Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ цардӕмбалы кӕй уарзыс ӕмӕ йӕ кӕй нымайыс, уый дӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд

Дӕ цардӕмбалы кӕй уарзыс ӕмӕ йӕ кӕй нымайыс, уый дӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд

Дӕ цардӕмбалы кӕй уарзыс ӕмӕ йӕ кӕй нымайыс, уый дӕ ныхасӕй бӕрӕг уӕд

«Сымахӕй дӕр алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (ЕФЕСӔГТӔМ 5:33, НД).

1, 2. Бинонтӕ кӕмӕн ис, уыдон сӕхимӕ цавӕр фарст хъуамӕ раттой ӕмӕ цӕмӕн?

ЗӔГЪӔМ дын чидӕр цыдӕр балӕвар кодта. Цы рӕсугъд гӕххӕтты тыхт у, ууыл фыст ис: «Арӕхсгӕ йӕм ӕвнал». Уыцы лӕваримӕ куыд архайдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хъавгӕйӕ. Цы зӕгъӕн ис ахӕм лӕварӕй та, куыд ӕмкъайад?

2 Израилаг идӕдз ус Ноемин дыууӕ ӕрыгон сылгоймагӕн Орфӕ ӕмӕ Руфӕн загъта: «Хуыцау уын ахӕм арфӕ ракӕнӕд, ӕмӕ уӕ алчидӕр ног мойы хӕдзары куыд ӕрбынатон уа» (Руф 1:3–9, «Мах дуг» № 12, 1999). Хорз усы тыххӕй Библи дзуры: «Хӕдзар ӕмӕ хъӕздыгдзинад фыдӕлтӕй баззайынц, ӕмбаргӕ ус та Иегъовӕйӕ у» (Ӕмбисӕндтӕ 19:14). Кӕд дын бинонтӕ ис, уӕд хъуамӕ де ’мкъайы нымайай Хуыцауӕй ратгӕ лӕварыл. Хуыцау дын цы лӕвар скодта, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

3. Цавӕр уынаффӕ радта Павел лӕгтӕ ӕмӕ устытӕн?

3 Апостол Павел фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм фыста: «Фӕлӕ сымахӕй дӕр алчи, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы дӕр. Ус та хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33, НД). Ӕркӕсӕм, лӕгтӕ ӕмӕ устытӕн кӕрӕдзиимӕ ныхас кӕнгӕйӕ сӕ бон куыд у ацы уынаффӕйӕ пайда кӕнын.

Уӕхи хизут «ӕнӕбауромгӕ фыддзинадӕй»

4. Ӕвзагӕн цавӕр тых ис?

4 Иаков фыста, зӕгъгӕ, ӕвзаг у «ӕнӕбауромгӕ фыддзинад» ӕмӕ «дзаг у мӕлӕтхӕссӕг маргӕй» (Иаковы 3:8). Иаков ӕмбӕрста: бауромӕн кӕмӕн нӕй, уыцы ӕвзаг бӕллӕхмӕ кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый хорз зыдта, ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕ «карды цӕфимӕ» барст кӕм цӕуынц, уыцы ӕмбисонд Фыстадӕй. Фӕлӕ ма уым дарддӕр фыст ис: «Зондджын адӕймаджы ӕвзаг та дзӕбӕх кӕны» (Ӕмбисӕндтӕ 12:18). Уӕдӕ ныхӕстӕн ис стыр тых. Ис сӕ зӕрдӕ скъахӕн дӕр ӕмӕ зӕрдӕ ссарӕн дӕр. Дӕ ныхӕстӕ дӕ цардӕмбалыл куыд фӕзынынц? Уымӕй йӕ куы бафӕрсис, уӕд дын цы зӕгъид?

5, 6. Иуӕй-иутӕн се ’взаг уромын зын цӕмӕн у?

5 Кӕд кӕрӕдзийӕн ӕфхӕрӕн ныхас кӕнут, уӕддӕр уӕ бон у уӕ уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын. Фӕлӕ уый тыххӕй бафыдӕбон кӕнын хъӕудзӕн. Цӕмӕн? Иу уымӕн, ӕмӕ нӕ хъӕуы не ’нӕххӕстдзинадимӕ тох кӕнын. Нӕ туджы цы тӕригъӕд рахастам, уый ӕвзӕрырдӕм зыны, нӕ кӕрӕдзийӕ цы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ нӕ кӕрӕдзиимӕ куыд ныхас кӕнӕм, ууыл. «Ныхасӕй тӕригъӕд чи нӕ ракӕны, уый у алцӕмӕй дӕр ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон у йе ’ппӕт буары рохтыл хӕцын дӕр» (Иаковы 3:2, НТ).

