Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ма фӕхъӕстӕ у «ацы дунейы зондӕй»

Ма фӕхъӕстӕ у «ацы дунейы зондӕй»

Ма фӕхъӕстӕ у «ацы дунейы зондӕй»

«Мах... ацы дунейы зондӕй не схайджын стӕм, фӕлӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы сыгъдӕг удӕй» (1 КОР. 2:12).

1, 2. а) Британийы-иу шахтӕтӕм канарейкӕтӕ цӕмӕн ныххастой? ӕ) Чырыстӕттӕн тӕссаг цӕмӕй у?

ШАХТӔТЫ кусджыты цард бахъахъхъӕныныл хъуыды кӕнгӕйӕ Британийы хицауад 1911 азы рауагъта закъон: алы шахтӕйы дӕр хъуамӕ дардтаиккой фӕйнӕ дыууӕ канарейкӕйы. Цӕмӕн? Ацы гыццыл цъиутӕ уайтагъд фӕхатынц маргджын газтӕ, зӕгъӕм, угар. Уымӕ гӕсгӕ-иу шахтӕйы зынг куы сирвӕзт, уӕд-иу ирвӕзынгӕнджытӕ уыцы гыццыл цъиуты семӕ шахтӕмӕ ныххастой. Уӕлдӕф-иу хъӕстӕ куы уыд, уӕд-иу ӕй канарейкӕтӕ уайтагъд бамбӕрстой – скатай-иу сты, суанг ма-иу къалатийы сӕ бадӕнӕй хаугӕ дӕр ӕркодтой. Тӕссаг кӕй у, уый рагацау бамбарын ӕнӕмӕнгӕй хъуыд. Угар ницы тӕф кӕны, нӕй йӕ цӕстӕй фенӕн дӕр ӕмӕ адӕймаг ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакӕны, куыд фӕхъӕстӕ вӕййы, уый. Ирвӕзынгӕнджытӕ угар кӕй нӕ хатыдысты, уымӕ гӕсгӕ гӕнӕн уыд, фӕсур уыдаиккой ӕмӕ амардаиккой.

2 Чырыстӕттӕн дӕр сӕ хабар афтӕ у: уыдон дӕр сты, шахтӕйы кусджытӕ цы уавӕры сты, ахӕм уавӕры. Цы хуызы? Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы бахӕс кодта, цӕмӕй ӕгас зӕххыл дӕр хорз хабар хъусын кӕной, уӕд ӕй зыдта, цы дунемӕ сӕ ’рвыста, уым хицау кӕй уыд Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ зонд алкӕм дӕр кӕй ахъардта (Матф. 10:16; 1 Иоан. 5:19). Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтыл афтӕ тыхст, ӕмӕ йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв йӕ Фыдмӕ куывта: «Уый дӕ нӕ курын, ӕмӕ сӕ ацы дунейӕ искуыдӕм акӕнай, фӕлӕ сӕ цӕмӕй Фыдбылызӕй хъахъхъӕнай» (Иоан. 17:15).

3, 4. Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕй фӕдзӕхста ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ махӕн хъуыдыйаг цӕмӕн сты?

3 Йесо Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, къӕрцхъус куы нӕ уой, уӕд дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ уыдзысты, ӕмӕ афтӕмӕй, гӕнӕн ис, мӕлгӕ дӕр акӕной. Йӕ ныхӕстӕ уӕлдай хъуыдыйаг сты махӕн, ацы дунейы фӕстаг бонты кӕрон чи цӕры, уыдонӕн. Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ма бафынӕй ут... цӕмӕй бафӕразат, ӕрцӕуинаг цыдӕриддӕр у, уый сӕрты ахизын ӕмӕ Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын» (Лук. 21:34–36). Фӕлӕ ма Йесо афтӕ дӕр загъта, йӕ Фыд сын йӕ сыгъдӕг уд кӕй ратдзӕн, цӕмӕй-иу, цы базыдтой, уый ӕрхъуыды кӕной, цы рӕстӕджы цӕрынц, уый ма рох кӕной ӕмӕ хъӕбатыр уой (Иоан. 14:26).

4 Цымӕ абон махӕн дӕр уыцы сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕны? Кӕд о, уӕд нӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй дзы хайджын уӕм? Цы у ацы дунейы зонд та ӕмӕ адӕмыл куыд ӕндавы? Ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй уыцы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм? (Бакӕс 1 Коринфӕгтӕм 2:12.)

