Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый сӕххӕст вӕййы

Йегъовӕ цыдӕриддӕр фӕзӕгъы, уый сӕххӕст вӕййы

«ӔЗ ДӔН Хуыцау, мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, мӕн хуызӕн ничи у. Ӕз дзурын райдианӕй, фӕстагмӕ цы ’рцӕудзӕнис, уый, ӕмӕ раджы замантӕй – цы нӕма ис, уый тыххӕй» (Исай 46:9, 10). Уый дзуры Йегъовӕ, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст уымӕн у йӕ бон, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый раст зӕгъын.

Алчидӕр ӕй зоны, адӕмӕн сӕ бон кӕй нӕу, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый бӕлвырдӕй зӕгъын. Библи та у пехуымпарӕдты чиныг. Уымӕ гӕсгӕ, рӕстдзинад чи агуры, уыдон хъуамӕ раиртасой, Библи Хуыцауы Ныхас у ӕви нӕ. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, чи сӕххӕст, уыцы пехуымпарӕдтӕй иуӕй-иутӕм.

Рагон паддзахӕдтӕ

Хуыцау загъта, Едом, Моав ӕмӕ Аммон ӕнустӕм кӕй фесӕфдзысты (Йереми 48:42; 49:17, 18; 51:24–26; Авди 8, 18; Софони 2:8, 9). Ацы адӕмыхӕттытӕ кӕй фесӕфтысты, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон ӕцӕгдӕр кӕй сӕххӕст вӕййынц.

Чидӕртӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, алкӕй бон дӕр у зӕгъын, цавӕрдӕр паддзахад, цыфӕнды тыхджын ма уа, уӕддӕр, ӕппынфӕстаг кӕй фесӕфдзӕн. Фӕлӕ афтӕ чи хъуыды кӕны, уыдон рох кӕнынц иу ахсджиаг хъуыддаг: Библийы фыст ӕрцыд бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ дӕр. Зӕгъӕм, фыст дзы уыд, Вавилон куыд басӕтдзысты, уый тыххӕй. Загъд уыд, горӕт кӕй бацахсдзысты мидиӕгтӕ, сӕ сӕргъы кӕй уыдзӕн Кир ӕмӕ, горӕт цы цӕугӕдӕттӕ хъахъхъӕнынц, уыдон кӕй бахус уыдзысты (Исай 13:17–19; 44:27–45:1).

Фӕлӕ Библи се ’ппӕт адӕмыхӕттытӕй кӕнӕ паддзахӕдтӕй нӕ дзырдта, ӕнустӕм фесӕфдзысты, зӕгъгӕ. Зӕгъӕм, Хуыцау куы загъта, Иерусалим вавилойнӕгтӕ кӕй бацахсдзысты, уӕд ма загъта уый дӕр, ӕмӕ горӕт ногӕй сараздзысты, кӕд-иу вавилойнӕгтӕ сӕ уацайрӕгты никуы суӕгъд кодтой, уӕддӕр (Йереми 24:4–7; 29:10; 30:18, 19). Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр афтӕ рауад – дзуттӕгтӕ абон дӕр цӕрынц.

Стӕй ма Йегъовӕ загъта, Египет кӕй басӕтдзысты ӕмӕ кӕй нал уыдзӕн, уӕды рӕстӕджы дунейы ӕппӕты тыхджындӕр паддзахад, фӕлӕ та дзы «фӕстӕдӕр раздӕрау цӕрджытӕ [кӕй] уыдзӕн». Уыцы пехуымпарадмӕ гӕсгӕ, Египетӕн хъуамӕ раздӕры кад мауал уыдаид (Йереми 46:25, 26; Иезекил 29:14, 15). Ӕмӕ уыцы ныхас ӕцӕгдӕр сӕххӕст. Йегъовӕ ма загъта, Греци дӕр дунейы тыхджындӕр паддзахад кӕй нал уыдзӕн. Фӕлӕ афтӕ никуы загъта, уыцы адӕм зӕххы цъарӕй кӕй фесӕфдзысты. Уӕдӕ Йегъовӕ афтӕ цы паддзахӕдтӕй загъта, фесӕфдзысты, зӕгъгӕ, уыдон ӕцӕгдӕр фесӕфтысты, фӕлӕ афтӕ кӕмӕй нӕ загъта, уыдон та ныр дӕр ма сты. Уымӕй цы ис базонӕн? Уый, ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдон сты раст ӕмӕ сыл ис ӕууӕндӕн.

