Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Цырд лӕуут»

«Цырд лӕуут»

«Цырд лӕуут»

«Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та йӕ къахдзӕфтыл хъуыды кӕны лӕмбынӕг» (ӔМБИСӔНДТӔ 14:15).

1, 2. а) Лотыл Содомы цы ’рцыд, уый нын зондзонӕн цӕмӕй у? ӕ) Дзырдбаст «цырд лӕуут», зӕгъгӕ, цы нысан кӕны?

АВРААМ Лотӕн загъта, цӕмӕй фыццаг уый равзара йӕхицӕн зӕххытӕ цӕрынӕн. Лот йӕ цӕст ахаста ӕмӕ федта, раст «Иегъовӕйы цӕхӕрадонау», донӕй ӕфсӕст бӕстӕ. Афтӕ йӕм фӕкаст ӕмӕ уый диссаджы бынат у йӕ бинонтӕн. «Лот йӕхицӕн равзӕрста Иорданы алфамбылай» ӕмӕ йӕ цатыр ӕрӕвӕрдта Содоммӕ хӕстӕг. Фӕлӕ фӕсайды, уымӕн ӕмӕ йӕ сыхӕгтӕ, «Содомы нӕлгоймӕгтӕ, уыдысты фыдгӕнджытӕ ӕмӕ стыр тӕригъӕдтӕ арӕзтой Иегъовӕйы раз» (Уӕвынад 13:7–13). Дарддӕр хабӕртӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй Лоты бинонтӕ стыр бӕллӕхты бахаудысты. Ӕппынфӕстаг ӕй йӕ чызджытимӕ бахъуыд лӕгӕты ӕрцӕрын (Уӕвынад 19:17, 23–26, 30). Раздӕр ӕм хорз цы фӕкаст, уый ныр бӕллиццаг нал уыд.

2 Лотыл цы хабар ӕрцыд, уый Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн абон дӕр зондзонӕн у. Мах дӕр исты уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕнӕм, тӕссагӕй дзы цы ис, ууыл, ӕмӕ нӕхи хизӕм, фыццаг бакастӕй нӕм хорз цы фӕкаст, уыцы хъуыды нӕ куыд нӕ фӕсайа, уымӕй. Уымӕ гӕсгӕ нӕ Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы, «цырд лӕуут», зӕгъгӕ (1 Петры 1:13НТ). Грекъаг дзырдбаст «цырд лӕуут» комкоммӕ нысан кӕны «ӕрвонг ут». Библииртасӕг Р. Ленски куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ацы ран «ӕрвонг» амоны «ӕмбаргӕдзинад, уӕззау зонд,– адӕймаг алцӕуылдӕр бӕстон-биноныг куы фӕхъуыды кӕны ӕмӕ уый фӕрцы раст уынаффӕтӕ куы рахӕссы». Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, уӕззау зондӕй архайын нӕ кӕд фӕхъӕуы, иуӕй-иу ахӕм уавӕртӕм.

Исты хъуыддаджы ныллӕууыны размӕ лӕмбынӕг хъуыды кӕнӕм

3. Ӕхца бакусыны фадат нын куы фӕзыны, уӕд лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

3 Зӕгъӕм дын нымад лӕг, йе та Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕг дӕр, зӕгъы цыдӕр хъуыддаджы ныллӕууыны тыххӕй. Цырен дӕ кӕны, дзуры дын, алцыдӕр хорз кӕй уыдзӕн, ӕмӕ дӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй ӕвӕстиатӕй архайай ӕмӕ фадат ма ауадзай. Чи зоны, дӕ цӕстытыл уайы, дӕ бинонты цард кӕй фӕхуыздӕр уыдзӕн ӕмӕ хъуыды кӕныс, фылдӕр рӕстӕг дын кӕй фӕзындзӕн ӕмбырды хъуыддӕгты архайынӕн. Фӕлӕ Ӕмбисӕндты 14:15 фӕдзӕхсы: «Ӕвӕлтӕрд алы ныхасыл дӕр ӕууӕнды, ӕмбаргӕ адӕймаг та йӕ къахдзӕфтыл хъуыды кӕны лӕмбынӕг». Хъуыддаг кӕй бантысдзӕн, адӕймаг уыцы хъуыдытыл куы вӕййы, уӕд ӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ алцыдӕр хорз уыдзӕн, тӕссагӕй дзы ницы ис, ӕмӕ йӕм ахӕм зонд цӕугӕ дӕр не ’ркӕны, зӕгъгӕ дзы ницы рауайдзӕн (Иаковы 4:13, 14). Куыд тынг хъӕуы ахӕм рӕстӕг уӕззау зондӕй архайын!

