Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цӕмӕн цӕрӕм?

Цӕмӕн цӕрӕм?

Цӕмӕн цӕрӕм?

АЦЫ ФАРСТАЙӔН ДЗУАПП ЗОНЫН ЦӔМӔН ХЪӔУЫ? Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый куы нӕ зона, уӕд ын уый йӕ ныфс куыд сӕтты, афтӕ ницы. Фӕлӕ йӕ цардӕн нысан кӕй ис, уый куы зона, уӕд та амондджын у. Иу дохтыр, Виктор Франкл, зӕгъгӕ, Холокосты чи аирвӕзт, уый фыста: «Мӕ бон у зӕгъын: адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый куы зона, уӕд ын уый хуызӕн ницы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕппӕты зындӕр уавӕрты аирвӕза».

Фӕлӕ ацы фарстайы фӕдыл ис алыхуызон хъуыдытӕ. Бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ адӕймаг йӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕны, цӕмӕн цӕры, уый. Эволюцийыл чи ӕууӕнды, уыдон та зӕгъынц, цардӕн нысан кӕй нӕй.

Фӕлӕ адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый бамбарынӕн ӕппӕты растдӕр у, Царддӕттӕг Йегъовӕ Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый базонын. Ӕркӕсӕм, уый тыххӕй йӕ Ныхасы цы зӕгъы, уымӕ.

Библи цы дзуры

Библи дзуры, Йегъовӕ Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы кӕй сфӕлдыста бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй. Йегъовӕ сын радта ахӕм фӕдзӕхст:

Райдиан 1:28. «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр».

Хуыцауы фӕндыд, цӕмӕй Адам ӕмӕ Евӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ӕнӕхъӕн зӕххӕй дзӕнӕт скодтаиккой. Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм зӕронд кодтаиккой ӕмӕ-иу амардаиккой, стӕй зӕхх дӕр сӕфтаиккой. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй мах нӕ туджы рахастам тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕт (Райдиан 3:2–6; Ромӕгтӕм 5:12). Ӕмӕ уӕддӕр Йегъовӕ йӕ фӕнд нӕ аивта. Тагъд та зӕхх ногӕй суыдзӕн дзӕнӕт (Исай 55:10, 11).

Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, цӕмӕй нӕ бон уа йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Афтӕ конд не стӕм, цӕмӕй ӕнӕ йӕ разамындӕй цӕрӕм. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый фӕдыл йӕ Ныхасы цы фыст ис, уымӕ:

Екклесиаст 12:13. «Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕй ис ахӕм хатдзӕг скӕнӕн: тӕрс ӕцӕг Хуыцауӕй ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн, уымӕн ӕмӕ уый у адӕймагӕн йӕ хӕс».

Михей 6:8. «Рӕстӕй архай, хӕларзӕрдӕдзинад уарз ӕмӕ дӕ Хуыцауимӕ бонзонгӕйӕ цу – ӕндӕр дӕ Йегъовӕ исты домы?»

Матфейы 22:37–39. «„Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Уый у ӕппӕты сӕйрагдӕр, стӕй фыццаг фӕдзӕхст. Дыккаг фӕдзӕхст дӕр ай хуызӕн у: „Дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарз дӕ хионы дӕр“».

Библи цы дзуры, уый ӕцӕг удӕнцой цӕмӕн хӕссы

Цӕмӕй цыдӕр дзаума хорз куса, уый тыххӕй дзы хъуамӕ пайда кӕнӕм, чи йӕ сарӕзта, уый куыд амоны, афтӕ. Уӕдӕ нӕ цӕмӕй Хуыцау райгонд уа, ӕнӕхъуаджы мӕстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕй хызт уӕм ӕмӕ не ’нӕниздзинад дӕр бахъахъхъӕнӕм, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрӕм не Сфӕлдисӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Ӕркӕсӕм-ма, адӕймаг Хуыцауы фӕндон куы зона, уӕд ын уый царды бирӕ хъуыддӕгты удӕнцой куыд хӕсдзӕн, уымӕ.

Царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у. Бирӕтӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр у хъӕздыгдзинад ӕмӕ сӕ хъарутӕ уымӕ саразынц. Фӕлӕ Библи фӕдзӕхсы: «Кӕй фӕнды, цӕмӕй схъӕздыг уа, уыдон та бахауынц фӕлварӕны ӕмӕ къӕппӕджы, ӕмӕ сӕм фӕзыны... бирӕ... ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылыз фӕндтӕ» (1 Тимофеймӕ 6:9, 10).

Ӕхца нӕ, фӕлӕ Хуыцауы чи уарзы, уыдон та бамбӕрстой: цы дӕм ис, уый фагыл нымай (1 Тимофеймӕ 6:7, 8). Ӕмӕ ӕмбарынц, цӕмӕй сӕхи фӕдарой, уый тыххӕй сӕ кусын кӕй хъӕуы (Ефесӕгтӕм 4:28). Фӕлӕ ма уыимӕ сӕ зӕрдыл дарынц Йесойы ныхӕстӕ: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матфейы 6:24).

Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауы чи уарзы, уыдонӕн царды ӕппӕты сӕйрагдӕр куыст ӕмӕ хъӕздыгдзинад не сты, фӕлӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын. Уыдон зонынц, кӕд «фыццаджыдӕр Хуыцауы паддзахад агурынц», уӕд сыл Йегъовӕ Хуыцау кӕй батыхсдзӕн. Йегъовӕ уый йӕ хӕсыл нымайы (Матфейы 6:25–33).

Иннӕтыл хъуыды кӕнын. Бирӕтӕ ӕрмӕст сӕхиуыл хъуыды кӕнынц. Абон адӕм кӕрӕдзийы сӕйраджыдӕр уымӕн не ’мбарынц, ӕмӕ бирӕтӕ «хиуарзон сты... бинонты ’хсӕн уарзондзинад нал ис» (2 Тимофеймӕ 3:2, 3). Исчи семӕ разы куы нӕ вӕййы кӕнӕ сӕ куы смӕсты кӕны, уӕд сӕ маст рафыцы, сызнӕт вӕййынц, хъӕр-хъӕлӕба ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас кӕнын райдайынц (Ефесӕгтӕм 4:31). Сӕхиуыл хӕцын кӕй нӕ зонынц, уый тыххӕй «загъд ракъахынц» ӕмӕ удӕнцой фесафынц (Ӕмбисӕндтӕ 15:18).

Фӕлӕ Хуыцауы фӕдзӕхст чи ӕххӕст кӕны, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ иннӕты дӕр уарз, зӕгъгӕ, уыдон «кӕрӕдзимӕ сты хӕларзӕрдӕ, сӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарынц, ӕмӕ... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнынц» (Ефесӕгтӕм 4:32; Колоссӕгтӕм 3:13). Ӕмӕ сӕм кӕд иннӕтӕ ӕвзӕр цӕстӕй фӕкӕсынц, уӕддӕр Йесойы фӕзмынц – куы йӕ ӕлгъыстой, уӕд уый «никӕй ӕлгъыста» (1 Петры 2:23). Чырыстийау уыдон дӕр ӕмбарынц, куыд ӕхсызгон у иннӕтӕн лӕггад кӕнын, кӕд сын сӕ хорздзинадӕн нӕ аргъ кӕнынц, уӕддӕр (Матфейы 20:25–28; Иоанны 13:14, 15; Хъуыддӕгтӕ 20:35). Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг удӕй хайджын кӕны, йӕ Фырты йын чи фӕзмы, уыдоны ӕмӕ сын йӕ сыгъдӕг уд дӕтты фарн (Галатӕгтӕм 5:22).

Фӕлӕ, фидӕнмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый удӕнцоимӕ куыд баст у?

[Хицӕнгонд текст 6 фарсыл]

Адӕймаг хъуамӕ зона, цӕмӕн цӕры, уый

[Ныв 7 фарсыл]

Йесо Чырысти нын амоны, удӕнцой ссарӕн куыд ис, уый