Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад

Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад

Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад

«Ӕз, Йегъовӕ, уарзын рӕстдзинад» (ИСАЙ 61:8).

1, 2. а) Кӕй ис схонӕн рӕстаг ӕмӕ кӕмӕй ис зӕгъӕн, рӕстдзинад ӕм нӕй, зӕгъгӕ? ӕ) Цы зӕгъы Библи Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ рӕстдзинады тыххӕй?

РӔСТАГ кӕй ис схонӕн? Чи никӕй хъулон кӕны, ӕнӕзӕрдӕхудт чи у, ӕгъдау ӕмӕ рӕстдзинадыл хӕст чи у, ахӕмы. Мӕнгард, фыдзӕрдӕ чи у, адӕммӕ хъулон цӕстӕй чи кӕсы, ӕнаххосӕй сӕ чи ӕфхӕры, уымӕ та рӕстдзинад нӕй.

2 Иу-3 500 азы размӕ Моисей Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕйы тыххӕй ныффыста: «Йӕ фӕндӕгтӕ иууылдӕр раст сты. Хуыцау ӕнувыд у, хӕрамӕй йӕм ницы ис» (Дыккаг закъон 32:4). Уымӕй авд ӕнусы фӕстӕдӕр Хуыцау Исайӕн ныффыссын кодта ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз, Йегъовӕ, уарзын рӕстдзинад» (Исай 61:8). Нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы Павел та загъта: «Хуыцау раст нӕ кӕны? Уымӕн гӕнӕн нӕй!» (Ромӕгтӕм 9:14). Стӕй ма Петр дӕр загъта: «Хуыцау... никӕй хъулон кӕны, фӕлӕ дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр ын адджын у» (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35). Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ «уарзы рӕстдзинад» (Псалом 36:28; Малахи 3:6).

Рӕстдзинад нал ис

3. Зӕххыл ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ куыд райдыдтой?

3 Абоны дуне рӕстдзинады дуне схонӕн нӕй. Куысты уа, скъолайы уа, хицӕуттӕм исты хъуыддаджы фӕдыл бацӕуӕм ӕви ӕндӕр искуы уӕм, ӕгӕрыстӕмӕй ма бинонты ’хсӕн дӕр – кӕмфӕнды дӕр нӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ исчи бафхӕра. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хабар ӕрмӕст абон нӕу афтӕ. Адӕмы ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ райдыдтой Адам ӕмӕ Евӕйӕ. Уыдон байхъуыстой, Сайтан Хӕйрӕг чи сси, уыцы змӕнтӕг зӕды зондмӕ ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты, йӕ закъон ын фехӕлдтой. Дзырд дӕр ыл нӕй, Адам ӕмӕ Евӕ, стӕй Сайтан дӕр раст нӕ бакодтой, Йегъовӕ сын цы сӕрибардзинад радта, уымӕн кӕй не саргъ кодтой. Гъемӕ уый тыххӕй абон ӕппӕт адӕм дӕр хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ мӕлынц (Райдиан 3:1–6; Ромӕгтӕм 5:12; Дзуттӕгтӕм 2:14).

4. Цас рӕстӕг нӕй зӕххыл рӕстдзинад?

