Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Фӕзмут ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы

Фӕзмут ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы

Фӕзмут ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы

«Куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут» (ЛУКАЙЫ 8:18).

1, 2. Йесо адӕмимӕ куыд уыд, уымӕ нӕ хъус цӕмӕн хъуамӕ ӕрдарӕм?

ӔППӔТЫ хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти цӕттӕ кодта ахуыргӕнинӕгтӕ. Уый йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «Куыд хъусут, уымӕ лӕмбынӕг кӕсут» (Лукайы 8:16–18). Ацы уагӕвӕрд ахӕссӕн ис нӕ лӕггадмӕ дӕр. Хуыцау ӕмӕ нын йӕ фӕндты фӕдыл цы уынаффӕтӕ фӕдӕттынц, уыдонмӕ куы хъусӕм, уӕд Хуыцауы Паддзахады хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕндзыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах абон Йесойы хъӕлӕс нӕ хъусӕм. Фӕлӕ цы дзырдта ӕмӕ цы арӕзта, уый тыххӕй нӕ бон у кӕсын Фыстады. Йесо уацамынды цы адӕмыл ӕмбӕлд, уыдонимӕ куыд уыд? Цы базондзыстӕм уый тыххӕй Библийӕ?

2 Йесо хъусын кодта хорз хабар ӕмӕ адӕмӕн Фыстад ӕмбарын кодта. Дыууӕ хъуыддаджы дӕр Йесо уыд тынг дӕсны (Лукайы 8:1; Иоанны 8:28). Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынмӕ хауы хъусын кӕнын дӕр ӕмӕ адӕмы ахуыр кӕнын дӕр. Фӕлӕ хъусын кӕнынмӕ хорз чи арӕхсы, уыцы чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕн адӕмы ахуыр кӕнын зын у. Уацамынды мах хъусын кӕнӕм хорз хабар. Фӕлӕ цӕмӕй адӕмӕн, Йегъовӕ чи у ӕмӕ йӕм цавӕр миниуджытӕ ис, уый бацамонӕм, уый тыххӕй фӕхъӕуы, цӕмӕй семӕ балымӕн уӕм (Матфейы 28:19, 20). Ӕмӕ уый нӕ бон бауыдзӕн, ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг Йесо Чырысти куыд кодта, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд (Иоанны 13:13).

3. Йесо куыд кодта, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынӕн?

3 Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, мах дӕр сӕ афтӕ куы ахуыр кӕнӕм, уӕд архайдзыстӕм апостол Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ: «Ӕддагӕттимӕ зондджынӕй архайут ӕмӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнут. Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ, цӕмӕй зонат, кӕмӕн цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый» (Колоссӕгтӕм 4:5, 6). Цӕмӕй мах дӕр Йесойау цӕттӕ кӕнӕм ахуыргӕнинӕгтӕ, уый тыххӕй хъӕуы фыдӕбон кӕнын. Уый фӕрцы суыдзыстӕм хуыздӕр ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ зондзыстӕм, алкӕмӕн дӕр йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ «цавӕр дзуапп раттын хъӕуы, уый».

Йесо адӕмы разӕнгард кодта сӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ

4. Цӕмӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йесо хъусын зыдта?

4 Йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Йесо адӕммӕ хъусын зыдта ӕмӕ сӕ разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ хъуыдытӕ дзырдтаиккой. Зӕгъӕм, дыууадӕс азы йыл куы цыд, уӕд ӕй йӕ ныййарджытӕ ссардтой кувӕндоны. Уый бадт ахуыргӕнджыты ’хсӕн ӕмӕ «сӕм хъуыста, стӕй сӕм лӕвӕрдта фарстытӕ» (Лукайы 2:46). Йесо кувӕндонмӕ уый тыххӕй нӕ бацыд, цӕмӕй йӕ зонындзинӕдтӕй ахуыргӕнджыты дисы бафтыдтаид. Уый кодта хъусгӕ. Фӕлӕ фарстытӕ дӕр лӕвӕрдта. Хъусын кӕй зыдта, уый уыд, Хуыцау ӕмӕ йӕ адӕм кӕй тыххӕй уарзтой, уыцы миниуджытӕй иу (Лукайы 2:52).