Сыгъдӕг уд ӕви ацы дунейы зонд?

5, 6. Сыгъдӕг уд нын куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ нӕ цы аразын хъӕуы, цӕмӕй дзы хайджын уӕм?

5 Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд ӕрмӕст фыццаг ӕнусы нӕ лӕвӕрдта. Абон дӕр нын Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй раст хъуыддӕгтӕ аразӕм ӕмӕ не Сфӕлдисӕгӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм (Ром. 12:11; Фил. 4:13). Сыгъдӕг уды фӕрцы ма нӕм фӕзыны хорз миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад, хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ хорздзинад,– «сыгъдӕг удӕй цы миниуджытӕ гуыры», уыдон (Гал. 5:22, 23). Фӕлӕ Йегъовӕ Хуыцау йӕ сыгъдӕг уд тыххӕй никӕмӕн дӕтты.

6 Цы аразын нӕ хъӕуы, цӕмӕй сыгъдӕг удӕй схайджын уӕм? Иу ахсджиаг ӕмӕ хуымӕтӕг къахдзӕф – сыгъдӕг уд Хуыцауӕй курын. (Бакӕс Лукайы 11:13.) Ноджы ма иу къахдзӕф – Хуыцауы комытӕфӕй фыст Ныхас ахуыр кӕнын ӕмӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ архайын (2 Тим. 3:16). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цӕмӕй сыгъдӕг удӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй Библи ӕнӕуи кӕсын фаг нӕу. Хуыцауы Ныхас хъуамӕ сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ архайӕм, цӕмӕй нын не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ, цардмӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, ууыл ӕндава. Ахсджиаг ма у Йесойы нымайын, Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг уд кӕй уылты дӕтты, уыцы минӕварыл (Кол. 2:6). Уымӕ гӕсгӕ мах хъуамӕ Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм (1 Пет. 2:21). Цас тынгдӕр архайӕм, цӕмӕй Чырыстийы хуызӕн уӕм, уыйас тынгдӕр уыдзыстӕм хайджын сыгъдӕг удӕй.

7. Ацы дунейы зонд адӕмыл куыд ӕндавы?

7 Сыгъдӕг удӕй уӕлдай, ацы дунейы зонд адӕмы разӕнгард кӕны, цӕмӕй фӕзмой Сайтаны. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 2:1–3.) Ацы дунейы зонд ӕндавы алыхуызӕтты. Нӕ алыварс цы уынӕм, уымӕй бӕрӕг у, адӕмы Хуыцауы уагӕвӕрдты ныхмӕ кӕй кӕны. Адӕмӕн сӕ хъуыдытӕ аразы «тӕригъӕдджын буары монцтӕм, цӕстыты монцтӕм ӕмӕ мулкӕй ӕппӕлынмӕ» (1 Иоан. 2:16). Ацы дунейы зондӕй цӕуынц тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕ: «хӕтын... мӕнг хуыцӕуттӕн кувын, хинтӕ-кӕлӕнтӕ... ӕдзӕстуарзон, мӕстыгӕр... фыднозт» (Гал. 5:19–21). Уый ардауы, цӕмӕй, «сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг... кӕной» (2 Тим. 2:14–18). Уӕдӕ адӕймаг цас тынгдӕр кӕсы ацы дунейы зонды коммӕ, уыйас тынгдӕр кӕны Сайтаны хуызӕн.

8. Алчи дӕр нӕ цы хъуамӕ равзара?

8 Уый гӕнӕн нӕй, ӕмӕ адӕймагыл ӕппындӕр мацы бандава. Алчи дӕр хъуамӕ равзара, йӕ цардыл ын цы ӕндавдзӕн, уый – сыгъдӕг уд ӕви ацы дунейы зонд. Дунейы зонд кӕуыл ӕндавы, уыдонӕн сӕ бон у, ӕмӕ дзы ссӕрибар уой ӕмӕ сыгъдӕг уды коммӕ кӕсын райдайой. Фӕлӕ хатт иннӕрдӕм дӕр рауайы – сыгъдӕг уды разамындмӕ гӕсгӕ чи фӕцӕры, уыдон ацы дунейы зонды къӕппӕджы бахауынц (Фил. 3:18, 19). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, нӕ бон куыд у ацы дунейы зондӕй нӕхи хъахъхъӕнын.

