Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хъусын кӕнӕм «базары фӕзты»

Хъусын кӕнӕм «базары фӕзты»

Хъусын кӕнӕм «базары фӕзты»

АПОСТОЛ Павел Афинӕты алы бон дӕр базары фӕзы хъусын кодта хорз хабар Йесо Чырыстийы тыххӕй (Ап. хъ. 17:17). Павел уыцы бынат уымӕн равзӕрста, ӕмӕ Афинӕты цӕрджытӕ сӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр уым ӕрвыстой.

Уӕдӕй нырмӕ рацыд дыууӕ мин азы бӕрц. Йегъовӕйы адӕм абон дӕр Хуыцауы Паддзахады хабар хъусын кӕнынц «базары фӕзты», ома базарты ӕмӕ стыр дуканиты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ уыцы рӕтты алкӕддӕр вӕййы бирӕ адӕм. Хъусынгӕнджытӕ хатт базары кӕнӕ дуканийы хицауӕй бар ракурынц, цӕмӕй ӕрӕвӕрой стол кӕнӕ стенд библион литературӕимӕ.

Зӕгъӕм, штат Нью-Джерсийы (АИШ) ӕфсымӕртӕ иу стыр дуканийы стенд сӕвӕрдтой. Цы литературӕ йыл уыдис, уый иууылдӕр уыд бинонты амонды фӕдыл ӕмӕ сӕ стенд дӕр афтӕ схуыдтой: «Бинонтӕ амондджын цӕй фӕрцы уыдзысты?». Сӕ хъуыддагӕй исты рауад? Бӕгуыдӕр! Иу бонмӕ апарахат кодтой 153 чиныджы 6 ӕвзагыл.

Иу сылгоймаг стендмӕ бацыд ӕмӕ хомӕ зӕрдиагӕй байхъуыста. Сылгоймаг сразы, бинонты царды дӕр ӕмӕ ӕнӕуи дӕр Хуыцауы рох кӕнӕн кӕй нӕй, ууыл ӕмӕ райста ӕртӕ чиныджы: «Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ», «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у» ӕмӕ «Вопросы молодежи. Практические советы».

Фӕссихор стенды рӕзты фӕцӕйцыд иу нӕлгоймаг, фӕлӕ чиныг «Вопросы молодежи» куы ауыдта, уӕд ӕрлӕууыд. Хо бафиппайдта, цымыдисӕй стендмӕ кӕй кӕсы, уый, ӕмӕ йӕ афарста: «Дӕ зӕрдӕмӕ дзы, мыййаг, исты фӕцыд?» Уый йӕ сӕр батылдта ӕмӕ чиныг «Вопросы молодежи»-мӕ ацамыдта. Нӕлгоймаг чиныг райста ӕмӕ загъта, ӕртӕ сывӕллоны йын кӕй ис. Уыйадыл сын ныхас бацайдагъ. Лӕг радзырдта, къуыри иу хатт семӕ кӕй фӕныхас кӕны исты бӕлвырд хъуыддагыл кӕнӕ исты фарстайыл. Йӕ дыууӕ хистӕр сывӕллоны сты рӕзгӕ кары. Чиныг арафӕлдах-бафӕлдах кодта ӕмӕ загъта, йӕ бинонтимӕ йын иуӕй-иу фарстатыл ныхас кӕнын ацы чиныджы фӕрцы бирӕ ӕнцондӕр кӕй уыдзӕн. Хотӕ ма йын равдыстой чиныг «Бинонты амонд цӕмӕй кӕнгӕ у» ӕмӕ йын загътой, бинонты царды фӕдыл дзы йӕ усимӕ сӕхицӕн хорз уынаффӕтӕ кӕй ссардзысты. Нӕлгоймаг сӕ тынг фӕбузныг, мысайнаг сын радта ӕмӕ йын куы загътой, цӕмӕй сӕм Ӕвдисӕнтӕй исчи бацӕуа, уӕд сразы ис.

Ӕвдисӕнтӕ ӕнӕхъӕн бон дуканийы кӕй фӕхъусын кодтой, уый тыххӕй цы загътой? Хотӕй иу загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд». Мӕнӕ иннӕ хойы ныхӕстӕ та: «Йегъовӕ загъта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй ’рцӕудзӕн суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр. Абон Парамусы (штат Нью-Джерси) хорз хабар бацагайдта алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмы зӕрдӕтӕ. Тынг ӕхсызгон мын у, афтӕ кӕй хъусын кодтон, уый. Не ’ппӕт дӕр райгондӕй баззадыстӕм. Йӕ хӕдзармӕ нӕ цӕуын дӕр никӕй фӕндыд».

Ӕнӕуи куыд фӕхъусын кӕныс, уымӕй уӕлдай дӕ бон у ӕндӕр искуыд хъусын кӕнын? Мах сӕйраджыдӕр хорз хабар хӕссӕм хӕдзарӕй-хӕдзармӕ (Ап. хъ. 20:20). Цӕуылнӕ ис ахъуыды кӕнӕн базарты ӕмӕ дуканиты хъусын кӕныныл?