Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Иовы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Иовы чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

МЫГГАДЖЫ хистӕр Иов цӕры Уцы зӕххы, Аравийы ӕрдӕгсакъадахы. Уыцы рӕстӕджы израилӕгтӕй тынг бирӕтӕ цӕрынц Египеты. Иов израилаг нӕу, фӕлӕ кувы Иегъовӕ Хуыцауӕн. Библи Иовы тыххӕй дзуры: «Зӕххыл нӕй уый хуызӕн; ӕнаипп ӕмӕ раст адӕймаг, уый тӕрсы Хуыцауӕй ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй йӕхи дард ласы» (Иов 1:8). Уый цӕры, Иегъовӕйы зындгонд лӕггадгӕнӕг Иаковы фырт Иосиф куы амард ӕмӕ йӕ иннӕ зындгонд лӕггадгӕнӕг Моисей пехуымпар куы нӕма сси, уыцы рӕстӕг.

Иовы чиныг, ӕвӕццӕгӕн, ныффыста Моисей. Уый Иовы тыххӕй, чи зоны, фехъуыста, Мадиамы бӕсты (Уцмӕ ’ввахс) 40 азы дӕргъы куы уыд, уӕд. Моисей Иовы царды фӕстаг хабӕрттӕ фехъуыстаид, израилӕгтӕ Уцмӕ хӕстӕг куы уыдысты, уыцы рӕстӕг – уӕд кӕронмӕ фӕцӕйхӕццӕ кодта сӕ 40-азон балц ӕдзӕрӕг быдыры *. Иовы царды хабӕрттӕ афтӕ аив фыст сты, ӕмӕ сӕ схонӕн ис литературон хӕзна. Уымӕй уӕлдай ма дзы ссарӕн ис дзуаппытӕ ахӕм фарстытӕн: хорз адӕм хъизӕмӕрттӕ цӕмӕн ӕвзарынц? Иегъовӕ фыддзинадмӕ ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон у Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын? Иовы чиныг, Хуыцауы Ныхасы чингуытӕй сӕ иу, абон дӕр у ӕгас ӕмӕ архайӕг (Дзуттытӕм 4:12).

МӔ РАЙГУЫРӔН БОН ФЕСӔФӔД

(Иов 1:1–3:26)

Иу бон куы уыди, уӕд Сайтан Иовы иузӕрдиондзинад Хуыцауыл сдзырддаг кодта. Уыцы ныхӕстӕм Иегъовӕ Сайтанӕн бар радта, цӕмӕй Иовӕн иу бӕллӕх иннӕйы фӕстӕ бавзарын кодтаид. Фӕлӕ Иов «нӕ ралгъыста Хуыцауы» (Иов 2:9).

Иовмӕ йе ’ртӕ хӕлары ӕрбацыдысты, цӕмӕй «йын йӕ хъыгыл бахъыг кӕной» (Иов 2:11). Йӕ фарсмӕ сбадтысты ӕмӕ йӕм иу ныхас дӕр не скодтой, цалынмӕ Иов йӕхӕдӕг нӕ загъта: «Ӕз цы бон райгуырдтӕн, уый фесӕфӕд» (Иов 3:3). Уый фӕндыд, куы уыдаид, «рухс чи нӕ федта, ахӕм сывӕллӕтты хуызӕн», ома мардӕй чи райгуырд, уыдоны хуызӕн (Иов 3:11, 16).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:4 – Иовы сывӕллӕттӕ гуырӕнбонтӕ кодтой? Нӕ. Библи цы ӕвзагыл фыстой, уым дзырдтӕ «бон» ӕмӕ «гуырӕнбон»-ӕн сӕ хъуыды иу нӕу (Уӕвынад 40:20). Иовы 1:4 дзырд «бон» амоны, хурӕн йе скӕсынӕй йӕ аныгуылыны онг цы рӕстӕг рацӕуы, уымӕ. Иовы авд фырты-иу, ӕвӕццӕгӕн, афӕдз иу хатт ӕгас бинонтӕй дӕр ӕрӕмбырдысты ӕмӕ-иу авд боны дӕргъы куывдтӕ фӕкодтой. Радмӕ гӕсгӕ алы фырт дӕр «йӕхи бон» йӕ хӕдзары куывд кодта.

1:6; 2:1 – Иегъовӕйы размӕ бацӕуыны бар кӕмӕн уыд? Иегъовӕйы размӕ чи бацыд, уыдоны ’хсӕн уыдысты Хуыцауы иунӕггуырд Фырт, Дзырд, иузӕрдион зӕдтӕ, йӕ ӕгоммӕгӕс фырттӕ ӕмӕ Сайтан Хӕйрӕг (Иоанны 1:1, 18). Уӕд Сайтан ӕмӕ йӕ хӕйрӕджытӕ уӕлӕрвтӕй сырд нӕма ӕрцыдысты – уыцы хабар ӕрцыд 1914 азы Хуыцауы Паддзахад хицауиуӕг кӕнын куы райдыдта, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр (Раргомад 12:1–12). Иегъовӕ сӕ йӕ размӕ цӕуын кӕй бауагъта, уымӕ гӕсгӕ ӕппӕт зӕдтӕ дӕр фехъуыстой Сайтан цы хахуыр ныхӕстӕ фӕкодта ӕмӕ уый цы дзырддаг фарстытӕ расайдта, уыдон.

1:7; 2:2 – Иегъовӕ Сайтанимӕ комкоммӕ ныхас кодта? Библи бӕлвырд нӕ дзуры, Иегъовӕ йӕ зӕдтимӕ куыд ныхас кӕны, уый тыххӕй. Фӕлӕ пехуымпар Михей цӕстылуайӕны федта, иу зӕд Иегъовӕимӕ комкоммӕ кӕй ныхас кодта (3 Паддзахӕдты 22:14, 19–23). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, Иегъовӕ Сайтанимӕ комкоммӕ ныхас кодта.

1:21 – Иов йӕ «мады гуыбынмӕ» куыд аздӕхтаид? Иегъовӕ Хуыцау адӕймаджы сыджытӕй кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ ам дзырд «мад» ахӕсгӕ хуызы амоны зӕхмӕ (Уӕвынад 2:7).

2:9 – Иовӕн йӕ ус афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, ралгъит Хуыцауы ӕмӕ амӕл? Иовыл цы бӕллӕхтӕ ’рцыд, йӕ усыл дӕр уыцы бӕллӕхтӕ ’рцыдысты. Йӕ зӕрдӕ куыннӕ рыстаид, йӕ саджы фисынтыл амад лӕг ныр тӕригъӕддаг уавӕрмӕ кӕй ӕрхауд ӕмӕ ӕлгъаг низӕй кӕй хъизӕмар кодта, уымӕ кӕсгӕйӕ. Йӕ зӕрдиаг хъӕбултӕ амардысты. Йӕ мастӕй афтӕ уыд, ӕмӕ дзы айрох, ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, уый – сӕ ахастытӕ Хуыцауимӕ.

Зондзонӕн махӕн:

1:8–11; 2:3–5. Иовы хабарӕй куыд зыны, афтӕмӕй Иегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн раст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ дзыхы ныхасӕй уӕлдай хъӕуы раст зӕрдӕйы уаг.

1:21, 22. Хорз рӕстӕджыты дӕр ӕмӕ зын уавӕрты дӕр Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ куы нӕ ивӕм, уӕд уымӕй бӕлвырд кӕнӕм, Сайтан сайӕгой кӕй у (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

2:9, 10. Иовау махӕн дӕр хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар уа, нӕ бинонтӕ нын нӕ динӕн куы нӕ аргъ кӕной, йе ’гъдӕуттӕ нын куы халын кӕной кӕнӕ нын ӕй куы уадзын кӕной, уӕд дӕр.

2:13. Иовы хӕлӕрттӕм уырнындзинад кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йын йӕ зӕрдӕ ницӕмӕй бафидар кодтой ӕмӕ йын Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй хорзӕй ницы загътой.

«МӔ ИУЗӔРДИОНДЗИНАДЫ ФИДАР ЛӔУДЗЫНӔН!»

(Иов 4:1–31:40)

Иовы ӕртӕ хӕлары дзырдтой, зӕгъгӕ, Иов тынг ӕвзӕр хъуыддаг бакодта, ӕмӕ йӕ Хуыцау дӕр афтӕ карзӕй уымӕн ӕфхӕры. Фыццаг ныхас йӕхимӕ райста Елифаз. Уый фӕстӕ дзырдта Вилдад. Уымӕн йӕ ныхас уыд бирӕ карздӕр. Софар та ноджы рӕхуыстдӕр ныхас кодта.

Иов сӕ мӕнг хъуыдытыл не сразы. Хуыцау ӕй уыйбӕрц хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын цӕмӕн бауагъта, уый кӕй не ’мбӕрста, уымӕ гӕсгӕ йӕхи ӕгӕр рӕстытӕ кӕнын райдыдта. Фӕлӕ Хуыцауы уарзта ӕмӕ загъта: «Цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ мӕ иузӕрдиондзинады фидар лӕудзынӕн!» (Иов 27:5).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

7:1; 14:14 – Цы нысан кӕны «тыхбегара» кӕнӕ «цагъайрад»? Иовы хъизӕмӕрттӕ афтӕ уӕззау уыдысты, ӕмӕ цард абарста тыхбегараимӕ. Иовы 10:17 «зындзинад зындзинады фӕдыл», зӕгъгӕ ма раивӕн ис куыд «иу тыхбегара иннӕ тыхбегарайы фӕдыл». Адӕймаг йӕ амӕлӕтӕй йӕ райгасмӕ шеолы кӕй хъуамӕ уа, уый йӕхицӕй кӕнгӕ кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ Иов уыцы рӕстӕг абарста цагъайрадимӕ.

7:9, 10; 10:21; 16:22 – Ацы стихтӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Иовы райгасдзинад нӕ уырныдта? Ам Иов дзырдта, цы йӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй. Уымӕй йӕ цы фӕндыд зӕгъын? Куы амардаид, уӕд ӕй йе ’мдуггӕгтӕй ничиуал федтаид. Уыдон куыд хъуыды кодтой, афтӕмӕй уый нал дӕр йӕ хӕдзармӕ ӕрбаздӕхтаид ӕмӕ, Хуыцау цы ӕмгъуыд скодта, уӕдмӕ йӕ зонгӕ дӕр ничиуал кодтаид. Иов ма уый дӕр зыдтаид, ӕмӕ шеолӕй йӕхигъӕдӕй кӕй ничи рацӕудзӕн. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый Иовы кӕй уырныдта, уый зыны Иовы 14:13–15.

10:10 – Иегъовӕ Иовы куыд «акалдта ӕхсырау» ӕмӕ йӕ куыд «бацахста цыхты хуызӕн»? Ацы ныхӕстӕй рӕсугъд афыстӕуыд, Иов йӕ мады гуыбыны куыд рӕзти, уый.

19:20 – Иовы хъуыдыйы цы уыд, куы загъта, зӕгъгӕ, «ӕз баззадтӕн, мӕ дӕндӕгты алыварс цы царм ис, уыимӕ»? Иов куы загъта, зӕгъгӕ, баззадтӕн, ӕцӕгдӕр царм цӕмӕн нӕй, уый цармимӕ, уӕд ӕй, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд зӕгъын, ӕмӕ кӕд мӕлгӕ нӕ акодта, уӕддӕр ын бынтондӕр кӕй ницы баззад.

Зондзонӕн махӕн:

4:7, 8; 8:5, 6; 11:13–15. Адӕймагыл исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд хъуамӕ уайтагъд афтӕ ма ахъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, цы байтыдта, уый ӕркарста ӕмӕ йӕм Хуыцау фӕфыдӕх.

4:18, 19; 22:2, 3. Нӕ уынаффӕ хъуамӕ бындуриуӕг кӕна нӕхи хъуыдытыл нӕ, фӕлӕ Хуыцауы Ныхасыл (2 Тимофеймӕ 3:16).

10:1. Иовы йӕ маст афтӕ бакуырм кодта, ӕмӕ цӕмӕн хъизӕмар кодта, уымӕн ӕндӕр аххосӕгтӕ нал ардта. Хъизӕмӕрттӕ ӕвзаргӕйӕ мах нӕ мастӕн нӕхи куырм кӕнын хъуамӕ ма бауадзӕм, уӕлдайдӕр та хорз кӕй ӕмбарӕм, уыдон дзырддаг фарстытимӕ баст кӕй сты, уый.

14:7, 13–15; 19:25; 33:24. Сайтан нӕ цыфӕнды фыдӕвзарӕны ма баппара, уӕддӕр нын райгасдзинады ныфс хъару дӕтдзӕн.

16:5; 19:2. Нӕ ныхӕстӕ иннӕты хъуамӕ мӕсты ма кӕной, фӕлӕ сын сӕ ныфсыл ныфс, сӕ хъаруйыл та хъару ӕфтауой (Ӕмбисӕндтӕ 18:21).

