Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ма бахауӕм цъиуахсӕджы хызы

Ма бахауӕм цъиуахсӕджы хызы

Ма бахауӕм цъиуахсӕджы хызы

“[Йегъовӕ] дӕ фервӕзын кӕндзӕн цъиуахсӕджы хызӕй» (ПСАЛОМ 91:3).

1. Чи у «цъиуахсӕг» ӕмӕ тӕссаг цӕмӕн у?

ӔЦӔГ чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр тох кӕнынц мӕнгард знагимӕ. Уыцы знаг у адӕймагӕй зондджындӕр, стӕй у хинӕйдзаг. Псалом 91:3 ӕй хоны «цъиуахсӕг». Чи у уыцы знаг? 1883 азы 1 июны уагъд «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цъиуахсӕгимӕ абарста Сайтан Хӕйрӕджы. Ацы тыхджын знаг хинӕй архайы, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмы сайа ӕмӕ сӕ йӕ хызы ахса, раст цъиуахсӕг цъиу ӕрцахсыныл куыд фӕархайы, афтӕ.

2. Сайтан цъиуахсӕджы хуызӕн цӕмӕй у?

2 Раджы заманты цъиуты ахстой хӕринагӕн, сӕ зард ӕмӕ рӕсугъд кӕй сты, уый тыххӕй, стӕй ма сӕ нывондӕн дӕр хастой. Фӕлӕ цъиутӕ тынг къӕрцхъус сты ӕмӕ гыццыл уынӕрӕй дӕр тӕрсгӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй зын ӕрцахсӕн сты. Уымӕ гӕсгӕ, Библи фыст куы цыд, уыцы рӕстӕг-иу цъиуахсӕг фыццаджыдӕр йӕ хъус лӕмбынӕг дардта, ӕрцахсын ӕй кӕй фӕндыд, уыцы цъиутӕн сӕ миниуджытӕм ӕмӕ сӕхи куыд дарынц, уымӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕрхъуыды кодта, куыд сӕ ӕрцахса, ахӕм мадзал. Библи Сайтаны бары цъиуахсӕгимӕ ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йӕ хызы ма бахауӕм. Хӕйрӕг алы адӕймагмӕ дӕр лӕмбынӕг кӕсы. Йӕ хъус дары нӕ миниуджытӕм ӕмӕ нӕхи куыд дарӕм, уымӕ, ӕмӕ ӕвӕры къӕппӕджытӕ, цӕмӕй нӕ удӕгасӕй ӕрцахса (2 Тимофеймӕ 2:26). Сайтаны къӕппӕджы куы бахауӕм, уӕд Хуыцауӕй адард уыдзыстӕм ӕмӕ стӕй, гӕнӕн ис, бынтондӕр фесӕфӕм. Уӕдӕ цӕмӕй «цъиуахсӕгӕй» нӕхи бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ базонӕм йӕ алыхуызон хин митӕ.

3, 4. Сайтан домбайау ӕмӕ маргджын калмау кӕд фӕархайы?

3 Сайтаны ма псаломзарӕггӕнӕг абарста ӕрыгон домбайимӕ ӕмӕ маргджын калмимӕ (Псалом 91:13). Иуӕй-иу хатт Сайтан домбайау йӕхи ӕргомӕй ныццӕвы Йегъовӕйы адӕмыл – фӕархайы, цӕмӕй сӕ ӕфхӕрой, кӕнӕ сӕ чи къуылымпы кӕна, ахӕм закъӕттӕ рауадзой (Псалом 94:20). Уый тыххӕй иуӕй-иутӕ Йегъовӕйӕн нал фӕлӕггад кӕнынц. Фӕлӕ афтӕ ӕргомӕй кӕй фӕархайы, уый арӕхдӕр хорзырдӕм фӕзыны Хуыцауы адӕмыл – ноджы ӕнгомдӕр свӕййынц. Цымӕ Сайтан маргджын калмау та куыд архайы?

4 Хӕйрӕг адӕймагӕй зондджындӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ маргджын калмау иуӕй-иу хатт йӕхи фӕсвӕдӕй хинӕй дӕр ныццӕвы. Ӕмӕ йын бантыст Хуыцауы адӕмӕй кӕйдӕрты зонд схӕццӕ кӕнын. Баууӕндын сӕ кодта, бӕллӕхмӕ сӕ чи ӕркодта, ахӕм хъуыдыйыл, зӕгъгӕ, Йегъовӕмӕ хъусыны бӕсты хуыздӕр у, йӕхимӕ йын куы хъусиккой. Хорз у, ӕмӕ Сайтаны хин митӕ зонӕм (2 Коринфӕгтӕм 2:11). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, «цъиуахсӕг» цы къӕппӕджытӕ ӕвӕры, уыдонӕй цыппармӕ.