4 Ныр 6 000 азы дӕргъы, Едемы цӕхӕрадоны адӕм Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ, зӕххыл рӕстдзинад нал ис. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа, кӕд ӕмӕ ацы дунейы хуыцау Сайтан у? (2 Коринфӕгтӕм 4:4). Сайтан у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд, уый у Йегъовӕйы фыдгойгӕнӕг ӕмӕ йе знаг (Иоанны 8:44). Ӕдзухдӕр кодта ӕмӕ кӕны ӕвирхъау ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ. Цӕвиттон, Нойы рӕстӕджы, Доны хъаймӕты размӕ зӕххыл цы уавӕр уыдис, уый иуӕй Сайтаны аххосӕй уыд ахӕм. Уӕд Хуыцау загъта: «Зӕххыл адӕм бынысӕфт... фесты ӕмӕ сӕ зӕрдӕйы хъуыдытӕ иууылдӕр... сты ӕрмӕстдӕр ӕвзӕрдзинадыл» (Райдиан 6:5). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд дӕр уавӕр ахӕм уыд. Уый загъта: «Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ фаг сты», ома, адӕмы сагъӕсы чи ӕфтауы, уыцы хъуыддӕгтӕ, зӕгъӕм, рӕстдзинад кӕй нӕй, уый (Матфейы 6:34). Куыд раст сты Библийы фыст ныхӕстӕ: «Хуыцауы сконд дуне ӕгасӕй дӕр тухӕнӕй... мӕлы ӕмӕ... удхар кӕны абоны онг дӕр» (Ромӕгтӕм 8:22).

5. Рӕстдзинадыл дзургӕйӕ, цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ уавӕр абонӕй ӕвзӕрдӕр никуы уыд?

5 Уӕдӕ адӕм зӕххыл кӕдӕй цӕрынц, уӕдӕй фӕстӕмӕ ис фыддзинад ӕмӕ уый аххосӕй та – ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ. Фӕлӕ уавӕр абонӕй ӕвзӕрдӕр никуыма уыд. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ дӕсазты размӕ райдыдтой ацы ӕнӕхуыцау дунейы «фӕстаг бонтӕ», йӕ кӕрон у ӕввахс, ӕмӕ ныр у «тынг уӕззау рӕстӕг». Библийы раджы ӕрцыд фыст, «фӕстаг бонты» адӕм кӕй уыдзысты «хиуарзон, ӕхцауарзаг, хъал, сӕрбӕрзонд, Хуыцауы фаудзысты... хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зондзысты, уыдзысты мӕнгард, бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал уыдзӕн, уыдзысты зындзырд, иннӕты фыдкой кӕндзысты, хиуыл хӕцын нӕ зондзысты, уыдзысты ӕгъатыр, хорздзинад нӕ уарздзысты, кӕрӕдзийыл гадзрахатӕй цӕудзысты, уыдзысты хивӕнд, сӕ сӕр бӕрзӕндты хӕсдзысты» (2 Тимофеймӕ 3:1–5). Адӕм ахӕм кӕй систы, уый аххосӕй цӕуы алыхуызон ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ.

6, 7. Цавӕр ӕвирхъау ӕнӕраст хабӕрттӕ цӕуы абон?

6 Фӕстаг сӕдӕ азы цас ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ ’рцыд, уыйас никуы. Иу уый, ӕмӕ уыцы азты дӕргъы уыд ӕппӕты карздӕр ӕмӕ стырдӕр хӕстытӕ. Зӕгъӕм, иуӕй-иу историктӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ӕрмӕст Дыккаг дунеон хӕсты фӕмард 50–60 милуан адӕймаджы, ӕмӕ сӕ фылдӕр уыдысты хуымӕтӕг адӕм – ӕнаххос нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Уыцы хӕсты фӕстӕ ноджы фылдӕр адӕм фӕмард ӕндӕр алыхуызон хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты, ӕмӕ та сӕ фылдӕр ӕнӕуи адӕм уыдысты. Ахӕм ӕнӕраст хъуыддӕгтыл адӕмы ардауы Сайтан, уымӕн ӕмӕ йӕ зоны, тагъд ӕй Йегъовӕ кӕй фесафдзӕн, ӕмӕ у тынг мӕсты. Библи уый тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Хӕйрӕг [уӕм] ныццыд тынг мӕстыйӕ,– зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (Раргомад 12:12).