6 Адӕймаг куыд ныхас кӕны, ууыл ма йе ’нӕххӕстдзинадӕй уӕлдай тынг фӕзыны, цы бинонты ’хсӕн схъомыл, уый дӕр. Иуӕй-иутӕн сӕ ныййарджытӕ уыдысты зындзырд, ӕгъатыр ӕмӕ хиуыл хӕцын нӕ зыдтой (2 Тимофеймӕ 3:1–3). Ахӕм бинонтӕй чи рацӕуы, уыцы сывӕллӕттӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд уыдон дӕр арӕх сӕхи афтӕ фӕдарынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, адӕймаг ӕфхӕрӕн ныхас кӕй кӕны, уый хъуамӕ ӕнӕххӕстдзинады ӕфсон дӕр ма кӕна ӕмӕ цы уавӕрты схъомыл, уый ӕфсон дӕр. Фӕлӕ уыцы хъуыддӕгтӕ нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд ӕмбардзыстӕм, иуӕй-иутӕн ӕфхӕрӕн ныхас кӕнынӕй сӕхи уромын тынг зын цӕмӕн у.

Макӕй фыдкой кӕнут

7. Петры цы зӕгъын фӕндыд, чырыстӕтты куы бафӕдзӕхста, цӕмӕй «макӕй фыдкой кӕной», уӕд?

7 Лӕг ӕмӕ ус ӕфхӕрӕн ныхас цӕйфӕнды аххосӕй ма кӕной, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕрӕдзи нӕ уарзынц, сӕ кӕрӕдзийӕн нӕ аргъ кӕнынц. Уӕдӕ Петр чырыстӕтты дзӕгъӕлы нӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй «макӕй фыдкой кӕной» (1 Петры 2:1, НД). «Фыдкой кӕнын»-ӕй цы грекъаг дзырд ратӕлмац кодтой, уый нысан кӕны «ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кӕнын». Уым ис ахӕм хъуыды, зӕгъгӕ, «искӕй ныхӕстӕй рӕхойын». Куыд хорз ӕвдисынц ацы ныхӕстӕ, ӕнӕбауромгӕ ӕвзаг иннӕтӕн цы зиан хӕссы, уый!

8, 9. Ӕфхӕрӕн ныхас цӕмӕ ’ркӕны ӕмӕ дзы лӕг ӕмӕ ус сӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизой?

8 Ӕфхӕрӕн ныхас чи кӕны, уымӕ уый, гӕнӕн ис, ӕвзӕр ма кӕса. Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм, лӕг кӕнӕ ус ахӕм ныхас куы фӕкӕны, уӕд цы ’рцӕуы. Адӕймаг йӕ цардӕмбалы ӕдылы, магуса кӕнӕ хиуарзон куы хона, уӕд ыл уымӕй ахӕм гакк ӕвӕры, цыма йӕм хорзӕй ӕппындӕр ницы ис – цӕсты йӕ ’фтауы! Уый тынг ӕгъатыр ми у. Ӕмӕ исчи йӕ цардӕмбалы хъӕндзинӕдтӕ куы ныддиссаг кӕны, уӕд та? Ӕгӕр ӕй нӕ фӕкарз кӕны, куы фӕзӕгъы, зӕгъӕм: «Ды афоныл никуы вӕййыс» кӕнӕ «Никуы мӕм байхъусыс». Ахӕм ныхӕстӕм иннӕ дӕр йӕ ныхмӕ дзурын райдайы. Уый та, гӕнӕн ис, карз быцӕумӕ дӕр ахиза (Иаковы 3:5).

9 Ӕфхӕрӕн ныхӕсты аххосӕй лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзийы нал фембарынц, ӕмӕ ма уый, гӕнӕн ис, ӕвзӕр фӕстиуджытӕм дӕр ӕркӕна. Ӕмбисӕндты 25:24 фыст ис: «Загъдгӕнаг усимӕ иу хӕдзары цӕрыны бӕсты, фӕлтау цары къуымы цӕр». Афтӕ зӕгъӕн ис загъдгӕнаг лӕгӕй дӕр. Рӕхойӕн ныхӕсты аххосӕй, гӕнӕн ис, ӕмӕ лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзимӕ уазал цӕстӕй кӕсын райдайой, ӕмӕ сӕ исчи афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдайа, йӕ цардӕмбал ӕй кӕй нӕ уарзы, кӕнӕ та суанг уарзыны аккаг дӕр кӕй нӕу. Уӕдӕ бӕрӕг у, ӕвзаг уромын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Фӕлӕ уымӕн куыд ис гӕнӕн?

