Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Иоил ӕмӕ Амосы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Иоил ӕмӕ Амосы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ИОИЛ, «Вафуилы фырт» кӕй у, уый йеддӕмӕ йӕхи тыххӕй ницы дзуры (Иоил 1:1). Иоилы чиныджы фыст ис ӕрмӕстдӕр Хуыцауы хабар. Уымӕ гӕсгӕ, фыст кӕд ӕрцыд, уый бӕлвырд зӕгъӕн нӕй, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, н. э. агъоммӕ иу-820 азы, Ози фараст азы Иудӕйы паддзах куы уыди, уӕд. Иоил йӕхи тыххӕй цӕуылнӕ исты загъта? Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд, цӕмӕй адӕм сӕ хъус ӕрдардтаиккой хабармӕ, хабархӕссӕгмӕ нӕ, фӕлӕ.

Озийы бонты ма пехуымпарӕй ӕвзӕрст ӕрцыд Амос дӕр. Уый цард Иудӕйы, «уыди фыййау ӕмӕ хуынчъытӕ кодта сикомортӕ [лӕгъуитӕ]» (Амос 7:14). Иоил Хуыцауы хабар хъусын кодта Иудӕйы, Амос та – цӕгат дӕсмыггаг паддзахад Израилы. Амос йӕ чиныг ныффыста н. э. агъоммӕ 804 азы, Иудӕмӕ куы ӕрыздӕхт, уӕд. Фыст у хуымӕтӕг ӕмӕ рӕсугъд, аив ӕвзагӕй.

«ОХХАЙ, ТАГЪД ӔРЛӔУДЗӔН УЫЦЫ БОН!» ЦӔМӔН «ОХХАЙ»?

(Иоил 1:1–3:21)

Иоил цӕстылуайӕны уыны, хъуынджын къуыдыргӕлмытӕ, мӕтых ӕмӕ хъӕндилтӕ куыд бырсынц, уый. Хоны сӕ «тынг бирӕ ӕмӕ тыхджын адӕм» ӕмӕ «хъомысджын адӕймӕгтӕ» (Иоил 1:4; 2:2–7). «Оххай, тагъд ӕрлӕудзӕн уыцы бон!– мӕт кӕны Иоил,– Йегъовӕйы бон хӕстӕг у, ӕмӕ ӕрцӕудзӕн куынӕггӕнӕн бонау Ӕппӕтхъомысджынӕй!» (Иоил 1:15). Йегъовӕ Сионы цӕрджытӕн дзуры: «Раздӕхут мӕм ӕппӕт зӕрдӕйӕ». Куы раздӕхой, уӕд Йегъовӕ «фӕтӕригъӕд кӕндзӕн йӕ адӕмӕн» ӕмӕ дард фӕсурдзӕн, «цӕгатӕй чи ’рцыд», уыдоны – сасчыты. Цалынмӕ йе стыр бон не ’рцыд, уӕдмӕ Йегъовӕ йӕ «сыгъдӕг уд ӕруадздзӕн алкӕуыл дӕр» ӕмӕ «равдисдзӕн диссӕгтӕ арвыл ӕмӕ зӕххыл» (Иоил 2:12, 18–20, 28–31).

Йегъовӕ сиды адӕммӕ, цӕмӕй сӕхи хӕстмӕ бацӕттӕ кӕной: «Уӕ гутӕттӕй хъаматӕ саразут, уе ’хсӕдӕн хӕсгӕрдтӕй та – ӕрцытӕ». Уыдон хъуамӕ рацӕуой «Иосафаты дӕлвӕзмӕ», цӕмӕй сыл уым стӕрхон кӕна ӕмӕ сӕ фесафа. «Фӕлӕ Иудӕйы та цӕрджытӕ уыдзӕни ӕнусӕй-ӕнусмӕ» (Иоил 3:10, 12, 20).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:15; 2:1, 11, 31; 3:14 – Цы у «Йегъовӕйы бон»? Йегъовӕйы бон у, Йегъовӕ, йе знӕгтӕн цы тӕрхон рахаста, уый куы ӕххӕст кӕна, уыцы рӕстӕг. Йе знӕгтӕн уый уыдзӕн сӕфты бон, йе ’цӕг лӕггадгӕнджытӕн та – ирвӕзындзинады бон. Зӕгъӕм, ахӕм бон ӕрцыд рагон Вавилоныл н. э. агъоммӕ 539 азы, Миди ӕмӕ йӕ Персы ӕфсад куы басастой, уӕд (Исай 13:1, 6). «Йегъовӕйы бон» нӕ рӕстӕджы дӕр уыдзӕн, ӕмӕ ралӕудзӕн тагъд. Уӕд Йегъовӕ йӕ тӕрхон сӕххӕст кӕндзӕн «Стыр Вавилоныл» – дунейы цы мӕнг динтӕ ис, уыдоныл (Раргомад 18:1–4, 21).

