Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурыс?

Сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурыс?

Сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурыс?

«Ӕз адӕмӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой» (СОФ. 3:9).

1. Цавӕр диссаджы лӕварӕй нӕ схайджын кодта Йегъовӕ?

ӔВЗАГ адӕм сӕхӕдӕг не ’рымысыдысты. Уый сын у се Сфӕлдисӕг Йегъовӕ Хуыцауы лӕвар (Рац. 4:11, 12). Хуыцау фыццаг адӕймаджы, Адамы, схайджын кодта дзурыны курдиатӕй. Фӕлӕ ма йӕ уымӕй уӕлдай схайджын кодта ахӕм курдиатӕй, цӕмӕй-иу ног дзырдтӕ ӕрхъуыды кодтаид ӕмӕ афтӕмӕй йе ’взаг хъӕздыгдӕр кодтаид (Райд. 2:19, 20, 23). Цӕй диссаджы лӕвар разынд уый! Ӕвзаджы фӕрцы адӕмӕн сӕ бон у суанг сӕ уӕларвон Фыдимӕ дӕр ныхас кӕнын ӕмӕ йын йӕ рухс ном кадджын кӕнын.

2. Адӕм иу ӕвзагыл цӕуылнӕуал дзурынц?

2 Зӕххыл адӕм цы цӕрынц, уымӕй фыццаг 17 ӕнусы дӕргъы се ’ппӕт дӕр дзырдтой иу ӕвзагыл, «пайда кодтой ӕмхуызон дзырдтӕй» (Райд. 11:1). Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕнӕхъӕн зӕххыл ахӕлиу уыдаиккой. Фӕлӕ Нимроды рӕстӕджы ӕгоммӕгӕс адӕм Хуыцауы фӕндоны ныхмӕ рацыдысты – ӕрӕмбырд сты, фӕстӕдӕр Вавилон кӕй схуыдтой, уыцы бынатмӕ, цӕмӕй уым цӕргӕйӕ баззадаиккой. Уыцы адӕм райдыдтой аразын стыр мӕсыг, ӕрмӕст Йегъовӕйы скадджын кӕныны тыххӕй нӕ, фӕлӕ «сӕхицӕн ном скӕныны тыххӕй». Уӕд сын Йегъовӕ се ’взаг схӕццӕ кодта ӕмӕ алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Адӕм кӕрӕдзи нал ӕмбӕрстой ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххы цъарыл ахӕлиу сты. (Бакӕс Райдиан 11:4–8.)

3. Вавилоны Йегъовӕ адӕмы ӕвзӕгтӕ куыд схӕццӕ кодта?

3 Дунейы ис мингай ӕвзӕгтӕ – иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыдон сты 6 800 ӕвзагӕй фылдӕр. Алы ӕвзагӕн дӕр ис йӕхи сконд, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыды иу ӕвзагыл куыд зӕгъай, афтӕ йӕ иннӕ ӕвзагыл нӕ зӕгъдзынӕ. Уӕдӕ Йегъовӕ Хуыцау адӕмы ’взаг куы схӕццӕ кодта, уӕд уал сын, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг сӕ хъуыдыйӕ «ссӕрфта» сӕ раздӕры ’взаг. Стӕй сын сӕ магъзы нывӕрдта ног ӕвзаджы дзырдтӕ, ӕмӕ фӕивта, дзырдтӕ кӕрӕдзийыл куыд баст цыдаиккой, уый дӕр. Уӕдӕ диссаг нӕу, мӕсыг кӕм арӕзтой, уыцы бынат кӕй схуыдтой «Хӕццӕ», кӕнӕ Вавилон (Райд. 11:9, фип.). Цымыдисаг у, ӕрмӕстдӕр Библи кӕй ӕмбарын кӕны бӕлвырдӕй, уыйбӕрц алыхуызон ӕвзӕгтӕ куыд фӕзындысты, уый.

Ног, сыгъдӕг ӕвзаг

4. Цы загъта Йегъовӕ, нӕ рӕстӕджы цы хъуамӕ ’рцыдаид, уый тыххӕй?