7 Ӕгас дунейы алы аз дӕр хӕсты хъуыддӕгтыл ацӕуы триллион доллӕры бӕрц. Сӕдӕгай милуантӕн та, цӕрынӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ цы у, уый дӕр нӕй. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, цӕй стыр пайда ӕрхӕссиккой уыцы ӕхцатӕ, хорз хъуыддӕгтыл сӕ куы хардз кӕниккой, уӕд. Миллиардмӕ ’ввахс адӕмӕн арӕх, цы бахӕрой, уый нӕ вӕййы, ӕмӕ иннӕтӕн та алцыдӕр парахатӕй ис. Иугонд Нациты организаци куыд хъусын кӕны, уымӕ гӕсгӕ алы аз дӕр 5 милуан сывӕллоны амӕлы, хӕринагхъуаг кӕй ӕййафынц, уый аххосӕй. Кӕм ис рӕстдзинад?! Кӕнӕ-ма ахъуыды кӕн: ӕппӕт дунейы алы аз дӕр скӕнынц 40–60 милуан аборты – уал ӕнаххос уды амарынц! Ӕвирхъау ӕнӕраст хъуыддаг!

8. Зӕххыл ӕцӕг рӕстдзинад сфидар кӕнын йӕ бон кӕмӕн у?

8 Абон хицӕуттӕн сӕ бон нӕу адӕмы сӕ бирӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕнын, ӕмӕ сын фидӕны дӕр уавӕр фӕхуыздӕр кӕнын нӕ бантысдзӕн. Хуыцауы Ныхасы нӕ рӕстӕджы тыххӕй фыст уыд, зӕгъгӕ, «ӕвзӕр адӕм ӕмӕ цӕстфӕлдахджытӕ та кӕндзысты фыддӕрӕй-фыддӕр – иннӕты дӕр зыгъуыммӕ зондыл ардаудзысты, ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр зыгъуыммӕ зондыл цӕудзысты» (2 Тимофеймӕ 3:13). Ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ афтӕ сарӕх сты, ӕмӕ сын адӕмӕн сӕ бон кӕрон скӕнын нӕу. Ӕрмӕстдӕр рӕстдзинады Хуыцауӕн у йӕ бон уый саразын. Ӕрмӕст уымӕн у йӕ бон Сайтаны, дӕлимонты ӕмӕ ӕвзӕр адӕмы аиуварс кӕнын (Йереми 10:23, 24).

Адӕмы сагъӕс бамбарӕн ис

9, 10. Асафы зӕрдӕ йӕ лӕггадӕй цӕуылнӕуал рухс кодта?

9 Раджы заман суанг Библи фысджытӕй дӕр чидӕртӕ не ’мбӕрстой, Хуыцау адӕмы хъуыддӕгтӕм цӕуылнӕ ’ркӕсы ӕмӕ зӕххыл рӕстдзинад цӕуылнӕ ’рӕвӕры. Ӕркӕсӕм рагзамантӕй иу лӕджы хабармӕ. 72 псаломы разныхасы фыст ис ном Асаф. Уый уыд, ӕвӕццӕгӕн, паддзах Давиды рӕстӕджы чи цард, уыцы зындгонд зарӕггӕнӕг-левит йӕхӕдӕг, кӕнӕ та, йӕ хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыцы зарӕггӕнджыты къорд. Асаф ӕмӕ йӕ цот ныффыстой, Хуыцауы кадӕн кӕй зарыдысты, бирӕ ахӕм зарджытӕ. Фӕлӕ иу рӕстӕджы ацы псалом ныффыссӕгӕн йӕ лӕггадӕй йӕ зӕрдӕ нал рухс кодта. Фыдгӕнджытӕ куыд хъӕздыг цардысты, уый уынгӕйӕ ахъуыды кодта, зӕгъгӕ, уыдон ӕппындӕр ницӕуыл мӕт кӕнынц ӕмӕ сын се ’взӕр хъуыддӕгтӕ тайынц.