2:1–10, 28 – Сасчытӕ кӕй бырсынц, уый тыххӕй пехуымпарад куыд сӕххӕст? Кӕд Иоилы чиныджы, сасчытӕ кӕй бырсынц, уый кой ис, уӕддӕр Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Ханааны зӕххыл искуы ахӕм хабар ӕрцыд. Уӕдӕ, Иоил цӕй кой кодта, уый, ӕвӕццӕгӕн, амыдта, н. э. 33 азы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонмӕ – уӕд Йегъовӕ Чырыстийы фыццаг ахуыргӕнинӕгты йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕнын райдыдта ӕмӕ, цы хабар хъусын кӕнын райдыдтой, уый мӕнг дины разамонджытӕн хъизӕмӕрттӕ ӕвзарын кодта (Хъуыддӕгтӕ 2:1, 14–21; 5:27–33). Мах дӕр ахӕм куыст кӕй кӕнӕм, уый нын у стыр кад.

2:32 – Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувын цы нысан кӕны? Хуыцаумӕ йӕ номӕй кувын нысан кӕны, йӕ ном ын зонын, стыр аргъ ын кӕнын ӕмӕ, уыцы ном чи хӕссы, ууыл ӕууӕндын ӕмӕ йыл зӕрдӕ дарын (Ромӕгтӕм 10:13, 14).

3:14 – Цы у «тӕрхоны дӕлвӕз»? Уый цавӕрдӕр бӕлвырд бынат нӕу, фӕлӕ йын ис ахӕсгӕ нысаниуӕг – уым Хуыцау ӕххӕст кӕны йӕ тӕрхон. Иудӕйы паддзах Иосафаты бонты (йӕ ном нысан кӕны «Йегъовӕ тӕрхонгӕнӕг») Хуыцау фервӕзын кодта Иудӕйы, йӕ ныхмӕ цы стыр ӕфсад рацыд, уымӕй. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ма уыцы бынат хонынц «Иосафаты дӕлвӕз» дӕр (Иоил 3:2, 12). Нӕ рӕстӕджы дӕр «тӕрхоны дӕлвӕзӕн» ис ахӕсгӕ нысаниуӕг, уым адӕмтӕ цъӕлгонд ӕрцӕудзысты, сӕнӕфсир сӕндуцӕны куыд ныцъцъӕл кӕнынц, афтӕ (Раргомад 19:15).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:13, 14. Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй хъуамӕ зӕрдӕйӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ Йегъовӕйы ӕцӕг Хуыцауыл нымайӕм.

2:12, 13. Ӕцӕг фӕсмон цӕуы зӕрдӕйӕ. Уый тыххӕй уӕлӕдарӕс скъуыдтӕ кӕнын нӕ хъӕуы, фӕлӕ зӕрдӕтӕ.

2:28–32. «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй чи кувы, [ӕрмӕстдӕр] уый фервӕздзӕн» «Йегъовӕйы стыр ӕмӕ ӕвирхъау боны». Куыд ӕхсызгон нын у, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уд кӕй уадзы алкӕуыл дӕр ӕмӕ ӕрыгӕттӕ ӕмӕ ацӕргӕтӕ, нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ, пехуымпар-ныхас кӕй кӕнынц, ома, «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» кӕй дзурынц (Хъуыддӕгтӕ 2:11). Йегъовӕйы бон ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ цард куыд сыгъдӕг хъуамӕ уа ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уӕм! (2 Петры 3:10–12).