Де ’взаджы рохтыл хӕцын зон

10. Ӕвзаджы рохтыл хӕцын афтӕ ахсджиаг цӕмӕн у?

10 «Ӕвзаджы... йӕ дӕлбар бакӕнын адӕмӕй никӕмӕн ӕнтысы»,– фыст ис Иаковы 3:8 (НТ). Фӕлӕ барӕг бӕхы рохтыл куыд фӕхӕцы ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куыд фездахы, афтӕ мах дӕр хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм не ’взаджы рохтыл хӕцын. «Кӕд исчи йӕхи Хуыцауӕн кувӕг адӕймагыл нымайы, йе ’взаджы рохтыл та нӕ хӕцы, уӕд йӕхи сайы, ӕмӕ ахӕмӕн йӕ дин ницы у» (Иаковы 1:26, НД; 3:2, 3). Ацы ныхӕстӕ ӕвдисынц, де ’взагӕй куыд пайда кӕныс, уый хуымӕтӕг хъуыддаг кӕй нӕу. Уымӕй аразгӕ у дӕ цард дӕ цардӕмбалимӕ, ӕмӕ канд уый нӕ, фӕлӕ ма дӕ хӕлардзинад Иегъовӕ Хуыцауимӕ (1 Петры 3:7).

11. Цы бакӕнӕн ис, цӕмӕй хъуыддагӕй стыр быцӕу ма рауайа?

11 Хорз уаид, дӕ хъус куы ’рдарис, де ’мкъаимӕ куыд ныхас кӕныс, уымӕ. Хъуыддаг хылмӕ куы цӕуа, уӕд ныхас ӕндӕр истӕмӕ аздах. Ӕркӕсӕм-ма, Исахъ ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕ цы уавӕры бахаудтой, уымӕ. Уыцы хабар фыст ис Райдианы 27:46–28:4. «Ревеккӕ загъта Исахъӕн: „Хетты чызджытӕй мын мӕ цард царды ад нал кӕны. Иаков дӕр ма йӕхицӕн Хетты чызджытӕй ус куы ’ркӕна, мӕнӕ адоны хуызӕн, ацы зӕхбӕстӕйы чызджытӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?“». Ам кой дӕр нӕй, зӕгъгӕ йын Исахъ дзуапп тызмӕгӕй радта. Уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ фырт Иаковы дӕр арвыста, цӕмӕй ӕрхастаид, Хуыцауӕй чи тарст ӕмӕ Ревеккӕйӕн маст чи нӕ кодтаид, ахӕм ус. Зӕгъӕм, лӕг ӕмӕ ус цавӕрдӕр хъуыддаджы кӕрӕдзи нӕ бамбӕрстой. Цӕмӕй дзы стыр быцӕу ма рауайа, уый тыххӕй ныхас арӕхстгай хъӕуы ӕндӕрырдӕм аздахын ӕмӕ «ды, ды» кӕныны бӕсты дзурын «ӕз». Цӕвиттон, афтӕ дзурыны бӕсты, зӕгъгӕ дын мӕнӕн рӕстӕг никуы вӕййы, хуыздӕр нӕ уаид зӕгъын: «Мӕн фӕнды, цӕмӕй иумӕ фылдӕр рӕстӕг ӕрвитӕм»? Дӕ цардӕмбалы кой ма кӕн, фӕлӕ хъуыддаг ӕцӕгдӕр цӕй мидӕг ис, уый кой. Раст чи у ӕмӕ зылын чи у, уый раиртасыныл ма архай. «Тырндзыстӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ нын кӕрӕдзийы фидар кӕнынӕн ахъаз цы у, уымӕ»,– дзырдӕуы Ромӕгтӕм 14:19 (НТ).

Ныууадзут «фыдӕх, маст, знӕт»

12. Цӕмӕй не ’взагыл нӕ бар цӕуа, уый тыххӕй нӕ кувын цӕй тыххӕй хъӕуы ӕмӕ цӕмӕн?