10 Асафы псаломы кӕсӕм: «Ӕз бахӕлӕг кодтон ӕнӕзӕндтӕм, уынгӕйӕ ӕнӕрӕстыты хорз царды бонтӕ. Уымӕн ӕмӕ уыдонӕн нӕй зындзинад сӕ амӕлӕты онг, ӕмӕ сӕ тыхтӕ фидар сты. Адӕймаджы куысты не сты уыдон, ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ цӕфтӕм нӕ хауынц» (Псалом 72:2–8). Фӕлӕ фӕстӕдӕр Асаф бамбӕрста, раст кӕй нӕ хъуыды кодта (Псалом 72:15, 16). Псаломзарӕггӕнӕг архайдта йӕ зондахаст сарст кӕныныл, фӕлӕ уӕддӕр кӕронмӕ не ’мбӕрста, фыдгӕнджытӕ сӕ фыдхъуыддӕгты тыххӕй ӕфхӕрд цӕуылнӕ ’ййафынц, рӕстгӕнджытӕ та хъизӕмар цӕмӕн кӕнынц, уый.

11. Цы бамбӕрста псаломзарӕггӕнӕг Асаф?

11 Ӕппынфӕстаг ацы иузӕрдион лӕг бамбӕрста, Йегъовӕ фыдгӕнджыты кӕй бафхӕрдзӕн ӕмӕ рӕстдзинад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн (Псалом 72:17–19). Давид фыста: «Дӕ ныфс дар Йегъовӕйыл ӕмӕ йын йӕ фӕндагыл цу. Уый дӕ сбӕрзонд кӕндзӕн, ӕмӕ зӕхх дӕхи бакӕндзынӕ. Ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куыд цагъды кӕндзысты, уый фендзынӕ» (Псалом 37:9, 11, 34, НД [36:9, 11, 34]).

12. а) Цы бакӕндзӕн Йегъовӕ фыддзинад ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн? ӕ) Цы хъуыды кӕныс, Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн, уый тыххӕй?

12 Дзырд дӕр ыл нӕй, йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ ӕппӕт фыддзинад ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн. Ӕмӕ уый хъуамӕ ма рох кӕной суанг иузӕрдион чырыстӕттӕ дӕр. Йегъовӕ фесафдзӕн, йӕ фӕндоны ныхмӕ чи цӕуы, уыдоны, йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ чи цӕры, уыдоны та схорзӕхджын кӕндзӕн. «Йӕ цӕст уынаг у. Лӕмбынӕг кӕсы адӕммӕ. Йегъовӕ лӕмбынӕг кӕсы рӕстгӕнӕгмӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгмӕ дӕр. Тыхми чидӕриддӕр уарзы, уый йын ӕнӕуынон у. Алы ран сын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдзӕн, зынг ӕмӕ сыл сондон къӕвдайау ныккалдзӕн ӕмӕ сыл судзгӕ дымгӕ рауадздзӕн... Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ у рӕстаг ӕмӕ уарзы раст хъуыддӕгтӕ» (Псалом 11:4–7, НД [10:4–7]).

Ног дуне – рӕстдзинады дуне

13, 14. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн, ӕмӕ ног дунейы рӕстдзинад уыдзӕн?

13 Йегъовӕ Сайтаны ӕнӕраст дуне куы фесафа, уӕд зӕххыл скӕндзӕн диссаджы ног дуне. Уыцы дунейы адӕмӕн разамынд дӕтдзӕн Хуыцауы уӕларвон паддзахад – Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы паддзахады тыххӕй амыдта кувын, уыцы паддзахад. Фыддзинад ӕмӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн, ӕмӕ ралӕудзӕн рӕстдзинады дуг. Уӕд кӕронмӕ сӕххӕст уыдзысты ацы куывды ныхӕстӕ: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:10).