3:4–8, 19. Иоилы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Иудӕйы алыварс цы адӕм цард, уыдон хъуамӕ дзуапп радтаиккой, Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы кӕй хъыгдардтой, уый тыххӕй. Уыцы пехуымпарад сӕххӕст, Вавилоны паддзах Навуходоносор, Тирӕн сур зӕххыл чи уыд, уыцы хай куы бацахста, уӕд. Фӕстӕдӕр Македойнаг Алыксандр Тирӕн йӕ иннӕ хай – сакъадахыл чи уыд, уый – куы бацахста, уӕд ныццагъта мингай ӕфсӕддонты ӕмӕ зындгонд адӕмы, йӕ цӕрджытӕй та йын 30 000 ауӕй кодта цагъартӕй. Алыксандр ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы хицӕуттӕ уыд, уыдон ма ахӕм митӕ бакодтой Филистийы цӕрджытӕн дӕр. Н. э. агъоммӕ цыппӕрӕм ӕнусмӕ Едомӕн йӕ кой дӕр нал уыд (Малахи 1:3). Иоилы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уый нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад, Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ алкӕддӕр кӕй сӕххӕст кӕны, ууыл. Уыцы пехуымпарӕдтӕй ма базыдтам, цы бакӕндзӕн Йегъовӕ, абон ын йӕ лӕггадгӕнджыты чи ’фхӕры, уыцы адӕмтӕн.

3:16–21. «Арв ӕмӕ зӕхх банкъуысдзысты» – адӕмыл Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ сӕххӕст уыдзысты. «Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн уыдзӕн ӕмбӕхсӕн», ома сын ратдзӕн цард дзӕнӕты. Уӕдӕ ацы фыддунейӕн йӕ тӕрхоны бон хӕстӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕмӕ ӕввахс кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй хъуамӕ ма архайӕм?

«ЦӔТТӔ У ДӔ ХУЫЦАУИМӔ ФЕМБӔЛЫНМӔ»

(Амос 1:1–9:15)

Амос, Израилӕн ӕмӕ Иудӕйӕн, стӕй Израилмӕ знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыцы адӕмтӕн цы зӕгъа, уый йын ис. Сири, Филисти, Тир, Едом ӕмӕ Моавы ныппырх кӕндзысты, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы адӕмы карзӕй ӕфхӕрдтой. Уыдоны нымӕцмӕ бахаудзысты Иудӕйы цӕрджытӕ дӕр, «Йегъовӕйы закъон кӕй нӕ нымайынц, уый тыххӕй» (Амос 2:4). Дӕсмыггаг паддзахад Израил та? Цы тӕригъӕдджын хъуыддӕгтӕ кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты, йӕ фырзыдӕй мӕгуырты кӕй стыгъта, йе ’гъдау кӕй фесӕфта ӕмӕ Хуыцауы пехуымпарты кӕй ницӕмӕ дардта. Амос фӕдзӕхсы, Йегъовӕ «Вефилы нывондхӕссӕнтӕй дзуапп кӕй ’рдомдзӕн», ӕмӕ «зымӕгон хӕдзар сӕрдыгон хӕдзаримӕ иумӕ кӕй ныппырх кӕндзӕн» (Амос 3:14, 15).

Израил мӕнг хуыцӕуттӕн кӕй куывта, уый тыххӕй кӕд иу ӕмӕ дыууӕ хатт ӕфхӕрд не ’рцыд, уӕддӕр нӕ састис. Амос ын дзуры: «Цӕттӕ у дӕ Хуыцауимӕ фембӕлынмӕ» (Амос 4:12). Йегъовӕйы бон израилӕгтӕн нысан кӕндзӕн, «уацары сӕ [кӕй] акӕндзысты Дамаскмӕ», ома Ассиримӕ (Амос 5:27). Вефилы сауджын рацыд Амосы ныхмӕ, фӕлӕ Амос нӕ фӕтарст. «Мӕ адӕм Израилӕн йӕ кӕрон ӕрцыд,– загъта Йегъовӕ Амосӕн.– Нал сын хатыр кӕндзынӕн» (Амос 8:2). Хуыцауы тӕрхӕттӕй сӕ нӕ бахъахъхъӕндзысты нӕдӕр ингӕн, нӕдӕр бӕрзонд хӕхтӕ (Амос 9:2, 3). Фӕлӕ сын зӕрдӕ ӕвӕры, раст дин та фӕстӕмӕ йӕ къахыл кӕй слӕудзӕн. «Ӕз раздахдзынӕн уацарӕй мӕ адӕм Израилы,– зӕгъы Йегъовӕ.– Ӕдзӕрӕг горӕттӕ ногӕй сараздзысты ӕмӕ сӕ ӕрцӕрдзысты, сӕндӕттӕ скӕндзысты ӕмӕ сын сӕ сӕнӕй нуаздзысты, дыргъдӕттӕ ныссадздзысты ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ хӕрдзысты» (Амос 9:14).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

