Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Аггей ӕмӕ Захарийы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

Аггей ӕмӕ Захарийы чингуытӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

ЦӔУЫ н. э. агъоммӕ 520 аз. Иудейӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ’рыздӕхтысты ӕмӕ Иерусалимы Йегъовӕйы кувӕндон аразын куы райдыдтой, уӕдӕй нырмӕ рацыд ӕхсӕрдӕс азы. Фӕлӕ кувӕндон арӕзт нӕма у. Куыстытӕ ӕрдӕгыл ныллӕууыдысты. Йегъовӕ йӕ ныхас йӕ адӕммӕ ӕрвиты пехуымпар Аггейӕн. Дыууӕ мӕйы фӕстӕ та пехуымпар Захарийӕн.

Аггей ӕмӕ Захари ӕрвыст сты иу хъуыддаджы фӕдыл: адӕмы сыстын кӕной, цӕмӕй кувӕндон кӕронмӕ саразой. Пехуымпарты фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ фӕци: кувӕндон фондз азмӕ арӕзт фӕци. Аггей ӕмӕ Захари цы хъусын кодтой, уый фыст ӕрцыд, сӕ нӕмттӕ цы чингуытӕ хӕссынц, уыдоны. Аггей йӕ чиныг фыст фӕци н. э. агъоммӕ 520 азы, Захари та – н. э. агъоммӕ 518 азы. Уыцы пехуымпартау махӕн дӕр Хуыцау бахӕс кодта иу ахсджиаг куыст, ӕмӕ йӕ хъуамӕ кӕронмӕ сӕххӕст кӕнӕм, цалынмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ. Уыцы куыст у Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Аггей ӕмӕ Захарийы чингуыты цы ныфсдӕттӕг хъуыдытӕ ис, уыдонмӕ.

«УӔ ЗӔРДӔТӔ РАЗДАХУТ УӔ ХЪУЫДДӔГТӔМ»

(Аггей 1:1–2:23)

Аггей 112 боны дӕргъы хъусын кӕны цыппар хабары. Фыццаг: «„Уӕ зӕрдӕтӕ раздахут уӕ хъуыддӕгтӕм. Хохмӕ ссӕут, хъӕдӕрмӕг ӕрхӕссут ӕмӕ саразут хӕдзар, цӕмӕй мӕ зӕрдӕмӕ фӕцӕуа ӕмӕ цӕмӕй скадджын уон“,– дзуры Йегъовӕ» (Аггей 1:7, 8). Адӕм ын йӕ ныхас ӕххӕст кӕнынц. Дыккаг хабары та Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры: «Ӕз ацы хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй» (Аггей 2:7).

Ӕртыккаг хабар у: кувӕндон аразыныл хъуыды дӕр кӕй нал кӕнынц, уый тыххӕй адӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ се ’ппӕт хъуыддӕгтӕ дӕр Йегъовӕйы цӕсты сыгъдӕг нал сты. Фӕлӕ кувӕндон аразынмӕ цы бон ӕрӕвналой, уыцы бонӕй фӕстӕмӕ сын Йегъовӕ «арфӕ кӕндзӕн». Цыппӕрӕм хабармӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ «фесафдзӕн адӕмты паддзахӕдты тых» ӕмӕ хицау Зоровавелы скӕндзӕн, «мыхуыримӕ цы къухдарӕн» вӕййы, уый хуызӕн (Аггей 2:14, 19, 22, 23).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

1:6 – Куыд ӕмбаргӕ сты ацы ныхӕстӕ, «нуазут, фӕлӕ нӕ расыг кӕнут», зӕгъгӕ? Ацы ныхӕстӕ дзурӕг сты, сӕн кӕй нӕ фаг кӕны, ууыл. Йегъовӕ адӕмӕн кӕй нӕ арфӕ кӕны, уымӕ гӕсгӕ сӕм уыйбӕрц сӕн нӕй, цӕмӕй фӕрасыг уой.

2:6, 7, 21, 22 – Ацы стихты, «базмӕлын кӕндзынӕн», зӕгъгӕ, кӕмӕ кӕнӕ цӕмӕ хауы ӕмӕ уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн? Йегъовӕ змӕлын кӕны ӕппӕт адӕмыхӕттыты, ӕгас дунейы дӕр Паддзахады хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕуы, уымӕй. Уацамынды фӕрцы ма «ӕппӕт адӕмты хӕзнатӕ» цӕуынц Йегъовӕйы хӕдзармӕ ӕмӕ йӕ дзаг кӕнынц кадӕй. Фӕстӕдӕр та «ӕфсӕдты Йегъовӕ» базмӕлын кӕндзӕн «арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сурзӕхх», ӕмӕ ацы фыддуне бынсӕфт фӕкӕндзӕн (Дзуттӕгтӕм 12:26, 27).

