Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕсджытӕ фӕрсынц

Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис?

Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис?

Бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис. Зӕгъӕм, иу энциклопедийы фыст ис: «Хуыцауы Паддзахад уый нысан кӕны, ӕмӕ... Хуыцау нӕ зӕрдӕты разамынд дӕтты» («The Catholic Encyclopedia»). Афтӕ фӕдзурынц сауджынтӕ дӕр. Цымӕ Библи ӕцӕгдӕр афтӕ дзуры, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис?

Иуӕй-иутӕ дзурынц, фыццаг, дам, Чырысти йӕхӕдӕг загъта, Хуыцауы Паддзахад адӕмы зӕрдӕты кӕй ис. Чырысти ӕцӕгдӕр загъта: «Хуыцауы паддзахад мӕнӕ уе ’хсӕн ис» (Лукайы 17:21). Кӕцыдӕр тӕлмацты ацы ныхӕстӕ сты афтӕ: «Хуыцауы паддзахад уӕ мидӕг ис» кӕнӕ «Хуыцауы Паддзахад уӕ зӕрдӕйы ис». Фӕлӕ уый раст тӕлмац у? Йесо Чырыстийы ӕцӕгдӕр уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис?

Фыццаг уал ӕркӕсӕм, адӕймаджы зӕрдӕ цы у, уымӕ. Библийы дзырд «зӕрдӕ» амоны, адӕймаг мидӕгӕй цыхуызӕн у, йӕ хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ кӕм гуырынц, уымӕ. Чи зоны, бирӕтӕм хорз кӕсы уыцы хъуыды, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад – адӕймаджы чи ивы ӕмӕ йӕ хуыздӕр чи кӕны, ахӕм диссаг цыдӕр – сӕ зӕрдӕйы уа. Фӕлӕ уыцы хъуыды раст у?

Библийы кӕсӕм: «Адӕймаджы зӕрдӕйӕ мӕнгарддӕр ӕмӕ хӕлддӕр ницы ис» (Йереми 17:9). Йесо йӕхӕдӕг загъта: «Адӕмӕн сӕ хуылфӕй, сӕ зӕрдӕтӕй, цӕуынц ӕвзӕр хъуыдытӕ: хӕтын, давын, марын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, искӕйонмӕ бӕллын, фыдхъуыддӕгтӕ» (Марчы 7:20–22). Ахъуыды-ма йыл кӕн: абон дунейы цы хъизӕмӕрттӕ уынӕм, уыдон, адӕмы тӕригъӕдджын зӕрдӕтӕй цы цӕуы, уый аххосӕй не сты? Уӕдӕ куыд ис уый гӕнӕн, ӕмӕ Хуыцауы ӕххӕст, ӕнӕфау Паддзахад зӕрдӕйы уа? Кӕд сындзы къутӕрыл искуы сӕнӕфсир ӕрзайдзӕн, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахад дӕр ис адӕймаджы зӕрдӕйы (Матфейы 7:16).

Ныр та ӕркӕсӕм, Йесо Чырысти Лукайы 17:21 стихы фыст ныхӕстӕ кӕмӕн загъта, уымӕ. Йӕ размӕ цы стих ис, уым кӕсӕм: «Уӕд та йӕ фарисейтӕ бафарстой, Хуыцауы паддзахад кӕд ӕрцӕудзӕн, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын уый дзуапп радта» (Лукайы 17:20). Фарисейтӕ уыдысты Йесойы знӕгтӕ. Йесо уыцы цӕстмӕхъус фарисейтӕн загъта, Хуыцауы Паддзахадмӕ кӕй нӕ бацӕудзысты (Матфейы 23:13). Уӕдӕ кӕд фарисейтӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ фӕндаг ӕхгӕд уыд, уӕд уыцы Паддзахад сӕ зӕрдӕты куыд хъуамӕ уыдаид? Уымӕн гӕнӕн нӕ уыд! Ӕмӕ уӕд Йесойы цы зӕгъын фӕндыд?

Йесойы ныхӕстӕ иуӕй-иу растдӕр тӕлмацты ныффыстой, «Ног дунейы тӕлмац»-ы куыд сты, афтӕ, зӕгъӕм, Паддзахад «уе ’хсӕн» ис, зӕгъгӕ. Ома Хуыцауы Паддзахад уыцы рӕстӕджы цӕрӕг адӕмы, уыимӕ фарисейты, ’хсӕн цы хуызы уыд? Йегъовӕ Хуыцау Йесойы равзӕрста уыцы Паддзахады Паддзахӕй. Йесо Чырысти, фидӕны Паддзах, уыд уыцы адӕмы ’хсӕн. Уый адӕмӕн дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, суанг ма диссӕгтӕ дӕр арӕзта, ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, уыцы Паддзахад фидӕны цы сараздзӕн, уый. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, Паддзахад ӕцӕгдӕр кӕй уыди се ’хсӕн.

Уӕдӕ, Хуыцауы Паддзахад адӕмы зӕрдӕты ис, зӕгъгӕ, уыцы хъуыдыйӕн Библийы бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Хуыцауы Паддзахад у хицауад, ӕмӕ пехуымпарӕдты куыд загъд уыд, афтӕ зӕххыл скӕндзӕн стыр ивындзинӕдтӕ (Исай 9:6, 7; Данел 2:44).