Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ цард афтӕ араз, райгонд дзы куыд уай

Дӕ цард афтӕ араз, райгонд дзы куыд уай

Дӕ цард афтӕ араз, райгонд дзы куыд уай

«Царды улӕфт кӕй мидӕг ис,– уадз иууылдӕр кадджын кӕнӕнт Йагъы» (ПСАЛОМ 150:6).

1. Радзур, иу ӕрыгон нӕлгоймаг куыд агуырдта, райгонд кӕмӕй уыдаид, ахӕм цардвӕндаг.

«ДОХТЫРЫЛ сахуыр кодтон, уымӕн ӕмӕ мӕ фӕндыд адӕмӕн ӕххуыс кӕнын. Хъуыды ма кодтон, дохтыры куыст кадджын куыст кӕй у, стӕй хорз мызд кӕй исдзынӕн ӕмӕ уый фӕрцы амондджын кӕй уыдзынӕн»,– зӕгъы иу нӕлгоймаг Корейӕйӕ, Сенг Джин, зӕгъгӕ *. «Фӕлӕ дохтырӕн йӕ бон куыд гыццыл у саразын, уый куы федтон, уӕд фыдӕнхъӕл фӕдӕн. Уый фӕстӕ райдыдтон ныв кӕнын. Фӕлӕ мӕ нывтӕ иннӕтӕн цас ӕххуыс уыдысты? Ӕмӕ мӕм афтӕ каст, цыма ӕрмӕст мӕхи уды дзӕбӕхӕн ныв кодтон. Стӕй та райдыдтон ахуыргӕнӕгӕй кусын. Цыбыр рӕстӕгмӕ бамбӕрстон, мӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ӕрмӕг бамбарын кӕнынӕй дарддӕр мӕ бон кӕй нӕ уыд, ӕцӕг амонд куыд ссарӕн ис, уый бацамонын». Бирӕтау Сенг Джины дӕр фӕндыд афтӕ цӕрын, цӕмӕй йӕ цардӕй райгонд уа.

2. а) Кӕд уыдзӕн адӕймаг йӕ цардӕй райгонд? ӕ) Кӕцӕй йӕ зонӕм, ӕмӕ нӕ не Сфӕлдисӕг бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй ӕрцӕрын кодта зӕххыл?

2 Цӕмӕй адӕймаг йӕ цардӕй райгонд уа, уый тыххӕй йын хъуамӕ уа, цӕй тыххӕй цӕра, уый. Йӕ бӕллицтӕ ӕмӕ йӕ хъарутӕ хъуамӕ уой бӕлвырд цӕмӕдӕр арӕзт. Уӕвгӕ, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг афтӕ цӕра? О, ис. Зонд ӕмӕ нӕм ӕфсарм кӕй ис, стӕй нӕ бон хъуыды кӕнын кӕй у, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ не Сфӕлдисӕг бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй ӕрцӕрын кодта зӕххыл. Уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ Сфӕлдисӕджы фӕндмӕ гӕсгӕ куы цӕрӕм, ӕрмӕстдӕр уӕд базондзыстӕм, цӕй тыххӕй цӕрӕм, уый, ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзыстӕм нӕ цардӕй райгонд.

3. Цавӕр фӕндтӕ ис Хуыцаумӕ мах тыххӕй?

3 Библи нын ӕргом кӕны, Хуыцаумӕ мах тыххӕй бирӕ фӕндтӕ кӕй ис. Зӕгъӕм, куыд диссаджы конд стӕм, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзы удуӕлдай уарзтӕй (Псалом 40:5; 139:14). Уӕдӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй мах дӕр иннӕты удуӕлдай уарзтӕй уарзӕм,– Хуыцау сӕ куыд уарзы, афтӕ (1 Иоанны 4:7–11). Уымӕй уӕлдай ма Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй нын йе стыр уарзтӕй цы фӕдзӕхстытӕ радта, уыдон дӕр ӕххӕст кӕнӕм (Екклесиаст 12:13; 1 Иоанны 5:3).

4. а) Цы хъӕуы, цӕмӕй адӕймаг йӕ цардӕй райгонд уа ӕмӕ ӕцӕгдӕр амондджын уа? ӕ) Адӕймагӕн царды ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг цы у?

4 Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ адӕймаг хъуамӕ цардаид амондджынӕй, адӕмы ’хсӕн дӕр ӕмӕ ӕрдзы мидӕг дӕр хъуамӕ уыдаид фарн (Райдиан 1:26; 2:15). Фӕлӕ нӕ цы хъӕуы, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ ӕдасӕй цӕрӕм? Цӕмӕй сывӕллон амондджын уа ӕмӕ мацӕмӕй тӕрса, уый тыххӕй хъуамӕ зона, йӕ ныййарджытӕ йӕ фарсмӕ кӕй сты. Раст афтӕ мах дӕр хъуамӕ нӕхи бӕттӕм нӕ уӕларвон Фыдыл, цӕмӕй базонӕм, цӕй тыххӕй нӕ сфӕлдыста ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрӕм (Дзуттӕгтӕм 12:9). Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй, сывӕллон йӕ фыдимӕ куыд ӕнгом вӕййы, афтӕ ӕнгом уӕм йемӕ ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ фадат дӕтты, цӕмӕй йӕм ӕввахс кӕнӕм ӕмӕ йӕм кувӕм (Иаковы 4:8; 1 Иоанны 5:14, 15). Кӕд «Хуыцауимӕ цӕуӕм», ома йыл ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕ стӕм, уӕд ын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнӕм ӕмӕ йын кад хӕссӕм (Райдиан 6:9; Ӕмбисӕндтӕ 23:15, 16; Иаковы 2:23). Уый та у, адӕймаг цӕмӕ хъуамӕ тырна, уыцы хъуыддӕгтӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Царды улӕфт кӕй мидӕг ис,– уадз иууылдӕр кадджын кӕнӕнт Йагъы» (Псалом 150:6).

Цӕй тыххӕй цӕрыс ды та?

5. Амонд мулкимӕ бӕттын раст цӕуылнӕ у?

5 Хуыцауы ма фӕнды, цӕмӕй нӕхиуыл ӕмӕ нӕ бинонтыл тыхсӕм. Ӕмӕ дзырд ӕрмӕст хӕрд, дарӕс ӕмӕ цӕрӕнбынатыл нӕ цӕуы, фӕлӕ ма нӕ Хуыцаумӕ цы хъуыддӕгтӕ ӕввахсдӕр кӕнынц, уыдоныл дӕр. Фӕлӕ ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕм хъӕуы раст цӕстӕй кӕсын, цӕмӕй царды мӕт адӕймаджы йӕ быны ма скӕна ӕмӕ йын рохуаты ма баззайой ахсджиагдӕр хъуыддӕгтӕ, ома уырнындзинадимӕ баст хъуыддӕгтӕ (Матфейы 4:4; 6:33). Хъыгагӕн, бирӕтӕн сӕ царды сӕйраг мӕт у мулк скӕнын. Фӕлӕ, амонд стыр мулкӕй кӕнгӕ у, зӕгъгӕ, куы хъуыды кӕнӕм, уӕд уый раст нӕ уыдзӕн. Ӕрӕджы Азийы цӕрӕг миллионерты бафарстой, сӕ цардӕй райгонд сты ӕви нӕ. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй уыдонӕй бирӕтӕ, «кӕд адӕмы ’хсӕн нымад сты ӕмӕ се стыр мулчы фӕрцы ницы цух ӕййафынц, уӕддӕр цӕуылдӕрты тыхсынц ӕмӕ сӕхи ӕдас нӕ хатынц» (Екклесиаст 5:11).

6. Йесо цавӕр уынаффӕ радта хъӕздыгдзинадмӕ тырныны тыххӕй?

6 Йесо загъта, «хъӕздыгдзинад... йӕ фӕдыл асайы», зӕгъгӕ (Марчы 4:19). Куыд? Адӕймаг фӕхъуыды кӕны, зӕгъгӕ, бирӕ мулк куы скӕнон, уӕд амондджын уыдзынӕн, фӕлӕ уый афтӕ нӕу. «Ӕхца чи уарзы, уымӕн ӕхца фаг никуы уыдзӕн»,– загъта зондджын паддзах Соломон (Екклесиаст 5:10, «The New English Bible»). Стӕй, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг мулк скӕныныл дӕр архайа ӕмӕ ма Хуыцауӕн ӕппӕт удӕй дӕр лӕггад кӕна? Нӕ, уый гӕнӕн нӕй. Йесо бамбарын кодта: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр». Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй зӕххыл мулк ма ӕмбырд кӕной, фӕлӕ ӕмбырд кӕной «хӕзнатӕ... уӕлӕрвты», ома хорз ном скӕной Хуыцауы раз – уый, «кургӕ дӕр дзы ницыма ракӕнут, афтӕмӕй фӕзоны, цы хъуаг стут, уый» (Матфейы 6:8, 19–25).

7. Куыд у нӕ бон «ӕцӕг цардыл» фидар ныххӕцын?

7 Апостол Павел йе ’мкусӕг Тимофейӕн ацы хъуыддаджы фӕдыл радта бӕлвырд уынаффӕ: «Хъӕздыг чи у, уыдоны фӕдзӕхс, цӕмӕй... сӕ зӕрдӕ дарой, ӕууӕнк кӕуыл нӕй, уыцы хъӕздыгдзинадыл нӕ, фӕлӕ нын ӕппӕт дӕр нӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн рӕдауӕй чи дӕтты, уыцы Хуыцауыл... уой цӕстуарзон ӕмӕ сӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕной, ӕмӕ афтӕмӕй сӕхицӕн ӕмбырд кӕной, чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм хӕзна – фидӕнӕн хорз бындур, цӕмӕй фидар ныххӕцой ӕцӕг цардыл» (1 Тимофеймӕ 6:17–19).

Цы у «ӕцӕг цард»?

8. а) Бирӕтӕ хъӕздыгдзинад ӕмӕ ном скӕнынмӕ цӕмӕн тырнынц? ӕ) Ахӕм адӕм цы не ’мбарынц?

8 Адӕмӕн сӕ фылдӕр зӕгъдзысты, зӕгъгӕ, «ӕцӕг цард» у, алцыдӕр дын куы уа, дӕхицӕн «нӕ» куы ницӕмӕй дзурай, ахӕм цард. Иу азиаг журналы фыст уыд: «Адӕм киноты кӕнӕ телевизоры цы уынынц, уымӕ бӕллын райдайынц, ӕмӕ сӕ хъуыдыты ӕндӕр ницыуал вӕййы». Бирӕтӕ сӕ цард снывонд кӕнынц хъӕздыгдзинад ӕмбырд кӕнынӕн ӕмӕ сӕхицӕн ном скӕнынӕн. Ӕмӕ уымӕ раттынц се ’взонг хъарутӕ, се ’нӕниздзинад, нал фӕхъуыды кӕнынц сӕ бинонтыл дӕр, ферох кӕнынц Хуыцауы ӕмӕ сӕ чырыстон ӕгъдау. Стӕмтӕ ахъуыды кӕнынц ууыл, ӕмӕ, телевизоры ӕмӕ киноты цы уынынц, уый «ацы дунейы зонд» кӕй ӕвдисы. Уыцы зонд ӕндавы дунейы адӕмӕн сӕ фылдӕрыл ӕмӕ сын хъары, Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ чи у, ахӕм цардыуаг (1 Коринфӕгтӕм 2:12; Ефесӕгтӕм 2:2). Уӕдӕ диссаг нӕу, абон афтӕ бирӕ ӕнамонд адӕм кӕй ис (Ӕмбисӕндтӕ 18:11; 23:4, 5).

9. Адӕмӕн цы нӕ бантысдзӕн ӕмӕ цӕуылнӕ?