2:9 – Цӕмӕ гӕсгӕ уыдзӕн «фӕстаг хӕдзары кад фыццаг хӕдзары кадӕй стырдӕр»? Ӕппынкъаддӕр, ӕртӕ хъуыддагмӕ гӕсгӕ: цас рӕстӕг фӕлӕууыд, адӕмы дзы чи ахуыр кодта ӕмӕ дзы Йегъовӕйӕн кувынмӕ чи цыдис. Соломоны кадджын кувӕндон фӕлӕууыд 420 азы, н. э. агъоммӕ 1027 азӕй н. э. агъоммӕ 607 азы онг. «Фӕстаг хӕдзар» та фӕлӕууыд 580 азы, н. э. агъоммӕ 515 азы арӕзт куы фӕцис, уӕдӕй н. э. 70 азмӕ – куы йӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ. Уымӕй уӕлдай, «фӕстаг хӕдзары» адӕмы ахуыр кодта Мессийӕ – Йесо Чырысти, ӕмӕ уырдӕм Хуыцауӕн кувынмӕ цыди, «фыццаг хӕдзармӕ» цас адӕм цыд, уымӕй фылдӕр (Хъуыддӕгтӕ 2:1–11).

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:2–4. Хорз хабар хъусын кӕнын нӕ куы хъыгдарой, уӕд уый тыххӕй, царды нын сӕйрагдӕр цы у, уый хъуамӕ ма фӕива, ома фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурыны бӕсты нӕхи хъуыддӕгтыл хъуамӕ ма фӕуӕм (Матфейы 6:33).

1:5, 7. Хорз уаид, нӕ зӕрдӕтӕ нӕ хъуыддӕгтӕм куы раздахиккам ӕмӕ куы ахъуыды кӕниккам: цы аразӕм, уый фӕрцы Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕви дзы дарддӕр кӕнӕм?

1:6, 9–11; 2:14–17. Аггейы рӕстӕджы иудейӕгтӕ сӕ цард фӕхуыздӕр кӕныны тыххӕй сӕхиуыл куыстӕй нӕ ауӕрстой, фӕлӕ сын дзы ницы зындис. Кувӕндон аразыныл хъуыды дӕр кӕй нал кодтой, уымӕ гӕсгӕ сын Хуыцау дӕр арфӕ нал кодта. Махӕн сӕйрагдӕр хъуамӕ уой, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йын хъуамӕ ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнӕм. Хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, бирӕ мулк нӕм уа ӕви гыццыл, адӕймаджы хъӕздыг кӕны Йегъовӕйы арфӕдзинад (Ӕмбисӕндтӕ 10:22).

2:15, 18. Йегъовӕ иудейӕгтӕн дзуры, цӕмӕй уыцы бонӕй фӕстӕмӕ хъуыды кӕной, кувӕндон куыд нал арӕзтой, ууыл нӕ, фӕлӕ йӕ куыд саразой, ууыл. Мах дӕр хъуамӕ размӕ кӕсӕм ӕмӕ хъуыды кӕнӕм, Йегъовӕйӕн куыд лӕггад кӕндзыстӕм, ууыл.

«ТЫХЫ РУАДЖЫ НӔ, ФӔЛӔ МӔ СЫГЪДӔГ УДЫ РУАДЖЫ»

(Захари 1:1–14:21)

Захари йӕ пехуымпар-ныхасы райдианы иудейӕгты хоны, цӕмӕй «раздӕхой Йегъовӕмӕ» (Захари 1:3). Уый фӕстӕ цы аст цӕстылуайӕны кой кӕны, уыдон адӕмӕн ныфс дӕттынц, кувӕндон куы аразой, уӕд сын Хуыцау сӕ куыстӕн кӕй арфӕ кӕндзӕн. (Кӕс фӕлгӕты «Захарийы аст цӕстылуайӕны».) Кувӕндон арӕзт ӕрцӕудзӕн, «ӕфсӕдтӕ ӕмӕ тыхы руаджы нӕ, фӕлӕ [Йегъовӕйы] сыгъдӕг уды руаджы» (Захари 4:6). Йӕ ном Тау кӕмӕн у, уыцы адӕймаг «сараздзӕн Йегъовӕйы кувӕндон» ӕмӕ «суыдзӕн сауджын йӕ паддзахбадӕны» (Захари 6:12, 13).