4 Хуыцау Вавилоны цы сарӕзта, уый цыфӕнды цымыдисаг ма уа, уӕддӕр нӕ рӕстӕджы ӕрцыд уымӕй цымыдисагдӕр ӕмӕ ахсджиагдӕр хабар. Йегъовӕ йӕ пехуымпар Софонийы уылты загъта: «Уӕд ӕз адӕмӕн ратдзынӕн сыгъдӕг ӕвзаг, цӕмӕй се ’ппӕт дӕр Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой ӕмӕ йын уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной» (Соф. 3:9). Цы у уыцы «сыгъдӕг ӕвзаг» ӕмӕ йыл сӕрибарӕй дзурын куыд сахуыр уӕм?

5. Сыгъдӕг ӕвзаг цы у ӕмӕ цӕмӕн ӕрцыд лӕвӕрд адӕмӕн?

5 Сыгъдӕг ӕвзаг у, Йегъовӕ Хуыцауы тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй Библийы цы фыст ис, уый. Уыцы «ӕвзагмӕ» ма хауы рӕстдзинад Хуыцауы Паддзахады тыххӕй, стӕй, уыцы Паддзахад цы сараздзӕн, уый дӕр: куыд срухс кӕндзӕн Йегъовӕйы ном, куыд сбӕлвырд кӕндзӕн, дун-дунейы хицау Йегъовӕ Хуыцау кӕй у, уый, ӕмӕ рӕстаг адӕмы ӕнусон арфӕдзинӕдтӕй куыд схайджын кӕндзӕн. Цӕй тыххӕй ӕрцыд лӕвӕрд адӕмӕн уыцы ног ӕвзаг? Куыд бакастыстӕм, афтӕмӕй, цӕмӕй «Йегъовӕмӕ йӕ номӕй кувой» ӕмӕ йын «уӕхски-уӕхск лӕггад кӕной». Вавилоны куыд уыд, уымӕй хъауджыдӕр, ацы ног, сыгъдӕг ӕвзаджы фӕрцы адӕм кадджын кӕнынц Йегъовӕйы ном ӕмӕ се ’хсӕн ис иудзинад.

Ахуыр кӕнӕм сыгъдӕг ӕвзаг

6, 7. а) Ног ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн цы фӕхъӕуы ӕмӕ уый сыгъдӕг ӕвзаг ахуыр кӕнынмӕ куыд хауы? ӕ) Цӕуыл ӕрныхас кӕндзыстӕм дарддӕр?

6 Фӕсарӕйнаг ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн ӕрмӕст ног дзырдтӕ бахъуыды кӕнын фаг нӕу. Уый тыххӕй хъӕуы базонын уыцы ӕвзагыл хъуыды кӕнын дӕр. Иу ӕвзагыл куыд зӕгъай дӕ хъуыды, цӕмӕй раст ӕмбӕрст уа, афтӕ йӕ ӕндӕр ӕвзагыл арӕх нӕ вӕййы зӕгъӕн. Ӕмӕ иу ӕвзагыл худӕг цы у, уый иннӕ ӕвзагыл, чи зоны, худӕг ма уа. Ӕндӕр ӕвзаджы иуӕй-иу мыртӕ зӕгъынӕн адӕймаджы йе ’взаг фӕхъӕуы ӕндӕрхуызон змӕлын кӕнын. Афтӕ у йӕ хабар Библийы сыгъдӕг ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн дӕр. Фаг нӕу Библийӕ ӕрмӕст йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ базонын. Цӕмӕй ацы ног ӕвзаг хорз базонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ зонд сног кӕнӕм ӕмӕ ӕндӕрхуызон хъуыды кӕнын райдайӕм. (Бакӕс Ромӕгтӕм 12:2; Ефесӕгтӕм 4:23.)

7 Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ацы сыгъдӕг ӕвзаг ӕрмӕст ӕмбаргӕ ма кӕнӕм, фӕлӕ ма йыл сӕрибарӕй дзургӕ дӕр кӕнӕм? Фӕсарӕйнаг ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн бӕлвырд уагӕвӕрдтӕ куыд ис, афтӕ Библийы рӕстдзинады ’взаг сахуыр кӕнынӕн дӕр ис цалдӕр хуымӕтӕг уагӕвӕрды. Цӕй ӕмӕ уыцы уагӕвӕрдтӕй цалдӕрмӕ ӕркӕсӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, ацы ног ӕвзаг сахуыр кӕнынӕн нын куыд баххуыс кӕндзысты.

Куыд сахуыр уӕм сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурын

8, 9. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй сыгъдӕг ӕвзаг сахуыр кӕнӕм ӕмӕ уый ахсджиаг цӕмӕн у?