12 Ӕвзаг уромын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ цы дзурӕм, ууыл хъуыды кӕнӕм. Раст зӕгъгӕйӕ, цы дзурӕм, уый дзыхӕй нӕ цӕуы, фӕлӕ зӕрдӕйӕ. Йесо загъта: «Хорз адӕймаг йӕ зӕрдӕйы хорз хӕзнадонӕй рахӕссы хорздзинад, ӕвзӕр адӕймаг та йӕ зӕрдӕйы ӕвзӕр хӕзнадонӕй рахӕссы ӕвзӕрдзинад; уымӕн ӕмӕ зӕрдӕйы дзагӕй дзуры дзых» (Лукайы 6:45). Уӕдӕ цӕмӕй, цы дзурыс, ууыл дӕ бар цӕуа, уый тыххӕй дӕ, чи зоны, Давидау кувын дӕр хъӕуа: «Сыгъдӕг зӕрдӕ скӕн мӕн мидӕг, Хуыцау, ӕмӕ рӕстады уд сног кӕн мӕ хуылфы» (Псалом 50:12).

13. Фыдӕх, маст ӕмӕ знӕт ӕфхӕрӕн ныхӕстӕм куыд асайынц?

13 Павел ефесӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй сӕхи ӕрмӕст ӕфхӕрӕн ныхӕстӕй ма хызтаиккой, фӕлӕ тох кодтаиккой, цы ӕнкъарӕнтӕй цыдысты, уыдоны ныхмӕ дӕр. Мӕнӕ йӕ ныхӕстӕ: «Фыдӕх, маст, знӕт, хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхас ӕмӕ ӕвзӕрдзинадӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр ныууадзут» (Ефесӕгтӕм 4:31, НД). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел фыццаг кӕй загъта «фыдӕх, маст ӕмӕ знӕты» тыххӕй ӕмӕ уый фӕстӕ та – «хъӕр-хъӕлӕба, ӕфхӕрӕн ныхасы» тыххӕй. Адӕймагӕн йӕ маст йӕхимидӕг куы фыца, уӕд тӕссаг у, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дзурынмӕ куы фемӕхса. Ахъуыды ма кӕн ахӕм фарстытыл: «Мӕ зӕрдӕйы маст ӕмӕ фыдӕхӕн бынат ис? Мӕстыгӕр дӕн?» (Ӕмбисӕндтӕ 29:22). Кӕд ахӕм дӕ, уӕд кув Хуыцаумӕ, цӕмӕй де ’нкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа, дӕхиуыл хӕцай ӕмӕ-иу дӕ маст макӕуыл калай. Псалом 4:5 дзуры: «Мӕсты кӕнгӕйӕ тӕригъӕд ма кӕнут; ахъуыды кӕнут уӕ зӕрдӕты, уӕ хуыссӕнты, ӕмӕ рӕвдыд уыдзыстут [«мацы сдзурут», НД]». Дӕ маст кӕй фыцы, уый куы бамбарай, ӕмӕ дӕ бон дӕхи бауромын нал бауыдзӕн, уымӕй куы тӕрсай, уӕд бакӕн, Ӕмбисӕндты 17:14 куыд фыст ис, афтӕ: «Хылӕн йӕ хуыздӕр хос – ма йӕ райдай» («Мах дуг» № 12, 1999). Ныууадз уыцы ныхас ӕмӕ йӕ кой дӕр мауал скӕн, цалынмӕ дӕ маст не ссӕуа, уӕдмӕ.

14. Лӕг ӕмӕ ус мӕсты куы фӕкӕнынц, уӕд уый сӕ цардыл куыд фӕзыны?

14 Адӕймаг ма смӕсты уа ӕмӕ ма сызнӕт уа, уый ӕнцон нӕу, уӕлдайдӕр та уыцы адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйы, Павел «фыдӕх» кӕй схуыдта, ахӕм ӕнкъарӕн куы уа, уӕд. Павел цы грекъаг дзырдӕй спайда кодта, уый амоны, «бафидауын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм мӕстыгӕр зӕрдӕйы уаг» ӕмӕ, «рӕдыдтытӕ чи нымайы, ахӕм фыдӕх зӕрдӕ». Иуӕй-иу хатт лӕг ӕмӕ усы ’хсӕн хӕрамдзинад мигъау ныббады ӕмӕ хатт бирӕ рӕстӕг кӕрӕдзиимӕ рӕстмӕ дӕр нал вӕййынц. Сӕ маст сӕ зӕрдӕтӕй куы нӕ фӕсурой, уӕд кӕрӕдзимӕ уазал цӕстӕй кӕсын дӕр райдайдзысты. Фӕлӕ кӕддӕры рӕдыдтыты тыххӕй мӕсты кӕнын ницы пайда у. Цы ’рцыд, уый фӕстӕмӕ нал раздахдзынӕ. Цы рӕдыд ныххатыр кодтай, уый хъуамӕ ферох кӕнай. Уарзондзинад, «ӕвзӕрӕй йын чи цы ракодта, уый нӕ нымайы» (1 Коринфӕгтӕм 13:4, 5, НД).

