Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Есфиры чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Есфиры чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ХЪУЫДДАГ ма рауайа, уый гӕнӕн нӕй. Иудейтӕй иу дӕр нал баззайдзӕн. Нысангонд бон, Индийӕ Эфиопийы онг чи ӕххӕссы, уыцы империйы цыдӕриддӕр иудейтӕ цӕры, уыдон куыннӕггонд ӕрцӕудзысты. Фыдгӕнӕг алцӕуыл дӕр бӕстон ахъуыды кодта. Фӕлӕ йӕ иу ахсджиаг хъуыддаг ферох: уӕларвон Хуыцауӕн йе ’взӕрст адӕмы йӕ бон фервӕзын кӕнын у цыфӕнды тӕссаг уавӕрӕй дӕр. Куыд сӕ фервӕзын кодта, уыцы хабӕрттӕ фыст ӕрцыдысты Библийы, Есфиры чиныджы.

Есфиры чиныг ныффыста ацӕргӕ иудей Мардохей. Дзырд дзы цӕуы, персайнаг паддзах Артаксерксы, кӕнӕ Ксерк I, хицаудзинады рӕстӕджы 18 азы дӕргъы цы цаутӕ цыд, уыдоныл. Ацы хабарӕй зыны, Иегъовӕ йӕ адӕмы се знӕгты фыдвӕндтӕй куыд бахъахъхъӕдта, кӕд стыр империйы алы рӕтты пырхытӕ уыдысты, уӕддӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый фидар кӕны, абон Иегъовӕйӕн 235 бӕстӕйы чи лӕггад кӕны, уыдоны уырнындзинад. Уымӕй уӕлдай ма Есфиры чиныджы дзырд цӕуы, кӕй хъуамӕ фӕзмӕм ӕмӕ кӕй хуызӕн хъуамӕ ма уӕм, ахӕм адӕмыл. Ӕцӕгдӕр, «Хуыцауы дзырд ӕгас ӕмӕ архайӕг» у (Дзуттытӕм 4:12).

УС-ПАДДЗАХ ХЪУАМӔ ЙӔ АДӔМЫ СӔРЫЛ РАХӔЦА

(Есфир 1:1–5:14)

Паддзах Артаксеркс йӕ хицаудзинады ӕртыккӕгӕм азы (н. э. агъ. 493 азы) скодта стыр куывд. Ус-паддзах Астины рӕсугъддзинад дӕрдтыл хъуыстгонд у. Фӕлӕ йӕхи паддзахы цӕсты бафтыдта ӕмӕ йӕ бартӕ ист ӕрцыдысты. Сӕ бӕстӕйы рӕсугъддӕр чызджытӕй йын йӕ бынатмӕ равзӕрстой иудейаг чызг Гадассӕйы. Йӕ фыдыфсымӕры лӕппу Мардохей йын бацамыдта, цӕмӕй иудейаг кӕй у, уый ма схъӕр кӕна ӕмӕ йӕхи хона йӕ персайнаг ном Есфирӕй.

Уыцы рӕстӕджы паддзахы фӕстӕ дыккаг лӕг сси ӕнӕрвӕссон Аман. Аман Мардохеймӕ мӕстӕй фыцы, йӕ сӕрӕй йын зӕххы онг кӕй нӕ кувы ӕмӕ йӕ разы йӕ зонгуытыл кӕй нӕ хауы, уый тыххӕй. Ӕмӕ фӕнд кӕны, цӕмӕй ӕгас персайнаг империйы дӕр цы иудейтӕ цӕры, уыдоны иууылдӕр ныццӕгъда (Есфир 3:2). Аман Артаксерксы разы кӕны, цӕмӕй йын бар радта, ӕмӕ иудейты мыккаг сыскъуына. Мардохей йӕ уӕлӕ «бызгъуыртӕ кӕны ӕмӕ йӕ сӕрыл фӕнык калы» (Есфир 4:1). Ныр хъуыддӕгтӕ хъуамӕ йӕхимӕ райса Есфир. Уый паддзах ӕмӕ Аманы йӕхимӕ хоны. Кӕй сӕ фӕхуыдта, уый сын тынг ӕхсызгон у. Ӕмӕ та сын Есфир дзуры, цӕмӕй йӕм дыккаг бон дӕр ӕрбацӕуой. Аманы цинӕн кӕрон нал ис. Фӕлӕ йын иу сусӕг маст ӕнцой нӕ дӕтты: Мардохей йын уӕддӕр йӕ сӕрӕй зӕххы онг нӕ кувы. Уый фӕнд кӕны, цӕмӕй дыккаг бон куывдмӕ ацӕуыны размӕ Мардохейы амара.