4. Цыдӕр хъуыддаджы ныллӕууыны размӕ, нӕ бон куыд у алы къахдзӕфыл дӕр хъуыды кӕнын?

4 Ӕмбаргӕ адӕймаг цалынмӕ уынаффӕ рахӕсса, уӕдмӕ уал алцыдӕр бӕстон базондзӕн (Ӕмбисӕндтӕ 21:5). Хъуыддагмӕ афтӕ бӕстон ӕркӕсгӕйӕ, арӕх рабӕрӕг вӕййы, тӕссаг цӕмӕй у, уый. Зӕгъӕм, чидӕр дӕ цыдӕр хъуыддаг райдайыны тыххӕй ӕфстау ӕхца агуры, ӕмӕ дын зӕгъы, зӕгъгӕ, схъӕздыг уыдзынӕ, кӕд ды дӕр ӕхца ӕрӕвӕрай, уӕд. Ахӕм фадат дын кӕй фӕци, уый дын гӕнӕн ис дӕ сӕр разилын кӕна, фӕлӕ дзы тӕссагӕй цы ис? Хӕс дӕ чи исы, уый дын де ’хца ратдзӕн, хъуыддаг куыдфӕнды ма рауайа, уӕддӕр? Ӕви дын сӕ, йӕ хъуыддаг куы фӕрӕстмӕ уа, ӕрмӕстдӕр уӕд бафиддзӕн? Ӕндӕр дзырдӕй, хъуыддаг куы нӕ фӕрӕстмӕ уа, уӕд де ’хцайӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ цӕттӕ дӕ? Дӕ бон ма у бафӕрсын: «Мӕнӕй ӕфстау цӕмӕн исы? Хъуыддаг зӕрдӕхсайгӕ кӕй у, банк ын ӕхца уымӕн нӕ дӕтты?» Тӕссаг цӕмӕй у, ууыл куы ахъуыды кӕнай, уӕд ӕм раст цӕстӕй ракӕсдзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 13:16; 22:3).

5. а) Иереми зӕхх куы ӕлхӕдта, уӕд ӕмбаргӕйӕ куыд архайдта? ӕ) Хорз цӕмӕн у ӕппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр гӕххӕттыл фидар кӕнын?

5 Пехуымпар Иереми йӕ хӕстӕгӕй, Иегъовӕйы лӕггадгӕнӕгӕй, зӕхх куы ӕлхӕдта, уӕд ӕвдисӕнты раз хъуыддаг гӕххӕттыл сфидар кодта (Иереми 32:9–12). Абон дӕр ӕмбаргӕ адӕймаг, цыфӕнды хъуыддаг ма араза – йӕ хиуӕттимӕ уа ӕви йе ’муырнджытимӕ – хъуамӕ сӕ бадзырдтӕ гӕххӕттыл фидар кӕной *. Хорз, бӕстон арӕзт гӕххӕттытӕ нӕ бахиздзысты зӕрдӕхудтӕй ӕмӕ нӕ иудзинад нӕ фехӕлдзӕн. Фӕлӕ хъуыддаг гӕххӕттыл фидаргонд кӕй не ’рцӕуы, уый аххосӕй арӕх Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕрӕдзийы хъыджы дӕр бацӕуынц. Хъыгагӕн, уый ӕркӕны зӕрдӕнизтӕм, мӕстытӕм ӕмӕ ма суанг сӕ уырнындзинад дӕр ӕрлӕмӕгъ вӕййы.