8 Лӕмбынӕг хъус. Райдианты фӕсарӕйнаг ӕвзагӕй ӕппындӕр ницы фембарӕм (Ис. 33:19). Фӕлӕ цы дзурынц, уымӕ лӕмбынӕг хъусын куы сахуыр уӕм, уӕд райдайдзыстӕм иртасын хицӕн дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ. Раст афтӕ кӕнын хъӕуы сыгъдӕг ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр: «Мах хъӕуы, цы фехъуыстам, уымӕ нӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг дарын, цӕмӕй нӕ уырнындзинады фӕндагӕй иуварс ма ахӕсса» (Дзут. 2:1). Йесо дӕр бирӕ хӕттыты загъта йӕ фӕдылдзӕуджытӕн: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд» (Матф. 11:15; 13:43; Марчы 4:23; Лук. 14:35). О, мах хъӕуы «хъусын ӕмӕ, уыцы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл хъуыды кӕнын», цӕмӕй сыгъдӕг ӕвзаг хуыздӕрӕй-хуыздӕр ӕмбарӕм (Матф. 15:10; Марчы 7:14).

9 Цӕмӕй адӕймаг лӕмбынӕг хъуса, уый тыххӕй хъуамӕ йӕ хъуыдытӕ иууылдӕр сараза, чи дзуры, уымӕ. Ӕмӕ кӕд уый арӕх ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у (Лук. 8:18). Ӕмбырды лӕмбынӕг фӕхъусӕм? Ӕви нӕ хъуыдытӕ адзӕгъӕл вӕййынц? Тынг ахсджиаг у, цӕмӕй-иу нӕ хъуыдытӕ ӕгасӕй дӕр саразӕм, дзырд цӕуыл фӕцӕуы, уымӕ. Науӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ хъусынхъом мауал уӕм (Дзут. 5:11).

10, 11. а) Фӕсарӕйнаг ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн лӕмбынӕг хъусынӕй дарддӕр цы хъӕуы? ӕ) Сыгъдӕг ӕвзагыл дзурын ма ноджыдӕр цы нысан кӕны?

10 Хорз чи дзуры, уыдоны фӕзм. Фӕсарӕйнаг ӕвзаг чи фӕахуыр кӕны, уыдонӕн фӕзӕгъынц, цӕмӕй, уыцы ӕвзагыл хорз чи дзуры, уыдонмӕ лӕмбынӕг хъусой ӕмӕ сын сӕ ныхасыздӕхт фӕзмой. Уый фӕрцы суанг райдианӕй дӕр сахуыр вӕййынц сыгъдӕг дзурын ӕмӕ сӕ ныхас вӕййы ӕнцонӕмбарӕн. Мах дӕр хъуамӕ фӕзмӕм, сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй чи дзуры ӕмӕ «арӕхстджынӕй [чи] ахуыр кӕны», уыдоны (2 Тим. 4:2). Исты куы нӕ зонай, уӕд-иу бафӕрс. Куы-иу дӕ бараст кӕной, уӕд-иу дӕм уый хъыг ма кӕсӕд. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:5, 6, 11.)

11 Сыгъдӕг ӕвзагыл дзурын ӕрмӕст уый нӕу, ӕмӕ Библийы ахуырӕдтыл ӕууӕндӕм ӕмӕ сӕ иннӕтӕн амонӕм. Хъуамӕ ма нӕ уаг ӕмӕ не ’гъдау дӕр ивӕм Хуыцауы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Уыцы хъуыддаджы нын стыр ӕххуыс уыдзӕн, иннӕ чырыстӕтты уырнындзинад ӕмӕ зынгзӕрдӕ лӕггад куы фӕзмӕм, уый. Йесо Чырыстийы цард дӕр нын у фӕзминаг (1 Кор. 11:1; Дзут. 12:2; 13:7). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд иууылдӕр сыгъдӕг дзурдзыстӕм Библийы рӕстдзинады ӕвзагыл, ӕмӕ уый фӕрцы Хуыцауы адӕмы ’хсӕн уыдзӕн иудзинад (1 Кор. 4:16, 17).

12. Ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ, цы базонӕм, уый бахъуыды кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы?

12 Цы базоныс, уый-иу бахъуыды кӕн. Фӕсарӕйнаг ӕвзаг чи ахуыр кӕны, уыдоны фӕхъӕуы бирӕ ног цыдӕртӕ бахъуыды кӕнын, зӕгъӕм, ног дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕ. Афтӕ у сӕ хабар сыгъдӕг ӕвзаг чи ахуыр кӕны, уыцы чырыстӕттӕн дӕр – уыдоны дӕр фӕхъӕуы, цы базонынц, уый бахъуыды кӕнын. Зӕгъӕм, хорз уаид бахъуыды кӕнын Библийы чингуыты нӕмттӕ ӕмӕ сӕ чи кӕй фӕстӕ ис, уый. Бирӕтӕ сӕхицӕн нысан сӕвӕрдтой Библийы кӕцыдӕр стихтӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ сахуыр кӕнын кӕнӕ, кӕцы ран фыст сты, уый бахъуыды кӕнын. Иннӕтӕ та сахуыр кӕнынц Йегъовӕйы кады зарджытӕ, Израилы мыггӕгты ӕмӕ дыууадӕс апостолы нӕмттӕ, стӕй ма сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры, уыдон. Рагзаманты-иу израилӕгтӕй бирӕтӕ сахуыр кодтой псаломтӕ ӕмӕ-иу сӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ зарыдысты. Нӕ рӕстӕджы та иу гыццыл лӕппу, ӕхсӕз азы дӕр ыл нӕма сӕххӕст, афтӕмӕй ӕнӕкӕсгӕйӕ зыдта Библийӕ 80 стихӕй фылдӕр! Дӕуӕн та дӕ бон цавӕр нысӕнттӕ у сӕвӕрын?

13. Цы зонӕм, уый-иу нӕ зӕрдыл цӕмӕн хъуамӕ ӕрлӕууын кӕнӕм?

13 Цыдӕр бахъуыды кӕнынӕн хорз ӕххуыс у ногӕй ӕмӕ та йӕ ногӕй дзурын. Уымӕ гӕсгӕ, Библи ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр ӕнӕмӕнг у, цӕмӕй-иу рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ, цы зонӕм, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм. Апостол Павел загъта: «Ацы хабӕрттӕ [уын] ӕдзухдӕр уӕ зӕрдыл лӕууын кӕндзынӕн, кӕд сӕ зонут ӕмӕ, цы ӕцӕгдзинад базыдтат, ууыл фидар хӕцут, уӕддӕр» (2 Пет. 1:12). Цы зонӕм, уый ма нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй фылдӕр базонӕм, фылдӕр бамбарӕм, ӕмӕ фидардӕр кӕнӕм (Пс. 119:129). Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕдзух нӕ зӕрдыл куы лӕууын кӕнӕм, уӕд ӕй уындзыстӕм, нӕ уырнындзинад цы уавӕры ис, ӕмӕ «рохгӕнаг хъусджытӕ» не суыдзыстӕм (Иак. 1:22–25, Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир, 1994). Библийы ахуырӕдтӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ зӕрдыл куы нӕ лӕууын кӕнӕм, уӕд та нӕ зӕрдӕйы фӕзындзӕн ӕнӕраст хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ, ӕмӕ сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй нал дзурдзыстӕм.

14. Сыгъдӕг ӕвзаг ахуыр кӕнынӕн хорз ӕххуыс цы у?

14 Хъӕрӕй кӕс (Рарг. 1:3). Иуӕй-иутӕ ӕндӕр ӕвзаг куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд фӕкӕсынц ӕрмӕст сӕхинымӕр. Фӕлӕ уымӕй бирӕ пайда нӕ вӕййы. Сыгъдӕг ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ мах арӕх фӕхъӕуы «сабыр хъӕлӕсӕй» кӕсын, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ иууылдӕр, цы кӕсӕм, уымӕ арӕзт уой. (Бакӕс Псалом 1:1, 2.) Уый фӕрцы, цы бакӕсӕм, уый нӕ зонды арф ныффидар вӕййы. Дзуттаг ӕвзагыл дзырдбаст «сабыр хъӕлӕсӕй кӕсын» йӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ тынг хӕстӕг у дзырд «хъуыды кӕнын»-мӕ. Цӕмӕй адӕймагӕн йӕ хӕринаг пайда ӕрхӕсса, уый тыххӕй йын хъуамӕ батайа. Раст афтӕ, цы кӕсӕм, уый цӕмӕй хорз бамбарӕм, уый тыххӕй-иу ыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм. Фаг рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм уымӕн? Библийӕ цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы.