Фарстытӕн дзуапп:

1:3–5 – Куывд 180 боны дӕргъы уыд? Фыстад афтӕ нӕ дзуры, куывд уыйбӕрц ахаста, зӕгъгӕ. Паддзах 180 боны дӕргъы бӕстӕйы номдзыд адӕмӕн ӕвдыста йӕ цытджын паддзахады мулк ӕмӕ рӕсугъддзинад. Афтӕ та, чи зоны, уымӕн бакодта, цӕмӕй йын уыдон йӕ паддзахады кад федтаиккой ӕмӕ сӕ бауырныдтаид, йӕ бон кӕй у йӕ пълӕнттӕ сӕххӕст кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ 3–5 стихты, ӕвӕццӕгӕн, дзырд цӕуы, 180 боны кӕрон иу абонӕй иннӕ абонмӕ (ома 7 боны) чи ахаста, уыцы куывдыл.

1:8 (НД) – Закъонмӕ гӕсгӕ куыд ӕмбӕлд, афтӕ кӕрӕдзийӕн тыххӕй цӕуылнӕ дардтой? Ацы хатт паддзах Артаксеркс, Персы цы ӕгъдау уыд, уый сӕрты ахызт. Ахӕм куывдты рӕстӕджы-иу кӕрӕдзийӕн тыххӕй дардтой. Иу иртасӕн куысты дзырдӕуы: «Уӕд алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыд нуазын, цас ӕй фӕндыд, уыйбӕрц».

1:10–12 – Ус-паддзах Астин паддзахмӕ цӕуылнӕ рацыд? Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ ус-паддзах коммӕ уымӕн нӕ бакаст, ӕмӕ паддзахы нозтджын уазджыты цурмӕ рацӕуын йӕ сӕрмӕ нӕ хаста. Кӕнӕ та, чи зоны, ацы фыдрӕсугъд ус-паддзах ӕцӕгдӕр коммӕгӕс нӕ уыд. Афтӕ цӕмӕн бакодта, уый кӕд Библи бӕлвырд нӕ дзуры, уӕддӕр уӕды заманы куырыхон лӕгтӕ банымадтой, Астин йӕ мойы коммӕ кӕй нӕ бакаст, уый афтӕ ныууадзӕн кӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ йе ’взӕр цӕвиттон гӕнӕн ис, ӕмӕ Персы ӕппӕт облӕстты дӕр устытыл ӕвзӕрырдӕм бандӕвтаид.

2:14–17 – Есфир паддзахимӕ хӕтгӕ кодта? Нӕ. Ам дзырдӕуы, зӕгъгӕ-иу паддзахмӕ кӕй ӕрбакодтой, уыцы сылгоймӕгты-иу райсомӕй акодтой иннӕ хӕдзармӕ ӕмӕ-иу уыдысты «номылустыты хъахъхъӕнӕг» паддзахы евнухы ӕвджид. Паддзахимӕ-иу ӕхсӕв чи арвыста, уыцы сылгоймӕгтӕ-иу систы йӕ номылустытӕ. Фӕлӕ Есфир паддзахимӕ куы фембӕлд, уӕд ӕй номылустыты хӕдзармӕ нӕ акодтой. Артаксерксмӕ йӕ куы ӕрбакодтой, уӕд «паддзах Есфиры иннӕ устытӕй се ’ппӕтӕй фылдӕр бауарзта, ӕмӕ ӕппӕт чызджытӕй дӕр йӕ зӕрдӕйӕн адджындӕр уыд ӕмӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй уарзта» (Есфир 2:17, НД). Цӕй тыххӕй сси Артаксерксы зӕрдӕйӕн адджын ӕмӕ йӕ ӕнувыд уарзтӕй цӕмӕн бауарзта? Иннӕтӕ йӕ цӕй тыххӕй уарзтой, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, «чызг Гегаймӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ фӕкасти ӕмӕ йӕм дзӕбӕх цӕстӕй ракаст» (Есфир 2:8, 9, «Мах дуг» №4, 2000). Гегайы зӕрдӕмӕ фӕцыд йе ’ддаг бакаст ӕмӕ йӕ хорз миниуджыты тыххӕй. Уӕдӕ «Есфиры чидӕриддӕр федта, уыдон дзы райгондӕй баззадысты» (Есфир 2:15, «Мах дуг» №4, 2000). Раст афтӕ, паддзахӕн дӕр йӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдысты Есфирӕн йӕ бакаст ӕмӕ йӕ удыхъӕд, ӕмӕ йӕ бауарзта.