Адӕмӕй тӕрсӕм?

5. «Адӕмӕй тӕрсын» хорз къӕппӕг схонӕн цӕмӕн ис?

5 «Цъиуахсӕг» зоны, алы адӕймаджы дӕр кӕй фӕнды, цӕмӕй йын иннӕтӕ аргъ кӕной ӕмӕ йӕ нымайой. Чырыстӕттӕ дӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсынц, адӕм сӕ цы хъуыды кӕнынц, уымӕ. Хӕйрӕг дӕр уый зоны ӕмӕ уымӕй пайда кӕны. Зӕгъӕм, Хуыцауы адӕмӕй иуӕй-иуты ӕрцахста йӕ къӕппӕджы – «адӕмӕй тӕрсын» райдыдтой (Ӕмбисӕндтӕ 29:25). Кӕд чырыстӕттӕ, адӕмы тӕссӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый аразынц кӕнӕ, цы фӕдзӕхсы, уый нӕ кӕнынц, уӕд бахаудысты «цъиуахсӕджы» хызы (Иезекил 33:8; Иаковы 4:17).

6. Цавӕр цӕвиттон ӕвдисы, ӕрыгӕттӕ «цъиуахсӕджы» хызы куыд бахауынц, уый?

6 Зӕгъӕм, лӕппу йе ’мгӕртты зондыл ацыд ӕмӕ тамако бадымдта. Чи зоны, уыцы бон скъоламӕ куы цыд, уӕд йӕ хъуыдыйы дӕр нӕ уыд тамако бадымын. Фӕлӕ бирӕ нӕ рацыд ӕмӕ сарӕзта, йе ’нӕниздзинадӕн зиан цы хӕссы ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Цӕмӕн бахауд уыцы хызы? Ӕвӕццӕгӕн, йӕхицӕн хорз ӕмбӕлттӕ нӕ равзӕрста ӕмӕ фӕтарст сӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй. Уӕдӕ ӕрыгӕттӕ, уӕхи хъахъхъӕнут «цъиуахсӕджы» хин митӕй. Гыццыл хъуыддаджы дӕр ын сайын ма бакомут, цӕмӕй уӕ удӕгасӕй ма ’рцахса. Хъусут Библийы фӕдзӕхстмӕ ӕмӕ уӕхи хизут ӕвзӕр ӕмбӕлттӕй (1 Коринфӕгтӕм 15:33).

7. Иуӕй-иу ныййарджытӕ Сайтаны къӕппӕджы куыд бахауынц?

7 Чырыстон ныййарджытӕ архайынц, цӕмӕй Хуыцауы фӕдзӕхст ӕххӕст кӕной ӕмӕ сӕ бинонты ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уый цух сӕ ма уадзой (1 Тимофеймӕ 5:8). Фӕлӕ Сайтаны фӕнды, цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнӕджы ӕндӕр мацӕй мӕт уа. Чи зоны, адӕймаг ӕмбырдтӕ цух кӕнын райдайа, йӕ хицау ӕй куысты фӕстӕ дӕр кӕй кусын кӕны, уый тыххӕй. Йе та тӕрса йӕхи куыстӕй ракурын, цӕмӕй облӕстон конгрессы иу бон дӕр ма фӕцух кӕна. Цӕмӕй уыцы къӕппӕджы ма бахауа, уый тыххӕй хъуамӕ «йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дара Йегъовӕйыл» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Стӕй хъуамӕ ма рох кӕнӕм, мах не ’ппӕт дӕр Йегъовӕйы сывӕллӕттӕ кӕй стӕм ӕмӕ уый йӕхицӕн хӕсыл кӕй нымайы махыл тыхсын. Уыцы хъуыды нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн алцӕмӕдӕр раст цӕстӕй кӕсын. Ныййарджытӕ, куыд хъуыды кӕнут, Йегъовӕйы фӕндон куы ӕххӕст кӕнат, уӕд уын уӕ бинонтыл батыхсдзӕн? Ӕви адӕмӕй кӕй тӕрсут, уый тыххӕй Хӕйрӕджы къӕппӕджы удӕгасӕй бахаудзыстут ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсдзыстут? Уӕ хорзӕхӕй, скувут ӕмӕ ацы фарстатыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕнут.