4:1 – Кӕмӕ амонынц «Васаны хъуццытӕ»? Галилейы денджызы хурыскӕсӕн фарс, Васаны уӕлвӕз зындгонд уыдис йӕ хӕрзмыггаг фосӕй, уыдис ма дзы хӕрзхаст хъуццытӕ дӕр. Уыцы фос ма хорз уымӕн уыдысты, ӕмӕ дзы уыдис хорз сӕрвӕттӕ. Амос бухъцардуарзаг самариаг сылгоймӕгты абарста Васаны хъуццытимӕ. Дызӕрдыггаг нӕу, уыцы сылгоймӕгтӕ «сӕ хицӕуттӕн» кӕнӕ сӕ лӕгтӕн мӕгуыр адӕмы кӕй сайын кодтой, цӕмӕй сӕхӕдӕг хъӕздыг цард кодтаиккой.

5:5 – Куыд ӕмбарын хъӕуы, израилӕгтӕн афтӕ загъд кӕй уыд, зӕгъгӕ, Вефил ма агурут? Паддзах Иеровоам израилӕгты сыгъзӕрин родӕн кувыныл бафтыдта Вефилы. Уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы горӕты мӕнг дин ӕрфидар ӕмӕ йӕм адӕм алы рӕттӕй цыдысты. Мӕнг хуыцӕуттӕн ма куывтой Галгал ӕмӕ Вирсавийы дӕр. Цӕмӕй израилӕгтӕ, цы бӕллӕх сӕм ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй сӕхи бахызтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ уыцы мӕнг хуыцӕуттӕм кувынмӕ мауал цыдаиккой, фӕлӕ Йегъовӕйы агурын райдыдтаиккой.

7:1 – «Паддзахы хосгӕрдӕн», зӕгъгӕ, цы уыд? Ӕвӕццӕгӕн, уый уыди, паддзах йӕ барджыты ӕмӕ йӕ фос дарыны тыххӕй адӕмӕй цы хъалон иста, уый. Уыцы хъалон-иу хъуыд бафидын, «фӕззыгӕндтӕ-иу куы сӕвзӕрдысты», уӕд. Уый фӕстӕ-иу адӕмӕн сӕ бон уыдаид сӕ тыллӕг ӕфснайын. Фӕлӕ уӕдмӕ мӕтых ӕртахтис ӕмӕ сын бахордта сӕ тыллӕг дӕр ӕмӕ, зайӕгхалӕй цыдӕридӕр уыд, уый дӕр.

8:1, 2 – Цы нысан кодта «чыргъӕд сӕрдыгон дыргътимӕ»? Уый нысан кодта, Йегъовӕйы бон хӕстӕг кӕй уыд. Сӕрдыгон дыргътӕ-иу ӕмбырд кодтой тыллӕг ӕфснайыны кӕрон, ома зӕхкуыстыты азы кӕрон. Йегъовӕ Амосӕн «чыргъӕд сӕрдыгон дыргътимӕ» куы равдыста, уӕд уый нысан кодта, Израилы кӕрон ӕввахс кӕй уыд. Уӕдӕ Хуыцау Амосӕн уымӕн загъта: «Мӕ адӕм Израилӕн сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ. Нал сын хатыр кӕндзынӕн».

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:3, 6, 9, 11, 13; 2:1, 4, 6. Йегъовӕ дзуры: «Мӕ тӕрхон нӕ аивдзынӕн». Ацы ныхӕстӕ загъта, Израил, Иудӕ ӕмӕ, сӕ алыварс цы ӕхсӕз адӕмыхатт цардис, уыдоны ныхмӕ. Йегъовӕйӕн йӕ тӕрхӕттӕ ӕнӕмӕнг ӕрцӕуынц (Амос 9:2–5).

2:12. Мах хъуамӕ ма къуылымпы кӕнӕм, зӕрдиагӕй чи лӕггад кӕны, уыцы пионерты, цӕугӕ цӕстдарджыты, миссионерты кӕнӕ, Вефилты чи лӕггад кӕны, уыдоны, ӕмӕ сын ма дзурӕм, цӕмӕй ӕххӕстрӕстӕг мауал лӕггад кӕной ӕмӕ, иннӕтӕ куыд цӕрынц, афтӕ цӕрой. Уый бӕсты сӕ разӕнгард кӕнӕм, цӕмӕй, цы хорз куыст кӕнынц, уый ма ныууадзой.

3:8. Домбайы богъмӕ адӕймаг куыд фестъӕлфы, афтӕ Амосӕн дӕр йӕ бон нӕ уыд, ӕмӕ ӕнцад бадтаид ӕмӕ ма хъусын кодтаид, Йегъовӕ йын куы загъта, «ацу ӕмӕ мӕ адӕмӕн... афтӕ зӕгъ», зӕгъгӕ, уӕд (Амос 7:15). Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд мах дӕр хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕндзыстӕм.