6. Нӕхи зыд ӕмӕ кӕрӕфӕй цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

6 Хъуамӕ ма нӕхи хизӕм зыд ӕмӕ кӕрӕфӕй дӕр (Лукайы 12:15). Бирӕ ӕхца бакусыны ныфс адӕймаджы, гӕнӕн ис, бакуырм кӕна ӕмӕ мауал уына, хъуыддаджы тӕссагӕй цы ис, уый. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй ӕмбырды фылдӕр хӕстӕ кӕмӕн уыди, суанг уыдонӕй дӕр чидӕртӕ уыцы къӕппӕджы бахаудысты. Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Уӕ зӕрдӕйы уаг ӕхца уарзыны ’рдӕм ма уӕд, цы уын ис, уымӕй разы ут» (Дзуттытӕм 13:5). Цыдӕр хъуыддаджы ныллӕууыны размӕ, чырыстон хъуамӕ ахъуыды кӕна: «Уыцы хъуыддаг мӕ ӕцӕгдӕр хъӕуы?» Хуымӕтӕг цард куы кӕнӕм ӕмӕ нын сӕйрагдӕр Иегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы уа, уӕд «ӕппӕт фыдбылызтӕй» дӕр хызт уыдзыстӕм (1 Тимофеймӕ 6:6–10, НТ).

Цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдон цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц

7. а) Бинонтӕ кӕмӕн нӕма ис, уыцы чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц? ӕ) Цардӕмбалӕн кӕй ӕвзарӕм, уымӕй куыд зыны, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стӕм?

7 Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты фӕнды ус ракурын ӕмӕ смой кӕнын, фӕлӕ сӕ цард кӕимӕ баиу кӕной, ахӕм адӕймагыл нӕма сӕмбӕлдысты. Иуӕй-иу бӕстӕты ахӕм чырыстӕттӕн ӕппынӕдзух фӕдзурынц бинонтӕ скӕныны тыххӕй. Фӕлӕ ӕмчырыстӕтты ’хсӕн цардӕмбал ссарын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 13:12). Чырыстӕттӕ ӕмбарынц, Библийы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъусынц – бинонтӕ «ӕрмӕст Хицауы мидӕг» скӕнын, уымӕй ӕвдисынц Иегъовӕйыл иузӕрдион кӕй сты, уый (1 Коринфӕгтӕм 7:39). Чырыстӕттӕй цардӕмбал кӕмӕн нӕй, уыдон цӕмӕй ма фӕрӕдийой ӕмӕ сыл цӕмӕй уыцы зонд ма фӕзына, зӕгъгӕ, бинонтӕ скӕнын ӕнӕмӕнг хъӕуы, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбаргӕ уой.

8. Суламитӕ цавӕр фӕлварӕныл сӕмбӕлд ӕмӕ абон чырыстон сылгоймӕгтӕн дӕр уымӕй тӕссаг куыд у?

8 Соломоны зарджыты чиныджы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй хуымӕтӕг хъӕуккаг чызг Суламитӕ, зӕгъгӕ, паддзахы зӕрдӕмӕ фӕцыд. Кӕд Суламитӕ ӕндӕр лӕппуйы уарзта, уӕддӕр паддзах архайдта йӕ зӕрдӕ балхӕныныл йӕ хъӕздыгдзинад, йӕ кад ӕмӕ йӕ бакастӕй (Соломоны зарӕг 1:9–11; 3:7–10; 6:8–10, 13). Кӕд чырыстон сылгоймаг дӕ, уӕд, гӕнӕн ис, дӕуӕн дӕр чидӕр зӕрдӕлхӕнӕн митӕ кӕны. Зӕгъӕм, де ’мкусӕг кӕнӕ дӕ хицауы зӕрдӕмӕ цӕуыс, зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ дын фӕкӕны ӕмӕ йӕ фӕнды демӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитын. Къӕрцхъус у уыцы сайӕн митӕм. Кӕд ахӕм адӕймаджы зонды алы хатт ӕнӕгъдау хъуыдытӕ нӕ вӕййы, уӕддӕр арӕхдӕр хабар афтӕ у. Суламитӕйы хуызӕн ды дӕр «сисау» у (Соломоны зарӕг 8:4, 10). Ахӕм миты ныхмӕ фидар лӕуу. Куыстмӕ куы бацӕуай, уӕд ӕппӕты райдианы де ’мкусджытӕн зӕгъ, Иегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй дӕ ӕмӕ алы фадатӕй дӕр пайда кӕн, цӕмӕй сын хорз хабары тыххӕй дзурай. Афтӕмӕй бирӕ зындзинӕдтӕй хызт уыдзынӕ.

