Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кӕны нӕ рӕстӕджы

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кӕны нӕ рӕстӕджы

Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ирвӕзын кӕны нӕ рӕстӕджы

«Йегъовӕ сын баххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕндзӕн» (ПС. 37:40).

1, 2. Цавӕр Хуыцау у Йегъовӕ ӕмӕ нӕ уый ныфс куыд уадзы?

ХУРМӔ алцӕмӕн дӕр аууон фӕзыны. Фӕлӕ аууон иу ран никуы лӕууы. Ӕмӕ зӕхх куыд зилы, афтӕ аууон дӕр ивгӕ цӕуы, фӕлӕ хур ӕмӕ зӕхх чи сфӕлдыста, уый та нӕ ивы (Мал. 3:6). Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Хуыцау «аууонау... нӕ ивы» (Иак. 1:17). Йегъовӕ ахӕм Хуыцау кӕй у, уый нӕ ныфс уадзы ӕмӕ нӕ фидар кӕны, уӕлдайдӕр та уӕззау уавӕрты куы вӕййӕм кӕнӕ зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд. Куыд?

2 Фыццаг статьяйы дзырд цыд, Йегъовӕ рагзаманты йӕ лӕггадгӕнджыты куыд ирвӕзын кодта, ууыл (Пс. 70:5). Хуыцау нӕ ивы ӕмӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы. Уымӕ гӕсгӕ абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, кӕй сын «ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ сӕ [кӕй] ирвӕзын кӕндзӕн», ууыл (Пс. 37:40). Куыд ирвӕзын кодта Йегъовӕ йӕ адӕмы нӕ рӕстӕджы? Йӕ бон куыд у махӕй алкӕмӕн дӕр сӕрмагондӕй баххуыс кӕнын?

Фервӕзын сӕ кодта знӕгтӕй

3. Знӕгтӕ уацамынды хъуыддаг кӕй нӕ бауромдзысты, уый нӕ бон фидарӕй цӕмӕ гӕсгӕ у зӕгъын?

3 Сайтан Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ныхмӕ куыдфӕнды ма цӕуа, уӕддӕр сӕ нӕ бауромдзӕн – Йегъовӕйӕн куыд иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц, афтӕ йын лӕггад кӕндзысты дарддӕр дӕр. Хуыцауы Ныхас нын фидарӕй зӕгъы: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн, ӕмӕ тӕрхондоны дӕ ныхмӕ чи дзура, уымӕн йӕхи фӕазымджын кӕндзынӕ» (Ис. 54:17). Знӕгтӕ тынг архайдтой, цӕмӕй Хуыцауы адӕм хорз хабар мауал хъусын кодтаиккой, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Ӕркӕсӕм дыууӕ цӕвиттонмӕ.

4, 5. 1918 азы знӕгтӕ Йегъовӕйы адӕмы ныхмӕ куыд рацыдысты ӕмӕ хабӕрттӕ фӕстагмӕ куыд рауадысты?

4 1918 азы сауджынты ардыдӕй адӕм Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Сауджынты фӕндыд хъусын кӕныны хъуыддаг бауромын. 7 майы Иугонд Штатты федералон хицӕуттӕ бардзырд радтой, цӕмӕй ӕрцахстаиккой Джозеф Рутерфорды (уыцы рӕстӕджы ӕппӕтдунеон уацамындон хъуыддагӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уый) ӕмӕ иннӕ бӕрнон ӕфсымӕрты. Дыууӕ мӕйы дӕр нӕ рацыд, афтӕ ӕфсымӕр Рутерфорд ӕмӕ йе ’мбӕлтты фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, хицауады ныхмӕ растынмӕ хъавынц, ӕмӕ сын бирӕгай азтӕ радтой. Цымӕ знӕгтӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кодтой? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ!