Тӕссаг кӕй у, уый цӕмӕй вӕййы базонӕн

9–11. Ацы дунейы зонд нӕм хӕццӕ кӕнын райдыдта ӕви нӕ, уый цӕмӕй ис базонӕн?

9 Статьяйы райдианы куыд дзырдтам, афтӕмӕй-иу Британийы шахтӕты кусджытӕ канарейкӕты фӕрцы базыдтой, уӕлдӕф маргджын газӕй фӕхъӕстӕ ӕви нӕ. Зӕгъгӕ-иу цъиу къалатийы йӕ бадӕнӕй ӕрхаудта, уӕд-иу кусӕг бамбӕрста, йӕ цардӕн тӕссаг кӕй у ӕмӕ фӕстиат кӕнӕн кӕй нӕй. Уӕдӕ чырыстон та куыд базона, ацы дунейы зонд ӕм хӕццӕ кӕнын райдыдта ӕви нӕ?

10 Рӕстдзинад куы базыдтам ӕмӕ стӕй нӕ цард Йегъовӕйӕн куы снывонд кодтам, уӕд, ай-гъайдӕр, Библи зӕрдиагӕй кастыстӕм. Зӕрдӕбынӕй ӕмӕ арӕх куывтам. Алы ӕмбырдмӕ дӕр ӕхсызгонӕй цыдыстӕм ӕмӕ нӕ алы фембӕлд дӕр уӕнгрог кодта, ӕнтӕф бон адӕймаджы суадоны дон куыд уӕнгрог кӕны, афтӕ. Ӕппӕт уыдӕтты фӕрцы ацы дунейы зондӕй ссӕрибар стӕм ӕмӕ нын ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй ныл уыцы зонд ногӕй мауал бандава.

11 Ныр дӕр ма Библи алы бон дӕр фӕкӕсӕм? (Пс. 1:2). Афтӕ арӕх ӕмӕ ма афтӕ зӕрдӕбынӕй фӕкувӕм? Ӕмбырды фембӕлдтӕ уарзӕм ӕмӕ алы фембӕлды дӕр вӕййӕм? (Пс. 84:10). Ӕви исты фӕивта? Уый раст у, чи зоны ныл бирӕ ахӕм хӕстӕ ис, нӕ рӕстӕг ӕмӕ нын нӕ хъарутӕ чи исы, ӕмӕ нын уый тыххӕй ӕнцон нӕу, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кӕнын Хуыцауӕн. Фӕлӕ кӕд кӕцыдӕр хъуыддӕгтӕ раздӕрау зӕрдиагӕй нал кӕнӕм, уӕд цымӕ йӕ аххосаг уый нӕу, ӕмӕ ацы дунейы зондыл цӕуын райдыдтам? Ӕппӕт тыхтӕй нӕ бацархайдзыстӕм, цӕмӕй раздӕхӕм, раздӕр цы хорз ӕгъдауыл хӕст уыдыстӕм, уымӕ?

«Уӕ зӕрдӕтӕ ма ӕруӕззау уӕнт»

12. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты цӕмӕй бафӕдзӕхста ӕмӕ цӕмӕн?

12 Цы ма хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм? Йесо Чырысти йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн куы загъта, зӕгъгӕ, ма бафынӕй ут, уӕд сӕ бафӕдзӕхста цалдӕр хъуыддагӕй. «Уӕхимӕ кӕсут,– загъта Йесо,– цӕмӕй уӕ зӕрдӕтӕ фырхӕрд, фырнозт ӕмӕ царды сагъӕстӕй ма ӕруӕззау уой, ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕнӕнхъӕлӕджы ма ӕрӕййафа, ӕмӕ хызы бахауӕгау ма фӕуат» (Лук. 21:34, 35).