9. Цӕмӕй тӕссаг у Интернеты уылты ӕнӕзонгӕ адӕймагимӕ лымӕн кӕнын? (Кӕс фӕлгӕты 31 фарсыл.)

9 Зындгонд систы, бинонтӕ кӕмӕн нӕма ис, уыдонӕн ӕмкъай ссарынӕн Интернеты цы веб-сайттӕ сарӕзтой, уыдон. Кӕмӕдӕрты афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый хорз фадат у, ӕнӕуи сӕ бон фембӕлын кӕимӕ нӕу, уыдонимӕ базонгӕ кӕнынӕн. Фӕлӕ кӕй нӕ зоныс, ахӕм адӕймагимӕ лымӕн кӕнын у тӕссаг. Адӕм ӕцӕгӕй чи сты, цы сты, уый арӕх Интертеты уылты нӕ рахъӕр кӕнынц (Псалом 25:4). Йӕхи Иегъовӕйы Ӕвдисӕн чи хоны, уыдон се ’ппӕт Ӕвдисӕнтӕ нӕ вӕййынц. Уымӕй уӕлдай, Интернеты кӕимӕ базонгӕ уай, ууыл, гӕнӕн ис, тагъд фӕцахуыр уай ӕмӕ афтӕмӕй цырддзаст нал уыдзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 28:26). Интернеты уылты уа ӕви ӕндӕр истӕй уылты, уӕд дӕр зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, гыццыл рӕстӕг кӕй зоныс, уыимӕ лымӕн кӕнын (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

10. Бинонтӕ кӕмӕн нӕма ис, уыдонӕн се ’муырнджыты бон куыд у сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын?

10 Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм у «тынг хӕларзӕрдӕ» (Иаковы 5:11). Зоны, йӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уый – хатт сӕ ныфс асӕтты, бинонтӕ скӕнын сӕ къухы кӕй не ’фты, уый тыххӕй, ӕмӕ сын сӕ иузӕрдиондзинадӕн тынг аргъ кӕны. Ахӕм чырыстӕттӕн иннӕты бон та куыд у сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын? Сӕ коммӕгӕсдзинад ӕмӕ сӕ удуӕлдайдзинады тыххӕй сӕ хъуамӕ ӕдзух ӕппӕлӕм (Тӕрхонгӕнджыты 11:39, 40). Нӕ бон ма сӕ у, ныфсы хос сын чи фӕуыдзӕн, ахӕм фембӕлдтӕм дӕр хонын. Ӕрӕджы сӕ искӕй фӕхуыдтай? Дӕ бон ма у уыдоны тыххӕй Иегъовӕмӕ кувын ӕмӕ дзы курын, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма фӕцуда ӕмӕ йын кӕй лӕггад кӕнынц, уый сын зӕрдӕрухсы хос уа. Иегъовӕйау сыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, сӕ иузӕрдиондзинадӕн сын кӕй аргъ кӕнӕм, уымӕй (Псалом 36:28).

Ӕнӕниздзинады фарста

11. Ӕнӕниздзинады фӕдыл адӕймаг цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлы?

