Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Соломоны кувӕндоны цы стыр цуайнаг уыд, уым дон цас цыди?

Паддзах Соломон Иерусалимы ӕцӕг Хуыцауӕн цы кувӕндон сарӕзта, уым донӕн сӕвӕрдтой стыр цуайнаг, хуыдтой йӕ денджыз. Цуайнаджы донӕй сӕхи ӕхсадтой сауджынтӕ. 1 Паддзӕхты 7:26 фыст ис, зӕгъгӕ, уыцы цуайнаджы цыди «дыууӕ мин баты» дон. Фӕлӕ 2 Азфысты 4:5 стихмӕ гӕсгӕ та дзы цыди «ӕртӕ мин баты» *. Уымӕ гӕсгӕ иуӕй-иутӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, Азфыст чи къопи кодта, уый фӕрӕдыд.

Ацы дыууӕ стихы кӕрӕдзийы ныхмӕ кӕй не сты, уый бамбарынӕн ӕркӕсӕм Ног дунейы тӕлмацмӕ. 1 Паддзӕхты 7:26 фыст ис: «Цыди дзы дыууӕ мин баты». 2 Азфысты 4:5 та кӕсӕм: «Бацыдаид дзы ӕртӕ мин баты». Уӕдӕ 2 Азфысты 4:5 фыст ис, уыцы цуайнаджы ӕппӕты фылдӕр цас бацыдаид, уый. 1 Паддзӕхты 7:26 та дзырд цӕуы, арӕхдӕр-иу дзы дон цас ныккодтой, уый тыххӕй. Ӕндӕр ныхӕстӕй, цуайнаг-иу кӕронмӕ никуы байдзаг кодтой. Ӕвӕццӕгӕн-иу дзы ӕрмӕст дыууӕ мин баты ныккодтой.

Йесо Чырысти ӕмӕ Петр кувӕндонӕн хъалон фидгӕйӕ иу ӕвзист ӕхца цӕмӕн бафыстой?

Йесо Чырыстийы рӕстӕджы дзуттаг диныл хӕст нӕлгоймӕгтӕй 20 азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыдон хъуамӕ алы аз дӕр кувӕндонӕн хъалон фыстаиккой дыууӕ драхмӕйы, кӕнӕ иу дидрахмӕйы. Уыйбӕрц бакусӕн уыд дыууӕ бонмӕ. Хъалон фидыны тыххӕй ныхас куы рауад, уӕд Йесо Петрӕн загъта: «Ацу денджызмӕ, ӕнгуыр доны баппар, ӕмӕ фыццаг цы кӕсаг ӕрцахсай, уымӕн йӕ дзых бакӕн, ӕмӕ дзы ссардзынӕ ӕвзист ӕхца. Ӕмӕ сын уый ратт мӕн тыххӕй дӕр ӕмӕ дӕхи тыххӕй дӕр» (Матфейы 17:24–27).

Ахуыргӕндтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ам цы ӕвзист ӕхцайы кой цӕуы, уый уыд тетрадрахмӕ. Уыцы ӕхцайӕн уыд цыппар драхмӕйы аргъ, кӕнӕ дыууӕ адӕймаджы кувӕндонӕн цы хъалон фыстой, уый бӕрц. Дидрахмӕйӕ уӕлдай, тетрадрахмӕйӕ арӕхдӕр пайда кодтой. Иу дзырдуаты фыст ис: «Ӕвӕццӕгӕн-иу дзуттӕгтӕ кувӕндонӕн хъалон фыстой дыгӕйттӕй» («The New Bible Dictionary»).

Кӕд искӕй иунӕгӕй фӕндыд кувӕндонӕн хъалон бафидын, уӕд ӕй хъуыд йе ’хца балыстӕг кӕнын, фӕлӕ ма йӕ уый тыххӕй хъуыд 8 проценты бафидын. Дыгӕйттӕй чи фыста, уыдоны та ницыуал фидын хъуыд. Уӕдӕ Матфей цы лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста, уыдон раст сты, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы рӕстӕджы ӕцӕгдӕр ахӕм ӕгъдау уыд.

[Фиппаинаг]

^ 3 абз. Дыууӕ мин баты у 44 000 литры, ӕртӕ мин баты та – 66 000 литры.

[Ныв 15 фарсыл]

Тетрадрахмӕ (сыстыр ӕй кодтой)