Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разамонӕг советы ног уӕнгтӕ

Разамонӕг советы ног уӕнгтӕ

Разамонӕг советы ног уӕнгтӕ

ӔРТЫЦЦӔДЖЫ райсомӕй 24 августы 2005 азы Иугонд Штатты ӕмӕ Канадӕйы Вефилы бинонтӕ (вӕййы сӕм видеотрансляци) фехъуыстой цымыдисаг ног хабар. 2005 азы 1 сентябрӕй Иегъовӕйы Ӕвдисӕнты Разамонӕг Советы ма лӕггад кӕндзысты ноджыдӕр дыууӕ ӕфсымӕры – Джеффри Джексон ӕмӕ Энтони Моррис.

Ӕфсымӕр Джексон пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта 1971 азы Тасманийы сакъадахыл (Австрали). 1974 азы июны ракуырдта Дженетты (Дженни). Гыццыл фӕстӕдӕр сӕ снысан кодтой сӕрмагонд пионертӕй. 1979 азӕй 2003 азмӕ лӕггад кодтой миссионертӕй Тувалу, Самоа ӕмӕ Фиджийы – Сабыр океаны сакъадахтыл. Уым лӕггадгӕнгӕйӕ ма ӕххуыс кодтой Библийы бындурыл арӕзт литературӕ тӕлмац кӕнынӕн дӕр. 1992 азӕй ӕфсымӕр Джексон лӕггад кодта Самоайы филиалы комитеты, 1996 азӕй та – Фиджийы филиалы комитеты. 2003 азы апрелы йӕ цардӕмбал Дженеттимӕ систы Иугонд Штатты Вефилы бинонтӕй ӕмӕ куыстой тӕлмацгӕнӕн хайады. Гыццыл фӕстӕдӕр ӕфсымӕр Джексонӕн бахӕс кодтой Разамонӕг Советы Ахуыргӕнӕн комитетӕн ӕххуыс кӕнын.

Ӕфсымӕр Моррис дӕр пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта 1971 азы Иугонд Штатты. Уыцы аз декабры ракуырдта Сюзаны ӕмӕ иумӕ цыппар азы лӕггад кодтой пионертӕй, цалынмӕ сӕ фыццаг лӕппу Джесси нӕ райгуырд, уӕдмӕ. Фӕстӕдӕр сын райгуырд дыккаг лӕппу Пол. 1979 азы та ӕфсымӕр Моррис ногӕй ӕххӕстрӕстӕг пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта. Йӕ ус та пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдта, сӕ лӕппутӕ скъоламӕ куы бацыдысты, уӕд. Сӕ бинонтӕ лӕггад кодтой, ӕххуыс тынгдӕр кӕм хъуыд, уым – Род-Айленды ӕмӕ Цӕгат Каролинӕйы (АИШ). Цӕгат Каролинӕйы ӕфсымӕр Моррис уыди районон цӕстдарӕджы хӕдивӕг, йӕ лӕппутӕ та уыдысты ӕххӕстрӕстӕг пионертӕ. Джесси ӕмӕ Полыл нудӕсгай азтӕ куы цыд, уӕд сӕ фӕхуыдтой Иугонд Штатты филиалмӕ. Уыцы рӕстӕг ӕфсымӕр Моррис райдыдта районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Уый фӕстӕ сӕ 2002 азы фӕхуыдтой Вефилмӕ ӕмӕ 1 августы райдыдтой сӕ ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕфсымӕр Моррис куыста лӕггады хайады Паттерсоны ӕмӕ фӕстӕдӕр та ӕххуыс кодта Разамонӕг Советы Лӕггады комитеты.

Уыдонӕй уӕлдай ма Разамонӕг Советы сты К. Барбер, Дж. Барр, С. Херд, С. Летт, Г. Леш, Т. Ярач, Г. Пирс, А. Шредер, Д. Сплейн, Д. Сидлик. Иууылдӕр сты сӕрст чырыстӕттӕ.