Хъӕздыгдзинадмӕ бӕллӕм?

8. Сайтан куыд сайы хъӕздыгдзинадӕй?

8 Сайтаны къӕппӕджытӕй иннӕ та у, не ’ргом нын хъӕздыгдзинадмӕ кӕй здахы, уый. Ацы дуне разӕнгард кӕны цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ ӕхца бакусынмӕ ӕмӕ, гӕнӕн ис, Хуыцауы адӕмӕй дӕр чидӕртӕ уымӕ бабӕлла. Хатт фехъусӕн вӕййы: «Бафыдӕбон кӕн ӕмӕ дын исты куы бантыса, уӕд улӕф ӕмӕ дӕ зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн цӕр. Дӕ бон ма уыдзӕн пионерӕй лӕггад кӕнын дӕр». Ахӕм ныхӕстӕ фӕкӕнынц ӕмбырды дӕр чидӕртӕ, уыдон фӕхъуыды кӕнынц, хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй цы ратона кӕной, ууыл. Къӕрцхъус у ахӕм ныхӕстӕм. Цымӕ дын дӕ зӕрдыл нӕ лӕууын кӕнынц Йесойы фӕсномыг ныхасы «ӕнӕзонд» хъӕздыг лӕджы хъуыдытӕ? (Лукайы 12:16–21).

9. Иуӕй-иу чырыстӕттӕ хъӕздыгдзинадмӕ кӕй бӕллыдысты, уый тыххӕй къӕппӕджы куыд бахаудысты?

9 Сайтан ацы дунейы ахӕм зондыл аразы, цӕмӕй адӕм бӕллой, цы сӕм ис, уымӕй фылдӕрмӕ. Ахӕм фӕндтӕ Хуыцауы лӕггадгӕнӕгӕн сӕйрагдӕр куы суой, йӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕной, уӕд «дзырд нал сырӕздзӕн» ӕмӕ «тыллӕг нӕ ратдзӕн» (Марчы 4:19). Библи нын дзуры, цӕмӕй фагыл нымайӕм, хӕрд, уӕлӕдарӕс ӕмӕ нын цӕрӕнбынт кӕй ис, уый (1 Тимофеймӕ 6:8). Фӕлӕ бирӕтӕ бахауынц «цъиуахсӕджы» хызы, уымӕн ӕмӕ, ацы уынаффӕ сӕхимӕ дӕр кӕй хауы, ууыл нӕ фӕхъуыды кӕнынц. Цымӕ, сӕрбӕрзонд кӕй сты, уый тыххӕй сӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтӕй фӕсте мацӕмӕй баззайой? Цы зӕгъӕн ис махӕй та? Цы нӕм ис, уымӕй фылдӕрмӕ кӕй бӕллӕм, уый тыххӕй нын, мыййаг, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ фӕсте нӕ аззадысты? (Аггей 1:2–8). Хъыгагӕн, цард кӕй фӕуӕззаудӕр, уый тыххӕй иуӕй-иутӕн Хуыцауӕн лӕггад кӕнын ахсджиаг нал у, уымӕн ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цы цардыл сахуыр сты, уымӕй мӕгуырдӕр цӕрын. Ахӕм зондахаст барухс кӕны «цъиуахсӕджы», Хӕйрӕджы зӕрдӕ.

Ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ

10. Цӕуыл-иу хъуамӕ ахъуыды кӕна алы чырыстон дӕр?

10 «Цъиуахсӕгмӕ» ма ис иу къӕппӕг – архайы, цӕмӕй хорз ӕвзӕрӕй мауал хицӕн кӕнӕм. Содом ӕмӕ Гоморрӕйы адӕммӕ цы зондахаст уыд, ахӕм зондахаст зыны абоны ирхӕфсӕнты дӕр. Суанг ма ног хабӕртты, газетты ӕмӕ журналты дӕр тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ афтӕ ӕвдыст цӕуынц, цыма сӕ ӕвзӕрӕй ницы ис. Цы ирхӕфсӕнтӕ дзы вӕййы, уыдон адӕмы ныкъкъуырма кӕнынц ӕмӕ «раст цы у ӕмӕ цы нӕу», уый нал февзарынц (Дзуттӕгтӕм 5:14). Фӕлӕ ма рох кӕнӕм, Йегъовӕ пехуымпар Исайы уылты цы загъта, уый: «Додой сӕ къона, хорз ӕвзӕр чи хоны, ӕвзӕр та – хорз» (Исай 5:20). Цымӕ ахӕм ӕвзӕр ирхӕфсӕнты руаджы «цъиуахсӕджы» хин митӕ махыл не ’ндавынц? Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм (2 Коринфӕгтӕм 13:5).