11 Куыд зын вӕййы, нӕхи ӕвзӕр куы фӕхатӕм кӕнӕ нӕхиуӕттӕй исчи тынг куы фӕрынчын вӕййы! (Исай 38:1–3). Нӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзыстӕм, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд тынг ахсджиаг у Библийы уагӕвӕрдтӕ зӕрдыл дарын. Цӕвиттон, чырыстӕттӕ ӕххӕст кӕнынц Библийы фӕдзӕхст туджы тыххӕй ӕмӕ сӕхи хизынц, кӕлӕнтӕм ӕмхиц чи у, ахӕм хос кӕныны мадзӕлттӕй (Куыстытӕ 15:28, 29; Галатӕгтӕм 5:19–21). Хос кӕныны хъуыддаджы фаг зонындзинӕдтӕ кӕмӕ нӕй, уымӕн, гӕнӕн ис, тынг зын уа, йӕхи куыд дзӕбӕх кӕндзӕн, уый равзарын. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы хъуыддаджы ӕмбаргӕ уӕм?

12. Хос кӕныны мадзӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ, чырыстон ӕмбаргӕ кӕд уыдзӕн?

12 «Ӕмбаргӕ адӕймаг йӕ къахдзӕфтыл хъуыды кӕны лӕмбынӕг», Библи ӕмӕ йӕ бындурыл уагъд литературӕ кӕй иртасы, уый фӕрцы (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Дохтыртӕ ӕмӕ рынчындӕттӕ фаг кӕм нӕй, ахӕм бӕстӕты кӕрдӕджытӕй хос кӕнын, гӕнӕн ис, ӕмӕ уа ӕрмӕст иунӕг мадзал. Кӕд мах дӕр нӕхи ахӕм хуызы дзӕбӕх кӕнынмӕ хъавӕм, уӕд хъӕуы базонын: «Нӕхи кӕмӕ дзӕбӕх кӕндзыстӕм, уый кӕлӕнтимӕ баст у? Мыййаг уыцы хосгӕнӕг ӕууӕнды, зӕгъгӕ, низтӕ ӕмӕ мӕлӕт сты, адӕймаг Хуыцауы кӕй фӕхъыг кодта (кӕнӕ йӕ фыдӕлты удты хъыджы кӕй бацыд) кӕнӕ йын чидӕр хинтӕ кӕй скодта, уый аххос? Хос цӕттӕ кӕнгӕйӕ кӕнӕ дзӕбӕх кӕнгӕйӕ, нывӕндтӕ фӕхӕссы ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ фӕкӕны? * (Дыккаг закъон 18:10–12). Ацы фарстамӕ афтӕ лӕмбынӕг куы ӕркӕсӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, Библийы уынаффӕмӕ хъусын: «Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл» * (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21, НТ). Уый руаджы ӕмбаргӕ уыдзыстӕм.

13, 14. а) Не ’нӕниздзинадыл тыхсгӕйӕ ӕмбаргӕ куыд уыдзыстӕм? ӕ) Иннӕтимӕ ӕнӕниздзинад ӕмӕ дзӕбӕх кӕныны тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд ӕмбаргӕдзинад цӕмӕн хъӕуы?

13 Ӕмбаргӕдзинад хъӕуы царды алы къабазы дӕр, уыимӕ ӕнӕниздзинадимӕ баст хъуыддаджы дӕр (Филиппӕгтӕм 4:5). Не ’нӕниздзинадыл кӕй тыхсӕм, уымӕй ӕвдисӕм, бузныг кӕй стӕм царды лӕварӕй. Куы фӕрынчын вӕййӕм, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъуамӕ нӕхи дзӕбӕх кӕныныл архайӕм. Фӕлӕ, цалынмӕ Хуыцауы рӕстӕг не ’рцӕуа «адӕмы дзӕбӕх кӕнынӕн», уӕдмӕ ӕххӕст ӕнӕниздзинад нӕ уыдзӕн (Раргомад 22:1, 2). Хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй афтӕ ма рауайа, ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй не ’нӕниздзинадыл йеддӕмӕ ӕндӕр ницӕуыл хъуыды кӕнӕм. Уымӕй сӕйрагдӕр нын хъуамӕ уой нӕ уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ (Матфейы 5:3; Филиппӕгтӕм 1:10).