22:5–7. Искӕй ӕнӕхъуаджы куы аххосджын кӕной, ӕмӕ йын афтӕмӕй уынаффӕтӕ куы дӕттой, уӕд уыцы уынаффӕтӕ сты ӕнӕпайда ӕмӕ зианхӕссӕг.

27:2; 30:20, 21. Цӕмӕй иузӕрдион уай, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг нӕу, ӕмӕ ӕххӕст уай. Иов Хуыцауы куы ӕфхӕрдта, уӕд раст нӕ уыд.

27:5. Иов иузӕрдионӕй баззадаид ӕви нӕ, уый баст уыд ӕрмӕстдӕр йӕхиуыл ӕмӕ Хуыцауы куыд уарзта, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй Иегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм.

28:1–28. Адӕймаг зоны, зӕххы хӕзнатӕ кӕм сты. Куы сӕ фӕагуры, уӕд йе ’рхъуыдыдзинады фӕрцы зӕххы бынмӕ дӕр ныххизы, иунӕг тугдзых маргъӕн дӕр йӕ бон уынын кӕм нӕу, уырдӕм. Фӕлӕ уӕлейӕ ӕрцӕугӕ зонд та ссарӕн ис, Иегъовӕйы тас дӕм куы уа, ӕрмӕстдӕр уӕд.

29:12–15. Ӕххуысхъуаг чи у, уыдонӕн хъуамӕ не ’нувыд уарзт ма ӕвгъау кӕнӕм.

31:1, 9–28. Иов нын фӕзминаг у, йӕхи хъазӕнфӕлгъауӕнтӕ, хӕтындзинад, иннӕтӕм ӕнӕраст ӕмӕ ӕгъатыр ахаст дарын, мулчы цӕстӕй кӕсын ӕмӕ гуымирытӕн кувынӕй куыд хъахъхъӕдта, уымӕй.

«ФӔСМОН КӔНЫН РЫГ ӔМӔ ФӔНЫЧЫ»

(Иов 32:1–42:17)

Ӕрыгон лӕппулӕг Елиуй ныхӕстӕм сабырӕй фӕхъуыста. Стӕй фидарӕй дзурын райдыдта. Уый зонд бацамыдта Иов ӕмӕ йе ’ртӕ ӕфхӕрӕгӕн.

Елиуй йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Иегъовӕ уадӕй Иовӕн дзуапп радта. Иов цӕмӕн хъизӕмар кӕны, уый йын нӕ бамбарын кодта. Фӕлӕ йӕм Ӕппӕтхъомысджын цалдӕр фарсты радта, ӕмӕ йын бацамыдта йӕ тасӕфтауӕг тых ӕмӕ стыр зондмӕ. Иов сразы, ӕнӕрхъуыдыйӕ кӕй дзырдта, ӕмӕ загъта: «Мӕ ныхӕстӕ фӕстӕмӕ исын ӕмӕ фӕсмон кӕнын рыг ӕмӕ фӕнычы» (Иов 42:6). Иовы хъизӕмӕрттӕ фесты ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй арфӕгонд ӕрцыд.

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

32:1–3 – Кӕд ӕрбацыд Елиуй? Елиуй алкӕй ныхас дӕр кӕй фехъуыста, уымӕ гӕсгӕ сӕм хъуамӕ хӕстӕг бадтаид ӕмӕ цӕугӕ та ӕрбакодтаид, Иов дзурын куы райдыдта ӕмӕ йе ’ртӕ хӕлары хъусӕй цы авд боны дӕргъы бадтысты, уыдон куы фесты, уымӕй раздӕр (Иов 3:1, 2).

34:7 – Иов куыд уыди «хынджылӕг ныхӕстӕ донау чи нуӕзта», ахӕм адӕймаджы хуызӕн? Иов уӕззау уавӕры кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йе ’ртӕ уазӕджы фауӕн ныхӕстӕ йӕхимӕ ӕмбӕрста, кӕд ӕмӕ ӕцӕгӕй та уыдон Хуыцауы ныхмӕ дзырдтой (Иов 42:7). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыцы хынджылӕг ныхӕстӕ ныхъуырдта, дон адджынӕн чи нуазы, ахӕм адӕймагау.

Зондзонӕн махӕн:

32:8, 9. Зонд ӕрмӕст карӕй кӕнгӕ нӕу. Цӕмӕй адӕймаг зондджын уа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбара Хуыцауы Ныхас ӕмӕ сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ архайа.

34:36. Нӕ иузӕрдиондзинад сбӕлвырд вӕййы, исты хъуыддаджы кӕронмӕ фӕлвӕрд куы ӕрцӕуӕм, уӕд.

35:2. Елиуй лӕмбынӕг хъуыста, ӕмӕ цалынмӕ дзурын райдыдта, уӕдмӕ хъуыддаг бӕлвырд бамбӕрста (Иов 10:7; 16:7; 34:5). Чырыстон хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уынаффӕ раттыны размӕ хъуамӕ адӕймагмӕ лӕмбынӕг байхъусой ӕмӕ хабӕрттӕ бӕстон базоной (Ӕмбисӕндтӕ 18:13).

37:14; 38:1–39:30. Иегъовӕйы диссаджы хъуыддӕгтыл, йӕ тых ӕмӕ йӕ зондыл дзурӕг хъуыддӕгтыл хъуыды кӕнгӕйӕ, мах сӕрныллӕгдӕр кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй уынӕм, нӕхи хабӕрттӕй ахсджиагдӕр кӕй у, Дун-дунейы ӕххӕстбарджын Хицау чи у, уый сбӕлвырд кӕнын (Матфейы 6:9, 10).

40:1–4. Ӕппӕтхъомысджыны ныхмӕ нӕ сдзурын куы фӕнда, уӕд хъуамӕ нӕ къух нӕ дзыхыл сӕвӕрӕм.

40:15–41:34. Куыд тыхджын сты бегомот ӕмӕ левиафан (крокодил)! Цӕмӕй Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ фидар уӕм, уый тыххӕй мах дӕр хъӕуы тых. Уыцы тыхӕй нӕ хайджын кӕны ацы хъомысджын цӕрӕгойты Сфӕлдисӕг (Филиппӕгтӕм 4:13).

42:1–6. Иов Иегъовӕйы ныхӕстӕ куы фехъуыста ӕмӕ, йӕ хъару цы хъуыддӕгтӕй бӕрӕг кӕны, уыдӕттӕ йын йӕ зӕрдыл куы ӕрлӕууын кодтой, уӕд ын уый баххуыс кодта, цӕмӕй «Хуыцауы федтаид», ома ӕцӕгдӕр чи у, уый бамбӕрстаид (Иов 19:26). Уый фӕрцы йӕ зондахаст фӕивта. Библимӕ гӕсгӕ нын нӕ рӕдыдмӕ куы бацамоной, уӕд ыл хъуамӕ басӕттӕм, ӕмӕ нӕ фӕивын цы хъӕуа, уый фӕивӕм.

Иовау фӕразон уӕм

Иовы чиныгӕй зыны, адӕмы хъизӕмӕртты Хуыцау кӕй нӕу аххосджын. Аххосджын у Сайтан. Зӕххыл хъизӕмӕрттӕ кӕй ис, уый нын фадат дӕтты, цӕмӕй Иегъовӕйы хицаудзинады фӕдыл ӕмӕ нӕ иузӕрдиондзинады фӕдыл цы дзырддаг фарстытӕ сӕвзӕрд, уыдонӕн дзуапп раттӕм.

Иегъовӕйы чидӕриддӕр уарзы, уыдон иууылдӕр Иовау фӕлвӕрд ӕрцӕудзысты. Иовы хабар нын ныфс дӕтты, махӕн дӕр нӕ бон бафӕразын кӕй у. Уый нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, нӕ зындзинӕдтӕ ӕнустӕм кӕй нӕ уыдзысты. «Сымах фехъуыстат, Иов фӕразон кӕй разынд ӕмӕ йӕ Хицау ӕппынфӕстаг кӕй схорзӕхджын кодта» (Иаковы 5:11, НТ). Иегъовӕ Иовы схорзӕхджын кодта, йӕ зӕрдӕ йыл кӕй не сивта, уый тыххӕй (Иов 42:10–17). Цӕй диссаджы ныфс нын ис – ӕнустӕм цӕрын зӕххыл Дзӕнӕты! Цӕй ӕмӕ мах дӕр Иовау алкӕддӕр Иегъовӕйыл иузӕрдион уӕм (Дзуттытӕм 11:6).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Иовы чиныджы дзырд цӕуы, 140 азӕй фылдӕр рӕстӕджы цы цаутӕ цыд, уыдоныл, н. э. агъоммӕ 1657–1473 азты онг.

[Нывтӕ 16 фарсыл]

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм Иовы фӕразондзинадӕй?