Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Уарзӕгой Фыййау дыл тыхсы

Уарзӕгой Фыййау дыл тыхсы

Матфейы 18:12–14

«ЦЫМӔ мыл Хуыцау тыхсы?» Ацы фарстайыл бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц. Не ’ппӕт дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ нӕ фӕнды зонын, стыр, ӕнӕкӕрон дуне чи сфӕлдыста, уый нӕм йӕ хъус дары ӕви нӕ? Уымӕ гӕсгӕ нӕ базонын хъӕуы: Йегъовӕ Хуыцау нӕ алкӕуылдӕр тыхсы? Йесо Чырыстийӕ хуыздӕр Йегъовӕйы ничи зоны. Зӕххыл куы уыд, уӕд радзырдта диссаджы фӕсномыг ныхас.

Йесо радзырдта, фыййау йӕ дзугыл куыд тыхсы, уый тыххӕй: «Искӕмӕ сӕдӕ фысы куы уа ӕмӕ дзы иу куы адзӕгъӕл уа, уӕд нӕуӕдз фараст фысы хӕхтыл нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы фысы агурӕг нӕ ацӕудзӕн? Ӕмӕ йӕ куы ссара, уӕд, зӕгъын уын, чи нӕ фӕдзӕгъӕл, уыцы нӕуӕдз фараст фысӕй ууыл тынгдӕр цин кӕндзӕн. Афтӕ мӕ уӕларвон Фыды дӕр нӕ фӕнды, цӕмӕй ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа» (Матфейы 18:12–14). Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕуылдӕр куыд тыхсы, уый Чырысти куыд бамбарын кодта, уымӕ.

Фыййау ӕмбӕрста, алы фысы тыххӕй дӕр дзуапп кӕй дӕтты. Йӕ фыстӕй-иу искӕцы куы адзӕгъӕл, уӕд зыдта, кӕцы дзы адзӕгъӕл, уый. Алы фысы дӕр зыдта йӕ номӕй, нӕмттӕ дӕр сын йӕхӕдӕг лӕвӕрдта (Иоанны 10:3). Хорз фыййау сӕфт фысы агуырдтаид, цалынмӕ-иу ӕй не ссардтаид, уӕдмӕ. Цалынмӕ фысы агуырдта, уӕдмӕ иннӕ 99 фысы ӕвӕгӕсӕг нӕ уыдысты. Арӕх фыййӕуттӕ сӕ фысты иумӕ хызтой, ӕмӕ-иу сын схӕццӕ сты *. Йӕ фыс цы фыййауӕн фесӕфт, уый-иу йӕ фысты иннӕ фыййауӕн фӕуагъта. Сӕфт фысы-иу фыййау дзӕбӕхӕй куы ссардта, уӕд-иу цин кодта ӕмӕ-иу ӕй йе уӕхсджытыл ӕдас ранмӕ дзугмӕ ӕрбахаста (Лукайы 15:5, 6).

Йесо ацы фӕсномыг ныхас куы ӕмбарын кодта, уӕд загъта, Хуыцауы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй «ацы гыццылтӕй иу дӕр фесӕфа». Уый размӕ Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй, «чи [йыл] ӕууӕнды, уыцы гыццылтӕй» иуы дӕр ма фӕрӕдийын кӕной (Матфейы 18:6). Цы базонӕн ис Йегъовӕйы тыххӕй Чырыстийы фӕсномыг ныхасӕй? Йегъовӕ йӕ фыстӕй алкӕуылдӕр тынг тыхсы, суанг «гыццылтыл» дӕр, ома ацы дунейы цӕсты ӕппындӕр кад кӕмӕн нӕй, уыдоныл. О, Йегъовӕйӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр тынг зынаргъ у.

Цӕмӕй ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнай, Хуыцау дын кӕй аргъ кӕны, уый тыххӕй хорз нӕ уаид, фылдӕр куы базонис нӕ Фыййау Йегъовӕ Хуыцауы ӕмӕ йӕм ӕввахсдӕр кӕнӕн куыд ис, уый тыххӕй? Уӕд ды дӕр апостол Петрау фидарӕй ӕууӕндис Хуыцауы уарзондзинадыл. Чырысти йӕ фӕсномыг ныхас куы дзырдта, уӕд ӕм Петр дӕр хъуыста ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фӕстӕдӕр ныффыста: «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Фысты ахицӕн кӕнын зын нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ фыстӕ сӕ фыййауы хъӕлӕс хорз зыдтой (Иоанны 10:4).