Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Хуыцау нын аргъ кӕны

Хуыцау нын аргъ кӕны

Лукайы 12:6, 7

БИБЛИЙЫ фыст ис, иуӕй-иу хатт ныл нӕ зӕрдӕ кӕй фӕхуды ӕмӕ нӕхимӕ ницӕйаг кӕй фӕкӕсӕм. Чи зоны, афтӕ фӕхъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцау нӕ уарзы ӕмӕ йӕ цӕсты ницы стӕм. Фӕлӕ Библи дзуры: «Хуыцау нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр у ӕмӕ алцыдӕр зоны» (1 Иоанны 3:19, 20). Хуыцау нӕ нӕхицӕй хуыздӕр зоны. Уый нӕм цы цӕстӕй кӕсы, уый тынг хицӕн кӕны, нӕхӕдӕг нӕхимӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй. Ӕмӕ Хуыцау цы хъуыды кӕны, уымӕй ахсджиагдӕр та ницы ис. Уӕдӕ нын цы аргъ ис Хуыцауы цӕсты? Дзуапп базондзыстӕм, Йесо Чырысти дыууӕ хатты цы зӕрдӕмӕхъаргӕ цӕвиттон радзырдта, уымӕй.

Иухатт Чырысти загъта, зӕгъгӕ, «дыууӕ сырддонцъиуы лыстӕг ӕхцайыл... уӕй кӕнынц» (Матфейы 10:29, 31). Лукайы 12:6, 7 дӕр кӕсӕм Чырыстийы ныхӕстӕ: «Фондз сырддонцъиуы дыууӕ лыстӕг ӕхцайыл нӕ уӕй кӕнынц? Фӕлӕ дзы Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу... Уӕдӕ ма тӕрсут: сымах бирӕ сырддонцъиутӕй дӕр зынаргъдӕр стут». Ацы хуымӕтӕг, фӕлӕ зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй базонӕн ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый.

Сырддонцъиутӕ уыдысты, хӕрынӕн кӕй ӕлхӕдтой, уыцы цъиутӕй ӕппӕты асламдӕр. Чырысти-иу базары федта, уыцы гыццыл цъиуты сӕ бинонты бафсадынӕн чи ӕлхӕдта, уыцы мӕгуыр сылгоймӕгты. Чи зоны, уыцы сылгоймӕгты ’хсӕн уыд йӕ мад дӕр. Дыууӕ сырддонцъиуы балхӕнӕн уыди иу лыстӕг ӕхцайӕ, кӕнӕ абоны нымадӕй 1 сом ӕмӕ 20 капеккӕй. Сырддонцъиутӕ афтӕ аслам уыдысты, ӕмӕ дыууӕ ӕвзист ӕхцайӕ балхӕнӕн уыди цыппар цъиуы нӕ, фӕлӕ фондз – фӕндзӕм цъиуы та-иу лӕвар радтой.

Чырысти бамбарын кодта, зӕгъгӕ, сырддонцъиутӕй «Хуыцауӕй иу дӕр рох нӕу» кӕнӕ дзы «иу дӕр зӕхмӕ... Фыд ӕй ма зона, афтӕмӕй не ’рхаудзӕн» (Матфейы 10:29). Йегъовӕ уыны, цӕф сырддонцъиу зӕхмӕ куы ӕрхауы кӕнӕ хӕринаг агурӕг куы ӕрбады, суанг уый дӕр. Иугӕр Йегъовӕ ацы гыццыл цъиуты сфӕлдыста, уӕд сӕ ницӕйагыл нӕ нымайы. Уӕдӕ сӕ уӕд рох дӕр куыд хъуамӕ фӕкӕна?! Йегъовӕ сын аргъ кӕны, уымӕн ӕмӕ удӕгас сты. Куыд дӕм кӕсы, ацы цӕвиттонӕй Чырысти цы зӕгъинаг уыд?

Цӕмӕй-иу Чырысти исты ахсджиаг хъуыды бамбарын кодтаид, уый тыххӕй-иу арӕх абарста гыццыл хъуыддаг стыримӕ. Иухатт загъта: «[Халӕттӕ] нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, ӕмӕ сын нӕдӕр къутутӕ ис, нӕдӕр хордӕттӕ, фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах та цас зынаргъдӕр стут мӕргътӕй!» (Лукайы 12:24). Ацы ныхӕстӕ нын ноджы хуыздӕр ӕмбарын кӕнынц, сырддонцъиуты тыххӕй цы цӕвиттон радзырдта, уый. Кӕд Йегъовӕ уыцы гыццыл цъиутӕн аргъ кӕны, уӕд ын цас зынаргъдӕр сты, чи йӕ уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыцы адӕм!

Чырыстийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, нӕхимӕ хъуамӕ ницӕйаг ма кӕсӕм ӕмӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, уый аккаг кӕй не стӕм, цӕмӕй, «нӕ зӕрдӕйӕ стырдӕр [чи] у ӕмӕ алцыдӕр [чи] зоны», уыцы Хуыцау нӕ уарза ӕмӕ ныл тыхса. Уӕдӕ куыд ӕхсызгон у зонын, не Сфӕлдисӕг нын нӕхицӕй тынгдӕр кӕй аргъ кӕны!

[Ныв барлӕвӕрдӕй 9 фарсыл]

Sparrows: © ARCO/​D. Usher/​age fotostock