3:13–15; 5:11. Йегъовӕйы ӕххуысӕй хуымӕтӕг фыййау Амосӕн йӕ бон уыд «хъусын кӕнын», хъӕздыг чи уыд ӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ, йӕхицӕй буц чи уыд, ахӕм адӕмӕн. Йегъовӕйӕн йӕ бон у ӕмӕ мах дӕр бацӕттӕ кӕна, цӕмӕй хорз хабар дзурӕм, хъусын кӕнын зын кӕм у, ахӕм бынаты дӕр.

4:6–11; 5:4, 6, 14. Кӕд израилӕгты Йегъовӕмӕ раздӕхын нӕ фӕндыд, уӕддӕр сын уый дзырдта: «Агурут Йегъовӕйы, ӕмӕ цӕрут». Цалынмӕ Йегъовӕ ацы фыддуне нӕ фесӕфта, уӕдмӕ хъуамӕ адӕмӕн дзурӕм, цӕмӕй Хуыцаумӕ раздӕхой.

5:18, 19. Ӕдзӕттӕйӕ «Йегъовӕйы бонмӕ бӕллын» ӕнӕзонд ми у. Уый афтӕ уайы, цыма адӕймаг домбайӕ алыгъд ӕмӕ арсыл сӕмбӕлд, арсӕй куы фервӕзт, уӕд та йыл калм фӕхӕцыд. Уӕдӕ ӕмбаргӕ уыдзыстӕм, Йегъовӕйы бонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, куы нӕ «бафынӕй уӕм» ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд (Лукайы 21:36).

7:12–17. Хуыцауы хабар хъусынгӕнгӕйӕ хъуамӕ уӕм хъӕбатыр ӕмӕ ныфсджын.

9:7–10. Кӕд израилӕгтӕ Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ӕмӕ йе ’взӕрст адӕмы, Египеты цагъарадӕй кӕй ракодта, уыдоны байзӕддӕгтӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ мӕнгарддзинады тыххӕй кушитӕгтау Хуыцауы хорзӕх фесӕфтой. Йегъовӕ Хуыцау никӕй хъулон кӕны. Ӕмӕ нӕ цӕмӕй йӕ хорзӕх уа, уый тыххӕй сӕйраг уый нӕу, нӕ фыдӕлтӕ чи уыдысты, фӕлӕ сӕйраг у, цӕмӕй дзы тӕрсӕм ӕмӕ рӕстӕй цӕрӕм, уый (Хъуыддӕгтӕ 10:34, 35).

Цы кӕнын нӕ хъӕуы

Хуыцау Сайтаны дунейыл йӕ тӕрхон куы ӕххӕст кӕндзӕн, уыцы бон хӕстӕг у. Хуыцау йӕ сыгъдӕг удӕй йӕ лӕггадгӕнджыты схайджын кодта, цӕмӕй адӕмы фӕдзӕхсой, йӕ бон кӕй ӕрхӕстӕг кӕны. Цымӕ нӕ бон цы у, уый хъуамӕ ма аразӕм, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр Йегъовӕйы базоной ӕмӕ йӕм йӕ номӕй кувой? (Иоил 2:31, 32).

«Уе сӕфт уынут ӕвзӕрдзинадӕй,– дзуры Амос,– хорздзинад та уарзут, рӕстдзинадӕн бынат раттут кулдуары цур» (Амос 5:15). Йегъовӕйы бон хӕстӕг у. Уымӕ гӕсгӕ зондыл дзурӕг уаид Хуыцаумӕ баввахс кӕныныл куы архаиккам, ацы фыддунемӕ хӕстӕг куы нӕ цӕуиккам ӕмӕ йын йӕ хӕлд зондӕй нӕхи куы хъахъхъӕниккам. Уымӕн нын тынг баххуыс кӕндзысты, Иоил ӕмӕ Амосы чиныджы цы зондзонӕнтӕ ис, уыдон (Дзуттӕгтӕм 4:12).

[Ныв 6 фарсыл]

Иоил хъусын кодта: «Йегъовӕйы бон хӕстӕг у!»

[Нывтӕ 9 фарсыл]

Амосау мах дӕр хъуамӕ Хуыцауы хабар хъусын кӕнӕм хъӕбатырӕй ӕмӕ ныфсджынӕй