13, 14. Хӕрд ӕмӕ нозты хъуыддаджы нӕ цавӕр фарстытыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

13 Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойы ныхӕстыл. Цымӕ йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ дӕ уды дзӕбӕхӕн хӕрай ӕмӕ нуазай, уый раст нӕу? Нӕ! Йесо, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, разы уыд Соломоны ныхӕстимӕ: «Ӕз бамбӕрстон, адӕймагӕн уымӕй хуыздӕр кӕй ницы ис, ӕмӕ цин кӕна ӕмӕ царды мидӕг хорздзинад араза, стӕй адӕймаг хъуамӕ хӕра ӕмӕ нуаза ӕмӕ йӕ уӕззау фыдӕбонӕй хорзӕй исты уына. Уый у Хуыцауы лӕвар» (Еккл. 3:12, 13). Фӕлӕ Йесо зыдта, ацы дуне адӕймаджы фырхӕрд ӕмӕ фыднозт кӕныныл кӕй ардауы.

14 Куыд ӕй базонӕм, хӕрд ӕмӕ нозты хъуыддаджы ацы дунейы зондӕй кӕй нӕ фӕхъӕстӕ стӕм? Уый тыххӕй ахъуыды кӕнӕм: «Библийы кӕнӕ нӕ литературӕйы фырхӕрды тыххӕй цы уынаффӕтӕ ис, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсын? Мыййаг, мӕхи фӕрӕстытӕ кӕнын, мӕнмӕ нӕ хауынц, йе та ӕгӕр карз сты, зӕгъгӕ? * Цы цӕстӕй кӕсын ацы уынаффӕмӕ, зӕгъгӕ, фыднозт кӕнӕн нӕй ӕмӕ, куы нуазай, уӕд та дзы бӕрц зонын кӕй хъӕуы? Афтӕ хъуыды кӕнын, мӕнӕн мӕ уавӕр ӕндӕр у, мӕнмӕ нӕ хауы, зӕгъгӕ? Цас нуазын, уый тыххӕй мын исчи исты куы фӕзӕгъы, уӕд мӕхи фӕрӕстытӕ кӕнын кӕнӕ смӕсты вӕййын? Иннӕты дӕр ахӕм зондыл аразын, цӕмӕй ацы уынаффӕ сӕ зӕрдӕмӕ арф ма исой?» Ацы фӕдзӕхстытӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уымӕй бӕрӕг кӕны, дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ стӕм ӕви нӕ. (Абар Ромӕгтӕм 13:11–14.)

Царды сагъӕстӕ дӕ сӕ быны ма скӕнӕнт

15. Цавӕр уынаффӕ радта Йесо Чырысти?

15 Цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм ӕмӕ ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм. Йесо Чырысти зыдта, ӕнӕххӕст адӕймаг ӕнӕхъуаджы дӕр кӕй фӕмӕт кӕны. Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн фӕлмӕнӕй загъта: «Мауал мӕт кӕнут» (Матф. 6:25). Ахсджиаг хъуыддӕгтыл кӕй мӕт кӕнӕм, зӕгъӕм, Хуыцауы зӕрдӕ куыд барухс кӕнӕм, нӕ чырыстон хӕстӕ куыд сӕххӕст кӕнӕм, нӕ бинонты куыд фӕдарӕм, уым ӕвзӕрӕй ницы ис (1 Кор. 7:32–34). Цымӕ уӕд Йесо цӕй кой кодта?

16. Ацы дунейы зонд бирӕтыл куыд ӕндавы?

16 Ацы дуне адӕмы разӕнгард кӕны мулкӕй ӕппӕлынмӕ, ӕмӕ бирӕтӕ фӕхъӕстӕ вӕййынц уыцы зондӕй ӕмӕ сагъӕсты бын фӕвӕййынц. Уыдоны фӕнды, цӕмӕй мах дӕр хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, адӕймагмӕ ӕхца куы уа, уӕд ын тас ницӕмӕй у ӕмӕ адӕймагӕн йӕ хорздзинад йӕ хорз миниуджытӕй нӕ бӕрӕг кӕны, фӕлӕ йӕм цы ис ӕмӕ йӕм цас ис, уымӕй. Ахӕм зондӕй чи фӕхъӕстӕ, уыдон хъӕздыгдзинадмӕ тырнгӕйӕ фыргуыст фӕкӕнынц ӕмӕ ӕдзух ууыл фӕмӕт кӕнынц, цӕмӕй сӕм уа, амӕй-ай ногдӕр, амӕй-ай хуыздӕр ӕмӕ цӕсты ахадгӕдӕр цы у, уыдӕттӕ (Ӕмб. 18:11). Ахӕм ӕнӕраст зондахасты аххосӕй адӕймаг сагъӕстыл свӕййы ӕмӕ куыд чырыстон, афтӕ размӕ нал фӕцӕуы. (Бакӕс Матфейы 13:18, 22.)