5, 6. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йесо кӕй хъуыста, йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы дзырдтой, уымӕ?

5 Йесо донаргъуыд куы райста ӕмӕ Мессийӕ куы сси, уӕд дӕр ӕнувыд уыд адӕмыл ӕмӕ-иу сӕм лӕмбынӕг хъуыста. Адӕмы-иу куы ахуыр кодта, уӕд афтӕ никуы уыд, ӕмӕ сын сӕхимӕ ма байхъуыстаид. Арӕх-иу йӕ ныхас фӕурӕдта, куыд хъуыды кӕнынц, уымӕй-иу сӕ бафарста, ӕмӕ-иу, цы дзырдтой, уымӕ байхъуыста (Матфейы 16:13–15). Зӕгъӕм, Лазӕр куы амард, уӕд ын йе хо Марфӕйӕн загъта: «Удӕгас чи у ӕмӕ мӕныл чи ’ууӕнды, уый... никуы амӕлдзӕн». Ӕмӕ йӕ бафарста: «Уырны дӕ уый?». Стӕй байхъуыста Марфӕйы дзуапмӕ: «Уырны мӕ, Хицау. Мӕн уырны, ды Чырысти кӕй дӕ, Хуыцауы Фырт» (Иоанны 11:26, 27). Куыннӕ йын уыдаид ӕхсызгон, Марфӕ йӕ уырнындзинад афтӕ кӕй равдыста!

6 Йесойы йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕ куы ныууагътой, уӕд ӕй бафӕндыд базонын, йӕ апостолтӕ та цы хъуыды кӕнынц. Ӕмӕ сӕ бафарста: «Мыййаг, сымах дӕр нӕ фӕнды ацӕуын?» Симон Петр ын дзуапп радта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Ӕнусон царды ныхӕстӕ дӕумӕ куы сты. Ӕмӕ дыл мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йӕ базыдтам, ды Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй дӕ» (Иоанны 6:66–69). Куыд бацин кодтаид Йесо уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ! Мах дӕр афтӕ цин кӕндзыстӕм, Библи кӕимӕ ахуыр кӕнӕм, уыдон дӕр нын сӕ уырнындзинады тыххӕй куы дзурой, уӕд.

Йесо дзурӕгӕн аргъ кӕнын зыдта

7. Самариӕгтӕй бирӕтӕ Йесойыл цӕмӕн баууӕндыдысты?

7 Йесо ма хорз ахуыргӕнӕг уымӕн уыдис, ӕмӕ адӕмыл тыхстис, стӕй дзурӕгӕн аргъ кӕнын зыдта. Зӕгъӕм, иухатт Сихармӕ ’ввахс Иаковы цъайы цур Йесо сныхас кодта иу самариаг сылгоймагимӕ. Ӕмӕ ӕрмӕст йӕхӕдӕг нӕ дзырдта, фӕлӕ хъуыста, сылгоймаг цы дзырдта, уымӕ дӕр. Йесо йын йӕ ныхӕстӕй бамбӕрста, кӕй йӕ фӕнды базонын, Хуыцауӕн кувын куыд хъӕуы, уый. Йесо йын загъта, Хуыцау йӕхицӕн кӕй агуры, сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ йын ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ чи кува, ахӕм адӕмы. Бӕрӕг уыди, Йесо сылгоймагӕн кӕй аргъ кодта. Сылгоймаг иннӕтӕн Йесойы тыххӕй куы радзырдта, уӕд «уыцы сахары цӕрӕг самариӕгтӕй Йесойыл бирӕтӕ баууӕндыдысты» (Иоанны 4:5–29, 39–42).

8. Адӕмӕн сӕ фылдӕр сӕ хъуыдытӕ дзурын кӕй уарзынц, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн уацамынды семӕ ныхас кӕнын райдайынӕн?