11. Сериалты тыххӕй журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы цы фыстой?

11 Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» 25 азы размӕ дӕр Хуыцауы лӕггадгӕнджыты фӕдзӕхста, куыд тӕссаг сты сериалтӕ, уымӕй *. Фыст дзы уыдис, адӕймаг ӕй ӕмбаргӕ дӕр кӕй нӕ бакӕны, афтӕмӕй йын сериалтӕ йӕ зондахаст кӕй аивынц: «Уарзондзинады тыххӕй цыфӕнды куы аразой, уӕддӕр ӕвзӕрыл нымад нӕ цӕуы. Зӕгъӕм, иу сериалы иу сывӕрджын ӕрыгон чызг йе ’мбалӕн дзуры: „Фӕлӕ уӕддӕр ӕз Викторы уарзын. Ӕндӕр мӕ ницы ӕндавы... Йӕ сывӕллон у мӕ цард!“ Стӕй райхъуысы зӕрдӕйӕн ӕхсызгон музыкӕ ӕмӕ уыцы чызгмӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсын райдайӕм. Ныр Виктор дӕр нӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, чызгӕн дӕр тӕригъӕд кӕнӕм ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр „хорз ӕмбарӕм“. „Диссаг, адӕймаг алцӕмӕн дӕр ӕфсон ӕнцонтӕй куыд ссары, уый“,– загъта, раздӕр ӕнӕ сериалтӕй цӕрын дӕр чи нӕ фӕрӕзта, ахӕм сылгоймаг.– Ӕмбарыс ӕй, уый ӕнӕгъдау ми ӕмӕ ӕвзӕр кӕй у, фӕлӕ дӕ зӕрдӕйы мидӕг та сӕ фарс дӕ“».

12. Цӕмӕй бӕрӕг у, иуӕй-иу телепрограммӕтӕ цы зиан хӕссынц, уый тыххӕй фӕдзӕхсын абон ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы?

12 Уыцы статьятӕ куы ныффыстой, уӕдӕй нырмӕ, адӕмы ӕгъдау чи халы, ахӕм программӕтӕ ноджы фӕфылдӕр сты. Бирӕ рӕтты ахӕм программӕтӕ боны мидӕг ӕвдисынц 24 сахаты. Нӕлгоймӕгтӕ, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ ӕрыгӕттӕй дӕр бирӕтӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ дзаг кӕнынц ахӕм ирхӕфсӕнтӕй. Фӕлӕ мах хъуамӕ нӕхи ма сайӕм, зӕгъгӕ, уыцы ирхӕфсӕнтӕ, царды цы уынӕм, уыдонӕй ӕвзӕрдӕр не сты. Ахъуыды-ма кӕнӕм, чырыстон йӕ хӕдзармӕ хонгӕ дӕр кӕй нӕ фӕкӕнид, ахӕм адӕмы кӕм ӕвдисынц, уыцы ирхӕфсӕнтӕм куыд хъуамӕ кӕса?

13, 14. Иуӕй-иутӕн куыд баххуыс кодтой, телепрограммӕты тыххӕй цы статьятӕ уыд, уыдон?

13 Бирӕтӕн баххуыс кодта, «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» цӕмӕй фӕдзӕхста, уымӕ кӕй байхъуыстой, уый (Матфейы 24:45–47). Библийы уынаффӕтӕ кӕм уыд, уыцы статьятӕ чи бакаст, уыдоной иуӕй-иутӕ ныффыстой, куыд тынг сыл бандӕвтой, уый тыххӕй *. Иу сылгоймаг фыста: «13 азы дӕргъы иу сериал дӕр нӕ ауагътон. Афтӕ ӕнхъӕл уыдтӕн ӕмӕ, кӕд ӕмбырдтӕм цӕуын, уацамынды дӕр вӕййын, уӕд уый мӕ уырнындзинадӕн ницы зиан ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ мын сериалтӕ мӕ зондахаст аивтой. Ӕз дӕр афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, зӕгъгӕ дӕ кӕд дӕ лӕг ӕфхӕры кӕнӕ дӕм афтӕ кӕсы ӕмӕ дӕ нӕ уарзы, уӕд ыл гадзрахатӕй рацӕуын диссаг нӕу – йӕхи аххос у. Ӕмӕ ӕз дӕр тӕригъӕд сарӕзтон Йегъовӕйы ӕмӕ мӕ лӕджы ныхмӕ». Уыцы сылгоймаджы ӕмбырдӕй ацух кодтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ та Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдыдта. Сериалты тыххӕй кӕм фӕдзӕхстой, уыцы статьятӕ йын хъарутӕ радтой, цӕмӕй мауал кастаид, Йегъовӕйӕн ӕнӕуынон чи у, ахӕм ирхӕфсӕнтӕм (Амос 5:14, 15).