14 Библи нын дзуры, зӕххыл цавӕр хицаудзинад уыдзӕн, уый тыххӕй – уый у, ӕппӕт рӕстзӕрдӕ адӕм дӕр цы хицаудзинадмӕ бӕллынц, уыцы хицаудзинад. Уӕд кӕронмӕ сӕххӕст уыдзысты псаломы фыст ныхӕстӕ дӕр: «Райгом кӕныс [Йегъовӕ Хуыцау] Дӕ къух, ӕмӕ ӕфсадыс цӕрджыты се ’ппӕты сӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Псалом 144:16, МГТ). Уымӕй уӕлдай ма Исайы 32:1 ис фыст: «Мӕнӕ, паддзах [Йесо Чырысти уӕлӕрвтӕй] паддзахиуӕг кӕндзӕн рӕстӕй ӕмӕ кънйӕзтӕ [Чырыстийы минӕвӕрттӕ зӕххыл] хицауиуӕг кӕндзысты рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ». Паддзах Йесо Чырыстийы тыххӕй Исайы 9:7 фыст ис: «Йӕ паддзахдзинад ӕмӕ сабырдзинадӕн кӕрон нӕ уыдзӕн Давиды паддзахбадӕныл ӕмӕ йӕ паддзахады. Сфидар уыдзӕн закъон ӕмӕ рӕстдзинадӕй ныр дӕр ӕмӕ ӕнусӕй-ӕнустӕм дӕр. Ӕфсӕдты Хуыцау Йегъовӕ уый бакӕндзӕн, ӕнувыд кӕй у, уымӕ гӕсгӕ». Дӕ бон дӕ цӕстытыл ауайын кӕнын у, уыцы рӕстаг паддзахады дӕлбар куыд цӕрдзынӕ, уый?

15. Цы сараздзӕн Йегъовӕ адӕмы тыххӕй ног дунейы?

15 Хуыцауы ног дунейы нӕ никуыуал бахъӕудзӕн Екклесиастау зӕгъын: «Ногӕй та ахъуыды кодтон, хуры бын цы ӕфхӕрд ис, ууыл, ӕмӕ мӕнӕ, ӕфхӕрд адӕмы цӕссыгтӕ, барӕвдауӕг та сӕ нӕ уыд. Бартӕ уыдысты се ’фхӕрджыты къухы, ӕмӕ сӕ барӕвдауӕг нӕ уыд» (Екклесиаст 4:1). Махӕн не ’нӕххӕст зондӕй зын у бамбарын, куыд диссаг уыдзӕн уыцы ног дуне. Ӕвзӕрдзинад нал уыдзӕн, алы бон дӕр нын циндзинад хӕсдзӕн. Адӕмӕн сӕ цард зын цы кӕны, маст сын цы хӕссы, уыдӕттӕ иууылдӕр Йегъовӕ аиуварс кӕндзӕн – мах ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ. Гъе уымӕн ныффыссын кодта Йегъовӕ Хуыцау апостол Петрӕн: «Фӕлӕ мах, зӕрдӕ нын куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13).

16. «Ног арв» ныр дӕр куыд ис ӕмӕ «ног зӕххӕн» абон бындур ӕвӕрд куыд цӕуы?

16 «Ног арв», ома, Чырысти паддзах кӕм у, уыцы уӕларвон хицауад, ныр дӕр ис. «Ног зӕххӕн» йӕ бындур чи уыдзӕн, ома, зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыцы рӕстзӕрдӕ адӕм дӕр ацы фӕстаг бонты ӕмбырдгонд цӕуынц. Ныр сӕ нымӕц у 7 милуанмӕ ’ввахс ӕмӕ сын 235 бӕстӕйы ис 100 мин ӕмбырды бӕрц. Уыдон се ’ппӕт дӕр ахуыр кӕнынц Йегъовӕйы раст фӕндӕгтыл цӕуын, ӕмӕ сӕ уый фӕрцы ӕгас дунейы дӕр иу кӕнынц чырыстон уарзондзинады фидар тӕгтӕ. Ахӕм иудзинад ӕндӕр никуы никӕцы адӕммӕ уыд. Сайтаны зондыл чи цӕуы, уыдон, ахӕм иудзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уыцы уарзондзинад ӕмӕ иудзинад уынгӕйӕ адӕймаг ӕмбары, Хуыцауы ног, рӕстдзинады дунейы цард куыд диссаг уыдзӕн, уый (Исай 2:2–4; Иоанны 13:34, 35; Колоссӕгтӕм 3:14).

Сайтанӕн йӕ хъуыддагӕй ницы рауайдзӕн

17. Сайтан фӕстаг хатт Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ куы рацӕуа, уӕд йӕ хъуыддагӕй цӕуылнӕ исты рауайдзӕн?

17 Тагъд Сайтан ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕ рацӕудзысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ, цӕмӕй сӕ фесафой (Иезекил 38:14–23). Ацы хабар ӕрцӕудзӕн уыцы рӕстӕг, Йесо афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, «уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыд, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матфейы 24:21). Цымӕ Сайтанӕн йӕ хъуыддагӕй исты рауайдзӕн? Ницы. Хуыцауы Ныхас нын зӕрдӕ ӕвӕры: «[Йегъовӕ] уарзы рӕстдзинад, ӕмӕ нӕ рох кӕны йӕ сыгъдӕджыты; ӕнустӕм хъахъхъӕд уыдзысты уыдон; ӕмӕ ӕнӕрӕстыты цот уыдзӕн цагъд. Рӕстгӕнджытӕ зӕхх сӕхи бакӕндзысты ӕмӕ цӕрдзысты ууыл ӕнустӕм» (Псалом 36:28, 29).

18. а) Куыд бакӕндзӕн Хуыцау, Сайтан ын йӕ адӕмыл йӕхи куы ныццӕва, уӕд? ӕ) Рӕстдзинад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый тыххӕй Библи цы зӕгъы, уымӕ ӕркӕсын хорз цӕмӕн у?

18 Сайтан ӕмӕ йӕ фарс чи у, уыдон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл сӕхи ныццӕвдзысты, фӕлӕ уый уыдзӕн фӕстаг хатт. Йегъовӕ Захарийы уылты загъта: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый мӕ цӕсты гагуымӕ ӕвналы» (Захари 2:8). Уый афтӕ уайы, цыма исчи йе ’нгуылдз Йегъовӕйы цӕсты тъыссы. Йегъовӕ фӕстӕ нал фӕкӕндзӕн ӕмӕ фыдгӕнджыты бафхӕрдзӕн. Зӕххыл Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты хуызӕн уарзӕгой, кӕрӕдзийыл ӕнувыд, сабыр ӕмӕ закъонӕн коммӕгӕс адӕм нӕй. Ӕмӕ уыдоны ныхмӕ исчи рацӕуа, уымӕй ӕнӕрастдӕр ми цы хъуамӕ уа? Рӕстдзинад чи уарзы, уыцы Хуыцау ахӕм хъуыддаг нӕ бабыхсдзӕн. Уый рахӕцдзӕн йӕ адӕмы сӕрыл ӕмӕ сын се знӕгты фесафдзӕн. Иунӕг ӕцӕг Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны, уыдон фервӕздзысты. Рӕстдзинад фӕуӕлахиз уыдзӕн. Цӕй диссаджы хабӕрттӕ нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы тагъд рӕстӕджы! (Ӕмбисӕндтӕ 2:21, 22).

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Дунейы рӕстдзинад цӕуылнӕуал ис?

• Йегъовӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕн кӕрон куыд скӕндзӕн?

• Рӕстдзинад кӕй фӕуӕлахиз уыдзӕн, уый тыххӕй цы базыдтай, уымӕй дын дӕ зӕрдӕ цы бацагайдта?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 9 фарсыл]

Доны хъаймӕты размӕ зӕхх фыддзинадӕй байдзаг. Ацы «фӕстаг бонты» дӕр у афтӕ

[Ныв 10, 11 фарсыл]

Хуыцауы ног дунейы фыддзинад нал уыдзӕн, ӕмӕ ралӕудзӕн рӕстдзинады дуг