3:2; 5:9 – Мардохей Аманы раз йӕ зонгуытыл цӕуылнӕ хауд? Уӕлдӕр бынат чи ахста, уыдоны раз израилӕгтӕ сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдаиккой, уый Иегъовӕйы Закъоны ныхмӕ нӕ уыд. Фӕлӕ Аманимӕ та хабар ӕндӕрхуызон уыд. Аман уыд вугейаг, ома, ӕвӕццӕгӕн, амаликаг, ӕмӕ Иегъовӕйы тӕрхонмӕ гӕсгӕ та амаликӕгтӕ хъуамӕ бындзагъд ӕрцыдаиккой (Дыккаг закъон 25:19). Уӕдӕ Мардохей Аманы раз йӕ зонгуытыл куы ӕрхаудаид, уӕд уый нысан кодтаид, Иегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ кӕй сивта. Уый нӕ састис, ӕмӕ Аманӕн сӕрӕй нӕ куывта, ӕмӕ уымӕй ӕвдыста, иудей кӕй у (Есфир 3:3, 4).

Зондзонӕн махӕн:

2:10, 20; 4:12–16. Есфир байхъуыста Иегъовӕйы фӕлтӕрд лӕггадгӕнӕджы уынаффӕмӕ. Хорз уыдзӕн, ӕмбырдты разамынд йӕхимӕ чи исы, уыдонмӕ куы хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ куы кӕсӕм (Дзуттытӕм 13:17).

2:11; 4:5. Хъуамӕ алчидӕр ӕрмӕст йӕхи мӕт ма кӕна, фӕлӕ иннӕты мӕт дӕр (Филиппӕгтӕм 2:4).

2:15. Есфир йӕхи равдыста хӕдӕфсарм ӕмӕ хиуылхӕцгӕ адӕймагӕй, ӕмӕ йын Гегай цы радта, уымӕй фылдӕр фӕлындӕнтӕ ӕмӕ хуыздӕр дзаумӕттӕ не ’рдомдта. Есфир «сыгъдӕг зӕрдӕ адӕймаг, ӕнӕмбийгӕ рӕсугъд, фӕлмас ӕмӕ сабыр уды» хицау кӕй уыд, паддзахы зӕрдӕмӕ дӕр уымӕн фӕцыд (1 Петры 3:4).

2:21–23. Есфир ӕмӕ Мардохей фӕзминаг уыдысты, «уӕлдӕр хицӕутты» коммӕ кӕсын куыд хъӕуы, уыцы хъуыддаджы (Ромӕгтӕм 13:1, НТ).

3:4. Иуӕй-иу хатт хуыздӕр уаид, чи стӕм, уый-иу куы нӕ дзуриккам, Есфир куыд бакодта, афтӕ. Фӕлӕ дзырд ахсджиаг хъуыддӕгтыл куы цӕуа, зӕгъӕм, Иегъовӕйы хицаудзинад кӕнӕ нӕхи ӕнаипдзинадыл, уӕд, Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕй стӕм, уый зӕгъынӕй хъуамӕ ма тӕрсӕм.

4:3. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ Иегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын тых ӕмӕ зонд ратта.

4:6–8. Аманы сусӕгвӕнд фехалынӕн Мардохей агуырдта закъонмӕ гӕсгӕ ӕмбӕлон фадӕттӕ (Филиппӕгтӕм 1:7).