14 Ӕндӕр сылгоймаг та фыста: «Ацы статьятӕ куы кастӕн, уӕд кӕугӕ кодтон, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстон, раздӕрау Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй нал дӕн. Хуыцауӕн дзырд радтон, сериалты цагъар кӕй нал уыдзынӕн». Уыцы статьяйы тыххӕй бузныг чи уыд, иу ахӕм хо бамбӕрста, сериалтыл кӕй сахуыр, уый, ӕмӕ ныффыста: «Мӕт кодтон... цымӕ мӕ уыцы сериалтӕ Йегъовӕйӕ нӕ адард кодтой? Уый гӕнӕн куыд уыд ӕмӕ мын „ахӕм“ ӕмбӕлттӕ дӕр уа ӕмӕ Йегъовӕ дӕр ме ’мбал уа?» Кӕд 25 азы размӕ ахӕм телепрограммӕтӕ ӕгъдау сӕфтой, уӕд абон та куыд уыдзӕн? (2 Тимофеймӕ 3:13). Мах хъуамӕ ӕмбарӕм, Сайтаны къӕппӕджытӕм кӕй хауынц алыхуызон ӕвзӕр ирхӕфсӕнтӕ – сериалтӕ, тыхми кӕм ис, ахӕм видеохъӕзтытӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау музыкалон клиптӕ.

Кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм

15. Иуӕй-иуты Хӕйрӕг удӕгасӕй куыд ӕрцахста?

15 Искӕмӕ куы фӕхӕрам вӕййӕм, уӕд Сайтан уымӕй пайда кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйы адӕм кӕрӕдзийы ныхмӕ суой. Уыцы къӕппӕджы бахауӕн ис, ӕмбырды ныл цыфӕнды хӕстӕ ма уа, уӕддӕр. Иуӕй-иуты Хӕйрӕг удӕгасӕй ӕрцахста, уымӕн ӕмӕ кӕимӕдӕр кӕрӕдзи кӕй нӕ бамбӕрстой, уый тыххӕй фесӕфт сӕ иудзинад ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн цы диссаджы фарнӕй хай кӕны, уый (Псалом 133:1–3).

16. Сайтан хинӕй куыд архайы нӕ иудзинад фехалыныл?

16 Фыццаг дунеон хӕсты рӕстӕг Сайтан архайдта Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджыты фесафыныл, фӕлӕ йын дзы ницы рауад (Раргомад 11:7–13). Уӕдӕй фӕстӕмӕ хинӕй архайы, цӕмӕй нын нӕ иудзинад фехала. Кӕимӕдӕр кӕрӕдзи кӕй нӕ бамбӕрстам, уый тыххӕй нӕ иудзинад куы фесӕфа, уӕд «цъиуахсӕгӕн» йӕ фӕнд йӕ къухы бафтдзӕн. Афтӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг удӕн бынат нӕ дӕтдзыстӕм, ӕмӕ уый фӕзындзӕн нӕхиуыл дӕр ӕмӕ ӕмбырдыл дӕр. Афтӕ куы рауайа, уӕд Сайтан цин кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕмбырды фарн ӕмӕ иудзинад гыццылдӕр куы фехӕла, уӕд уый хъусын кӕныны хъуыддаг дӕр бакъуылымпы кӕндзӕн (Ефесӕгтӕм 4:27, 30–32).

17. Кӕрӕдзи чи нӕ бамбӕрста, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?

17 Цы саразӕн ис, не ’мчырыстонимӕ кӕрӕдзи куы не ’мбарӕм, уӕд? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уавӕртӕ алыхуызон вӕййынц. Ӕмӕ кӕд афтӕ бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй рауайы, уӕддӕр ницы ӕфсон ис, цӕмӕй уыцы хъуыддаг ма сраст кӕнӕм ӕмӕ йӕ афтӕмӕй ныууадзӕм (Матфейы 5:23, 24; 18:15–17). Хуыцауы Ныхасы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон ӕппӕты хуыздӕр сты. Уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзыстӕм. Йӕ уынаффӕтӕ кӕддӕриддӕр ӕххуыс кӕнынц!

