Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут

Марк фидар фӕлӕууыд

Марк фидар фӕлӕууыд

БИБЛИЙЫ Йесо Чырыстийы царды тыххӕй цы цыппар чиныджы ис, уыдонӕй иу ныффыста Марк. Йӕ чиныг у цыбыр ӕмӕ ӕнцонкӕсӕн. Чи уыд Марк? Куыд хъуыды кӕныс, Марк Чырыстиимӕ зонгӕ уыд?​~ * Ӕркӕсӕм-ма, Марк цы фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд, уыдонмӕ ӕмӕ базонӕм, фидар цӕй фӕрцы лӕууыд, уый.

Марчы ном Библийы фыццаг хатт ӕмбӕлы, паддзах Агриппӕ апостол Павелы ахӕстоны куы бакодта, уӕд. Иу ӕхсӕв зӕд Петры рауагъта, ӕмӕ уый уайтагъд ацыд Марчы мад Марийӕйы хӕдзармӕ Иерусалиммӕ. Петр ахӕстонӕй ссӕрибар, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон, Йесойы куы амардтой, уымӕй дӕс азы фӕстӕ (Хъуыддӕгтӕ 12:1–5, 11–17).

Зоныс, Петр Марийӕйы хӕдзармӕ цӕмӕн ацыд, уый?​~ Ӕвӕццӕгӕн, йӕ бинонтимӕ зонгӕ уыд, стӕй ма зыдта, Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ хӕдзары кӕй фембырд кӕнынц, уый дӕр. Марчы хӕстӕг Варнавӕ Чырыстийы ахуыргӕнинаг сси, ӕвӕццӕгӕн, н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны бӕрӕгбоны рӕстӕг. Библийы фыст ис, уыцы рӕстӕг Варнавӕ ног ахуыргӕнинӕгтӕн тынг кӕй баххуыс кодта. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, Чырысти зонгӕ уыд Варнавӕимӕ, Маркимӕ ӕмӕ йӕ мад Марийӕимӕ (Хъуыддӕгтӕ 4:36, 37; Колоссӕгтӕм 4:10).

Марк йӕ Евангелийы ныффыста, зӕгъгӕ, Йесойы цы ӕхсӕв ӕрцахстой, уыцы ӕхсӕв дзы уыд иу ӕрыгон лӕппу, ӕмӕ йӕ уӕлӕ кӕттагӕй дарӕс йеддӕмӕ ницы уыд. Марк ма ныффыста, уыцы лӕппуйы дӕр ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд кӕй алыгъд. Куыд хъуыды кӕныс, уыцы лӕппу чи уыд?​~ О, уый, ӕвӕццӕгӕн, Марк уыд. Уӕдӕ Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Куадзӕн кӕм бӕрӕг кодтой, уыцы хӕдзарӕй ӕхсӕвы куы рацыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, Марк йӕ уӕлӕ йӕ дарӕс ӕрбаппӕрста ӕмӕ сӕ фӕстӕ ацыд (Марчы 14:51, 52).

Маркӕн уыд диссаджы фадӕттӕ, цӕмӕй йӕ уырнындзинад фидар кодтаид. Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм бон ахуыргӕнинӕгтыл Хуыцауы сыгъдӕг уд куы ’рцыд, уӕд Марк дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уым уыд. Марк ма лӕггад кодта Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытимӕ, зӕгъӕм, Петримӕ. Стӕй ма балцы уыд йӕ хӕстӕг Варнавӕимӕ дӕр. Варнавӕ Савлы базонгӕ кодта Петримӕ, ӕвӕццӕгӕн, Чырысти Савлмӕ куы фӕзынд, уымӕй ӕртӕ азы фӕстӕ. Цалдӕр азы фӕстӕ Варнавӕ Тарсмӕ ацыд, цӕмӕй Савлы ссардтаид (Хъуыддӕгтӕ 9:1–15, 27; 11:22–26; 12:25; Галатӕгтӕм 1:18, 19).

Н. э. 47 азы Варнавӕ ӕмӕ Савлӕн бахӕс кодтой миссионертӕй лӕггад кӕнын. Семӕ акодтой Марчы дӕр, фӕлӕ сӕ уый фӕстӕдӕр ныууагъта ӕмӕ Иерусалиммӕ сӕхимӕ аздӕхт. Марк афтӕ кӕй бакодта, ууыл Савл, ома Павел, тынг смӕсты, уымӕн ӕмӕ йӕм уый раст нӕ фӕкаст (Хъуыддӕгтӕ 13:1–3, 9, 13 *).

Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ балцӕй райгондӕй ӕрыздӕхтысты ӕмӕ радзырдтой, цы сын бантыст, уый (Хъуыддӕгтӕ 14:24–28). Цалдӕр мӕйы фӕстӕ та сфӕнд кодтой фӕстӕмӕ уырдӕм ацӕуын ӕмӕ ног ахуыргӕнинӕгты бабӕрӕг кӕнын. Варнавӕйы фӕндыд Марчы семӕ акӕнын, фӕлӕ зоныс, Павел цы ахъуыды кодта, уый?​~ «Павел не сразы», уымӕн ӕмӕ сӕ Марк уый размӕ ныууагъта ӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхт. Уый фӕстӕ цы ’рцыд, уый Маркӕн тынг хъыг уыдаид!

Павел ӕмӕ Варнавӕйы ’хсӕн «быцӕу рауад», ӕмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты. Варнавӕ йемӕ Марчы Кипрмӕ хъусын кӕнынмӕ акодта, Павел та Силӕимӕ ацыд ног ахуыргӕнинӕгтӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ, раздӕр ӕй куыд фӕндыд, афтӕ. Марк тынг маст кодта, Павел ӕмӕ Варнавӕ уый тыххӕй кӕй фӕхицӕн сты, ууыл! (Хъуыддӕгтӕ 15:36–41).

Мах нӕ зонӕм, Марк сӕхимӕ цӕмӕн аздӕхт, уый. Ӕвӕццӕгӕн ӕй цӕйдӕр тыххӕй хъуыди ацӕуын. Куыд фӕнды ма уыдаид, Варнавӕ зыдта, Марк афтӕ кӕй нал бакӕндзӕн. Ӕмӕ раст уыд. Маркӕн йӕ ныфс нӕ асаст! Фӕстӕдӕр Петримӕ миссионерӕй лӕггад кодта дард бӕстӕйы, Вавилоны. Уырдыгӕй Петр ныффыста: «Салӕмттӕ уын ӕрвиты мӕ хъӕбул Марк дӕр» (1 Петры 5:13).

Петр ӕмӕ Марк тынг хорз ӕмбӕлттӕ уыдысты, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн иумӕ лӕггад кодтой. Уый бӕрӕг у Марчы Евангелийӕ. Марк ныффыста, Петр ын цы хабӕрттӕ радзырдта, уыдон. Абарӕм-ма, Галилейы денджызы тыхдымгӕ куы сыстад, уыцы хабар иннӕ Евангелиты куыд фыст у, уыимӕ. Марк ныффыста лыстӕг хабӕрттӕ дӕр: Йесо бӕлӕгъы кӕцы ран ӕмӕ цӕуыл фынӕй кодта, уый. Уыдӕттӕ та бафиппайдтаид ӕрмӕст Петр, уымӕн ӕмӕ кӕсагахсӕг уыд. Бакӕсӕм ӕмӕ абарӕм Матфейы 8:24; Марчы 4:37, 38 ӕмӕ Лукайы 8:23 цы фыст ис, уый.

Фӕстӕдӕр Павелы Ромы ахӕстоны куы бакодтой, уӕд Маркӕй раппӕлыд, стыр ӕххуыс ын кӕй бакодта, уый тыххӕй (Колоссӕгтӕм 4:10, 11). Павел та ногӕй ахӕстоны куы уыд, уӕд Тимофеймӕ ныффыста ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй йемӕ Марчы ракодтаид, «мӕ лӕггады мӕ йе ’ххуыс хъӕуы», зӕгъгӕ (2 Тимофеймӕ 4:11). Маркӕн йӕ ныфс кӕй нӕ асаст ӕмӕ фидар кӕй фӕлӕууыд, уый тыххӕй йӕм ӕрхауд диссаджы кад.

[Фиппанӕгтӕ]

^ 3 абз. Дӕ сывӕллонимӕ куы кӕсай, уӕд ацы нысан (~) цы хъуыдыйады фӕстӕ лӕууа, уым хъӕуы иу гыццыл ӕрлӕууын, цӕмӕй сывӕллон дзуапп ратта.

^ 8 абз. Марчы ма хуыдтой Иоанн дӕр.

Фарстатӕ:

○ Марк кӕм цард ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ зонгӕ кӕй уыд, уый зӕгъӕн цӕмӕн ис?

○ Маркӕн тынгдӕр чи ӕххуыс кодта?

○ Маркӕн йӕ ныфс асӕттынӕн тӕссаг цӕмӕн уыд?

○ Кӕцӕй йӕ зонӕм, апостол Павелӕн Маркӕй йӕ зӕрдӕ кӕй барухс?

[Ныв 25 фарсыл]

Ацы лӕппу чи у? Цы йыл ӕрцыд ӕмӕ цӕмӕн?

[Ныв 26 фарсыл]

Марк фидар кӕй фӕлӕууыд, уый тыххӕй йын Хуыцау куыд раарфӕ кодта?