8 Адӕмӕн сӕ фылдӕры зӕрдӕмӕ цӕуы сӕ хъуыдытӕ дзурын. Зӕгъӕм, фыццаг ӕнусы Афинӕты цӕрджытӕ уарзтой сӕ хъуыдытӕ дзурын ӕмӕ исты ног хабӕрттӕм хъусын. Афтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ апостол Павелӕн йӕ бон бацис уыцы горӕты Ареопаджы адӕмимӕ аныхас кӕнын. Ӕмӕ йӕ раныхасӕй бирӕты зӕрдӕтӕ бацагайдта (Хъуыддӕгтӕ 17:18–34). Уацамынды искӕимӕ ныхас кӕнын куы райдайай, уӕд дӕ бон у зӕгъын: «Фӕнды мӕ базонын дӕ хъуыды ацы хъуыддаджы фӕдыл...». Уый фӕстӕ зӕгъ, цавӕр хъуыддаг у, уый. Цы хъуыды кӕны, уымӕ байхъус ӕмӕ ныхас адарддӕр кӕн, зӕгъӕм, ратт ма йӕм исты фарст. Уый фӕстӕ йын равдис, Библийы та уый тыххӕй цы фыст ис.

Йесо, цы зӕгъын хъӕуы, уый зыдта

9. Йесо, цалынмӕ Клеопӕ ӕмӕ йе ’мбалӕн Фыстад бӕстон нӕ бамбарын кодта, уӕдмӕ цы бакодта?

9 Афтӕ никуы уыд, ӕмӕ Йесо, цы зӕгъа, уый ма зона. Адӕммӕ-иу лӕмбынӕг кӕй хъуыста, уымӕ гӕсгӕ сын хорз ӕмбӕрста сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ хорз зыдта, цы зӕгъын-иу хъуыди, уый (Матфейы 9:4; 12:22–30; Лукайы 9:46, 47). Зӕгъӕм, Йесо куы райгас, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ фӕцӕйцыд Иерусалимӕй Еммаусмӕ. Библийы кӕсӕм: «Куыд ныхас кодтой, афтӕ сӕм Йесо ӕрбаиу ӕмӕ йӕ фӕндаг семӕ акодта. Фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой. Уӕд сӕ бафарста: „Цӕуыл ныхас кӕнут цӕугӕ-цӕуын?“ Уыдон ӕнкъардӕй ӕрлӕууыдысты. Ӕмӕ йын сӕ иу, Клеопӕ, зӕгъгӕ, дзуапп радта: „Иерусалимы ӕрцӕуӕггаг дӕ, ӕви, ацы бонты дзы цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый нӕ зоныс?“ Уый та сӕ бафарста: „Ома цавӕр хабӕрттӕ?“» Уыдон дзурын райдыдтой, назарейаг Йесо адӕмы куыд ахуыр кодта, диссӕгтӕ куыд арӕзта ӕмӕ йӕ куыд амардтой, уыцы хабӕрттӕ. Загътой ма йын, зӕгъгӕ, ныр иуӕй-иутӕ дзурынц, мӕрдтӕй кӕй райгас. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг дӕр сӕм лӕмбынӕг хъуыста. Йесо Клеопӕ ӕмӕ йе ’мбалы сӕ хъуыдытӕ зӕгъын бауагъта. Стӕй сын Фыстадмӕ гӕсгӕ бӕстон бамбарын кодта, цы зонын сӕ хъуыд, уый (Лукайы 24:13–27, 32).

10. Адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уый куыд ис базонӕн?

10 Чи зоны, кӕимӕ ныхас кӕныс, уый цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй ӕппындӕр ницы зоныс. Цӕмӕй йӕ базонай, уый тыххӕй йын зӕгъ, зӕгъгӕ мӕ фӕнды базонын, Хуыцаумӕ кувыны тыххӕй цы хъуыды кӕныс, уый. Стӕй йӕ бафӕрс: «Куыд дӕм кӕсы, ӕцӕгдӕр нын исчи нӕ куывдтытӕ хъусы?» Йӕ дзуаппӕй бирӕ ис базонӕн, куыд хъуыды кӕны ӕмӕ цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй. Кӕд Хуыцауыл хъуыды кӕны, уӕд ма йӕ дӕ бон у бафӕрсын, зӕгъгӕ, Хуыцау алы куывд дӕр хъусы, ӕви иуӕй-иу куывдтытӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц? Ахӕм фарстыты фӕрцы уын, чи зоны, ӕргом ныхас бацайдагъ уа. Кӕд ын, Библи уый фӕдыл цы дзуры, уый равдисӕн ис, уӕд у ӕмбаргӕ ӕмӕ цӕуыл ӕууӕнды, уый ныхмӕ цӕхгӕр ма дзур. Дӕ ныхас йӕ зӕрдӕмӕ куы фӕцӕуа, уӕд ӕй, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй ма йӕм дыккаг хатт дӕр бацӕуай. Фӕлӕ йын, зӕгъӕм, йӕ фарстӕн дзуапп нӕ зоныс? Уӕд ӕрмӕг бацагур ӕмӕ дӕхи бацӕттӕ, цӕмӕй йын иннӕ хатт «дӕ ныфсы тыххӕй... дзуапп раттай сабырӕй ӕмӕ уӕзданӕй» (1 Петры 3:15).

Йесо ахуыр кодта аккаг адӕмы

11. Ахуыр кӕныны аккаг чи у, уыцы адӕмы нӕ бон ссарын куыд у?

11 Йесо уыд ӕххӕст адӕймаг ӕмӕ йӕ бон уыд бамбарын, ахуыр кӕныны аккаг чи уыд ӕмӕ чи нӕ уыд, уый. Махӕн зындӕр у, «йӕ зӕрдӕ ӕнусон цардмӕ здӕхт кӕмӕн у», ахӕм адӕмы ссарын (Хъуыддӕгтӕ 13:48). Уый ӕнцон нӕ уыд апостолтӕн дӕр. Йесо сын загъта: «Цыфӕнды сахар кӕнӕ хъӕумӕ ма бацӕуат, ссарут-иу дзы аккаг адӕймаг» (Матфейы 10:11). Йесойы апостолтау мах дӕр хъуамӕ агурӕм, ӕцӕгдзинад базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы. Аккаг адӕмы нӕ бон ссарын у, кӕимӕ фӕныхас кӕнӕм, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр лӕмбынӕг куы хъусӕм ӕмӕ, хорз хабармӕ чи цы цӕстӕй кӕсы, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд.

12. Куыд у дӕ бон, хорз хабар кӕй бацымыдис кодта, уыцы адӕймагӕн ӕххуыс кӕнын?

12 Искӕй Хуыцауы Паддзахады хабар куы бацымыдис кӕна, уӕд хорз уаид, уый фӕстӕ дӕр ма куы хъуыды кӕниккам, Библийӕ йӕ цы хъӕуы базонын, ууыл. Уӕ ныхасӕй уыцы адӕймаджы тыххӕй цы базыдтай, уый куы афыссай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр ӕххуыс кӕнай йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн. Дыккаг хатт ӕм куы бацӕуай, уӕд ӕм хъуамӕ лӕмбынӕг хъусай, цӕмӕй фылдӕр базонай, цӕуыл ӕууӕнды, хорз хабармӕ цы цӕстӕй кӕсы кӕнӕ йӕ уавӕртӕ куыд сты, уый тыххӕй.

13. Адӕймаг Библимӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый базонынӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн?

13 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, адӕймаг Хуыцауы Ныхасмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый базонынӕн? Хатт вӕййы бафӕрсӕн: «Библи дӕм, мыййаг, зын ӕмбарӕн кӕсы?» Адӕймаг ацы фарстӕн цы дзуапп ратты, уымӕй арӕх рабӕрӕг вӕййы, Фыстадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Кӕнӕ ис бакӕсӕн стих ӕмӕ бафӕрсӕн: «Ды та куыд хъуыды кӕныс?» Йесойау нын уацамынды фылдӕр бантысдзӕн, фарстытӕ дӕттын куы зонӕм, уӕд. Ныр та аныхас кӕнӕм, нӕхи нӕ хизын цӕмӕй хъӕуы, ууыл.

Йесо зыдта, куыд хъӕуы фарстытӕ дӕттын

14. Адӕймаджы хъуыды нӕ бон базонын куыд у?

