Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...

Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...

Адӕймагыл зиан куы ’рцӕуы...

Ацы хабар ӕрцыд 2007 азы 17 июлы, горӕт Сан-Паулуйы, Бразилийы. Изӕры 7 сахатыл стыр аэропорты хӕдтӕхӕг йӕ фӕндагӕй ахызт ӕмӕ йӕхи скъладыл скъуырдта. Фӕмард дзы 200 адӕймаджы бӕрц.

БРАЗИЛИЙЫ хӕдтӕхӕг ахӕм стыр аварийы фыццаг хатт бахауд. Уыцы ӕвирхъау хабары йӕ хион кӕмӕн фӕмард, уыдонӕй уыцы бон никуы ферох уыдзӕн. Зиан ӕрцыд Клаудетийыл дӕр. Уыцы хабар фехъуыста телевизормӕ кӕсгӕйӕ. Йӕ 26-аздзыд лӕппу Ренато дӕр уыд уыцы хӕдтӕхӕджы. Октябры фӕнд кодта ус ӕрхӕссын. Клаудети ма йӕ лӕппумӕ телефонӕй бӕргӕ дзырдта, фӕлӕ йын дзуапдӕттӕг нӕ уыд. Мадӕн йӕ къӕхтӕ адон сты, пъолыл ӕрхауд ӕмӕ ныккуыдта.

1986 азы январы Антжийӕн йӕ уарзон фӕмард аварийы. Уыцы хабар куы фехъуыста, уӕд арвы цӕфау фӕци. «Фыццаг мӕ нӕ бауырныдта. Афтӕ мӕм каст, цыма ӕвзӕр фын уынын ӕмӕ тагъд райхъал уыдзынӕн. Мӕ буар къӕхтӕй сӕрмӕ ныррызт, ӕмӕ мын цыма исчи мӕ ахсӕн ныццавта, ахӕм рыст бавзӕрстон». Антжи йӕхимӕ ныхъхъуыста, ӕртӕ азы дӕргъы йӕ зӕрдӕ йӕ рыстӕй не ’нцад. Кӕд уыцы хабарыл 20 азӕй фылдӕр рацыд, уӕддӕр йӕ зӕрдыл куы ’рлӕууы, уӕд та йӕ буар нырризы.

Нӕй ныхасӕй бамбарын кӕнӕн, адӕймаг цы рис бавзары, йӕ хиуӕттӕй исчи ахӕм бӕллӕхы ӕнӕнхъӕлӕджы куы амӕлы, уӕд. Хӕдзары исчи рагӕй уӕззау рынчын куы уа ӕмӕ кӕй нал фервӕздзӕн, уый бинонтӕ куы зоной, уӕд дӕр стыр маст бавзарынц. Ахӕм хабармӕ цӕттӕ ничи вӕййы. Нансийы мад рагӕй уыд рынчын ӕмӕ 2002 азы амард. Фӕлӕ Нанси йӕ мады зианы хабар куы фехъуыста, уӕд йӕхи кӕуынӕй нал урӕдта. Йӕ цард ӕм ницыуал каст. Ууыл рацыд фондз азы, фӕлӕ Нанси йӕ мады куы ӕрымысы, уӕд та йӕ зӕрдӕ суынгӕг вӕййы.

Профессор Холли Пригерсон загъта: «Адӕймагӕн исчи куы амӕлы, уӕд уыцы рыстӕн фӕразгӕ цы фӕкӕны, ӕндӕр йӕ зӕрдӕйы хъӕдгом никуы байгас вӕййы». Кӕд дӕуӕн дӕр исчи амард, уӕд, чи зоны, фӕхъуыды кӕныс: «Кӕй маст кӕнын, уый цымӕ раст у? Дарддӕр куыд цӕргӕ у? Цымӕ ма йӕ искуы фендзынӕн?» Ацы фарстатыл ӕмӕ ма ӕндӕртыл дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.

[Ныв барлӕвӕрдӕй 3 фарсыл]

EVERTON DE FREITAS/​AFP/​Getty Images