Лыстӕг хабӕрттӕ дисы ӕфтауынц

Уӕлдӕр куыд загътам, афтӕмӕй, Вавилон куыд басӕтдзысты, уый тыххӕй Йегъовӕ раргом кодта бирӕ лыстӕг хабӕрттӕ. Тир кӕй басӕтдзысты, уый тыххӕй дӕр Иезекилы чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ йын йӕ дуртӕ, йӕ хъӕддзаума ӕмӕ йӕ сыджыт «доны ныккалдзысты» (Иезекил 26:4, 5, 12). Ацы пехуымпарад сӕххӕст н. э. размӕ 332 азы. Уӕд Македойнаг Алыксандр йе ’фсӕддонтӕн радта бардзырд, цӕмӕй Тиры сӕйраг хайы хӕлддзӕгтӕй сарӕзтаиккой фӕндаг, горӕтӕн ма сакъадахыл цы хай уыд, уырдӕм. Ӕмӕ горӕты уыцы хай дӕр фӕстӕдӕр басаста.

Данелы 8:5–8, 21, 22 ӕмӕ 11:3, 4 цы пехуымпарад фыст ис, уым ма кӕсӕм ӕндӕр цымыдисаг хабӕрттӕ дӕр Грецийы зындгонд паддзахы тыххӕй. Уыцы паддзахӕн хъуамӕ кӕрон ӕрцыдаид, йӕ тӕккӕ тыхы куы уыд, уӕд, ӕмӕ йын йӕ паддзахад хъуамӕ цыппар дихы фӕкодтаиккой, фӕлӕ йӕ байзӕддӕгтӕ нӕ. Ацы пехуымпарад фыст куы ’рцыд, уымӕй 200 азӕй фылдӕр куы рацыд, уӕд уыцы тыхджын паддзах разынд Македойнаг Алыксандр. Истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй Алыксандр амард ӕрыгонӕй ӕмӕ йын йӕ паддзахад йе ’фсады цыппар сӕргълӕууӕджы цыппар дихы фӕкодтой, фӕлӕ уыдон йӕ байзӕддӕгтӕ нӕ уыдысты.

Библийы ныхмӕ чи сты, уыдон афтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, уыцы пехуымпарад ныффыстой, хабӕрттӕ куы ’рцыдысты, уый фӕстӕ. Фӕлӕ-ма ногӕй ӕркӕсӕм, Данелы чиныгӕй цӕуыл ныхас кодтам, уымӕ. Пехуымпарад кӕй у, уый цӕстӕй йӕм куы кӕсӕм, уӕд дзы ӕцӕгӕйдӕр цымыдисаг хабӕрттыл цӕуы дзырд. Фӕлӕ афтӕ куы хъуыды кӕнӕм, ацы хабӕрттӕ куы ’рцыдысты, уый фӕстӕ сӕ ныффыстой, зӕгъгӕ, уӕд афтӕ нӕ уайы, ӕмӕ дзы лыстӕг хабӕртты кой ӕгӕр гыццыл ис? Зӕгъӕм, Алыксандры фӕстӕ чи цард, иу ахӕм адӕймаг ӕцӕгӕйдӕр сфӕнд кодта ацы хабӕрттӕ пехуымпарады хуызы равдисын ӕмӕ уымӕй адӕмы дисы бафтауын. Уӕд цӕуылнӕ загъта, Алыксандры мӕлӕты хӕдфӕстӕ йӕ дыууӕ фырты кӕй архайдзысты паддзахы бартӕ сӕ къухмӕ райсыныл ӕмӕ сӕ кӕй амардзысты? Цӕуылнӕ ской кодта уый тыххӕй, ӕмӕ цалынмӕ йе ’фсады цыппар сӕргълӕууӕджы йын йӕ паддзахад сӕхи бакӕной, уӕдмӕ бирӕ азтӕ кӕй рацӕудзӕн? Стӕй цӕуылнӕ загъта уыцы номдзыд паддзахӕн ӕмӕ йе ’фсады сӕргълӕуджытӕн сӕ нӕмттӕ?

