Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Иегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Псаломты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

Псаломты чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ – 1 хай

ПСАЛОМТӔ. Уымӕй хуыздӕр ном цы хъуамӕ уа, не Сфӕлдисӕг Иегъовӕ Хуыцауы чи кадджын кӕны, уыцы чиныгӕн? Псаломтӕ кӕнӕ Кады чиныгӕй Библийы стырдӕр чиныг нӕй. Ис дзы аив ӕвзагӕй фыст зарджытӕ, Хуыцауы рӕсугъд миниуджытӕ ӕмӕ стыр хъуыддӕгты тыххӕй. Ис ма дзы бирӕ пехуымпарӕдтӕ дӕр. Ацы зарджытӕй бирӕтӕ ӕвдисынц, чи сӕ ныффыста, уыдон-иу бӕллӕхы бахаугӕйӕ цы ӕнкъардтой, уый. Ацы псаломты дзырд цӕуы мин азы бӕрц цы хабӕрттӕ цыд, уыдоныл – пехуымпар Моисейы бонтӕй, израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕды замантӕм. Фыстой сӕ Моисей, паддзах Давид ӕмӕ ӕндӕртӕ. Псаломты чиныг ныр куыд арӕзт у, афтӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, скодта сауджын Ездрӕ.

Рагзамантӕй Псаломтӕ дихгонд цӕуынц фондз хицӕн хайыл кӕнӕ зарджыты къордыл: 1) Псалом 1–40; 2) Псалом 41–71; 3) Псалом 72–88; 4) Псалом 89–105 ӕмӕ 5Псалом 106–150. Ацы статьяйы ӕркӕсдзыстӕм фыццаг хаймӕ. Фыццаг хайы ӕртӕ псаломӕй фӕстӕмӕ, иннӕтӕ ныффысста рагон Израилы паддзах Давид. 1, 9 ӕмӕ 32 псаломты фыссӕг бӕрӕг нӕу.

«МӔ ХУЫЦАУ,– МӔ КЪӔДЗӔХ»

(Псалом 1:1–23:10)

Фыццаг псалом дзуры, Иегъовӕйы закъон ӕххӕст кӕнын ӕхсызгон кӕмӕн у, ахӕм амондджын адӕймаджы тыххӕй. Дыккагӕн та йӕ сӕйраг хъуыды у Хуыцауы Паддзахад *. Хуыцаумӕ зӕрдӕбын куывдтытӕ ӕппӕты фылдӕр ис Псаломты ацы хайы. Зӕгъӕм, 3–5, 7, 11, 12 ӕмӕ 16 псаломты фыссӕг лӕгъстӕ кӕны йе знӕгтӕй фервӕзыны тыххӕй. 8 псалом дзуры, Иегъовӕйы тых ӕмӕ кадимӕ абаргӕйӕ, адӕймаг кӕй ницы у.

Иегъовӕ йӕ адӕмы Хъахъхъӕнӕг кӕй у, уый тыххӕй Давид зарыд: «Мӕ Хуыцау,– мӕ къӕдзӕх; Ууыл ӕз ӕнхъӕлцау дӕн» (Псалом 17:3). 18 псалом Иегъовӕйы кадджын кӕны, Сфӕлдисӕг ӕмӕ Закъонӕвӕрӕг кӕй у, уый тыххӕй, 19 псалом – Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у ӕмӕ 20 псалом – сӕрст Паддзахы Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у, уый тыххӕй. 22 псалом Иегъовӕйы ӕвдисы Стыр Фыййауӕй, 23 псалом та – кадджын Паддзахӕй.

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

2:1, 2 – Адӕмы фӕндты «дзӕгъӕлы» цы у? «Дзӕгъӕлы» у, адӕмы хицауӕдтӕ сӕ бартӕ сӕхимӕ куыд баззайой, ӕдзух ууыл кӕй архайынц, уый. Сӕ фӕндтӕ дзӕгъӕлы уымӕн сты, ӕмӕ сын дзы ницы рауайдзӕн. Адӕмтӕ ӕнтыстджын уыдзысты, уымӕй сӕ ныфс куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ «Хицауы ныхмӕ ӕмӕ Йӕ Байсӕрсты ныхмӕ» сты?

2:7 (МГТ) – «Хуыцауы уынаффӕ» цы у? Уыцы уынаффӕ у, Иегъовӕ йӕ уарзон Фырт Йесо Чырыстиимӕ цы бадзырд сарӕзта, уый – Паддзахады тыххӕй бадзырд (Лукайы 22:28, 29).