5 Дӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕн Йегъовӕйы ныхӕстӕ: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн». Хабӕрттӕ цӕхгӕр фӕзылдысты 1919 азы 26 майы: ӕфсымӕртӕ ӕхца бафыстой, цӕмӕй уал Рутерфорд ӕмӕ йе ’мбӕлтты ахӕстонӕй рауагътаиккой. Уый уыди, куы сӕ ’рцахстой, уымӕй фараст мӕйы фӕстӕдӕр. 1920 азы 5 майы та уыцы ӕфсымӕрты сраст кодтой. Ӕфсымӕртӕ куы ссӕрибар сты, уӕд сӕ рӕстӕг дзӕгъӕлы нӕ сӕфтой, фӕлӕ зӕрдиагӕй бавнӕлдтой хорз хабар хъусын кӕнынмӕ. Ӕмӕ сӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд. Йегъовӕ Хуыцауы организацимӕ адӕм гуылф кӕнын райдыдтой! Уыцы диссаджы хъуыддаджы тыххӕй ӕппӕт кад дӕр ӕмбӕлд сӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йегъовӕ Хуыцаумӕ (1 Кор. 3:7).

6, 7. а) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты нацистон Германы скуынӕг кӕнынмӕ куыд хъавыдысты ӕмӕ уымӕй цы рауад? ӕ) Йегъовӕйы адӕмыл нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй цы бӕлвырд кӕны?

6 Ныр та ӕркӕсӕм дыккаг цӕвиттонмӕ. 1934 азы Гитлер загъта, Германы иунӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн дӕр кӕй нал ныууадздзӕн. Ӕмӕ уыдон афтид ныхӕстӕ нӕ уыдысты. Ӕвдисӕнтӕй бирӕты ӕрцахстой ӕмӕ сӕ ахӕстоны бакодтой. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй минтӕн фыдмитӕ фӕкодтой, сӕдӕгӕйтты амардтой концлагерты. Цымӕ Гитлерӕн йӕ къухы бафтыд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты скуынӕг кӕнын? Германы хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг баурӕдта? Нӕ! Уыцы фыдрӕстӕг дӕр не ’фсымӕртӕ сусӕгӕй хъусын кодтой. Нацистты куы ныппырх кодтой, уӕд Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕрибарӕй сӕ хъуыддаг адарддӕр кодтой. Ӕмӕ абон Германы ис 165 мин хъусынгӕнӕгӕй фылдӕр. Ам дӕр та Йегъовӕ, Ирвӕзынгӕнӕг, сӕххӕст кодта йӕ ныхас: «Дӕ ныхмӕ цы хӕцӕнгӕрзтӕ арӕзт уа, уыдонӕй иу дӕр нӕ фӕрӕстмӕ уыдзӕн».

7 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл нӕ рӕстӕджы цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй бӕлвырд кӕны, Йегъовӕ кӕй никуы бауадздзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр фесафой (Пс. 116:15). Фӕлӕ нӕ хицӕнӕй алкӕй тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Йегъовӕ нӕ алкӕй дӕр сӕрмагондӕй куыд хъахъхъӕндзӕн?

Нӕ цард нын хъахъхъӕны?

8, 9. а) Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ нӕ алкӕмӕн дӕр сӕрмагондӕй йӕ цард кӕй нӕ хъахъхъӕндзӕн? ӕ) Цы хъуамӕ ма рох кӕнӕм?

8 Мах хорз зонӕм, Йегъовӕ афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ нӕ алкӕмӕн дӕр сӕрмагондӕй йӕ цард хъахъхъӕндзӕн. Мах дӕр хъуыды кӕнӕм, паддзах Навуходоносоры сызгъӕрин цыртӕн чи нӕ бакуывта, уыцы ӕртӕ иузӕрдион дзуттаджы куыд хъуыды кодтой, афтӕ. Уыдон сӕ зӕрдӕ ууыл нӕ дардтой, Йегъовӕ диссаг кӕй сараздзӕн ӕмӕ сӕ мӕлӕтӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн. (Бакӕс Данелы 3:17, 18.) Хъуыддаг афтӕ рауад, ӕмӕ сӕ Йегъовӕ уыцы судзгӕ пецӕй фервӕзын кодта (Дан. 3:21–27). Фӕлӕ ахӕм диссаджы хабӕрттӕ рагзаманты дӕр стӕм уыдысты. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ фӕмард сты знӕгты къухӕй (Дзут. 11:35–37).