15. Схуыст ныхас кӕнын чи сахуыр, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ ныхасыхъӕд аивой?

15 Зӕгъӕм, схъомыл дӕ, схуыст ныхас кӕм кодтой, ахӕм бинонты ’хсӕн ӕмӕ ды дӕр афтӕ сахуыр дӕ, уӕд та? Уӕд дӕр хъуыддаг къухауигъинаг нӕу. Ныридӕгӕн дӕр ды цӕмӕйдӕрты дӕхицӕн загътай, нал сӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ сӕ, ӕвӕццӕгӕн, кӕнгӕ дӕр нал бакӕндзынӕ. Фӕлӕ дзырд дӕ дзыхыныхасыл куы цӕуа, уӕд дӕхицӕн арӕн кӕм сӕвӕрдзынӕ? Цалынмӕ дӕ ӕфхӕрӕн ныхас не схаудта, уӕдмӕ дӕхиуыл фӕхӕцдзынӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Ефесӕгтӕм 4:29 цы арӕны кой ис, уымӕй нӕ ахиздзынӕ: «Мацы ӕмбыд ныхас цӕуӕд уӕ дзыхӕй». Уый тыххӕй хъуамӕ дӕ «зӕронд адӕймаджы удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзай ӕмӕ дӕ удыхъӕд ногмӕ раивай – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы, чи йӕ сфӕлдыста, уый удыхъӕдмӕ гӕсгӕ» (Колоссӕгтӕм 3:9, 10, НД).

Ӕнӕ «ӕргом ныхасӕй» гӕнӕн нӕй

16. Мадзуратӕ кӕнын бинонты цардӕн зиан цӕмӕн хӕссы?

16 Лӕг ӕмӕ ус кӕрӕдзимӕ мадзуратӕ куы кӕной, уӕд уымӕй ницы пайда уыдзӕн, чи зоны, ӕмӕ ма сын зиан дӕр ӕрхӕсса. Адӕймаг арӕх афтӕ йӕ цардӕмбалы бафхӕрыны тыххӕй нӕ фӕкӕны, фӕлӕ мӕсты кӕй вӕййы кӕнӕ йӕ зӕрдӕмӕ кӕй ныхъхъусы, уый тыххӕй. Фӕлӕ уӕддӕр мадзуратӕ кӕнын лӕг ӕмӕ усы кӕрӕдзийӕ дард кӕны, хъуыддаг та баззайы, куыд уыд, афтӕмӕй. Мӕнӕ цы дзуры иу сылгоймаг: «Мӕ лӕгимӕ ӕппынфӕстаг кӕрӕдзимӕ куы сдзурӕм, уӕд дӕр, хабар цӕй мидӕг уыд, ууыл нал аныхас кӕнӕм».

17. Чырыстон лӕг ӕмӕ усӕн кӕрӕдзи ӕмбарын зын куы уа, уӕд сӕ цы бакӕнын хъӕуы?

17 Лӕг ӕмӕ ус бирӕ рӕстӕджы дӕргъы ӕдзух куы быцӕу кӕной, уӕд уыцы хъуыддагӕй фервӕзын афтӕ ӕнцон нӕ уыдзӕн. Ӕмбисӕндты 15:22 фыст ис: «Ӕргом ныхас кӕм нӕй, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты, фӕлӕ бирӕ уынаффӕгӕнджытимӕ та ӕнтыстджын уыдзысты». Хъуамӕ дӕ цардӕмбалимӕ ӕрбадат ӕмӕ, хъуыддаг цӕй мидӕг ис, ууыл аныхас кӕнат. Куыдфӕнды ма уа, уӕддӕр ӕм лӕмбынӕг байхъус. Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕ бон не суыдзӕн, уӕд хорз уаид чырыстон ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕм бацӕуын. Уыдон хорз зонынц Фыстад ӕмӕ арӕхстджынӕй пайда кӕнынц, цы уагӕвӕрдтӕ дзы ис, уыдонӕй. Уыцы нӕлгоймӕгтӕ сты «дымгӕйӕ ӕмбӕхсӕн агъуысты ӕмӕ тӕрккъӕвдайӕ бааууонгӕнӕн бынаты хуызӕн» (Исай 32:2).