17. Цӕмӕй сагъӕстыл ма суӕм, уый тыххӕй нӕ цы кӕнын хъӕуы?

17 Цӕмӕй сагъӕстыл ма суӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы Йесо Чырыстийы уынаффӕмӕ хъусын: «Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад». Йесо фидарӕй зӕгъы, зӕгъгӕ, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы, ӕппӕт уыдӕттӕ нын кӕй уыдзӕни (Матф. 6:33). Йӕ ныхӕстӕ нӕ кӕй уырнынц, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн? Куы агурӕм Хуыцауы рӕстдзинад – Хуыцауы рӕстаг уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнӕм, зӕгъӕм, ӕхцайы хъуыддӕгты. Цӕвиттон, налогтӕ фидынӕй нӕхи не ’мбӕхсӕм ӕмӕ нӕ куысты хъуыддӕгты «иу гыццыл дӕр» нӕ сайӕм. Нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты нӕ дзырд ӕххӕст кӕнӕм, ӕмӕ алкӕддӕр нӕ «о» уа «о» (Матф. 5:37; Пс. 37:21). Адӕймаг афтӕ ӕнӕзӕрдӕхудт куы уа, уӕд, чи зоны, хъӕздыг ма суа, фӕлӕ йын уый стыр пайда уыдзӕн ӕндӕр хъуыддӕгты – Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕндзӕн, йӕ цӕсгом сыгъдӕг уыдзӕн ӕмӕ къаддӕр мӕт кӕндзӕн.

18. Цавӕр цӕвиттон нын ныууагъта Йесо ӕмӕ йӕ куы фӕзмӕм, уӕд цавӕр арфӕдзинӕдтӕй уыдзыстӕм хайджын?

18 Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурын нысан кӕны, царды нын сӕйрагдӕр цы хъуамӕ уа, уый ӕмбарын. Ӕркӕсӕм Йесойы цӕвиттонмӕ. Йесойӕн уыд хорз уӕлӕдарӕс (Иоан. 19:23). Уарзта йе ’ввахс хӕлӕрттимӕ адджынӕн къӕбӕр бахӕрын ӕмӕ семӕ иу гыццыл сӕн баназын (Матф. 11:18, 19). Фӕлӕ йын мулк ӕмӕ хиирхӕфсӕнтӕ уыдысты, хӕринагыл йӕ ад фӕхуыздӕр кӕнынӕн кӕй ныккӕнынц, уыцы хъацӕнтау. Йӕ хӕринаг та уыд Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнын (Иоан. 4:34–36). Цас арфӕдзинӕдтӕй схайджын вӕййӕм Йесойы фӕзмгӕйӕ! Цӕй стыр циндзинад нын ӕрхӕссы, зӕрдӕсаст адӕмы Библийы фӕрцы ныфс кӕй бауадзӕм! Иннӕ арфӕдзинад та у, не ’мбырды ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕ кӕй уарзынц ӕмӕ ныл кӕй тыхсынц. Ӕхсызгон ма нын у, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм, уый дӕр. Царды сӕйрагдӕр цы у, уый нын фыццаг бынаты куы уа, уӕд мулк ӕмӕ хиирхӕфсӕнтӕ нӕ хицӕуттӕ нӕ уыдзысты, фӕлӕ уыдзысты нӕ лӕггадгӕнджытӕ – ӕххуыс нын кӕндзысты Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн. Ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаджы цас фылдӕр архайӕм, уыйас тынгдӕр хызт уыдзыстӕм ацы дунейы зонды ӕндӕвдадӕй.

«Сыгъдӕг уды цы фӕнды», уый кӕн дарддӕрдӕр

19–21. «Сыгъдӕг уды цы фӕнды», уый куыд хъӕуы аразын ӕмӕ цӕмӕн?

19 Хъуыддӕгтӕм ӕркӕнынц хъуыдытӕ. Арӕх адӕймаг ӕнӕрхъуыды митӕ уымӕн бакӕны, ӕмӕ йӕ хъуыдытӕ вӕййынц, йӕ буары цы фӕнды, ууыл. Уымӕ гӕсгӕ нын апостол Павел нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕм нӕ хъус дарӕм. Уый фыста: «Йӕ тӕригъӕдджын буары коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн сӕ хъуыдытӕ сты, буары цы фӕнды, ууыл; сыгъдӕг уды коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн та сӕ хъуыдытӕ сты, сыгъдӕг уды цы фӕнды, ууыл» (Ром. 8:5).