Вефил сауджынтӕм минӕвӕрттӕ ӕрвиты, цӕмӕй сӕ бафӕрсой, знӕгтӕ Иерусалим кӕй ныппырх кодтой, уый тыххӕй комдарӕн бонтӕ кӕнын хъӕуы ӕви нӕ. Иерусалимыл цы бӕллӕхтӕ акодта, уый адӕм нӕ рох кӕнынц ӕмӕ йыл хъынцъым кӕнынц цыппар комдарӕн боны дӕргъы. Йегъовӕ Захарийӕн дзуры, сӕ хъынцъым «цинӕй, хъӕлдзӕгдзинадӕй ӕмӕ бӕрӕгбӕттӕй» кӕй раивдзӕн (Захари 7:2; 8:19). Уый фӕстӕ цы дыууӕ хабары хъусын кӕны, уыдонмӕ хауынц: адӕмыхӕттытӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпартӕм цы тӕрхӕттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы тыххӕй, стӕй Хуыцау йӕ адӕмӕн ногӕй арфӕ кӕнын кӕй райдайдзӕн (Захари 9:1; 12:1).

Фарстытӕн дзуаппытӕ:

2:1 – Адӕймаг Иерусалим синагӕй цӕмӕн барста? Ӕвӕццӕгӕн, уый ууыл дзурӕг уыди, горӕты алыварс къул арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн. Зӕд уыцы адӕймагӕн загъта, Иерусалим кӕй фестырдӕр уыдзӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн (Захари 2:3–5).

6:11–13 – Хистӕр сауджын Йесойыл, Иоседекы фыртыл, кады худ кӕй скодтой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ паддзах сси? Нӕ, Иоседекы фырт Йесо паддзах Давиды хӕдзарвӕндагӕй нӕ уыд. Фӕлӕ йыл кады худ куы скодтой, уӕд уый ахӕсгӕ хуызы ӕвдыста Мессийӕйы (Дзуттӕгтӕм 6:20). «Тауы» тыххӕй пехуымпарад сӕххӕст уӕларвон Паддзах ӕмӕ Сауджын Йесо Чырыстийыл (Йереми 23:5). Иоседекы фырт Йесо тынг ахсджиаг куыст бакодта, цӕмӕй кувӕндон арӕзт фӕуыдаид. Афтӕ Йесо Чырысти дӕр кӕронмӕ сараздзӕн уӕларвон кувӕндон.

8:1–23 – Ацы стихты цы дӕс хабары кой цӕуы, уыдон кӕд сӕххӕст сты? Алы хабар дӕр райдайы ахӕм ныхӕстӕй, «афтӕ дзуры ӕфсӕдты Йегъовӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцау сӕ фарнӕй кӕй хайджын кӕндзӕн. Уыцы хабӕрттӕй иуӕй-иутӕ сӕххӕст сты н. э. агъоммӕ ӕхсӕзӕм ӕнусы. Фӕлӕ иууылдӕр та кӕронмӕ сӕххӕст сты 1919 азӕй фӕстӕмӕ кӕнӕ та ӕххӕст кӕнынц абон *.

8:3 – Иерусалим «ӕцӕгдзинады горӕт» цӕмӕн схондзысты? Иерусалим, цалынмӕ йӕ н. э. агъоммӕ 607 азы знӕгтӕ нӕ ныппырх кодтой, уӕдмӕ уыд «ӕфхӕрӕг горӕт». Царди дзы мӕнгард пехуымпартӕ ӕмӕ сауджынтӕ ӕмӕ, Хуыцауы чи ферох кодта, ахӕм адӕм (Софони 3:1; Йереми 6:13; 7:29–34). Фӕлӕ куыддӕр кувӕндон саразой ӕмӕ куыддӕр адӕм Йегъовӕйӕн кувын райдайой, афтӕ горӕты уынгты хъуысын райдайдзӕн Хуыцауы тыххӕй ӕцӕгдзинад ӕмӕ Иерусалим схондзысты «ӕцӕгдзинады горӕт».

