онг макуы ӕрцӕуӕм, ӕмӕ йӕм райдайӕм мӕсты кӕнын, фыдзӕрдӕ хӕссын ӕмӕ ӕнӕуынон цӕстӕй кӕсын.

23. Цавӕр фарстытӕ ӕвзардзыстӕм иннӕ статьяйы?

23 Мах ӕрныхас кодтам, Хӕйрӕджы миниуджытӕй иуӕй-иутыл ӕмӕ, уый хуызӕн цӕуылнӕ хъуамӕ уӕм, ууыл. Фӕлӕ чи зоны исчи бафӕрса: Сайтанӕй нӕ тӕрсын хъӕуы? Иннӕты чырыстӕттыл цӕмӕн ардауы? Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нын Хӕйрӕг мацы зиан ӕрхӕсса?

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Кӕс чиныг «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры»-йы 3 сӕр, 4–10 абз., рауагътой йӕ Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Цавӕр дзуапп раттис?

• Искӕуыл хахуыртӕ кӕнынӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

1 Иоанны 3:15 цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕхи куыд хъуамӕ хизӕм, цӕмӕй лӕгмартӕ ма суӕм?

• Динафӕливджытӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕн?

• Цӕуылнӕ хъуамӕ уарзӕм дуне?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Хӕйрӕгӕн нӕ чырыстон иудзинад фехалын никуы бауадздзыстӕм