20 Цы ис аразӕн, цӕмӕй ацы дунейы зонд ма бандава нӕ хъуыдытыл, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ хъуыддӕгтыл дӕр? Цӕуыл хъуыды кӕнӕм, уымӕ хъуамӕ нӕ хъус дарӕм, ӕмӕ афтӕмӕй, гӕнӕн цас ис, уыйас нӕ зонд хъахъхъӕнӕм, ацы дуне кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы ӕвзӕр хъуыдытӕй. Зӕгъӕм, дзырд хиирхӕфсӕнтыл куы фӕцӕуы, уӕд мах, ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ тыхми кӕм ис, ахӕм телералӕвӕрдтӕ нӕ равзарӕм ӕмӕ нӕ зонд нӕ фӕчъизи кӕнӕм. Мах ӕй ӕмбарӕм, Хуыцауы сыгъдӕг уд чъизи зонды кӕй нӕ «цӕры» (Пс. 11:5; 2 Кор. 6:15–18). Фӕлӕ сыгъдӕг удӕн нӕ зондмӕ фӕндаг гом кӕндзыстӕм, Библи алы бон дӕр куы кӕсӕм, куы кувӕм, Хуыцауы хъуыддӕгтыл куы хъуыды кӕнӕм ӕмӕ ӕмбырдтӕм куы цӕуӕм, уӕд. Ӕмӕ ныл Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕндавдзӕн, ӕппӕт зӕрдӕйӕ хорз хабар куы хъусын кӕнӕм, уӕд.

21 Дзырд дӕр ыл нӕй, мах хъуамӕ нӕхи хъахъхъӕнӕм ацы дунейы зондӕй ӕмӕ, уый кӕмӕ разӕнгард кӕны, уыцы буары фӕндтӕй. Фӕлӕ уый йӕ фыдӕбоны аргъ у, уымӕн ӕмӕ, Павел куыд загъта, афтӕмӕй, «тӕригъӕдджын буары цы фӕнды, ӕппынӕдзух ууыл чи хъуыды кӕны, уымӕн йӕ фӕстаг цӕуы мӕлӕтмӕ; сыгъдӕг уды цы фӕнды, ууыл чи хъуыды кӕны, уый та ссардзӕн цард ӕмӕ фарн» (Ром. 8:6).

[Фиппаинаг]

^ 14 абз. Фырхӕрд баст у адӕймагӕн йӕ зондахастыл. Уый у, хӕрдыл зыд куы кӕна, йе та дзы бӕрц куы нӕ зона. Уӕдӕ адӕймаг фырхӕрд кӕны ӕви нӕ, уый, куыд нард у, уымӕй нӕ бӕрӕг кӕны, фӕлӕ, хӕринагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй. Чидӕр гӕнӕн ис, ӕмӕ нард ма уа, фӕлӕ хӕрдӕй ӕфсис ма зона. Стӕй ма арӕх адӕймаг нард вӕййы цавӕрдӕр низы аххосӕй йе та, йе сконд ӕнӕуи ахӕм кӕй вӕййы, уый тыххӕй. Сӕйраг адӕймагӕн йӕ уӕз нӕу, фӕлӕ, хӕрдыл зыд кӕны ӕви нӕ, уый (Кӕс 2004 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», «Кӕсджыты фарстытӕ», уыр.).

Бахъуыды кодтай?

• Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй сыгъдӕг удӕй хайджын уӕм?

• Ацы дунейы зонд ныл куыд ӕндавы?

• Цы кӕнын нӕ хъӕуы, цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 21 фарсыл]

Хуыцауӕй сыгъдӕг уд кур куыстмӕ кӕнӕ скъоламӕ ацӕуыны размӕ

[Нывтӕ 23 фарсыл]

Нӕ хъуыдытӕ хъуамӕ сыгъдӕг уой, ӕхцайы хъуыддӕгты ӕнӕзӕрдӕхудт уӕм ӕмӕ алцӕмӕй дӕр бӕрц зонӕм