4:14. Мардохей Иегъовӕйыл йӕ ныфс куыд дардта, уый фӕзминаг хъуыддаг у.

4:16. Есфир йӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Иегъовӕйыл дардта, ӕмӕ иузӕрдионӕй ӕмӕ хъӕбатырӕй архайдта, кӕд ын мӕлӕтӕй тӕссаг уыд, уӕддӕр. Тынг ахсджиаг у, мах дӕр куы сахуыр уаиккам нӕ ныфс нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Иегъовӕйыл ӕвӕрын.

5:6–8. Есфир Артаксерксы зӕрдӕ ссарыны тыххӕй дыккаг бон дӕр куывд скодта ӕмӕ та йӕ фӕхуыдта. Есфир куыд ӕмбаргӕ уыд, уымӕй нын у фӕзминаг (Ӕмбисӕндтӕ 14:15).

ИУ ИВЫНДЗИНАД ИННӔЙЫ ФӔДЫЛ

(Есфир 6:1–10:3)

Цаутӕ цӕхгӕр ивынц. Аманы ӕрцауыгътой, Мардохейӕн цы цӕджындз ӕрцӕттӕ кодта, ууыл. Йӕ амӕттаг чи хъуамӕ суыдаид, уый сӕвӕрдтой паддзахады дыккаг лӕгӕй! Ӕмӕ иудейты ныццӕгъдынмӕ кӕй хъавыдысты, уыцы хъуыддаг та? Уый дӕр хъуамӕ цӕхгӕр фӕива.

Иузӕрдион Есфир ногӕй дзуры. Кӕд ын мӕлӕтӕй тӕссаг у, уӕддӕр ӕрбацыд паддзахмӕ ӕмӕ дзы куры, цӕмӕй исты бакӕна ӕмӕ Аманы фыдвӕндтӕ фехала. Артаксеркс зоны, цы бакӕнын хъӕуы, уый. Уӕдӕ иудейты ныццӕгъдыны бон куы ӕрхӕццӕ, уӕд иудейтӕ нӕ, фӕлӕ сӕ марынмӕ чи хъавы, уыдон сӕ мӕлӕт ссардтой. Мардохей бардзырд дӕтты, цӕмӕй уыцы стыр ирвӕзындзинад сӕ зӕрдыл дарыны тыххӕй алы аз дӕр Пуримы бӕрӕгбон бӕрӕг кӕной. Мардохей паддзах Артаксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ «хӕрзгӕнӕг у йӕ адӕмӕн ӕмӕ йӕ ныхас иудадзыг у йӕ адӕмы сӕрыл» (Есфир 10:3, «Мах дуг» №4, 2000).

Фарстытӕн дзуапп:

7:4 – Иудейты куы ныццагътаиккой, уӕд уый «паддзахӕн зиан куыд ӕрхастаид»? Есфир паддзахӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй цагъармӕ уӕйгонд куы ӕрцыдаиккам», уӕд ын уымӕй уӕзданӕй бамбарын кодта, уый йын цы зиан ӕрхастаид, куы сӕ ныццагътаиккой, уӕд. Аман ныфс бавӕрдта, паддзахы хӕзнадонмӕ 10 мин ӕвзист ӕхцайы кӕй бахӕсдзӕн. Фӕлӕ уый бирӕ къаддӕр уыд, цагъартӕй сӕ куы ауӕй кодтаиккой, уӕд цы ӕхца райстаиккой, уымӕй. Аманӕн йӕ фыдвӕндтӕ йӕ къухы куы бафтыдаиккой, уӕд ма ус-паддзахы дӕр амардтаиккой.

7:8 – Аманы цӕсгом цӕмӕн ӕрӕмбӕрзтой? Уый амыдта, адӕймаг кӕй фӕхудинаг ис кӕнӕ йӕ кӕй амардзысты. Иу иртасӕн куысты дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «рагзаманты-иу мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыдоны сӕртӕ-иу хатт ӕрӕмбӕрзтой».