Дӕ бон у, ӕмӕ фӕуӕлахиз уай

18. Ромӕгтӕм 7:18–23 цавӕр тохы кой цӕуы?

18 Ӕвзаджы рохтыл хӕцын зын хъуыддаг у. Зын ма у хъус дарын, цы аразӕм, уымӕ дӕр. Апостол Павел цӕимӕ тох кодта, уый тыххӕй ныффыста: «Зонын, кӕй нӕ цӕры мӕнмӕ, ома мӕ буары хорздзинад; уымӕн ӕмӕ хорз ракӕныны фӕндон ис мӕнмӕ, фӕлӕ йӕ цӕмӕй бакӕнон, уый нӕ арын. Хорздзинад, кӕцы мӕ фӕнды, нӕ кӕнын, фыддзинад та, кӕцы мӕ нӕ фӕнды, кӕнын. Кӕд ӕмӕ кӕнын уый, цы мӕ фӕнды, уӕд уый ӕз нӕ кӕнын, фӕлӕ мӕн мидӕг цӕрӕг тӕригъӕд». «Не уӕнгты тӕригъӕды закъон» кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ арӕх раст нӕ фӕпайда кӕнӕм не ’взагӕй дӕр ӕмӕ нӕ иннӕ уӕнгтӕй дӕр (Ромӕгтӕм 7:18–23). Фӕлӕ нӕ хъӕуы тох кӕнын. Ӕмӕ Хуыцауы ӕххуысӕй уыцы тохы фӕуӕлахиз уыдзыстӕм.

19, 20. Йесойы цӕвиттон лӕгтӕ ӕмӕ устытӕн се ’взаджы рохтыл хӕцынӕн куыд ӕххуыс кӕны?

19 Кӕрӕдзи чи уарзы ӕмӕ кӕрӕдзийӕн чи аргъ кӕны, уыцы лӕг ӕмӕ ус ӕнӕрхъуыды, схуыст ныхас никуы кӕндзысты. Уыцы хъуыддаджы Йесо Чырысти цы цӕвиттон ныууагъта, ууыл ма ахъуыды кӕнӕм. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дзы ӕфхӕрӕн ныхас никуы фехъуыстой. Суанг ма йӕ мӕлӕты размӕ ӕхсӕв куы фӕбыцӕу сты, чи нӕ уӕлдӕр у, зӕгъгӕ, уӕд дӕр сӕм Хуыцауы Фырт хыл нӕ кодта (Лукайы 22:24–27). «Лӕгтӕ,– фӕдзӕхсы Библи,– уарзут уӕ устыты, Чырысти дӕр ӕмбырд куыд бауарзта ӕмӕ йӕхи йӕ сӕрвӕлтау куыд радта, афтӕ» (Ефесӕгтӕм 5:25, НД).

20 Цы зӕгъӕн ис усӕй та? Уый «хъуамӕ йӕ лӕджы нымайа» (Ефесӕгтӕм 5:33, НД). Йӕ лӕджы чи нымайы, уыцы ус, мыййаг, йӕ лӕгыл хъӕртӕ кӕндзӕн, ӕфхӕрдзӕн ӕй? «Фӕнды мӕ ноджы, цӕмӕй сымах зонат, алы лӕгӕн дӕр сӕр кӕй у Чырысти,– фыста Павел,– усӕн сӕр – йӕ лӕг, Чырыстийы сӕр та – Хуыцау» (1 Коринфӕгтӕм 11:3). Ус хъуамӕ йӕ сӕрыхицауы коммӕ кӕса, Чырысти Хуыцауы коммӕ куыд кӕсы, афтӕ (Колоссӕгтӕм 3:18). Ӕнӕххӕст адӕмӕй Йесойы кӕронмӕ йӕ бон фӕзмын никӕмӕн у. Фӕлӕ уӕддӕр лӕгтӕ ӕмӕ устытӕ «йӕ къахфӕдтыл цӕуын» куы архайой, уӕд се ’взагыл фӕуӕлахиз уыдзысты (1 Петры 2:21).

Цы базыдтай?

• Лӕг ӕмӕ усӕн «ӕнӕбауромгӕ ӕвзаг» цы зиан ӕрхӕсдзӕн?

• Ӕвзаджы рохтыл хӕцын зын цӕмӕн у?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, цы дзурӕм, ууыл нӕ бар цӕуа?

• Дӕ цардӕмбалимӕ уӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарат, уӕд цы хъуамӕ саразат?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]