9 Цы ис зӕгъӕн абоны бонӕй та? Йегъовӕ у Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ йӕм уыйбӕрц хъару ис, цӕмӕй адӕймаджы тӕссаг уавӕртӕй фервӕзын кӕна. Ӕмӕ зӕгъӕм, цавӕрдӕр бӕллӕхӕй фервӕзтыстӕм. Уӕд нӕ бон фидарӕй зӕгъын у, Йегъовӕ нӕ фервӕзын кодта, зӕгъгӕ? Нӕ, афтӕ зӕгъын нӕ бон нӕу. Фӕлӕ бирӕтӕ фӕхъуыды кӕнынц, бӕллӕхӕй Йегъовӕйы фӕрцы кӕй фервӕзтысты. Раст нӕ уаид, куы сын дзуриккам, зӕгъгӕ, уый ӕнӕуи афтӕ рауад. Уӕддӕр нӕ хъуамӕ рох ма уа, иузӕрдион чырыстӕттӕй бирӕтӕ знӕгты къухӕй кӕй амардысты, зӕгъӕм, нацистты рӕстӕджы. Чидӕртӕ та фӕмард сты цавӕрдӕр бӕллӕхты (Еккл. 9:11). Чи зоны искӕмӕ фӕзына ахӕм фарст: «Уӕдӕ цӕрынхъуагӕй чи амард, уыцы иузӕрдион чырыстӕтты фервӕзын кӕнын Йегъовӕйӕн йӕ бон нӕ баци?» Уый афтӕ нӕу.

10, 11. Адӕймагӕн мӕлӕтыл йӕ бон цӕуылнӕ цӕуы, фӕлӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон цы у бакӕнын?

10 Ахъуыды-ма кӕнӕм. Адӕймагӕн мӕлӕтыл йӕ бон нӕ цӕуы, уымӕн ӕмӕ йӕ бон никӕмӕн у «йӕ уд ингӕнӕй аирвӕзын кӕнын» (Пс. 89:48). Цы ис зӕгъӕн Йегъовӕйӕ та? Нацистты рӕстӕг бирӕ фыдӕвзарӕнтӕ чи бавзӕрста, иу ахӕм хо радзырдта, иухатт ын йӕ мад, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, цы загъта, уый. Уыцы хабар ӕрцыд, йӕ хӕлӕрттӕй чидӕртӕ концлагерты куы амардысты ӕмӕ сыл куы мӕт кодта, уӕд. Йӕ мад ын загъта: «Афтӕ куы уаид, ӕмӕ мӕлӕт адӕмы йӕ дзӕмбытӕй никуы суӕгъд кӕндзӕн, уӕд зӕгъӕн уаид, ӕмӕ мӕлӕт Хуыцауӕй тыхджындӕр у, разы нӕ дӕ?» Ӕцӕгдӕр, Йегъовӕ Хуыцау, царды суадон кӕмӕ ис, уый мӕлӕтӕй тыхджындӕр у! (Пс. 36:9). Ингӕнты чи ис, уыдон сты Йегъовӕйы хъуыдыйы ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фервӕзын кӕндзӕн (Лук. 20:37, 38; Рарг. 20:11–14).

11 Фӕлӕ ныр дӕр Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты ӕнӕ ’ххуысӕй нӕ уадзы. Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ нын Ирвӕзынгӕнӕг цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы у.

Ӕххуыс нын кӕны, цӕмӕй дзы ма адард уӕм

12, 13. Йегъовӕимӕ нӕ цы хӕлардзинад бӕтты, уый бахъахъхъӕнын ӕппӕты ахсджиагдӕр цӕмӕн у ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны?

12 Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй дзы ма адард уӕм, ӕмӕ уый та у ӕппӕты ахсджиагдӕр ӕххуыс. Чырыстӕттӕ уӕвгӕйӕ, мах ӕмбарӕм, абоны цардӕй бирӕ зынаргъдӕр кӕй у, Йегъовӕимӕ нӕ цы хӕлардзинад бӕтты, уый (Пс. 25:14; 63:3). Ӕнӕ уыцы хӕлардзинадӕй, цӕмӕн цӕрӕм, уый дӕр нӕ зыдтаиккам ӕмӕ нӕ фидӕнӕй дӕр ныфс нӕ уыдаид.

13 Ӕмӕ куыд хорз у, Йегъовӕ нын алцыдӕр кӕй дӕтты, цӕмӕй дзы макуы адард уӕм. Ӕххуыс нын кӕны йӕ Ныхас, йӕ сыгъдӕг уд ӕмӕ йе ’ппӕтдунеон организацийы уылты. Уыцы ӕххуыс нын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзӕн? Йӕ Ныхас ын иудадзыг ӕмӕ лӕмбынӕг куы ахуыр кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад дӕр ӕмӕ нӕ ныфс дӕр фидардӕр кӕндзысты (Ром. 15:4). Йӕ сыгъдӕг уд дзы зӕрдиагӕй куы курӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй лӕмбынӕг уӕм, ӕмӕ нӕ Хуыцауӕй чи адард кӕна, ахӕм хъуыддӕгтӕ ма бакӕнӕм (Лук. 11:13). «Зондджын цагъар» нын литературӕ, ӕмбырдтӕ ӕмӕ конгрессты уылты цы разамынд дӕтты, уымӕ куы хъусӕм, уӕд нӕхи фидар кӕндзыстӕм афоныл лӕвӕрд «хӕринагӕй» (Матф. 24:45). Ӕппӕт уыдӕттӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм (Иак. 4:8).

14. Йегъовӕ нӕ сӕйраджыдӕр куыд хъахъхъӕны, уый цавӕр хабар ӕвдисы?

14 Фыццаг статьяйы цы ныййарджыты кой уыд, уыдоны хабар хорз ӕвдисы, Йегъовӕ нӕ куыд хъахъхъӕны, уый. Сӕ чызг Терезӕ куы фесӕфт, уымӕй сын цалдӕр боны фӕстӕ фехъусын кодтой ӕвирхъау хабар: Терезӕйы чидӕр амардта *. Йӕ фыд дзуры: «Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй йӕ хъахъхъӕна. Ӕмӕ йӕ мардӕй куы ссардтой, уӕд, раст зӕгъгӕйӕ, фыццаг не ’мбӕрстон, Хуыцау мын мӕ куывдтытӕ цӕуылнӕ фехъуыста. Зонын ӕй, Йегъовӕ афтӕ нӕ загъта, ӕмӕ диссӕгтӕ араздзӕн, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕй алкӕй дӕр хъахъхъӕна. Фӕлӕ дарддӕр дӕр куывтон Йегъовӕмӕ, цӕмӕй хъуыддаг бамбӕрстаин. Ӕмӕ, Йегъовӕ йӕ адӕмы сӕйраджыдӕр куыд хъахъхъӕны, ууыл куы ахъуыды кодтон, уӕд мын бирӕ фенцондӕр. О, Хуыцау нын сӕйраджыдӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уый бахъахъхъӕнӕм. Уыцы ӕххуыс у ӕппӕты ахсджиагдӕр, уымӕн ӕмӕ нын Хуыцауы раз цы ном ис, уымӕй кӕнгӕ у нӕ фидӕны цард. Уӕдӕ уӕд зӕгъӕн ис, Йегъовӕ Терезӕйы кӕй бахъахъхъӕдта. Терезӕ йын иузӕрдионӕй лӕггад кодта суанг йӕ мӕлӕты онг. Йӕ фидӕны цард Йегъовӕйы уарзӕгой къухты кӕй ис, ууыл куы ахъуыды кодтон, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр».

Ӕххуыс нын кӕны, рынчын куы вӕййӕм, уӕд

15. Куыд нын феххуыс кӕны Йегъовӕ, низ нӕ йӕ быны куы скӕны, уӕд?

15 Йегъовӕ Давидӕн куыд ӕххуыс кодта, афтӕ махӕн дӕр ӕххуыс кӕны, «рынчын куы вӕййӕм, уӕд» (Пс. 41:3). Кӕд нӕ абон Йегъовӕ нӕ низтӕй диссаджы хуызы нӕ фервӕзын кӕны, уӕддӕр нын ӕххуыс кӕны. Куыд? Дзырд хос кӕныныл кӕнӕ ӕндӕр хъуыддӕгтыл куы фӕцӕуы, уӕд йӕ Ныхасы фыст уагӕвӕрдты фӕрцы нӕ бон вӕййы раст уынаффӕтӕ хӕссын (Ӕмб. 2:6). «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!»-ы бацагурӕн ис статьятӕ нӕ низы тыххӕй. Уыдоны дӕр ссардзыстӕм хорз уынаффӕтӕ. Йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ нӕ схайджын кӕна, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй нӕ низимӕ тох кӕнӕм ӕмӕ, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕддӕр нӕ уӕларвон Фыдыл нӕ зӕрдӕ ма сивӕм (2 Кор. 4:7). Ахӕм ӕххуысы фӕрцы нӕ низыл ӕгӕр нӕ мӕт кӕндзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕ нӕ адард уыдзыстӕм.

16. Иу ӕфсымӕр йӕ низимӕ куыд тох кӕны?

16 Ӕркӕсӕм, фыццаг статьяйы райдианы кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕры хабармӕ. 1998 азы йӕм ссардтой ахӕм уӕззау низ, ӕмӕ фӕстагмӕ йӕ бон нал дӕр змӕлын уыдаид, нал дӕр дзурын (амиотрофический боковой склероз) *. Цымӕ куыд тох кӕны йӕ низимӕ? Уый дзуры: «Хатт-иу мӕ мӕ низ афтӕ бадомдта, ӕмӕ-иу мӕ ныфс бынтондӕр асаст, суанг-иу мӕлӕтмӕ дӕр бӕллыдтӕн. Мӕ бон куы нал вӕййы, уӕд Йегъовӕйӕ фӕкурын ӕртӕ хъуыддаджы: цӕмӕй мӕ зӕрдӕ уа сабыр, уон фӕразон ӕмӕ фидар. Ӕмӕ мӕ Йегъовӕ алкӕддӕр фехъусы. Мӕ зӕрдӕ куы ӕрсабыр вӕййы, уӕд фӕхъуыды кӕнын хорз цӕуылдӕрты, зӕгъӕм, ног дунейы та мӕ къахыл куыд слӕудзынӕн, адджын хӕринагӕй мӕ мондӕгтӕ куыд уадздзынӕн ӕмӕ мӕ бинонтимӕ куыд ныхас кӕндзынӕн. Фӕразондзинады фӕрцы быхсын, мӕ низ мын цы зындзинӕдтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ ’взарын кӕны, уыдонӕн. Фидардзинад та мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйыл мӕ зӕрдӕ ма сивон ӕмӕ мын йемӕ цы хӕлардзинад ис, уымӕй ахсджиагдӕр мын мацы суа. Псаломзарӕггӕнӕг Давидау ӕз дӕр уынын, Йегъовӕ мын мӕ рынчыны рӕстӕджы куыд ӕххуыс кӕны» (Ис. 35:5, 6).

Ӕххормагӕй сӕ нӕ ныууагъта

17. Йегъовӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры ӕмӕ уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

17 Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, царды нӕ ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы, уымӕй нӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн. (Бакӕс Матфейы 6:33, 34 ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 13:5, 6.) Уый афтӕ ӕмбаргӕ нӕу, ӕмӕ нын алцыдӕр диссаджы хуызы дӕтдзӕн, йе та нӕ кусын нӕ хъӕудзӕн (2 Фес. 3:10). Уый хъӕуы афтӕ ӕмбарын, ӕмӕ нын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр Хуыцауы Паддзахад куы уа ӕмӕ кусынмӕ зивӕг куы нӕ кӕнӕм, уӕд нӕ бон кӕй у нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйы ӕххуысыл дарын (1 Фес. 4:11, 12; 1 Тим. 5:8). Йегъовӕйӕн йӕ бон у ӕмӕ нын баххуыс кӕна, ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ. Зӕгъӕм, не ’мчырыстӕттӕ нӕм истӕмӕй фӕкӕсой, йе та нын куыст ссарой.

18. Куы фӕтыхсӕм, уӕд ӕнӕ ’ххуысӕй кӕй нӕ баззайӕм, уымӕн цӕвиттон ӕрхӕсс.

