Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

«Махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу»

«Махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу»

(Хъуыддӕгтӕ 17:24–27)

ӔНӔКӔРОН Дун-дунеимӕ абаргӕйӕ адӕймаг ницы у. Чи зоны, хъуыды кӕныс: «Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау адӕймагӕн йе ’мбал уа?» О, кӕд Йегъовӕ Хуыцауӕн йӕхи бафӕнда, уӕд. Фӕлӕ йӕ, цымӕ, фӕнды? Ацы фарстайӕн дзуапп радта апостол Павел, Афинты ахуыргонд адӕмимӕ куы ныхас кодта, уӕд. Йӕ ныхӕстӕ фыст сты Библийы, Хъуыддӕгты 17:24–27. Уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕйы тыххӕй Павел цы загъта, уыцы цыппар хъуыдымӕ.

Фыццаг. Павел загъта, Хуыцау кӕй сфӕлдыста «дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый» (24 стих). Дуне рӕсугъд кӕй у ӕмӕ дзы бирӕ диссӕгтӕ кӕй ис, уый нын стыр циндзинад хӕссы. Стӕй ма Павел дзуры, не Сфӕлдисӕг ныл куыд тыхсы ӕмӕ нӕ куыд уарзы, уый тыххӕй (Ромӕгтӕм 1:20). Ахӕм Хуыцау адӕммӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсы, афтӕ хъуыды кӕнын раст нӕ уаид.

Дыккаг. Йегъовӕ «алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард, улӕфт ӕмӕ алцыдӕр» (25 стих). Йегъовӕ у «царды суадон» (Псалом 36:9). Цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уӕлдӕф, дон ӕмӕ хӕринаг, уыдон сты не Сфӕлдисӕджы лӕвӕрттӕ (Иаковы 1:17). Цымӕ раст уаид афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ нӕ рӕдау Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ базонӕм ӕмӕ йӕм баввахс уӕм?

Ӕртыккаг. Хуыцау «иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ» (26 стих). Йегъовӕ никӕй хъулон кӕны, алкӕмӕ дӕр хорз цӕстӕй кӕсы (Хъуыддӕгтӕ 10:34). Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уа? Хуыцау сфӕлдыста «иу адӕймаджы», Адамы, ӕмӕ уымӕй рацыдысты ӕппӕт адӕмыхӕттытӕ дӕр. Хуыцауы «фӕнды, цӕмӕй алыхуызон адӕймӕгтӕ дӕр... фервӕзой» (1 Тимофеймӕ 2:4). Уымӕ гӕсгӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у, цӕмӕй йӕм баввахс уа, цыфӕнды адӕмыхаттӕй ма уа, уӕддӕр.

Фӕстагмӕ Павел загъта ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ: Йегъовӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (27 стих). Кӕд Йегъовӕ уӕлӕрвты ис, уӕддӕр дард нӕу, зӕрдиагӕй йӕ чи агуры, уыдонӕй. Библи нын фидарӕй зӕгъы, «чи йӕм кувы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр ӕввахс» кӕй у (Псалом 145:18).

Павелы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Фӕлӕ уыцы фадат ис, зӕрдиагӕй йӕ чи «агуры», ӕрмӕстдӕр уыдонӕн (27 стих). Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, «дзырд „агурын“ ӕвдисы, цыдӕр ӕцӕгӕйдӕр ссарӕн кӕй ис ӕмӕ къухы кӕй бафтдзӕн». Зӕгъӕм, уаты талынг у ӕмӕ дӕ фӕнды рухс къӕпгӕнӕн кӕнӕ дуар ссарын. Зоныс ӕй, уый зын кӕй нӕу. Апостол Павел дӕр фидарӕй загъта, Хуыцауы «ссарын» ӕмӕ базонын нӕ куы фӕнда, уӕд ӕй кӕй ссардзыстӕм ӕмӕ ууыл дызӕрдыг кӕнын нӕ хъӕуы (27 стих).

Фӕнды дӕ, цӕмӕй Хуыцаумӕ баввахс уай? Зӕрдиагӕй йӕ куы агурай, уӕд никуы фӕфыдӕнхъӕл уыдзынӕ, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу».