Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уый тыххӕй кувынц ӕгас дунейы дӕр

Уый тыххӕй кувынц ӕгас дунейы дӕр

Уый тыххӕй кувынц ӕгас дунейы дӕр

АХЪУЫДЫ-МА КӔН: дыууӕ миллиарды адӕм кувынц иу хъуыддаджы тыххӕй. Сӕ курдиаты тыххӕй дзурынц Дунедарӕг Стыр Хуыцауӕн. Фӕлӕ уыдонӕй бирӕтӕ бӕлвырдӕй нӕ зонынц, цӕй тыххӕй кувынц, уый. Цымӕ уый ӕцӕгӕйдӕр афтӕ у? О, ӕмӕ афтӕ кувынц алы бон дӕр. Фӕлӕ цӕй тыххӕй кувынц ӕппӕт уыцы адӕм? Цӕмӕй ӕрцӕуа Хуыцауы Паддзахад!

Йӕхи чырыстон чи хоны ӕмӕ Йесо Чырыстийы йӕ Разамонӕгыл чи нымайы, ахӕм динтӕ ис 37 мины бӕрц. Уыцы динтыл хӕст сты дыууӕ миллиардӕй фылдӕр адӕм. Бирӕтӕ сӕ фӕдзурынц, Матфейы 6:9–13 цы куывды ныхӕстӕ ис, уыдон. Зоныс уыцы куывд? Йесо йӕ амыдта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн ӕмӕ райдайы ахӕм ныхӕстӕй: «Нӕ уӕларвон Фыд, срухс уӕд дӕ ном. Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матфейы 6:9, 10).

Ныр сӕдӕгай азты дӕргъы уырнӕг адӕм уыцы ныхӕстӕ дзурынц аргъуанты. Зӕрдиагӕй фӕкувынц сӕ бинонтимӕ ӕмӕ иунӕгӕй, тыхст куы вӕййынц ӕмӕ цин куы фӕкӕнынц, уӕд дӕр. Бирӕтӕ та уыцы ныхӕстӕ сахуыр кӕнынц ӕмӕ сӕ ӕдзух фӕдзурынц, кӕд сын сӕ нысаниуӕг хорз, йе та ӕппындӕр нӕ фембарынц, уӕддӕр. Фӕлӕ, йӕхи чырыстон чи хоны, ӕрмӕст уыдон нӕ фӕкувынц Хуыцауы Паддзахады тыххӕй.

Ӕндӕр динты дӕр фӕкувынц уый тыххӕй

Дзуттӕгтӕ хорз зонынц, алы бон дӕр се ’мбырдгӕнӕнты кӕнӕ та ӕввахс хионы зианы кӕй фӕдзурынц, уыцы куывды ныхӕстӕ (хонынц ӕй каддиш). Кӕд дзы мӕлӕты кой кӕнӕ хъарӕджы ныхӕстӕ нӕй, уӕддӕр ӕй арӕх фӕдзурынц зианы рӕстӕг. Ис дзы ахӕм ныхӕстӕ: «Уӕдӕ [Хуыцау] йӕ Паддзахад ӕрӕвӕрӕд уӕ рӕстӕджы... ӕмӕ цас тагъддӕр, уыйас хуыздӕр» *. Ӕндӕр рагон дзуттаг куывды та дзырд цӕуы, Давиды хӕдзарӕй чи у, уыцы Мессийӕйы Паддзахады тыххӕй.

Ӕндӕр динтӕн дӕр сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрцӕудзӕн, уый. 19 ӕнусы иу индиаг зындгонд дины разамонӕджы фӕндыд базонын, индуизм, пысылмон ӕмӕ чырыстон динты ӕмхуызонӕй цы ис, уый ӕмӕ загъта: «Хуыцауы Паддзахад не ’рцӕудзӕн, цалынмӕ скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ нӕ баиу уой, уӕдмӕ» («The Times of India»). Стратфилды пысылмон университеты директор та ӕрӕджы газетмӕ ныффыста: «Иннӕ пысылмӕттау мӕн дӕр уырны, Йесо кӕй ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрӕвӕрдзӕн».

Уӕдӕ абон Хуыцауы Паддзахады тыххӕй чи кувы ӕмӕ йӕм чи ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдон сты миллиардтӕ. Фӕлӕ ма ӕркӕсӕм иу цымыдисаг хъуыддагмӕ.

Ӕвӕццӕгӕн ӕй зоныс, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнынц ӕмӕ адӕмимӕ Библийыл кӕй ныхас кӕнынц. Уыцы куыст кӕнынц ӕгас дунейы дӕр 400 ӕвзагӕй фылдӕрыл 236 бӕстӕйы. Сӕйраджыдӕр дзурӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Дӕ хъус-ма ӕрдар, ацы журналы ном ӕнӕхъӕнӕй кӕй у «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад». Адӕмы арӕх фӕфӕрсӕм, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй фӕкувынц ӕви нӕ, ӕмӕ сӕ фылдӕр фӕзӕгъынц, кӕй кувынц. Фӕлӕ куы бафӕрсӕм, цы у уыцы Паддзахад, уӕд бирӕтӕ фӕзӕгъынц, нӕ зонын, зӕгъгӕ. Кӕнӕ та цы фӕзӕгъынц, уый зын бамбарӕн вӕййы.

Цымӕ афтӕ бирӕ адӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй цӕмӕн кувынц, кӕд, цы у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц, уӕд? Мыййаг, уыцы Паддзахад цы у, уый зын бамбарӕн у? Нӕу. Библи бӕстон ӕмӕ лӕмбынӕг ӕмбарын кӕны, цы у Хуыцауы Паддзахад. Уымӕй уӕлдай, Паддзахады тыххӕй хорз хабар нын ӕцӕг ныфс дӕтты ацы уӕззау рӕстӕджы. Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, ацы фарста Библи куыд ӕмбарын кӕны, уый. Стӕй фендзыстӕм, Йесо цы Паддзахады тыххӕй амыдта кувын, уый кӕд ӕрцӕудзӕн.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Йесо цы куывд бацамыдта, уым куыд загъта, афтӕ, каддиш кӕй хонынц, уыцы куывды дӕр дзырд цӕуы Хуыцауы ном срухс кӕныны тыххӕй. Кӕд иуӕй-иуты ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕлвырд нӕу, ацы дзуттаг куывд Чырыстийы рӕстӕджы, йе та суанг раздӕр кӕй фӕзынд, уый, уӕддӕр мах хъуамӕ ма дис кӕнӕм, цыдӕр дзы ӕмхуызон кӕй у, ууыл. Йесо цӕй тыххӕй куывта, уым ногӕй ницы уыд. Ацы куывды цы курдиӕттӕ ис, уыдон иууылдӕр уыдысты Фыстадмӕ гӕсгӕ, уӕды рӕстӕг дзуттӕгтӕн та се ’ппӕтӕн дӕр сӕ бон уыд Фыстад кӕсын. Ӕмӕ сӕ Йесо разӕнгард кодта, цӕмӕй, уӕдмӕ дӕр цӕй тыххӕй куывтой, уыдӕтты тыххӕй куывтаиккой.