14 Хъуамӕ ма ӕмбаргӕ уӕм, иннӕтимӕ ӕнӕниздзинад ӕмӕ дзӕбӕх кӕныны тыххӕй куы фӕдзурӕм, уӕд дӕр. Ӕмбырдтӕм ӕмӕ конгресстӕм уый тыххӕй не ’рбацӕуӕм, цӕмӕй ӕрмӕст уыцы хабӕрттыл дзурӕм. Уымӕй уӕлдай ма, хос кӕныны тыххӕй уынаффӕ баст вӕййы, адӕймаг Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд ӕмбары, йӕ намыс ын цы дзуры ӕмӕ йын Иегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, уыимӕ. Уымӕ гӕсгӕ, не ’мчырыстӕттӕн нӕ хъуыдытӕ куы хъарӕм кӕнӕ, уыдон растыл цы нымайынц, уый куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд уый уарзондзинадыл дзурӕг нӕ уыдзӕн. Кӕд нӕ бон у ӕмбырды фӕлтӕрдджын чырыстонимӕ уынаффӕ кӕнын, уӕддӕр алчидӕр «йӕхи уаргъ ахӕсдзӕн», цы уынаффӕ рахӕсса, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ «алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй» (Галатӕгтӕм 6:5; Ромӕгтӕм 14:12, 22, 23, НТ).

Зын уавӕры куы вӕййӕм

15. Зын уавӕртӕ адӕймагыл куыд фӕзынынц?

15 Зын уавӕры суанг Иегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр фӕдзурынц кӕнӕ фӕархайынц ӕнӕзондӕй (Екклесиаст 7:7). Зӕгъӕм, уӕззау фӕлварӕнты рӕстӕг Иов раст нал хъуыды кодта ӕмӕ йӕ хъуыди йӕ зондахаст сраст кӕнын (Иов 35:2, 3; 40:6–8). Кӕд «Моисей уыд, зӕххы цъарыл цы адӕм уыд, уыдонӕй ӕппӕты фӕлмӕндӕр адӕймаг», уӕддӕр ӕй иу хабар тынг смӕсты кодта ӕмӕ ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ загъта (Нымӕцтӕ 12:3; 20:7–12; Псалом 105:32, 33). Давид диссаджы хиуылхӕцындзинад равдыста, паддзах Саулы кӕй нӕ амардта, уымӕй. Фӕлӕ йӕ Навал куы бафхӕрдта ӕмӕ йын йӕ адӕмы куы ралгъыста, уӕд Давидӕн йӕ маст рафыхт ӕмӕ йӕхиуыл нал хӕцыд. Ӕрмӕст Авигейӕйы ныхӕстӕй ӕрӕмбӕрста йӕхи ӕмӕ йӕ уый рӕдыд къахдзӕфӕй бахызта (1 Паддзахӕдты 24:2–7; 25:9–13, 32, 33).

16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи ӕнӕрхъуыды хъуыддӕгтӕй хизӕм?

16 Гӕнӕн ис, мах дӕр ахӕм зын уавӕрты бахауӕм ӕмӕ уӕззау зондӕй мауал архайӕм. Давидау иннӕты ныхӕстыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕхи бахиздзыстӕм ӕнӕрхъуыды хъуыддӕгтӕй ӕмӕ тӕригъӕд саразынӕй (Ӕмбисӕндтӕ 19:2). Стӕй ма нӕ Хуыцауы Ныхас фӕдзӕхсы: «Мӕсты кӕнгӕйӕ тӕригъӕд ма кӕнут; ахъуыды кӕнут уӕ зӕрдӕты, уӕ хуыссӕнты, ӕмӕ рӕвдыд уыдзыстут» (Псалом 4:5). Цыдӕр саразыны кӕнӕ уынаффӕ рахӕссыны размӕ, зондджын ми уаид банхъӕлмӕ кӕсын, цалынмӕ не ’рсабыр уӕм, уӕдмӕ (Ӕмбисӕндтӕ 14:17, 29). Нӕ бон у Иегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувын «ӕмӕ Хуыцауы фарн, кӕцы у алкӕцы зондӕй бӕрзонддӕр, бахъахъхъӕндзӕн [нӕ] зӕрдӕтӕ ӕмӕ [нӕ] хъуыдытӕ Йесо Чырыстийы мидӕг» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7). Хуыцауы фарн нӕ фидар кӕндзӕн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕмбаргӕйӕ архайӕм.