14 Адӕймаг цы хъуыды кӕны, уый дӕ кӕй цымыдис кӕны, уый ӕвдис, фӕлӕ афтӕ нӕ, ӕмӕ йӕ сӕфсӕрмы кӕнай. Йесо куыд кодта, афтӕ кӕн. Уый хынцфарст нӕ кодта, фӕлӕ йӕ фарстытӕй адӕмы хъуыдытыл ӕфтыдта. Йесо ма уыд хӕларзӕрдӕ ӕмӕ адӕммӕ лӕмбынӕг хъуыста. Семӕ-иу афтӕ ныхас кодта, ӕмӕ-иу сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн сӕ уаргъ фӕрог ис ӕмӕ-иу сын фенцондӕр (Матфейы 11:28). Алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыдис, ӕмӕ йӕм бацыдаид ӕмӕ йын ӕргом радзырдтаид йӕ зӕрдӕйы сагъӕстӕ (Марчы 1:40; 5:35, 36; 10:13, 17, 46, 47). Кӕд нӕ фӕнды, цӕмӕй нын адӕймаг Библийы тыххӕй йӕ хъуыды ӕргом зӕгъа, уӕд ӕй хъуамӕ хынцфарст ма кӕнӕм.

15, 16. Адӕймагимӕ куыд ис дины тыххӕй ныхас райдайӕн?

15 Цӕмӕй адӕймаг йӕ хъуыды зӕгъа, уый тыххӕй нын ӕрмӕст фарстытӕ нӕ баххуыс кӕндзысты. Нӕ бон ма у адӕймагӕн исты цымыдисаг хъуыды зӕгъын, ӕмӕ йын стӕй йӕхимӕ байхъусын. Зӕгъӕм, Йесо Никодимӕн загъта: «Адӕймаг ногӕй куы нӕ райгуыра, уӕд йӕ бон не суыдзӕн Хуыцауы паддзахад фенын» (Иоанны 3:3). Уыцы ныхӕстӕ Никодиммӕ афтӕ диссаг фӕкастысты, ӕмӕ Йесомӕ ӕндӕр фарст ратта ӕмӕ йӕм стӕй лӕмбынӕг байхъуыста (Иоанны 3:4–20). Мах дӕр афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу адӕймаг немӕ ныхас кӕнын райдайдзӕн.

16 Абон, алыхуызон ног динты тыххӕй арӕх фӕдзурынц Африкӕ, Скӕсӕн Европӕ ӕмӕ Латинаг Америкӕйы. Ахӕм уавӕр кӕм ис, уым ныхас райдайӕн ис афтӕ: «Динтӕ кӕй сбирӕ сты, уый мӕ сагъӕсы ӕфтауы. Фӕлӕ мӕн уырны, тагъд ӕгас зӕххыл дӕр ӕрмӕст иу дин кӕй уыдзӕн. Уый хорз нӕ уаид?» Библи нын ныфс цӕмӕй ӕвӕры, уый тыххӕй йын исты цымыдисаг хабар куы радзурай, уӕд дын, чи зоны, йӕ хъуыды ӕргом зӕгъа. Ӕмӕ дӕ фарст ахӕм куы уа, цӕмӕй дыууӕ дзуаппӕй иу равзара, уӕд ын дзуапп раттын уыдзӕн ӕнцондӕр (Матфейы 17:25). Кӕимӕ ныхас кӕныс, уый дын йӕ хъуыды куы зӕгъа, уӕд ын йӕ дзуапмӕ гӕсгӕ бакӕс иу кӕнӕ дыууӕ стихы Библийӕ (Исай 11:9; Софони 3:9). Цы дзуры, уымӕ лӕмбынӕг куы хъусай, уӕд ӕй зондзынӕ, иннӕ хатт йемӕ цӕуыл аныхас кӕнай, уый.

Йесо хъуыста сывӕллӕттӕм

17. Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо сывӕллӕттыл кӕй хъуыды кодта, уый?

17 Йесо ӕрмӕст хистӕртыл нӕ хъуыды кодта, фӕлӕ ма сывӕллӕттыл дӕр. Зыдта, цавӕр хъӕзтытӕй хъазыдысты, цӕуыл дзырдтой. Хатт-иу йӕхӕдӕг дӕр семӕ ныхас кодта (Лукайы 7:31, 32; 18:15–17). Йесомӕ-иу чи хъуыста, уыдоны ’хсӕн-иу уыд бирӕ сывӕллӕттӕ. Гыццыл лӕппутӕ Мессийӕйы хъӕрӕй куы кадджын кодтой, уӕд сӕм Йесо адӕмы хъус ӕрдардта ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, Фыстады уый тыххӕй фыст уыд (Матфейы 14:21; 15:38; 21:15, 16). Абон бирӕ сывӕллӕттӕ свӕййынц Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ. Нӕ бон сын баххуыс кӕнын куыд у?