Афтӕ рагӕй дзурынц, зӕгъгӕ, Библийы пехуымпарӕдтӕ, хабӕрттӕ куы ’рцыдысты, уӕд ныффыстой. Фӕлӕ ахӕм ныхӕстӕн бындур нӕй. Ахӕм хъуыдыйыл хӕст чи у, уыдон бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕ раиртасынц ӕмӕ афтӕмӕй фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, фидӕны цы ’рцӕудзӕн, уый зӕгъын йӕ бон никӕмӕн у. Ахӕм адӕм Библи Хуыцауы Ныхасыл нӕ нымайынц, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ алцыдӕр ӕмбарын кӕнынц адӕймаджы зондӕй. Куыдфӕнды ма уа, Хуыцау зыдта, Библийы цас ӕмӕ цы ныффыссын хъӕуы, уый. Ӕмӕ пехуымпарӕдты цы ныффыссын кодта, уыдон фаг сты, цӕмӕй адӕймаг бамбара, Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у *.

Библийы пехуымпарӕдтӕ куыд сӕххӕст сты, ууыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ уырнындзинад тынг бафидар уыдзӕн. Хорз нӕ уаид, Библийы цы пехуымпарӕдтӕ ис, уыдоны тыххӕй фылдӕр куы базонис? Чиныджы «Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?» 200 фарсыл ис таблицӕ, ӕмӕ дын уый баххуыс кӕндзӕн ацы хъуыддаджы *. Цы пехуымпарӕдтӕ дзы ис, уыдон куы кӕсай, уӕд дӕ нысан уӕд дӕ уырнындзинад бафидар кӕнын. Тагъд-иу ма кӕн, фӕлӕ арф хъуыды кӕн, Йегъовӕ цыдӕриддӕр загъта, уый кӕй сӕххӕст, ууыл.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 13 абз. Библийы пехуымпарӕдтӕ куы сӕххӕст сты, уый фӕстӕ кӕй не ’рцыдысты фыст, уый тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис чиныджы «Ӕнувыд Сфӕлдисӕг уӕвы?», 106–111 фӕрстыл. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

^ 14 абз. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ.

[Рамкӕ/Ныв 24 фарсыл]

АХСДЖИАГ ФӔДЗӔХСТЫТӔ

Цӕуыл ма ис ахъуыды кӕнӕн? Хуыцау Библийы ӕрмӕст уый нӕ ныффыссын кодта, дунейы тыхджындӕр паддзахӕдтӕ куыд фӕзындзысты ӕмӕ сӕ кӕронмӕ куыд ӕрцӕудзысты, фӕлӕ ма царды чи фӕпайда уыдзӕн, ахӕм фӕдзӕхстытӕ дӕр. Мӕнӕ дзы иуӕй-иутӕ:

Цы байтауай, уый ӕркӕрддзынӕ (Галатӕгтӕм 6:7).

Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у (Хъуыддӕгтӕ 20:35).

Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон (Матфейы 5:3).

Ацы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын ӕмӕ цардӕй райгонд.

[Нывтӕ 22, 23 фарсыл]

Библийы фыст уыд, ацы паддзахӕдтӕ ӕнустӕм кӕй фесӕфдзысты...

ЕДОМ

ВАВИЛОН

...адонӕй та афтӕ загъд нӕ уыд

ГРЕЦИ

ЕГИПЕТ

[Барлӕвӕрдӕй]

Pictorial Archive (Near Eastern History) Est.

WHO photo by Edouard Boubat

[Ныв 23 фарсыл]

Македойнаг Алыксандр