9 Цы зӕгъӕн ис, иннӕтыл чи тыхсы ӕмӕ, ӕххормагдзинад, низтӕ ӕмӕ ӕнӕрастдзинад мауал уа, ууыл чи архайы, уыдонӕй та? Сӕ удуӕлдай фыдӕбон арӕх дзӕгъӕлы нӕ фӕвӕййы – бирӕтӕн баххуыс кӕнынц. Фӕлӕ сӕм цыфӕнды хорз фӕндтӕ ма уа, уӕддӕр сын ацы дуне аивын ӕмӕ дзы рӕстдзинад ӕрфидар кӕнын никуы бантысдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ «ӕгас дуне... ис Фыдбылызы къухы» – Сайтаны къухы, ӕмӕ уый та нӕ фӕнды, цӕмӕй дуне аива (1 Иоанны 5:19).

10. Хуыцауы иузӕрдион адӕм «ӕцӕг цардӕй» кӕд цӕрдзысты?

10 Куыд мӕгуыр уаид адӕймаг, абоны цардӕй дарддӕр ӕндӕр куы ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсид! «Кӕд Чырыстийыл нӕ ныфс ӕрмӕстдӕр ацы царды дарӕм, уӕд махӕй ӕнамонддӕр адӕм нӕй»,– фыста Павел. «Хӕрӕм ӕмӕ нуазӕм,– уӕддӕр райсом амӕлдзыстӕм»,– ахӕм зондыл хӕст сты, абоны цардӕй дарддӕр чи ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон (1 Коринфӕгтӕм 15:19, 32). Фӕлӕ мах, «[Хуыцау нын] зӕрдӕ... куыд бавӕрдта, афтӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ» (2 Петры 3:13). Уӕд чырыстӕттӕ цӕрдзысты «ӕцӕг цардӕй», уый та у ӕххӕстдзинад ӕмӕ «ӕнусон цард», иутӕн – уӕлӕрвты, иннӕтӕн та – зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар (1 Тимофеймӕ 6:12).

11. Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы архайын ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг цӕмӕн у?

11 Ӕрмӕстдӕр Хуыцауы Паддзахад скӕндзӕн кӕрон адӕмы зындзинӕдтӕн. Уӕдӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы архайын у ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг (Иоанны 4:34). Уый фӕрцы мах ӕввахсдӕр кӕнӕм нӕ уӕларвон Фыдмӕ, ӕмӕ уый та у стыр хорзӕх. Стӕй ма хайджын стӕм уыцы стыр цинӕй, ӕмӕ уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм мингай хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ, немӕ иу хъуыддагмӕ чи тырны, уыдонимӕ.

Нӕ рӕстӕг ӕмӕ нӕ хъарутӕ раст хъуыддӕгтӕн дӕттӕм

12. Бамбарын кӕн, абоны цард ӕмӕ «ӕцӕг цард» кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый.

12 Абоны «дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ фӕивгъуыйынц»,– дзуры Библи. Сайтаны дуне фесӕфдзӕн, йемӕ фесӕфдзысты, цы кад ӕмӕ дзы цы хъӕздыгдзинад ис, уыдон дӕр. Фӕлӕ «Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:15–17). Ацы дунейы рӕстӕгмӕйы хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад, йе ’нӕбары хиирхӕфсӕнтӕ ницы сты «ӕцӕг цардимӕ» абаргӕйӕ. «Ӕцӕг цардӕн», Хуыцауы Паддзахад цы ӕнусон цард ӕрхӕсдзӕн, уымӕн, кӕрон никуы уыдзӕн. Уыцы цард уый аргъ у, цӕмӕй нӕ рӕстӕгыл ӕмӕ нӕ хъарутыл ма ауӕрдӕм – кӕд сӕ раст хъуыддӕгтӕн дӕттӕм, уӕд.

13. Иу бинонтӕ сӕхи цӕмӕй фӕцух кодтой ӕмӕ уый раст хъуыддаг цӕмӕн уыд?

13 Ӕркӕсӕм Генри ӕмӕ Сюзаннӕйы хабармӕ. Уыдон ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой Хуыцауы зӕрдӕвӕрдыл, ома йын йӕ Паддзахады хъуыддаг фыццаг бынаты чи ӕвӕра, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Матфейы 6:33). Уыдон аскъуыддзаг кодтой, кӕй цӕрдзысты хуымӕтӕг хӕдзары, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр сӕ иу куса ӕмӕ сын сӕ дыууӕ чызгимӕ фылдӕр рӕстӕг уа Хуыцауы хъуыддӕгтӕн (Дзуттӕгтӕм 13:15, 16). Иу сылгоймаг, сӕ хорз ӕмбал, не ’мбӕрста, афтӕ цӕмӕн бакодтой, уый. Сюзаннӕйӕн загъта: «Иу гыццыл йеддӕмӕ уӕ нӕ хъӕуид бафыдӕбон кӕнын, ӕмӕ хуыздӕр хӕдзары цӕриккат!». Фӕлӕ Генри ӕмӕ Сюзаннӕ зыдтой: Йегъовӕйы хъуыддаг сын фыццаг бынаты ис ӕви нӕ, «уымӕй кӕнгӕ уыдзӕн сӕ цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр» (1 Тимофеймӕ 4:8; Титмӕ 2:12). Сӕ чызджытӕ байрӕзтысты ӕмӕ пионертӕй лӕггад кӕнын райдыдтой. Ацы бинонтӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ сӕхи стыр цӕмӕйдӕр фӕцух кодтой. «Ӕцӕг цардмӕ» чи кӕны, уыцы хъуыддӕгтӕ сын сӕйраг кӕй уыдысты, уый фӕрцы хайджын ӕрцыдысты бирӕ хорздзинӕдтӕй (Филиппӕгтӕм 3:8; 1 Тимофеймӕ 6:6–8).

Ацы дунейӕ «ӕххӕстӕй ма пайада кӕнут»

14. Царды сӕйрагдӕр цы у, уый нӕ куы ферох уа, уӕд нӕ уый цавӕр бӕллӕхтӕм ӕркӕндзӕн?

14 Фӕлӕ гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ ферох уа, царды сӕйрагдӕр цы у, уый, ӕмӕ «ӕцӕг цардыл» мауал хӕцӕм. Тӕссаг у, «царды сагъӕстыл, хъӕздыгдзинад ӕмӕ, нӕхи куыд аирхӕфсӕм, ууыл [куы] суӕм» (Лукайы 8:14). Адӕймаджы ӕдзух фылдӕр цыдӕртӕ куы хъӕуа кӕнӕ «царды сагъӕсты» бын куы фӕуа, уӕд ацы дунейы хъуыддӕгты аныгъуылдзӕн (Лукайы 21:34). Хъыгагӕн, чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ абоны дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ сты – цардмӕ мулчы цӕстӕй кӕсын райдыдтой, ӕмӕ уый аххосӕй «уырнындзинады фӕндагӕй адзӕгъӕл сты ӕмӕ сӕхи бирӕ мӕстыты хай фӕкодтой», суанг ма сын Хуыцауимӕ цы хӕлардзинад уыд, уый дӕр фесӕфтой. Куыд зынаргъ слӕууы адӕймагӕн, «ӕнусон цардыл» фидар кӕй нал фӕхӕцы, уый! (1 Тимофеймӕ 6:9, 10, 12; Ӕмбисӕндтӕ 28:20).

15. Иу бинонтӕ, дунейӕ ӕххӕстӕй кӕй нӕ пайда кодтой, уый фӕрцы цавӕр хорзӕхтӕй ӕрцыдысты хайджын?

15 Павел фӕдзӕхста: «Ацы дунейӕ чи пайда кӕны, уыдон дӕр уӕнт, цыма дзы ӕххӕстӕй нӕ пайда кӕнынц, афтӕ» (1 Коринфӕгтӕм 7:31). Кейт ӕмӕ Бонни сӕ зӕрдӕмӕ айстой ацы фӕдзӕхст. Кейт дзуры: «Ӕз Йегъовӕйы Ӕвдисӕн сдӕн, дӕндӕгты дохтырты скъола куы фӕуд кодтон, уӕд. Цы равзӕрстаин, уый мӕхи бар уыд. Фылдӕр куы куыстаин, уӕд бирӕ ӕхца истаин, фӕлӕ нӕ уый хъыгдардтаид Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕз аскъуыддзаг кодтон, къаддӕр кӕй кусдзынӕн, цӕмӕй мӕ ус ӕмӕ мӕ фондз чызджы уырнындзинадыл тыхсон, цӕуыл цин кӕнынц, цӕуыл мӕт кӕнынц, уый зонон ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнон. Уӕлдай ӕхца-иу нӕм арӕх нӕ баззад, фӕлӕ сахуыр стӕм фӕстауӕрц кӕнын, ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг цы хъуыд, уый нӕм алкӕддӕр уыд. Кӕрӕдзийыл уыдыстӕм тынг ӕнувыд, цардыстӕм фӕрнӕй ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй. Фӕстагмӕ не ’ппӕт дӕр систӕм пионертӕ. Нӕ чызджытӕ чындзы ацыдысты, ӕртӕйӕн дзы ис сывӕллӕттӕ. Уыдон ныр дӕр, сӕ бинонтимӕ иумӕ, Йегъовӕйы фӕндон фыццаг бынаты ӕвӕрынц, ӕмӕ сты амондджын».

Хуыцауы фӕндон фыццаг бынаты ӕвӕр

16, 17. Цавӕр курдиатджын адӕймӕгты цӕвиттонтӕ ис Библийы ӕмӕ уыцы адӕм зындгонд цӕмӕй сты?

16 Библийы ис, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кодта ӕмӕ чи не ’ххӕст кодта, ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕ. Уыцы цӕвиттонтӕй сӕ бон у зонд райсын алкӕмӕндӕр,– цыфӕнды кары, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уой ӕмӕ цыфӕнды уавӕрты ма цӕрой, уӕддӕр (Ромӕгтӕм 15:4; 1 Коринфӕгтӕм 10:6, 11). Нимрод стыр горӕттӕ сарӕзта, фӕлӕ уымӕй цыди Йегъовӕйы ныхмӕ (Райдиан 10:8, 9). Ис дзы бирӕ хорз цӕвиттонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, Моисейы нӕ бафӕндыд, цӕмӕй йын Египеты стыр кад уыдаид. «Египеты хӕзнатӕй стырдӕр хъӕздыгдзинадыл банымадта» Хуыцауы хӕслӕвӕрдтӕ (Дзуттӕгтӕм 11:26). Дохтыр Лука, ӕвӕццӕгӕн, дзӕбӕх кодта Павелы ӕмӕ ӕндӕрты дӕр. Фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй ӕппӕты хуыздӕр уый уыди, ӕмӕ хорз хабар кӕй хъусын кодта ӕмӕ Библийы чингуытӕй дыууӕ кӕй ныффыста. Павелы та зонынц Закъоны дӕсныйӕ нӕ, фӕлӕ миссионерӕй, «иннӕ адӕмыхӕттытӕм ӕрвыст» чи уыд, уымӕй (Ромӕгтӕм 11:13).

17 Адӕм Давиды сӕйраджыдӕр ӕфсады хистӕр, фӕндырдзӕгъдӕг кӕнӕ зарджытӕ фыссӕгӕй нӕ зонынц, фӕлӕ Хуыцауы «зӕрдӕйӕн адджын адӕймагӕй» (1 Самуилы 13:14). Данелы Вавилоны хицауады кусӕгӕй нӕ зонӕм, фӕлӕ Йегъовӕйы ӕнувыд пехуымпарӕй; Есфиры – Персы ус-паддзахӕй нӕ, фӕлӕ, йӕ фидардзинад ӕмӕ уырнындзинадӕй фӕзминаг чи у, уымӕй; Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанны – дӕсны кӕсагахсджытӕй нӕ, фӕлӕ Йесойы апостолтӕй. Ӕппӕты хуыздӕр цӕвиттон та у Йесо йӕхӕдӕг. Адӕм ӕй «хъӕддӕсныйӕ» нӕ зонынц, фӕлӕ «Чырыстийӕ» (Марчы 6:3; Матфейы 16:16). Кӕй ранымадтам, уыдон се ’ппӕт дӕр хорз ӕмбӕрстой иу хъуыддаг: цавӕрфӕнды курдиаты хицау ма уыдаиккой кӕнӕ сын цавӕрфӕнды ном ма уыдаид – ӕппӕты ахсджиагдӕр сын ном скӕнын хъуамӕ ма уыдаид, фӕлӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уыдон зыдтой, ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг уый кӕй у, ӕмӕ Хуыцауӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ адӕймаг уай.

18. Цы аскъуыддзаг кодта иу ӕрыгон ӕфсымӕр ӕмӕ уый фӕрцы цы бамбӕрста?

18 Райдианы цы Сенг Джины кой кодтам, уый дӕр фӕстагмӕ бамбӕрста ацы хъуыддаг. Уый зӕгъы: «Ӕз аскъуыддзаг кодтон, мӕ хъарутӕ нӕдӕр дохтыры куыстӕн, нӕдӕр нывгӕнӕджы ӕмӕ нӕдӕр скъолайы ахуыргӕнӕджы куыстӕн ратдзынӕн, фӕлӕ Хуыцауӕн цы дзырд радтон, уый ӕххӕст кӕнынӕн. Ныр ӕз лӕггад кӕнын, фылдӕр хъусынгӕнджытӕ кӕм хъӕуы, ахӕм ран ӕмӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕнын ӕнусон царды фӕндагыл слӕууынӕн. Раздӕр афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын уадиссаг хъуыддаг нӕу. Фӕлӕ мӕ цардӕй ныры хуызӕн райгонд никуыма уыдтӕн. Архайын, цӕмӕй хуыздӕрырдӕм ивон ӕмӕ, ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи у, уыдоны зӕрдӕтӕм фӕндаг арын арӕхсон. Ныр ӕй зонын: Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ куы тырнӕм, уӕд нӕ къухы бафтдзӕн царды ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг».

19. Нӕ цардӕй ӕцӕгдӕр райгонд кӕд уыдзыстӕм?

19 Мах амондджын стӕм, кӕй зонӕм, цард цӕмӕй кӕнгӕ у, уый, ӕмӕ нын ирвӕзындзинады ныфс кӕй ис (Иоанны 17:3). Цӕй уӕдӕ нын Хуыцау «цы стыр хорзӕхӕй... бахай кодта, уымӕй цӕй тыххӕй стӕм хайджын, уый нӕ ма ферох уӕд» (2 Коринфӕгтӕм 6:1). Цӕй ӕмӕ нӕ зынаргъ царды бонтӕ ӕмӕ азтӕ дӕттӕм Йегъовӕйы кадджын кӕнынӕн. Цӕй уӕдӕ хъусын кӕнӕм, абон ӕцӕг амонд чи хӕссы ӕмӕ ӕнусон цардмӕ чи кӕны, уыцы зонындзинӕдтӕ. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд фендзыстӕм, куыд раст сты Йесойы ныхӕстӕ: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыддӕгтӕ 20:35). Ӕмӕ уӕд нӕ цардӕй ӕцӕгдӕр райгонд уыдзыстӕм.

[Фиппаинаг]

^ 1 абз. Иуӕй-иу нӕмттӕ сты ивд.

Куыд бамбарын кӕнис?

• Адӕймаджы царды ӕппӕты сӕйрагдӕр хъуыддаг цы у?

• Ӕрмӕст мулк скӕныны тыххӕй цӕрын раст цӕуылнӕ у?

• Цы у, Хуыцау зӕрдӕ кӕмӕй ӕвӕры, уыцы «ӕцӕг цард»?

• Цы у нӕ бон аразын, цӕмӕй нын нӕ царды сӕйраг хъуыддаг уа Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]