18 Фыццаг статьяйы райдианы ма кодтам иу сылгоймаджы кой. Уый йӕ гыццыл чызгимӕ ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ ацыд ӕмӕ йӕ бон куыст ссарын нӕ уыд. Уыцы хо дзуры: «Райсомӕй-иу ацыдтӕн хъусын кӕнынмӕ, фӕссихор та иу куыст агуырдтон. Иу хатт дуканимӕ ӕхсыр ӕлхӕнынмӕ бацыдтӕн, халсарты раз фӕлӕууыдтӕн, фӕлӕ дзы ницы балхӕдтон, уымӕн ӕмӕ мӕм уыйбӕрц ӕхца нӕ уыд. Царды уӕдӕй мӕгуырдӕр мӕхимӕ никуы фӕкастӕн. Хӕдзармӕ куы ’рбацыдтӕн, уӕд нӕ къӕсӕрыл ӕрбаййӕфтон дзӕкъултӕ. Уыдон йедзаг уыдысты алыхуызон халсартӕй. Цалдӕр мӕйы фаг нын уыдаиккой! Мӕ зӕрдӕ суынгӕг ӕмӕ цӕссыгкалгӕ Йегъовӕйӕн бузныг дзырдтон». Уый фӕстӕ хо базыдта, уыцы дзӕкъултӕ йын кӕй ӕрбахаста, йӕхи цӕхӕрадон кӕмӕн уыди, иу ахӕм ӕфсымӕр се ’мбырдӕй. Фӕстӕдӕр ӕм хо ныффыста: «Уыцы бон дын бирӕ фӕарфӕтӕ кодтон. Бузныг дзырдтон Йегъовӕйӕн дӕр, дӕ рӕдаудзинады фӕрцы мын мӕ зӕрдыл кӕй ӕрлӕууын кодта, куыд мӕ уарзы, уый» (Ӕмб. 19:17).

19. Стыр бӕллӕхы рӕстӕджы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныфс цӕмӕй уыдзӕн ӕмӕ абон цы хъуамӕ аразӕм?

19 Уӕдӕ, Йегъовӕ рагзаманты цы сарӕзта ӕмӕ нӕ рӕстӕджы дӕр цы аразы, уымӕй зыны, нӕ бон кӕй у йе ’ххуысыл нӕ ныфс дарын. Тагъд рӕстӕджы Сайтаны дуне баййафдзӕн стыр бӕллӕх, ӕмӕ нӕ Йегъовӕйы ’ххуыс уӕды хуызӕн никуы хъӕудзӕн. Фӕлӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ зондзысты, сӕ Хуыцау сӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн. Уӕд сӕ сӕртыл схӕцдзысты ӕмӕ цин кӕндзысты, сӕ ирвӕзындзинад кӕй ӕрхӕстӕг (Лук. 21:28). Ныр та уал цавӕрфӕнды зындзинад ма ӕвзарӕм, уӕддӕр алкӕддӕр нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл. Стӕй дызӕрдыг дӕр макуы кӕнӕм, нӕ ӕнӕивгӕ Хуыцау нӕ зын уавӕрты кӕй ирвӕзын кӕндзӕн, ууыл.

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 14 абз. Кӕс 2001 азы 22 июлы «Райхъал ут!», статья «Трагедия, которую трудно пережить», 19–23 фӕрстӕ.

^ 16 абз. Кӕс 2006 азы январы «Райхъал ут!»-ы статья «Как вера поддерживает меня в борьбе с амиотрофическим склерозом», 25–29 фӕрстӕ.

Бахъуыды кодтай?

• Цӕрынхъуагӕй чи амард, уыдоны Йегъовӕ куыд фервӕзын кӕндзӕн?

• Йегъовӕимӕ нӕ цы хӕлардзинад бӕтты, уый бахъахъхъӕнын ӕппӕты ахсджиагдӕр цӕмӕн у?

• Царды нӕ ӕнӕмӕнгӕй цы хъӕуы, уымӕй нӕ Йегъовӕ цух кӕй нӕ ныууадздзӕн, уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 8 фарсыл]

Рутерфорд ӕмӕ йе ’мбӕлтты 1918 азы ӕрцахстой. Фӕлӕ сӕ стӕй ссӕрибар кодтой ӕмӕ сӕ сраст кодтой

[Ныв 10 фарсыл]

Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны, «рынчын куы вӕййӕм, уӕд»