17. Цӕмӕй дарддӕр дӕр ӕмбаргӕ уӕм, уый тыххӕй Иегъовӕйыл нӕ ныфс цӕмӕн хъуамӕ дарӕм?

17 Кӕд зӕрдиагӕй архайӕм, цӕмӕй нӕхи тӕссаг хъуыддӕгтӕй хизӕм ӕмӕ зондӕй архайӕм, уӕддӕр не ’ппӕт дӕр ӕнӕрӕдийгӕ не стӕм (Иаковы 3:2). Чи зоны ахӕм уавӕры уӕм, ӕмӕ цыдӕр ӕвзӕр хъуыддаг саразӕм ӕмӕ йӕ ӕмбаргӕ дӕр ма бакӕнӕм (Псалом 18:13, 14). Уымӕй уӕлдай ма, махӕн, зӕххон адӕмӕн, ӕнӕ Иегъовӕйӕ нӕ бон нӕу нӕ къахдзӕфтӕ раст аразын (Иереми 10:23). Куыд бузныг дзы стӕм, ныфс нын кӕй дӕтты: «Бамбарын кӕндзынӕн дӕуӕн, сӕвӕрдзынӕн дӕ фӕндагыл, кӕцыйыл дӕу цӕуын хъӕуы; разамынд дын дӕтдзынӕн, Мӕ цӕстӕнгас дӕ сӕрмӕ» (Псалом 31:8). О, Иегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ бон уыдзӕн ӕмбаргӕйӕ архайын.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 5 абз. Хъуыддаг гӕххӕттыл фидар кӕныны тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг ссарӕн ис «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 1997 азы 1 августы 30, 31 фф., уыр.; 1987 азы 15 апрелы 16, 17 фф., уыр.; 1983 азы 8 февралы «Райхъал ут!»-ы, 13–15 фф., англ.; мыхуыры сӕ рауагътой Иегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 12 абз. Кӕс 1987 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 26–29 фф., англ.

^ 12 абз. Хъуыддагмӕ афтӕ бӕстон ӕркӕсын фӕахъаз уыдзӕн, иуӕй-иу низтӕ дзӕбӕх кӕнынӕн дызӕрдыггаг чи у, ахӕм хос кӕныны мадзӕлттӕй спайда кӕнынмӕ чи хъавы, уыдонӕн.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

Ӕмбаргӕйӕ куыд архайдзыстӕм

• цыдӕр хъуыддаджы ныллӕууынмӕ куы хъавӕм?

• цардӕмбал куы агурӕм?

• исты низӕй куы тыхсӕм?

• зын уавӕры куы бахауӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 31 фарсыл]

Ӕууӕндӕн ыл ис?

Йӕхицӕн цардӕмбал чи агуыры, уыдонӕн арӕзт веб-сайтты фыст ис:

«Кӕд алцы сбӕлвырд кӕныныл фӕархайӕм, уӕддӕр, алы адӕймаг дӕр йӕхи тыххӕй раст кӕй дзуры, уый нӕ бон фидарӕй зӕгъын нӕу».

«Ацы веб-сайты фыст хабӕрттӕ раст ӕмӕ ахъаз кӕй сты, уый тыххӕй уын зӕрдӕ не ’вӕрӕм».

«Веб-сайты цы хабӕрттӕ, хъуыдытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕ фыст цӕуы, уыдон, чи сӕ фыссы, уымӕн йӕхи номӕй сты... ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг растыл нымайын нӕ хъӕуы».

[Ныв 29 фарсыл]

«Ӕмбаргӕ адӕймаг йӕ къахдзӕфтыл хъуыды кӕны лӕмбынӕг»

[Нывтӕ 30 фарсыл]

«Раиртасут алцыдӕр ӕмӕ хӕцут, хуыздӕр цы у, ууыл»

[Ныв 31 фарсыл]

Чырыстон сылгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у Суламитӕйы фӕзмын?