11:7–14 – Захари, «Ӕхцондзинад» ӕмӕ «Иудзинад» чи хуынд, уыцы лӕдзгуытӕ цӕмӕн асаста? Ам Захарийы тыххӕй фыст ис, кӕй йӕ арвыстой, «ӕргӕвдгӕ кӕй кӕндзысты, уыцы фыстӕ» хизынмӕ. Уыцы фыстӕ сты, сӕ разамонджытӕ удхарӕй кӕй марынц, ахӕм сабыр адӕм. Захари фыййау кӕй у, уый ахӕсгӕ хуызы амоны Йесо Чырыстимӕ – уый ӕрвыст ӕрцыд, Хуыцау бадзырд кӕимӕ скодта, уыцы адӕммӕ, фӕлӕ йыл уыдон сӕхи атигъ кодтой. Захари «Ӕхцондзинады» лӕдзӕг кӕй асаста, уый ӕвдыста, Хуыцау кӕй фехалдзӕн, иудейӕгтимӕ цы Закъоны бадзырд скодта, уый, ӕмӕ сын кӕй нал арфӕ кӕндзӕн. «Иудзинады» лӕдзӕг кӕй асаста, уый та ууыл дзурӕг уыд, Иудӕ ӕмӕ Израилы раздӕрау кӕй нал иу кӕндзысты, се ’хсӕн цы хӕстӕгдзинад уыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн иумӕ кӕй лӕггад кодтой, уый.

12:11 – Цӕмӕн «дзынӕзтой Мегиддойы дӕлвӕзы Гададриммоны»? Иудӕйы паддзах Иосийы амардтой «Мегиддойы дӕлвӕзы», Египеты фараон Нехойы ныхмӕ хӕцынмӕ куы рацыд, уӕд. Йӕ мӕлӕтыл ма йын хъарджытӕ кодтой бирӕ азты дӕргъы (2 Азфыст 35:25). Уӕдӕ Гададриммоны кӕй дзынӕзтой, уый, ӕвӕццӕгӕн, амыдта, Иосийы мӕлӕтыл кӕй хъарджытӕ кодтой, уымӕ.

Зондзонӕнтӕ махӕн:

1:2–6; 7:11–14. Йегъовӕ хорз цӕстӕй кӕсы, уайдзӕфмӕ чи байхъусы, чи ӕрфӕсмон кӕны ӕмӕ йӕм чи раздӕхы, ӕмӕ та йын ногӕй ӕппӕт удӕй лӕггад кӕнын чи райдайы, уыдонмӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ нӕ хъусы, йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, йӕ чъылдым ӕм чи здахы ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕм йӕ хъустӕ чи ’хгӕны, уыцы адӕмы куывдтытӕ.

4:6, 7. Ницӕй бон бацис Йегъовӕйы сыгъдӕг уд бауромын, ӕмӕ йе ’ххуысӕй кувӕндон кӕронмӕ арӕзт фӕци. Хуыцауӕн лӕггадгӕнгӕйӕ цыфӕнды зындзинадыл ма сӕмбӕлӕм, нӕ бон ӕй сфӕразын бауыдзӕн, Йегъовӕйыл куы ӕууӕндӕм, уӕд (Матфейы 17:20).

4:10. Йегъовӕ кувӕндоны арӕзтадмӕ йӕ хъус лӕмбынӕг кӕй дардта, уымӕ гӕсгӕ Зоровавел ӕмӕ йӕ адӕм кувӕндон сарӕзтой, Хуыцауы куыд фӕндыд, растдӕр афтӕ. Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ афтӕ зын не сты, цӕмӕй сӕ ӕнӕххӕст адӕмӕн сӕ бон ӕххӕст кӕнын ма уа.

7:8–10; 8:16, 17. Цӕмӕй нӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ райа, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм рӕстаг, алкӕйдӕр ӕнувыд уарзтӕй уарзӕм, уӕм фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн, раст цы у, уый дзурӕм.

8:9–13. Йегъовӕ нын арфӕ фӕкӕны, нӕ къухтӕ куы фӕфидар кӕнӕм, ӕмӕ нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый куы фӕаразӕм, уӕд. Уыцы арфӕдзинӕдтӕй иуӕй-иутӕ сты: сабырдзинад, ӕдасдзинад ӕмӕ хӕлардзинад Йегъовӕимӕ.

12:6. Йегъовӕйы адӕмы ’хсӕн йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон хъуамӕ уой «судзгӕ цырагъау» – сӕ удӕй арт цӕгъдой.

13:3. Адӕймаджы цыфӕнды тынг куы уарзӕм, цыфӕнды хӕстӕг нын куы уа, уӕддӕр хъуамӕ ӕцӕг Хуыцауы ӕмӕ йын йӕ организаци уарзӕм фылдӕр.