15. Куыд у нӕ бон сыгъдӕг ӕвзаджы «грамматикӕ» ахуыр кӕнын?

15 Ахуыр кӕн ӕвзаджы грамматикӕ. Цы ӕвзаг ахуыр кӕнӕм, уымӕн ма фӕхъӕуы сахуыр кӕнын йӕ грамматикӕ дӕр, ома хъуыдыйӕдты арӕзт ӕмӕ ӕвзаджы ӕндӕр ӕгъдӕуттӕ. Уый фӕрцы бамбарӕм ӕвзагӕн йе сконд, ӕмӕ йыл нӕ бон вӕййы раст дзурын. Библийы сыгъдӕг ӕвзагӕн дӕр ис йӕхи «грамматикӕ», ома «раст ныхӕсты хуызӕг» (2 Тим. 1:13). Ӕмӕ мах хъӕуы уыцы «хуызӕгмӕ» гӕсгӕ архайын.

16. Нӕхи хизын нӕ цӕмӕй хъӕуы ӕмӕ уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм?

16 Цы базыдтай, ууыл ма ’рлӕуу. Иуӕй-иутӕ ӕндӕр ӕвзагыл хуымӕтӕг цыдӕртӕ дзурын базонынц, ӕмӕ ууыл ӕрлӕууынц. Сыгъдӕг ӕвзаг чи фӕахуыр кӕны, уыдонӕн дӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ сӕ хабар афтӕ рауайа. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:11–14.) Куыд бахизӕм уымӕй нӕхи? Дарддӕр дӕр ахуыр кӕнӕм уыцы сыгъдӕг ӕвзаг, нӕ «дзырдты къӕбиц» хъӕздыгдӕр кӕнӕм. «Иугӕр Чырыстийы тыххӕй сӕйраг ахуырӕдтӕ фӕстейӕ ныууагътам, уӕд ӕппӕт хъарутӕй тырнӕм фӕлтӕрддзинадмӕ, ногӕй та бындур ӕвӕрынмӕ ма бавналӕм, ома та нӕ ногӕй исчи ма райдайа ахуыр кӕнын алыхуызон ахуырӕдтыл: мард хъуыддӕгтыл ӕрфӕсмон кӕнын, Хуыцауыл баууӕндын, алыхуызон аргъуыдтӕ, къухтӕ ӕвӕрын, мӕрдты райгас ӕмӕ ӕнусон тӕрхоныл» (Дзут. 6:1, 2).

17. Иудадзыг ахуыр кӕнын ахсджиаг цӕмӕн у? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

17 Бӕлвырд рӕстӕг рахицӕн кӕн. Кӕддӕр иу хатт бирӕ фӕахуыр кӕнынӕй хуыздӕр у гыццылгай, фӕлӕ иудадзыг ахуыр кӕнын. Ахуыр кӕн, куы ницы дӕ хъыгдара ӕмӕ дын хъуыды кӕнын ӕнцон куы уа, уыцы рӕстӕг. Ӕндӕр ӕвзаг ахуыр кӕнын абарӕн ис, тархъӕды къахвӕндаг куыд кӕнай, уыимӕ – цас арӕхдӕр ыл цӕуай, уыйас ӕнцондӕр уыдзӕн дӕ фӕндаг. Къахвӕндагыл бирӕ рӕстӕг куы ничи цӕуа, уӕд та ногӕй скӕрдӕг уыдзӕн. Уымӕй бӕрӕг у, куыд ахсджиаг у ӕппынӕдзух ӕмӕ зӕрдӕбынӕй архайын (Дан. 6:16, 20). Библийы сыгъдӕг ӕвзаг ахуыр кӕнгӕйӕ дӕр хъуамӕ «ӕппынӕдзух уӕм цырддзаст ӕмӕ зӕрдиагӕй кувӕм» (Еф. 6:18).

18. Сыгъдӕг ӕвзагыл дзурынӕн алы фадатӕй дӕр цӕмӕн хъӕуы пайда кӕнын?

