Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Кӕсджыты фарстытӕ

Йесо Чырыстийы ныхӕстӕ, ме ’ууӕнкджын цагъар «зондджын» уыдзӕн, зӕгъгӕ, цы нысан кӕнынц?

Йесо фарст радта: «Чи у уыцы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакодта, цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта?» (Матфейы 24:45). Уырнындзинад фидаргӕнӕн «хӕринаг» чи дӕтты, уыцы «цагъар» ӕвдисы сӕрст чырыстӕтты. Цымӕ йӕ Йесо зондджын цӕмӕн схуыдта? *

Дзырд «зондджын» цы нысан кӕны, уый хуыздӕр бамбардзыстӕм, Йесо цы амыдта, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд. Зӕгъӕм, Йесо «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» кой куы кодта, уӕд радзырдта фӕсномыг ныхас, сиахсы ӕрбацыдмӕ чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы дӕс чызджы тыххӕй. Ацы чызджытӕ нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, 1914 азы размӕ сиахсмӕ, Йесо Чырыстимӕ, зӕрдиагӕй чи ӕнхъӕлмӕ каст, уыцы сӕрст чырыстӕтты. Сиахс куы ӕрбацыд, уӕд дӕс чызгӕй фондзмӕ фаг сой нӕ разынд, ӕмӕ уый тыххӕй чындзӕхсӕвмӕ нӕ бахаудысты. Иннӕ фондз та разындысты зондджын. Уыдон семӕ райстой фаг сой, ӕмӕ сиахс куы ӕрбацыд, уӕд сӕ цырӕгътӕ сыгъдысты, ӕмӕ сӕ чындзӕхсӕвмӕ бауагътой (Матфейы 25:10–12).

1914 азы Йесо паддзах куы сси, уӕд сӕрст чырыстӕттӕй бирӕтӕ ӕнхъӕлдтой, уайтагъд ӕм уӕлӕрвтӕм кӕй ссӕудзысты. Фӕлӕ сын зӕххыл бирӕ куыст разынд ӕмӕ йӕм иуӕй-иутӕ цӕттӕ нӕ уыдысты. Ӕнӕзонд чызджытау, уыдон дӕр сӕ уырнындзинад нӕ фидар кодтой, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕттӕ нӕ уыдысты дарддӕр рухс хӕссынмӕ. Фӕлӕ сӕ фылдӕр архайдтой зондджынӕй – уыдысты ӕмбаргӕ ӕмӕ дардмӕуынаг, ӕмӕ сӕ уырнындзинад уыд фидар. Куы базыдтой, разӕй сӕм ноджы фылдӕр куыст кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уӕд ӕм зӕрдиагӕй бавнӕлдтой. Афтӕмӕй уыцы сӕрст чырыстӕттӕ сӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» кӕй сты, уый.

Ӕркӕсӕм-ма, Йесо дзырд «зондджын»-ӕй Матфейы 7:24 куыд спайда кодта, уымӕ: «Мӕ ныхӕстӕ [мын] чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн». Зондджын адӕймаг йӕ хӕдзар аразы фидар бындурыл, цӕмӕй йын тыхдымгӕйы рӕстӕг ма ныккӕла. Ӕнӕзонд адӕймаг та йӕ хӕдзар аразы змисыл ӕмӕ йын тыхдымгӕйӕ у тӕссаг. Уӕдӕ зондджын чырыстон ӕмбары, адӕймаджы зондӕй архайын бӕллӕхтӕм кӕй ӕркӕны, уый. Ӕмбаргӕ кӕй у ӕмӕ уӕззау зондӕй кӕй архайы, уымӕ гӕсгӕ йӕ уырнындзинад, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ арӕзт сты Йесойы ахуырӕдтыл. «Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕй» дӕр уый зӕгъӕн ис.

Нӕ хъус-ма ӕрдарӕм, дзырд «зондджын» Дзуттаг Фыстыты бирӕ рӕтты куыд ӕмбӕлы, уымӕ. Зӕгъӕм, фараон Иосифы бӕрны бакодта ӕгас Египеты хор. Афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ адӕмыл батыхст. Цымӕ уыцы бынатмӕ Иосифы цӕмӕн равзӕрстой? Фараон ын загъта: «Дӕу хуызӕн зондджын ӕмӕ ӕмбаргӕ ӕндӕр ничи ис» (Райдиан 41:33–39; 45:5). Библи ма Авигейӕйы дӕр хоны «зондджын». Авигейӕ Йегъовӕйы сӕрст лӕггадгӕнӕг Давид ӕмӕ йе ’мбӕлтты хӕринагцух нӕ ныууагъта (1 Паддзахӕдты 25:3, 11, 18). Библи Иосиф ӕмӕ Авигейӕйы зондджын уымӕн хоны, ӕмӕ бамбӕрстой Хуыцауы фӕндон ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уыд, дардмӕуынаг ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст кӕй уыдысты.

Уымӕ гӕсгӕ, Йесо ӕууӕнкджын цагъары зондджын куы схуыдта, уӕд бамбарын кодта, цагъары къордмӕ чи хауа, уыдон кӕй уыдзысты ӕмбаргӕ, дардмӕуынаг ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст. Уый уымӕн афтӕ у, ӕмӕ сӕ уырнындзинад, сӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ сӕ ахуырӕдтӕ арӕзт сты Хуыцауы Ныхасыл.

[Фиппаиинаг]

^ 3 абз. Дзырд «зондджын» тӕлмац у грекъаг дзырд фро́нимос-ӕй. Ахуыргонд Марвин Винсент куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ацы дзырд арӕхдӕр фӕнысан кӕны куырыхон зонд ӕмӕ ӕмбаргӕдзинад («Word Studies in the New Testament»).