8:17 – Бӕстӕйы адӕмтӕй бирӕтӕ сӕхи иудейтӕ цӕмӕн схуыдтой? Ӕвӕццӕгӕн, персайнӕгтӕй бирӕтӕ иудейаг дин райстой. Уымӕн ӕмӕ фыццаг бардзырды ныхмӕ цы бардзырд рацыд, уый сын ууыл дзурӕг уыд ӕмӕ Хуыцау иудейтыл ауды. Раст ма афтӕ ӕххӕст кӕны Захарийы чиныджы фыст пехуымпарад дӕр: «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы ныххӕцдзысты, о, ныххӕцдзысты иудейаджы фӕдджийыл ӕмӕ зӕгъдзысты: „Мах дӕр уемӕ цӕуӕм, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис“» (Захари 8:23).

9:10, 15, 16 – Кӕд иудейтӕн бардзырдмӕ гӕсгӕ уый бар уыд, ӕмӕ се знӕгты мулк фӕхастаиккой, уӕддӕр афтӕ цӕуылнӕ бакодтой? Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ сӕ нысан сӕхи схъӕздыг кӕнын нӕ уыд, фӕлӕ сӕхи бахъахъхъӕнын.

Зондзонӕн махӕн:

6:6–10. «Сӕрбӕрзонддзинад кӕны сӕфтмӕ, ӕмӕ стырзӕрдӕдзинад – ӕгадмӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 16:18).

7:3, 4. Кӕд уый тыххӕй нӕ ныхмӕ рацӕудзысты, уӕддӕр хъӕбатырӕй фӕдзурӕм Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй кӕй стӕм?

8:3–6. Махӕн нӕ бон у ӕмӕ хъуамӕ цӕугӕ дӕр кӕнӕм хицӕуттӕм ӕмӕ тӕрхондӕттӕм, цӕмӕй не знӕгтӕй нӕхи бахъахъхъӕнӕм.

8:5. Иудейты ныццӕгъдыны тыххӕй бардзырд паддзах кӕй радта, уый кой Есфир ӕппындӕр не скодта. Афтӕ мах дӕр, уӕлдӕр хицӕуттимӕ ныхасгӕнӕгӕйӕ хъуамӕ зонӕм, кӕм цы зӕгъын хъӕуы, уый.

9:22. Хъуамӕ ма рох кӕнӕм, не ’хсӕн мӕгуыр чи у, уыдоны (Галатӕгтӕм 2:10).

Иегъовӕ ратдзӕн «сӕрибардзинад ӕмӕ ирвӕзындзинад»

Мардохей дзуры, Есфир Хуыцауы фӕндӕй кӕй сси паддзахы ус. Уӕззау уавӕры бахаугӕйӕ, иудейтӕ ком дарынц ӕмӕ кувынц ӕххуысы тыххӕй. Ус-паддзах ӕнӕхонгӕйӕ куы бацӕуы паддзахмӕ, уӕд ӕм уый алы хатт дӕр дзӕбӕх цӕстӕй ракӕсы. Паддзахӕн йӕ хуыссӕг фӕлыгъд, Аман Мардохейы цы бон хъуамӕ амардтаид, растдӕр уый размӕ ’хсӕв. Уӕдӕ Есфиры чиныг у, Иегъовӕ йӕ адӕмы сӕраппонд цаутӕ куыд ивы, уый тыххӕй.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Есфиры чиныджы фыст диссаджы цаутӕ махӕн, «кӕроны рӕстӕджы» цӕрджытӕн, сты стыр ныфсы хос (Данелы 12:4). «Фӕстаг бонты кӕрон» кӕнӕ кӕроны рӕстӕджы фӕстаг хайы Гог Магогы зӕххӕй – Сайтан Хӕйрӕг – Иегъовӕйы адӕмыл йӕхи ныццӕвдзӕн. Уымӕн йӕ нысан у, цӕмӕй ӕцӕг лӕггадгӕнджыты быныскъуыд скӕна. Фӕлӕ Есфиры бонты куыд уыд, раст афтӕ уӕд дӕр Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ратдзӕн «сӕрибардзинад ӕмӕ ирвӕзындзинад» (Иезекил 38:16–23; Есфир 4:14).

[Ныв 10 фарсыл]

Есфир ӕмӕ Мардохей Артаксерксы раз