18 Дзур уыцы ӕвзагыл! Ӕндӕр ӕвзаг чи фӕахуыр кӕны, уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыцы ӕвзагыл искӕй цур нӕ фӕдзурынц – ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, йе та, куы фӕрӕдийой, уымӕй фӕтӕрсынц. Фӕлӕ афтӕмӕй размӕ цӕуӕн нӕй. Ӕвзаг ахуыр кӕныны хъуыддаджы дӕр раст у рагон ӕмбисонд: «Чи кусы, уый арӕхсы». Адӕймаг ног ӕвзагыл цас фылдӕр дзура, уыйас ын хуыздӕр уайдзӕн уыцы хъуыддаг. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ сыгъдӕг ӕвзагыл дзурӕм, фадат нын кӕмдӕриддӕр уа, уым. «Адӕймаг зӕрдӕйӕ куы ’ууӕнда, уӕд нымад ӕрцӕудзӕн рӕстгӕнӕгыл, йӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом куы дзура, уӕд та фервӕздзӕн» (Ром. 10:10). «Нӕ уырнындзинады тыххӕй ӕргом дзурӕм», ӕрмӕст донаргъуыд исгӕйӕ нӕ, фӕлӕ нын Йегъовӕйы тыххӕй дзурынӕн фадат куы вӕййы, уӕд дӕр, зӕгъӕм, уацамынды (Матф. 28:19, 20; Дзут. 13:15). Нӕ хъуыдытӕ ма сыгъдӕг ӕвзагыл ӕргом ӕмӕ бӕлвырд фӕдзурӕм ӕмбырды дӕр. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:23–25.)

Сыгъдӕг ӕвзагыл иумӕ кадджын кӕнӕм Йегъовӕйы

19, 20. а) Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цавӕр диссаджы хъуыддаг аразынц? ӕ) Цавӕр фӕнд дӕм ис?

19 Нӕ эрӕйы 33 азы 6 сиваны, хуыцаубоны, Иерусалимы ӕрцыд диссаджы хабар. Уыцы бон, райсомы фараст сахатмӕ ’ввахс, уӕллаг уаты чи ӕрӕмбырд, уыдон «алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой» (Ап. хъ. 2:4). Абон Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн «ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурыны курдиат» нал дӕтты (1 Кор. 13:8). Фӕлӕ уӕддӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар хъусын кӕнынц 430 ӕвзагӕй фылдӕрыл.

20 Кӕд ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр ӕвзӕгтыл дзурӕм, уӕддӕр не ’ппӕты дӕр иу кӕны Библийы рӕстдзинады сыгъдӕг ӕвзаг. Куыд ӕхсызгон у уый! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ, Вавилоны цы хабар ӕрцыд, уый абон иннӕрдӕм фӕзылд. Йегъовӕйӕн йӕ адӕм йӕ ном кадджын кӕнынц иу «ӕвзагыл» (1 Кор. 1:10). Уӕдӕ нын ӕппӕт дунейы дӕр цы ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ ис, уыдонимӕ иумӕ дарддӕр дӕр «уӕхски-уӕхск» лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ахуыр кӕнӕм сыгъдӕг ӕвзагыл ноджы сӕрибардӕрӕй дзурын, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕйы кадджын кӕнӕм. (Бакӕс Псалом 150:1–6.)

Цавӕр дзуапп ратдзынӕ?

• Цы у сыгъдӕг ӕвзаг?

• Сыгъдӕг ӕвзагыл дзурын цы нысан кӕны?

• Цы нын баххуыс кӕндзӕн сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурынӕн?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ 23 фарсыл]

Цӕмӕй сыгъдӕг ӕвзагыл сӕрибарӕй дзурай, уый тыххӕй...

лӕмбынӕг хъус.

Лук. 8:18; Дзут. 2:1

хорз чи дзуры, уыдоны фӕзм.

1 Кор. 11:1; Дзут. 13:7

цы базоныс, уый-иу бахъуыды кӕн ӕмӕ-иу ӕй ногӕй ӕмӕ ногӕй дзур.

Иак. 1:22–25; 2 Пет. 1:12

хъӕрӕй кӕс.

Пс. 1:1, 2; Рарг. 1:3

ахуыр кӕн ӕвзаджы «грамматикӕ».

2 Тим. 1:13

цы базыдтай, ууыл ма ’рлӕуу.

Дзут. 5:11–14; 6:1, 2

бӕлвырд рӕстӕг рахицӕн кӕн.

Дан. 6:16, 20; Еф. 6:18

дзур уыцы ӕвзагыл.

Ром. 10:10; Дзут. 10:23–25

[Ныв 24 фарсыл]

Йегъовӕйы адӕм се ’ппӕт дӕр дзурынц сыгъдӕг ӕвзагыл