18. Йегъовӕйы куы фӕзмӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн не ’фсымӕртимӕ фидауынӕн?

18 Йегъовӕ «цӕттӕ у хатыр кӕнынмӕ» ӕмӕ «ӕцӕг хатыргӕнаг» у (Псалом 86:5; 130:4). Йегъовӕйы куы фӕзмӕм, уӕд ӕвдисдзыстӕм, йӕ уарзон сывӕллӕттӕ кӕй стӕм (Ефесӕгтӕм 5:1). Мах не ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджын стӕм ӕмӕ нӕ ӕнӕмӕнг хъӕуы, цӕмӕй нын Йегъовӕ хатыр кӕна. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цы нӕ хъӕуы фӕивын, кӕд нын искӕмӕн ныххатыр кӕнын зын у, уӕд. Кӕннод суыдзыстӕм, Йесойы фӕсномыг ныхасы йе ’мбалӕн йӕ хӕс чи нӕ ныххатыр кодта, уыцы цагъары хуызӕн. Уымӕн йӕ хицау кӕй ныххатыр кодта, уыцы хӕсимӕ абаргӕйӕ дзы йе ’мбал тынг гыццыл дардта. Уыцы хабар йӕ хицау куы базыдта, уӕд фыдзӕрдӕ цагъары ахӕстоны бакӕнын кодта. Йесо йӕ ныхасы кӕрон загъта: «Афтӕ бакӕндзӕн сымахӕн дӕр мӕ уӕларвон Фыд, алчидӕр уӕ йе ’фсымӕрӕн зӕрдӕйӕ куы нӕ ныххатыр кӕна, уӕд» (Матфейы 18:21–35). Ацы фӕсномыг ныхасыл ӕмӕ нын Йегъовӕ куыд бирӕ хатыр кӕны, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу не ’фсымӕримӕ бафидауӕм (Псалом 19:14).

«Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынат»

19, 20. Ацы тӕссаг рӕстӕг нын Йегъовӕ «ӕмбӕхсӕн бынат» кӕй дӕтты ӕмӕ нӕ йӕ «базыры аууоны» кӕй дары, уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

19 Мах тынг тӕссаг рӕстӕджы цӕрӕм. Сайтан не ’ппӕты дӕр фесӕфтаид, Йегъовӕ нӕ куы нӕ хъахъхъӕнид, уӕд. Уӕдӕ цӕмӕй «цъиуахсӕджы» хызы ма бахауӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «Ӕппӕтбӕрзонды ӕмбӕхсӕн бынаты... цӕрӕм» ӕмӕ уӕд «ссардзыстӕм ӕнцой Ӕппӕтхъомысджыны базыры аууоны» (Псалом 91:1).

20 Цӕй уӕдӕ ма рох кӕнӕм, Йегъовӕйы разамынд ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ хъахъхъӕнгӕ кӕй кӕнынц, йӕхицӕн нӕ кӕй ницы агуры, уый. Не ’ппӕт дӕр тох кӕнӕм, адӕймагӕй зондджындӕр чи у, уыцы мӕнгард знагимӕ. Ӕнӕ Йегъовӕйы ӕххуысӕй нӕ иу дӕр йӕ къӕппӕгӕй нӕ аирвӕзтаид (Псалом 124:7, 8). Уӕдӕ Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нӕ «цъиуахсӕджы» къӕппӕджытӕй ирвӕзын кӕна (Матфейы 6:13).

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 11 абз. 1982 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (англ.) 3–7 фф.

^ 13 абз. 1983 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» (англ.) 23 ф.

Бахъуыды кодтай?

• «Адӕмӕй тӕрсын» тӕссаг цӕмӕн у?

• Хӕйрӕг хъӕздыгдзинадӕй куыд сайы?

• Сайтан иуӕй-иуты ӕвзӕр ирхӕфсӕнты руаджы къӕппӕджы куыд ӕрцахста?

• Цӕмӕй нын Хӕйрӕг нӕ иудзинад фехала, уый тыххӕй цавӕр къӕппӕгӕй пайда кӕны?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 31 фарсыл]

Цы саразӕн ис, не ’мчырыстонимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд?