Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ хъуыддӕгтӕ дӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл хъуыды кӕн

Дӕ хъуыддӕгтӕ дӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, ууыл хъуыды кӕн

ЦАРД абарӕн ис фӕндагимӕ. Царды нӕ бирӕ хъуыддӕгты бахъӕуы уынаффӕ рахӕссын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хорз уыдзӕн, цавӕрдӕр фӕндагыл ацӕуыны размӕ ахъуыды кӕнын, кӕдӕм нӕ ӕркӕндзӕн, ууыл. Иуӕй-иутӕ тынг фӕфӕсмон кӕнынц сӕ уынаффӕтыл ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтыл. Чи зоны ды дӕр искуы загътай: «Хъуыддаг афтӕ рауайдзӕн, уый куы зыдтаин, уӕд афтӕ нӕ бакодтаин».

Балцы арӕх чи фӕцӕуы, ахӕм адӕймаг бӕстон базоны йӕ фӕндаджы тыххӕй: картӕмӕ ӕркӕсы ӕмӕ бафӕрсы, уыцы бынат хорз чи зоны, ахӕм адӕмы. Стӕй йӕ хъус фӕдары, фӕндӕгтыл цы амонӕнтӕ ис, уыдонмӕ. Цард дӕр фӕндагӕй уӕлдай нӕу. Фӕлӕ куыд базонӕн ис, хуыздӕр дзы кӕцы у, уый? Рагон Израилы адӕмы тыххӕй Хуыцау йӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты загъта: «Тӕхуды ӕмӕ ӕмбаргӕ куы уаиккой! Уӕд-иу ахъуыды кӕниккой, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл» (Дыккаг закъон 32:29).

Ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ

Царды фӕндӕгтӕ нӕ кӕдӕм ӕркӕндзысты, ууыл ӕгӕр тыхсын нӕ хъӕуы. Хуыцауӕй хуыздӕр ничи зоны, адӕймаджы цавӕр фӕндагыл цӕуын хъӕуы, уый ӕмӕ йын йӕ бон у ӕппӕты хуыздӕр уынаффӕ раттын. Хуыцау йӕ хъус дардта, адӕм цы фӕндӕгтыл цыдысты, уымӕ ӕмӕ-иу сӕ цӕмӕ ’ркодтой, уый дӕр уыдта. Библийы фыст ис: «Адӕймаджы фӕндӕгтӕ иууылдӕр Йегъовӕйы цӕстыты раз сты ӕмӕ йын йӕ алы къахдзӕфмӕ дӕр лӕмбынӕг кӕсы» (Ӕмбисӕндтӕ 5:21).

Йегъовӕ тыхсы, чи йӕ уарзы, уыдоныл. Йӕ Ныхас Библийы фӕрцы сын амоны ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг. Библийы кӕсӕм: «Ды загътай: „Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн. Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн“». Уӕдӕ фыццаг къахдзӕф скӕныны размӕ хорз уаид, рагон Израилы паддзах Давидау Йегъовӕйы разамынд агурын. Уый куывта Хуыцаумӕ: «Цы фӕндагыл цӕуын мӕ хъӕуы, уый мын бацамон» (Псалом 32:8; 143:8).

Фӕндӕгтӕ хорз чи зоны, ахӕм адӕймаг дын фӕндаг куы бацамона, уӕд ыл цӕудзынӕ ӕнӕдызӕрдыгӕй. Нӕ тӕрсдзынӕ, дӕ фӕндаг дӕ кӕдӕм ӕркӕндзӕн, уымӕй. Давид Йегъовӕйӕ разамынд агуырдта ӕмӕ йӕм стӕй хъуыста. Уый фӕрцы царды фӕндагыл ӕдасӕй ӕмӕ ныфсджынӕй цыди. Уый бӕрӕг у, 23 псаломы цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонӕй: «Йегъовӕ у мӕ Фыййау. Ӕз ницы цух уыдзынӕн. Кӕрдӕгджын хизӕнты мӕ ӕрхуыссын кӕны, донджын улӕфӕн бынӕттӕм мӕ акӕны. Мӕ уды мын хъарутӕ бауадзы. Кӕны мӕ рӕстдзинады фӕндӕгтыл йӕ номы тыххӕй. Саудалынг комы куы ацӕуон, уӕд дӕр ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Псалом 23:1–4).

Фидӕны сӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Библийы фысджытӕй иу, Асаф, йе та йӕ байзӕддӕгтӕй чидӕр, ныффыста, иухатт ӕй йӕ къах раст фӕндагӕй иннӕрдӕм кӕй фӕцӕйхаста. Цы йыл ӕрцыд? Уыдта, мӕнгард адӕм ӕмӕ фыдгӕнджытӕ куыд фӕрнӕйдзаг сты, уый ӕмӕ сӕм бахӕлӕг кодта. Афтӕ йӕм каст, цыма «ӕнӕмӕт цард» кӕнынц. Уымӕй тӕссагдӕр та уый уыд, ӕмӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, цы фӕндагыл цыдис, ууыл, ома Хуыцауӕн лӕггад кӕнын раст у ӕви нӕ (Псалом 73:2, 3, 6, 12, 13).

Уый фӕстӕ псаломфыссӕг бацыд Йегъовӕйы кувӕндонмӕ, цӕмӕй скуывтаид ӕмӕ фыдгӕнджыты цардыл ахъуыды кодтаид: «Фӕндыди мӕ сӕ фидӕн базонын». Хъуыды кодта, кӕмӕ бахӕлӕг кодта, уыдонӕн сӕ кӕрон цӕмӕ цыд, ууыл. Ӕмӕ бамбӕрста, уыцы адӕм «бырынцъаг» фӕндагыл кӕй лӕууыдысты ӕмӕ бӕллӕхы ӕвиппайды кӕй фесӕфдзысты! Цымӕ йӕхимӕ та цы фидӕн ӕнхъӕлмӕ каст? Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ загъта: «Ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ скадджын кӕндзынӕ» (Псалом 73:17–19, 24).

Хъӕздыгдзинад йӕхи фыдӕбонӕй чи нӕ бакуыста, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕст, ууыл куы ахъуыды кодта, уӕд бамбӕрста, раст фӕндагыл кӕй лӕууы, ӕмӕ загъта: «Мӕнӕн та ӕхсызгон у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын». Адӕймаг Йегъовӕ Хуыцауӕн куы лӕггад кӕна, уӕд ӕнустӕм арфӕгонд уыдзӕн (Псалом 73:28).

Ахъуыды-иу кӕн, дӕ фӕндаг дӕ кӕдӕм ӕркӕндзӕн, ууыл

Абон дӕр цыдӕр уынаффӕ рахӕссыны размӕ фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын. Чи зоны дын хорз куыстӕй зӕрдӕ ӕвӕрынц, стыр бынатмӕ дӕ исынц, кӕнӕ дын дзурынц, бирӕ ӕхца кӕм бакусдзынӕ, ахӕм куыст кӕнын райдайӕм, зӕгъгӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алы ног куыст дӕр цӕмӕйдӕр тӕссаг вӕййы. Фӕлӕ хорз уаид ахъуыды кӕнын, уыцы куыст дӕ цӕмӕ ’ркӕндзӕн, ууыл. Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын? Мыййаг дӕ хӕдзарӕй дард цӕуын куы бахъӕуа, уӕд дӕхицӕн кӕнӕ дӕ цардӕмбалӕн зын нӕ уыдзӕн? Де ’мкусджытӕ кӕнӕ кӕм цӕрдзынӕ, уым кӕимӕ ӕмбӕлдзынӕ, уыдон дыл ӕвзӕрырдӕм нӕ фӕзындзысты? Лӕмбынӕг-иу ахъуыды кӕн, ӕмӕ уӕд дӕ бон уыдзӕн раст уынаффӕ рахӕссын. Нӕ хъус ӕрдарӕм паддзах Соломоны уынаффӕмӕ: «Дӕ къахӕн фӕндаг алӕгъз кӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 4:26).

Уынаффӕ рахӕссыны размӕ алкӕйдӕр фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын, уӕлдайдӕр та ӕрыгӕтты. Иу ӕрыгон лӕппу бакӕсынмӕ райста, хӕлд митӕ кӕм уыд, ахӕм кино. Фӕстӕдӕр куыд радзырдта, афтӕмӕй кинойы фӕстӕ ацыд хӕтаг сылгоймагмӕ. Фӕлӕ уый фӕстӕ тынг фӕсмон кодта, йе ’фсарм ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта ӕмӕ тарст, исты низ ыл куы бахӕца, уымӕй. Ахӕм адӕймаджы тыххӕй фыст ис Библийы: «Ӕмӕ уый дӕр йӕ фӕдыл араст, фӕцӕуы, галы ӕргӕвдынмӕ куы фӕкӕнынц, уӕд куыд фӕцӕйцӕуы, афтӕ». Бӕргӕ, куы ахъуыды кодтаид, цы йыл ӕрцӕудзӕн, ууыл! (Ӕмбисӕндтӕ 7:22, 23).

Фӕндагамонӕнтӕм дӕ хъус дар

Бирӕтӕ сразы уыдзысты, раст кӕй нӕу, адӕймаг фӕндагамонӕнтӕ куы ницӕмӕ дара, уӕд. Фӕлӕ, хъыгагӕн, афтӕ фӕкӕнынц иуӕй-иутӕ царды фӕндагыл цӕугӕйӕ. Цы уынаффӕ сын раттынц, уый сӕ зӕрдӕмӕ куы нӕ фӕцӕуы, уӕд ӕй ницӕмӕ ӕрдарынц. Ӕркӕсӕм, пехуымпар Иеремийы рӕстӕг Израилы адӕмӕй иуӕй-иутыл цы ’рцыд, уымӕ. Хъуыди сӕ ахъуыды кӕнын, цавӕр фӕндаг равзардзысты, ууыл ӕмӕ сын Йегъовӕ Хуыцау радта уынаффӕ: «Рагон фӕндӕгтӕй афӕрсут, раст фӕндаг кӕм ис, уый базонут ӕмӕ йыл цӕут». Фӕлӕ уыцы адӕм уӕддӕр дзырдтой, уыцы фӕндагыл «нӕ цӕудзыстӕм», зӕгъгӕ (Йереми 6:16). Сӕхи фӕнд кӕй атардтой, уый сӕ цӕмӕ ’ркодта? Н. э. размӕ 607 азы сӕм вавилойнӕгтӕ ӕрбабырстой, Иерусалим ныппырх кодтой ӕмӕ йын йӕ цӕрджыты Вавилонмӕ уацары акодтой.

Хуыцау цы фӕндагамонӕнтӕ сӕвӕрдта, ома цы уынаффӕтӕ радта, уыдон куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд ӕнтыстджын никуы уыдзыстӕм. Библи нӕ разӕнгард кӕны: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6).

Хуыцау нӕ фӕдзӕхсы, нӕхи нӕ цӕмӕй хъӕуы хизын, уыдӕттӕй. Зӕгъӕм, Библийы фыст ис: «Фыдгӕнджыты фӕндагыл ма ӕрлӕуу ӕмӕ ӕвзӕр адӕмы фӕндагыл ма ацу» (Ӕмбисӕндтӕ 4:14). Уыцы ӕвзӕр фӕндӕгтӕй иуы тыххӕй фыст ис Ӕмбисӕндты 5:3, 4: «Хӕлд сылгоймагӕн йе ’взагӕй тӕдзы фӕзгъӕр мыд, йӕ ныхӕстӕ сты сойӕ фӕлмӕндӕр, фӕлӕ цӕмӕ ӕркӕны, уый вӕййы скъӕлдзойау маст ӕмӕ дыууӕкомон хъамайау цыргъ». Чи зоны, кӕмӕдӕр хӕтын ӕвзӕр нӕ кӕсы. Фӕлӕ Хуыцауы фӕдзӕхст, ӕвзӕр фӕндагыл «ма ӕрлӕуу», зӕгъгӕ, куы ницӕмӕ дарӕм, уӕд бӕллӕхы бахаудзыстӕм.

Фыццаг къахдзӕф скӕныны размӕ-иу ахъуыды кӕн: «Цӕмӕ мӕ ӕркӕндзӕн?» Адӕймаг лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕна, йӕ «фӕндаг» ӕй цӕмӕ ’ркӕндзӕн, уӕд, чи зоны, ӕрмӕст уый фӕрцы дӕр йӕхи бӕллӕхӕй бахиза. Хуыцау цы хъуыддӕгтӕй фӕдзӕхсы, уыдон адӕймаг куы ницӕмӕ фӕдары, уӕд ӕй уый хорзмӕ не ’ркӕны: СПИД ӕмӕ ӕндӕр хӕцгӕ низтӕй фӕрынчын вӕййы, басывӕрджын вӕййы, аборт скӕны, йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл фӕхуды ӕмӕ адӕмы цӕсты йӕ кад ӕрхауы, иннӕтӕн рис бавзарын кӕны. Ӕнӕгъдау цард чи кӕны, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй апостол Павел бӕлвырд загъта: «Хуыцауы паддзахадмӕ... нӕ бацӕудзысты» (1 Коринфӕгтӕм 6:9, 10).

«Мӕнӕ фӕндаг»

Иуӕй-иу хатт зын бамбарӕн вӕййы, цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдон нӕ цӕмӕ ӕркӕндзысты, уый. Уӕдӕ Хуыцауӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм, кӕй ныл тыхсы ӕмӕ нын бӕлвырд разамынд кӕй дӕтты! Йегъовӕ загъта: «Мӕнӕ фӕндаг, цӕут ыл» (Исай 30:21). Цымӕ нын Йегъовӕ цы фӕндаг амоны, уый нӕ кӕдӕм ӕркӕндзӕн? Кӕд уыцы фӕндаг нарӕг ӕмӕ зын цӕуӕн у, уӕддӕр, Йесо Чырысти куыд загъта, афтӕмӕй нӕ ӕркӕндзӕн ӕнусон цардмӕ (Матфейы 7:14).

Рӕстӕг-иу ссар, цӕмӕй ахъуыды кӕнай, цы фӕндагыл цӕуыс, ууыл. Раст фӕндаг у? Кӕдӕм дӕ ӕркӕндзӕн? Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ дзы зонд агур. Ӕркӕс-иу картӕмӕ, ома Библимӕ. Дӕ бон ма у бафӕрсын, Хуыцауы фӕндагыл ӕнтыстджынӕй чи цӕуы, ахӕм фӕлтӕрдджын адӕймаджы. Ӕмӕ куы бамбарай, цыдӕр дӕ фӕивын кӕй хъӕуы, уӕд фӕстиат ма кӕн.

Адӕймаг фӕндагыл амонӕн куы фена ӕмӕ бӕрӕг куы уа, раст фӕндагӕй кӕй нӕ адзӕгъӕл, уӕд дзы ныфс бацӕудзӕн. Царды раст фӕндагыл кӕй цӕуыс, уый куы бамбарай, уӕд ыл дарддӕр дӕр фидарӕй цу. Уыцы фӕндагыл цӕугӕйӕ ма бирӕ хорздзинӕдтӕй уыдзынӕ хайджын (2 Петры 3:13).

Алы фӕндаг дӕр кӕдӕмдӕр кӕны. Цы фӕндаг равзӕрстай, уый дӕ кӕдӕм ӕркӕндзӕн? Бӕргӕ, ӕндӕр фӕндаг куы равзӕрстаин, зӕгъгӕ ма куы фӕсмон кӕнӕм, уӕд ницыуал фӕивдзыстӕм. Уӕдӕ цалынмӕ царды фӕндагыл иннӕ къахдзӕф саразӕм, уӕдмӕ уал ахъуыды кӕнӕм: «Кӕдӕм мӕ ӕркӕндзӕн?»

[Рамкӕ/Нывтӕ 16 фарсыл]

Цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

Ӕрыгӕттӕн арӕх тӕссаг вӕййы, иннӕтӕ цы аразынц ӕмӕ модӕйыл цы нымайынц, уый саразынӕй. Зӕгъӕм:

тамако дын дымын кӕнынц.

ахуыргӕнӕг дӕ йӕ хорз зӕрдӕйӕ разӕнгард кӕны уӕлдӕр ахуырмӕ бацӕуын.

нуӕзт ӕмӕ, чи зоны, наркотиктӕ кӕм уа, ахӕм бадтмӕ дӕ хонынц.

исчи дын дзуры: «Интернеты дӕхи тыххӕй истытӕ цӕуылнӕ ныффыссыс?»

де ’мбал дӕ хоны, тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ кӕм ис, ахӕм киномӕ бакӕсынмӕ.

Ацы уавӕртӕй искӕцыйы куы бахауай, уӕд куыд бакӕндзынӕ? Иннӕты зондыл ацӕудзынӕ ӕви ахъуыды кӕндзынӕ, уый дӕ цӕмӕ ’ркӕндзӕн, ууыл? Хорз уаид ахъуыды кӕнын: «Цымӕ уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йӕ роны зынг бавӕра ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕс ма басудза? Науӕд уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг судзгӕ цӕхӕртыл цӕуа ӕмӕ йӕ къӕхтӕ ма басудзой?» (Ӕмбисӕндтӕ 6:27, 28).