13:8, 9. Раст дин чи ныууагъта ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕ йӕ къух кӕуыл систа, уыдон уыдысты бирӕ – адӕмӕн сӕ дыууӕ ӕртыццаг хайы. Ӕрмӕст иу ӕртыццаг хай сыгъдӕггонд ӕрцыд арты. Нӕ рӕстӕджы чырыстон дунейӕн сӕ фылдӕр ӕрмӕст номӕй сты чырыстӕттӕ – уыдоны Йегъовӕ йӕ адӕмыл нӕ нымайы. Ӕрмӕстдӕр сӕрст чырыстӕтты гыццыл къорд «кувынц Йегъовӕмӕ йӕ номӕй» ӕмӕ цӕттӕ сты, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна. Сӕ цардӕй ӕмӕ се ’мчырыстӕтты цардӕй бӕрӕг у, ӕрмӕст номӕй кӕй не сты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

Хъуамӕ уӕм зынгзӕрдӕ

Аггей ӕмӕ Захари цы дзырдтой, уый ныл куыд ӕндавы? Сӕ ныхӕстӕ иудейӕгты бафидар кодтой ӕмӕ сӕ сразӕнгард кодтой, цӕмӕй кувӕндон аразынмӕ се ’ргом аздӕхтаиккой. Уӕдӕ ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ цымӕ нӕ бафӕнды, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы зынгзӕрдӕ уӕм?

Захари дзырдта, Мессийӕ кӕй цӕудзӕн «хӕрӕгыл бадгӕйӕ», кӕй йӕ ауӕй кӕндзысты «30 ӕвзист сиклыл», кӕй йӕ амардзысты ӕмӕ «йӕ фыстӕ [кӕй] ныппырх уыдзысты» (Захари 9:9; 11:12; 13:7). Куыд тынг нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад, ацы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уый! (Матфейы 21:1–9; 26:31, 56; 27:3–10). Уый фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм Йегъовӕйы Ныхасыл ӕмӕ нӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн, ууыл (Дзуттӕгтӕм 4:12).

[Фиппаинаг]

^ 2 абз. Кӕс 1996 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 9–22 фф., (уыр.).

[Рамкӕ 15 фарсыл]

ЗАХАРИЙЫ АСТ ЦӔСТЫЛУАЙӔНЫ

1:8–17. Зӕрдӕ ӕвӕры, кувӕндон арӕзт кӕй ӕрцӕудзӕн, Иерусалим ӕмӕ Иудӕйы иннӕ горӕттӕ та арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты.

1:18–21. Дзуры, «Иудӕйы чи ныххӕлиу кодта, уыцы цыппар сыкъайӕн» сӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, ома, Йегъовӕйы дины ныхмӕ чи цӕуы, уыцы паддзахӕдты кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн.

2:1–13. Ӕвдисы, Иерусалим кӕй фестырдӕр уыдзӕн ӕмӕ йӕ Йегъовӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн – суыдзӕн «судзгӕ къул йӕ алыварс».

3:1–10. Ӕвдисы, знӕгтӕ кувӕндоны арӕзтад кӕй къуылымпы кодтой Сайтаны зондӕй ӕмӕ Йегъовӕ Хистӕр Сауджын Йесойы кӕй фервӕзын кодта ӕмӕ йӕ кӕй ссыгъдӕг кодта.

4:1–14. Зӕрдӕ ӕвӕры, хохы хуызӕн цӕлхдуртӕ кӕй «суыдзысты фӕзы хуызӕн», ома нал уыдзысты, ӕмӕ хицау Зоровавел та кувӕндон кӕронмӕ кӕй сараздзӕн.

5:1–4. Ӕлгъыст дзы цӕуынц, ӕнӕфхӕрдӕй чи зайы, уыцы фыдгӕнджытӕ.

5:5–11. Дзуры, фыддзинадӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн.

6:1–8. Ныфс ӕвӕры, Йегъовӕйы коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн зӕдтӕ кӕй ӕххуыс кӕндзысты ӕмӕ сӕ кӕй хъахъхъӕндзысты.

[Ныв 12 фарсыл]

Цавӕр хъуыддаджы фӕдыл уыдысты ӕрвыст Аггей ӕмӕ Захари?

[Ныв 14 фарсыл]

Йӕхимӕ разамынд чи исы, уыдон «судзгӕ цырагъы хуызӕн» куыд сты?