18, 19. Куыд у дӕ бон дӕ сывӕллонӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кӕна?

18 Цӕмӕй дӕ сывӕллонӕн йӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнай, уый тыххӕй йӕм хъӕуы хъусын. Хъуамӕ уынай, йӕ хъуыдытӕ Йегъовӕйы хъуыдыты ныхмӕ цы хъуыддӕгты сты, уый. Дӕ сывӕллон цыфӕнды ма зӕгъа, хорз уаид, фыццаг дзы куы раппӕлис. Уый фӕстӕ йын Библийӕ ахӕм стихтӕ ӕрхӕсс, цӕмӕй бамбара, Йегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый.

19 Адӕймаджы хъуыды базонынӕн фарстытӕ ӕнӕмӕнг хъӕуынц. Фӕлӕ куыд хистӕртӕ, афтӕ сывӕллӕттӕ дӕр нӕ уарзынц, исчи сӕ хынцфарст куы фӕкӕны. Сывӕллоны зын фарстыты бын фӕкӕныны бӕсты хуыздӕр нӕ уаид, дӕхи тыххӕй йын иугыццыл исты куы радзурис? Уӕ ныхас цӕуыл у, уымӕ гӕсгӕ йын дӕ бон у радзурын, уый кары ды куыд хъуыды кодтай. Ӕмӕ йын стӕй бамбарын кӕн, афтӕ дӕм цӕмӕн каст. Уый фӕстӕ йӕ ис бафӕрсӕн: «Дӕумӕ дӕр афтӕ кӕсы?» Чи зоны дын йӕ дзуапп фадат ратта, цӕмӕй уыцы фарст Библимӕ гӕсгӕ равзарат, ӕмӕ йын уый стыр ӕххуыс ӕмӕ стыр ныфсы хос фӕуа.

Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕг куыд кодта, афтӕ кӕн дарддӕр дӕр

20, 21. Адӕмы ахуыр кӕнгӕйӕ лӕмбынӕг хъусын цӕмӕн хъӕуы?

20 Дӕ сывӕллонимӕ ныхас кӕнай ӕви ӕндӕр искӕимӕ, лӕмбынӕг хъусын ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы. Уый дзурӕг у уарзондзинадыл. Адӕммӕ кӕй хъусӕм, уымӕй бӕрӕг у, сӕрныллӕг кӕй стӕм, кӕй сын аргъ кӕнӕм ӕмӕ сыл сыгъдӕгзӕрдӕйӕ кӕй тыхсӕм. Уӕдӕ адӕймаг куы фӕдзуры, уӕд ӕм хъуамӕ лӕмбынӕг хъусӕм.

21 Уӕдӕ-иу уацамынды кӕимӕ ныхас кӕнай, уыдонмӕ-иу лӕмбынӕг хъус. Цы дзурынц, уымӕ дӕ хъус куы дарай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн бамбарын, Библийӕ сын сӕ зӕрдӕ тынгдӕр цы бацагайдзӕн, уый. Архай, цӕмӕй адӕмы ахуыр кӕнай, Йесо сӕ куыд ахуыр кодта, афтӕ. Ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕджы куы фӕзмай, уӕд дӕ зӕрдӕ цинӕй райдзӕн.

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Йесо адӕмы сӕ хъуыдытӕ дзурынмӕ куыд разӕнгард кодта?

• Йесо, кӕй ахуыр кодта, уыдонмӕ цӕмӕн хъуыста?

• Уацамынды дӕ бон куыд у фарстытӕ дӕттын?

• Сывӕллӕттӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн дӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 28 фарсыл]

Уацамынды адӕммӕ лӕмбынӕг хъусӕм

[Ныв 30 фарсыл]

Сывӕллӕттӕн сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн кӕй ӕххуыс кӕнӕм, уымӕй фӕзмӕм Йесойы