2:12 (НД) – Адӕмты хицӕутты бон куыд у «апъа кӕнын Фыртӕн»? Библи куы фыстой, уыцы заманты апъа кӕнын дзурӕг уыд хӕлардзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинадыл. Афтӕмӕй-иу фысым уазӕгӕн «ӕгасцуай» загъта. Зӕххы паддзӕхтӕ хъуамӕ апъа кӕной Фыртӕн – Паддзах-Мессийӕйыл ӕй банымайой.

3:разныхас – иуӕй-иу псаломты разныхӕстӕ цӕмӕн ис? Разныхасӕй бӕрӕг у, псалом чи фыста, уый, ӕмӕ/кӕнӕ бӕрӕг кӕны, цы уавӕрты фыст ӕрцыд, уый. Зӕгъӕм, 3 псаломы куыд у, афтӕ. Разныхас ма ӕмбарын кӕны, псалом цӕмӕн ныффыстой (4 ӕмӕ 5 псаломтӕ), стӕй дзы лӕвӕрд ис амындтӕ зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ цӕгъдджытӕн (6 псалом).

10:3 – Цавӕр бындуртӕ ӕрцыдысты хӕлд? Уыцы бындуртӕ сты, адӕмы царды цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон – закъон, ӕгъдау ӕмӕ рӕстдзинад. Уыцы уагӕвӕрдтӕ хӕлд куы ’рцӕуынц, уӕд растдзинад ссарӕн нал вӕййы. Ахӕм уавӕрты рӕстгӕнӕг хъуамӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дара Хуыцауыл (Псалом 10:4–7).

20:4 – Цы нысан кӕны «кады худ сыгъдӕг сызгъӕринӕй»? Ам бӕлвырд дзырд нӕ цӕуы, ӕнӕуи худ уыди ӕви амыдта, Давидӕн йӕ бирӕ уӕлахизтӕ цы стыр кад ӕрхастой, уымӕ. Фӕлӕ ма ацы стихӕн ис пехуымпарадон нысан дӕр –1914 азы Йесо Иегъовӕйӕ райста паддзахдзинады кады худ. Кады худ сызгъӕринӕй конд кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ хицаудзинад ӕппӕты хуыздӕр у.

21:1, 2 – Давидмӕ афтӕ цӕмӕн каст, ӕмӕ йӕ Иегъовӕ ныууагъта? Давиды йе знӕгтӕ тынг кӕй хъыгдӕрдтой, уымӕ гӕсгӕ йӕм афтӕ каст, цыма «йӕ зӕрдӕ сси, куыд мыдадз, стадис йӕ хуылфыдзауматы ӕхсӕн» (Псалом 21:15). Йӕхи афтӕ хатыд, цыма йӕ Иегъовӕ ныууагъта. Йесойы куы байтыгътой, уӕд уый дӕр афтӕ хъуыды кодта (Матфейы 27:46). Давиды ныхӕстӕй зыны, адӕймаг зын уавӕрты куы бахауы, уӕд йӕхи куыд фенкъары, уый. Фӕлӕ Псалом 21:17–22 бӕрӕг у, уӕддӕр Давид Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ кӕй нӕ сивта.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:1. Иегъовӕйы чи нӕ уарзы, ахӕм адӕмӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

1:2. Иу бон дӕр ныл хъуамӕ афтӕ ма ацӕуа, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ма хъуыды кӕнӕм (Матфейы 4:4).

4:5. Куы рамӕсты вӕййӕм, уӕд зондыл дзурӕг уыдзӕн, не ’взагыл хӕцын куы фӕразӕм, цӕмӕй, фӕсмон цӕуыл фӕкӕнӕм, ахӕмӕй мацы зӕгъӕм (Ефесӕгтӕм 4:26).

4:6. Ӕцӕгады фӕндагыл цы нывӕндтӕ хӕссӕм, уыдон «рӕстдзинады нывӕндтӕ» ӕрмӕст уӕд уыдзысты, сыгъдӕгзӕрдӕйӕ сӕ куы хӕссӕм ӕмӕ не ’гъдау Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы уа.

6:6. Хуыцауы кадджын кӕнынӕн цӕрай, уымӕй хуыздӕр цы хъуамӕ уа? (Псалом 113:25).

9:13. Тугныккалды аххосджын чи у, уыдонӕй Иегъовӕ дзуапп ӕрдомы, фӕлӕ нӕ рох кӕны «ӕфхӕрдтыты дзыназын» дӕр.

14:2, 3; 23:3–5. Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ хъуамӕ дзурой раст цы у, уый ӕмӕ сӕхи хизой мӕнг сомытӕй, стӕй искӕй фыдгой кӕнынӕй.

14:4. Мах хъуамӕ цыфӕнды амалӕй дӕр архайӕм нӕ ныхас сӕххӕст кӕныныл, кӕд нын уый тынг зын уа, уӕддӕр, ӕрмӕст цы дзырд радтам, уый Библийы ныхмӕ ма уӕд.

14:5. Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕхцауарзаг ма уӕм.

16:14, 15. Ацы «дунейы адӕмӕн» сӕйрагдӕр у хъӕздыгдзинад, бинонты кой кӕнын ӕмӕ сын бынтӕ ныууадзын. Давидӕн та царды сӕйрагдӕр уыд Хуыцауы раз хорз ном скӕнын, цӕмӕй йын кастаид йӕ цӕсгоммӕ, ома йын йӕ хорзӕх ссардтаид. Давид куы «райхъал» уыдаид, куы бамбӕрстаид Иегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтӕ ӕмӕ ныфсӕвӕрдтӕ, уӕд зӕрдӕрухс уыдаид Йӕ «хуызӕй», ома цин кодтаид, Иегъовӕ йемӕ кӕй уыд, ууыл. Давидау махӕн дӕр царды мидӕг Хуыцауы хъуыддӕгтӕ ахсджиагдӕр хъуамӕ ма уой?

18:1–7. Кӕд Хуыцауы кадджын кӕны, дзурын ӕмӕ хъуыды кӕнынхъом чи нӕу, уыцы сфӕлдыстад, уӕд адӕймаг та – йӕ бон хъуыды кӕнын ӕмӕ дзурын кӕмӕн у – цас фылдӕр хъуамӕ кадджын кӕна Хуыцауы?! (Раргомад 4:11).

18:8–12. Цас пайда нын хӕссынц Иегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ!

18:13, 14. Рӕдыдтытӕ ӕмӕ сӕрбӕрзонддзинад сты, нӕхи нӕ хизын кӕмӕй хъӕуы, ахӕм тӕригъӕдтӕ.

18:15. Цы аразӕм, ӕрмӕст ууыл хъуамӕ ма тыхсӕм, фӕлӕ цы дзурӕм ӕмӕ цӕуыл хъуыды кӕнӕм, ууыл дӕр.

«МӔ ИУЗӔРДИОНДЗИНАДЫ ТЫХХӔЙ ДЫ БАХЪАХЪХЪӔДТАЙ МӔН»

(Псалом 24:1–40:14)

Ацы хайы фыццаг дыууӕ псаломы Давид равдыста, зӕрдиагӕй ӕмӕ йӕ фӕндфидарӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй Хуыцауыл иузӕрдион уа, уый. «Ӕз та цӕуын ме ’наиппдзинады» (Псалом 25:11). Давид йӕ тӕригъӕдты тыххӕй хатыр кӕм куры, уыцы куывды загъта: «Ӕз куы нӕ дзырдтон, зӕронд кодтой ме стджытӕ мӕ алыбоны хъӕрзынӕй» (Псалом 31:3). Иегъовӕйыл иузӕрдион чи у, уыдонӕн та Давид ныфс ӕвӕры: «Хицауы цӕстытӕ здӕхт сты рӕстгӕнджытӕм, ӕмӕ Йӕ хъустӕ сӕ – дзыназынмӕ» (Псалом 33:16).

Цы диссаджы уынаффӕ уыд 36 псалом израилӕгтӕн ӕмӕ махӕн дӕр, ацы дунейы фӕстаг бонты чи цӕры, уыдонӕн! (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Псалом 39:8, 9 фыст ис Йесо Чырыстийы тыххӕй пехуымпарад: «Мӕнӕ цӕуын; чиныджы тыхты фыст ис мӕн тыххӕй: „Мӕн фӕнды сӕххӕст кӕнын Дӕу фӕндон, мӕ Хуыцау, ӕмӕ Дӕ закъон ис мӕ зӕрдӕйы“». 40 псалом ӕвдисы, Давид Вирсавиимӕ куы фӕрӕдыд, уый фӕстӕ йыл цы уӕззау азтӕ скодта, уыцы рӕстӕг Иегъовӕйӕ ӕххуыс куыд куырдта. Давид зарыд: «Мӕ иузӕрдиондзинады тыххӕй ды бахъахъхъӕдтай мӕн» (Псалом 41:12 [40:13], НД).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

25:6 – Махӕн дӕр нӕ бон куыд у Давидау Иегъовӕйы нывондхӕссӕны алыварс «зилын»? Нывондхӕссӕн ӕвдисы, Йесо Чырысти адӕмы тыххӕй цы ӕлхӕнӕг нывонд бафыста, уый Иегъовӕ кӕй райста (Дзуттытӕм 8:5; 10:5–10). Мах Иегъовӕйы нывондхӕссӕны алыварс уыцы хуызы зилӕм, ӕмӕ уыцы нывондыл ӕууӕндӕм.

28:3–9 – Иегъовӕйы хъӕлӕс, тас чи ’фтауы, ахӕм арвнӕрыны хуызӕн кӕй у, уый цы нысан кӕны? Уый ӕвдисы Иегъовӕйы ӕгӕрон тых!

30:24 – Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕмӕн уӕлдайджынтӕй куыд фиды? Ам фиды нысан кӕны ӕфхӕрын. Рӕстгӕнджытӕ ӕнӕрхъуыдыйӕ куы фӕрӕдийынц, уӕд сын Иегъовӕ фиды, ома сӕ хорзӕхджын кӕны, зондамындтӕ сын кӕй дӕтты, уымӕй. Сӕрбӕрзонд адӕм та сӕ фыдхъуыддӕгтӕ кӕй нӕ ныууадзынц, уый тыххӕй сын Иегъовӕ фиды – тынг карзӕй сӕ бафхӕры (Ӕмбисӕндтӕ 11:31; 1 Петры 4:18).

32:6 – Цы у «уд» кӕнӕ «комытӕф» Иегъовӕйы дзыхы? Уыцы уд у Хуыцауы архайгӕ тых, кӕнӕ йӕ сыгъдӕг уд. Уый руаджы сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ (Уӕвынад 1:1, 2). Хуыцауы комытӕф уый тыххӕй хуыйны, ӕмӕ дзы йӕ бон у дардмӕ дӕр цыдӕр хъуыддӕгтӕ аразын.

34:19 – Куыд ӕмбаргӕ у, Давид кӕй лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын Хуыцау йе знӕгты ма уадза цӕстӕй ныкъулын? Цӕст ныкъуылдтытӕ ууыл дзурӕг уыдаиккой, ӕмӕ йе знӕгтӕ цин кодтаиккой, йӕ ныхмӕ сӕ фыдвӕндтӕ кӕй фӕрӕстмӕ сты, ууыл. Давид лӕгъстӕ кодта Иегъовӕйӕн, цӕмӕй сӕ фӕндтӕ ма сӕххӕст уыдаиккой.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

25:4. Мах зондджын уыдзыстӕм, нӕхи куы хизӕм: Интернеты сайтты йе ’цӕг цӕсгом чи ӕмбӕхсы; скъолӕйы, йе та куысты, йӕхи не ’мбалӕй чи ӕвдисы, ӕнӕуи та хинӕйдзаг чи у; раст динӕй чи аздӕхт, ӕмӕ йӕхи афтӕ чи дары, цыма ныл зӕрдиагӕй тыхсы; чырыстоны ном хӕсгӕйӕ, сусӕгӕй ацы дунейы цардӕй чи цӕры, ахӕмтӕй.

25:7, 12; 34:18; 39:10. Мах хъуамӕ Иегъовӕйы кадджын кӕнӕм чырыстон ӕмбырдты.

25:8; 26:4. Чырыстон фембӕлдтӕм цӕуын уарзӕм?

25:11. Давид куы дзырдта, фидарӕй кӕй сфӕнд кодта Хуыцауыл иузӕрдион уа, уый, уӕд ма куырдта ирвӕзындзинад дӕр. Махӕн дӕр нӕ бон у ӕмӕ иузӕрдион уӕм, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр.

28:10. Иегъовӕ «доны хъаймӕты сӕрмӕ» кӕй бады, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ тыхыл йӕ бар цӕуы.

29:5. Иегъовӕйы сӕйраг миниуӕг у уарзондзинад, мӕсты кӕнын нӕ, фӕлӕ.

31:9НД. Иегъовӕйы нӕ фӕнды, хӕргӕфс кӕнӕ хӕрӕг, идон кӕнӕ ехсы руаджы коммӕгӕс куыд вӕййынц, афтӕ коммӕгӕс ын ма уӕм, фӕлӕ нӕхи кӕй фӕнды ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕмбарӕм, уый тыххӕй.

32:17–19. Адӕймаджы конд организацитӕй иу дӕр, цыфӕнды хъомысджын ма уа, уӕддӕр ирвӕзындзинад не ’рхӕсдзӕн. Мах хъуамӕ нӕ ныфс дарӕм Иегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл.

33:11. Цы диссаджы зӕрдӕвӕрд у, Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ царды фыццаг бынаты кӕмӕн сты, уыдонӕн!

38:1, 2. Не ’муырнджытӕн зиан чи ӕрхӕсса, не знӕгтӕ ахӕм хабӕрттӕ куы фӕагурынц, уӕд мах зондджын разындзыстӕм, нӕхиуыл хӕцын куы зонӕм ӕмӕ куы ницы дзурӕм.

39:1–3. Иегъовӕйыл нӕ зӕрдӕ кӕй дарӕм, уый нын баххуыс кӕндзӕн, нӕхимӕ куы ныхъхъусӕм, уыцы рӕстӕг, цыма нӕ «хъуына цъыфдзастӕй» сласта, афтӕ.

39:6, 13. Цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлӕм ӕмӕ нӕм цасфӕнды хъӕндзинӕдтӕ ма уа, уӕддӕр нӕ нӕ басӕтдзысты, нӕ зӕрдыл куы дарӕм нӕ арфӕдзинӕдтӕ фылдӕр кӕй сты, уый.

Арфӕгонд у Иегъовӕ

Уӕдӕ Псаломты чиныджы фыццаг хайы 40 псаломы удӕнцойхӕссӕг ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн куыннӕ сты! Исты хъизӕмӕрттӕ ӕви зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм, кӕнӕ нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл худа, уӕддӕр нӕ бон у, ацы псаломтӕй хъарутӕ ӕмӕ ныфс исын (Дзуттытӕм 4:12). Ацы псаломтӕ нын амонынц царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг. Цал хатты дзы сӕмбӕлдыстӕм уыцы хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, цыфӕнды зындзинӕдтыл ма ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ Иегъовӕ нӕ ныууадздзӕн.

Псаломты фыццаг хай фӕци ахӕм ныхӕстӕй: «Арфӕгонд у Хицау, Израилы Хуыцау, ӕнусӕй ӕнусмӕ! Аминь, аминь!» (Псалом 40:14). Ацы псаломтӕм куы ӕркастыстӕм, уӕд нӕ тынгдӕр нӕ бафӕндыд Иегъовӕйӕн арфӕ кӕнын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын?

3:3, ПП — Что такое «села́»? Обычно этим словом обозначалась пауза, предназначенная для раздумья во время исполнения песни под аккомпанемент или без него. Пауза делалась для того, чтобы подчеркнуть смысл псалма или усилить его эмоциональную сторону. При чтении псалмов вслух это слово произносить не нужно.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. 2 псалом фыццаг хатт сӕххӕст Давиды бонты.

[Хицӕнгонд текст 9 фарсыл]

Кӕд Хуыцауы кадджын кӕны, дзурын ӕмӕ хъуыды кӕнынхъом чи нӕу, уыцы сфӕлдыстад, уӕд ӕй адӕймаг та цас фылдӕр хъуамӕ кадджын кӕна?!

[Ныв 7 фарсыл]

40 псаломӕн сӕ фылдӕр ныффыста Давид

[Ныв 8 фарсыл]

Зоныс, Иегъовӕ Стыр Фыййауӕй ӕвдыст кӕм цӕуы, уыцы псалом?

[Ныв 10 фарсыл]

Иу бон дӕр ныл хъуамӕ афтӕ ма ацӕуа, ӕмӕ Хуыцауы хъуыддӕгтыл ма хъуыды кӕнӕм

[Ныв барлӕвӕрдӕй 7 фарсыл]

Стъалытӕ: Courtesy United States Naval Observatory

[Ныв барлӕвӕрдӕй 9 фарсыл]

Стъалытӕ 8 ӕмӕ 9 фӕрстыл: Courtesy United States Naval Observatory

[Ныв барлӕвӕрдӕй 10 фарсыл]

Стъалытӕ: Courtesy United States Naval Observatory