Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Де ’нӕниздзинадыл тыхсгӕйӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ ма рох кӕн

Де ’нӕниздзинадыл тыхсгӕйӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ ма рох кӕн

Де ’нӕниздзинадыл тыхсгӕйӕ Библийы уагӕвӕрдтӕ ма рох кӕн

«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз... ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (МАРЧЫ 12:30).

1. Хуыцаумӕ ӕппӕты райдианы адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд?

ЙЕГЪОВӔ ХУЫЦАУ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй нӕ фӕндыд, цӕмӕй рынчын кодтаиккой ӕмӕ мардаиккой. Адам ӕмӕ Евӕйы Хуыцау ӕрцӕрын кодта Едемы цӕхӕрадоны, ӕмбисонды рӕсугъд дзӕнӕты, «цӕмӕй йӕ куыстаиккой ӕмӕ йӕм зылдаиккой», ӕрмӕст 70–80 азы нӕ, фӕлӕ ӕнустӕм (Райд. 2:8, 15; Пс. 90:10). Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдион куы уыдаиккой, ӕмӕ йӕ кӕй уарзынц, уый тыххӕй йӕ коммӕ куы кастаиккой, уӕд нӕдӕр рынчын кодтаиккой, нӕдӕр зӕронд ӕмӕ нӕдӕр мӕлгӕ.

2, 3. а) Зӕронды бонтӕ Екклесиасты чиныджы куыд ӕвдыст цӕуынц? ӕ) Адамы тӕригъӕды аххосӕй адӕм кӕй мӕлынц, уым аххосджын чи у ӕмӕ уый цы бӕллӕхтӕ ӕрхаста, уыдонӕн кӕрон куыд ӕрцӕудзӕн?

2 Екклесиасты чиныджы 12-ӕм сӕры ирд нывтӕй ӕвдыст цӕуынц «фыдбонтӕ» – ацы ӕнӕххӕст дунейы адӕймагӕн зӕронды бонты йӕхи бахизын цӕмӕй нӕу, уыдӕттӕ. (Бакӕс Екклесиаст 12:1–7.) Урс сӕрыхъуынтӕ барст цӕуынц, миндалбӕлас дидинӕг куы ракалы, уыимӕ. Къӕхтӕ та барст цӕуынц «тыхджын лӕгтимӕ», уыдон ныкъкъӕдз вӕййынц ӕмӕ ма тыххӕй-фыдӕй фӕцӕуынц. Рудзынгӕй чи кӕсы ӕмӕ талынг йеддӕмӕ чи ницы уыны, уыцы сылгоймӕгтӕ та хорз ӕвдисынц, адӕймаджы цӕстырухс кӕй бамынӕг вӕййы, уый. «Куыройӕ чи ссы», уыдон, ома дӕндӕгтӕ, нал фӕкусынц, уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал вӕййынц».

3 Зыр-зыргӕнаг къӕхтӕ, ӕвзӕр цӕстырухс, ӕнӕдӕндаг дзых – Хуыцауы фӕндмӕ гӕсгӕ адӕймаг хъуамӕ ахӕм уавӕрмӕ макуы ӕрцыдаид. Адамы тӕригъӕды аххосӕй мӕлгӕ кӕй кӕнӕм, уый дӕр у «Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕй» иу. Фӕлӕ йын Хуыцауы Фырт йӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр фехалдзӕн Мессийӕйы Паддзахады фӕрцы. Апостол Иоанн ныффыста: «Ӕмӕ Хуыцауы Фырт дӕр уымӕн ӕрцыд, цӕмӕй Хӕйрӕджы хъуыддӕгтӕ фехала» (1 Иоан. 3:8).

Ӕнӕниздзинадыл тыхсын ӕвзӕр нӕу

4. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’нӕниздзинадыл цӕмӕн тыхсынц, фӕлӕ уӕддӕр цы нӕ рох кӕнынц?

4 Адӕм иууылдӕр ӕнӕххӕст кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй дӕр бирӕты се ’нӕниздзинад кӕй тыхсын кӕны ӕмӕ зӕронд кӕй кӕнынц. Уӕдӕ не ’нӕниздзинадыл кӕй тыхсӕм, уый ӕвзӕр нӕу, пайда дӕр ма у. Цымӕ нӕ Йегъовӕйӕн «ӕппӕт хъаруйӕ» лӕггад кӕнын нӕ фӕнды? (Марчы 12:30). Ӕмӕ кӕд не ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр кӕныныл ӕмӕ йӕ бахъахъхъӕныныл архайӕм, уӕддӕр хъуамӕ ӕмбарӕм, уый гӕнӕн кӕй нӕй, ӕмӕ ӕппындӕр ма рынчын кӕнӕм кӕнӕ ма зӕронд кӕнӕм.

5. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ сӕ низтимӕ куыд тох кодтой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

5 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй бирӕты тыхсын кодта се ’нӕниздзинад. Сӕ иу уыд Епафродит (Фил. 2:25–27). Апостол Павелы иузӕрдион ӕмкусӕг Тимофейӕн арӕх рыст йӕ ахсӕн, ӕмӕ йын уый тыххӕй Павел загъта, цӕмӕй-иу «иу гыццыл сӕн ануӕзтаид» (1 Тим. 5:23). Павел йӕхӕдӕг куыд дзырдта, афтӕмӕй уымӕн та йӕ «буары фӕцавдӕуыд сындз», ома тох кодта цавӕрдӕр низимӕ, ӕвӕццӕгӕн, рыстысты йӕ цӕстытӕ, йе та йӕ тыхсын кодта, уыцы рӕстӕг хос кӕмӕн нӕ уыд, ӕндӕр ахӕм низ (2 Кор. 12:7; Гал. 4:15; 6:11). Уыцы «сындзы» тыххӕй Павел Йегъовӕйӕн иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ лӕгъстӕ кодта. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 12:8–10.) Хуыцау ӕй уыцы «сындзӕй» диссаджы хуызы нӕ фервӕзын кодта, фӕлӕ йын тых радта, цӕмӕй йӕ сфӕрӕзтаид. Афтӕмӕй Йегъовӕйы тых рабӕрӕг Павелы лӕмӕгъдзинады. Ацы хабар нын бирӕ цӕмӕйдӕрты у зондзонӕн.

Де ’нӕниздзинадыл ӕгӕр ма тыхс

6, 7. Не ’нӕниздзинадыл нӕ ӕгӕр тыхсын цӕуылнӕ хъӕуы?

6 Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ дохтыртӕм дӕр цӕуынц, стӕй ӕндӕр хуызы дӕр сӕхицӕн хос кӕнынц. Журнал «Райхъал ут»-ы арӕх вӕййы статьятӕ алыхуызон низты тыххӕй. Ӕмӕ кӕд цавӕрдӕр хос кӕныны мадзалы сӕрыл нӕ фӕдзурӕм, уӕддӕр бузныг стӕм уыцы дохтыртӕй, чи нын ӕххуыс кӕны ӕмӕ немӕ ӕмгуыст чи кӕны. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕппындӕр макуы мацӕмӕй схъӕрзӕм, уымӕн гӕнӕн нӕма ис. Уымӕ гӕсгӕ не ’нӕниздзинадыл ӕгӕр нӕ тыхсӕм, ома нӕ хъуыдытӕ ӕрмӕст ууыл не сты. Нӕ зондахаст хъуамӕ хицӕн кӕна, «ныфс» кӕмӕн нӕй, уыцы адӕмы зондахастӕй. Уыдон афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ абоны цардӕй дарддӕр ницы ис ӕмӕ сӕхи сдзӕбӕх кӕныны тыххӕй цавӕрфӕнды хосыл дӕр сразы уыдзысты (Еф. 2:2, 12). Мах нӕ абоны цард бахъахъхъӕныны тыххӕй Йегъовӕйы хорзӕхӕй нӕхи ӕнӕхай нӕ фӕкӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм – Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд «фидар ныххӕцдзыстӕм ӕцӕг цардыл», зӕрдӕ нын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы ӕнусон цардыл (1 Тим. 6:12, 19; 2 Пет. 3:13).

7 Фӕлӕ не ’нӕниздзинадыл ӕгӕр кӕй нӕ тыхсӕм, уымӕн ма ис ӕндӕр аххосаг дӕр – нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй хиуарзон суӕм. Уымӕй тӕссаг кӕй у, уый тыххӕй фӕдзӕхста апостол Павел филиппӕгты. Уый сын дзырдта, цӕмӕй, «сӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ӕрмӕст ууыл ма хъуыды кодтаиккой, фӕлӕ, иннӕтӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл дӕр» (Фил. 2:4). Ӕнӕниздзинадыл хъуыды кӕнын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕвзӕр нӕу. Фӕлӕ не ’фсымӕртыл ӕмӕ, «паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыцы адӕмыл зӕрдиагӕй кӕй тыхсӕм, уый нӕ бахъахъхъӕндзӕн, цӕмӕй нӕ сӕйраг мӕт не ’нӕниздзинад ма суа (Матф. 24:14).

8. Не ’нӕниздзинадыл ӕгӕр куы тыхсӕм, уӕд нӕ уый цӕмӕ ’ркӕндзӕн?

8 Чырыстон йе ’нӕниздзинадыл ӕгӕр куы тыхса, уӕд тӕссаг у, Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ йын фесте куы аззайой, уымӕй. Уый йӕ гӕнӕн ис, уымӕ дӕр ӕркӕна, ӕмӕ иннӕтӕн йӕ хъуыды хъара, зӕгъгӕ, ацы диетӕ кӕнӕ хойраджы ӕмхасӕнтӕ (пищевые добавки) хорз сты, йе та, дӕхицӕн мӕнӕ афтӕ схос кӕн, зӕгъгӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕркӕсӕм, Павел чырыстӕттӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕсты цы уагӕвӕрд ис, уымӕ: «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут. Уӕд уӕм Чырыстийы боны онг фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уыдзӕн ӕмӕ иннӕтӕн цӕлхдур нӕ уыдзыстут» (Фил. 1:10).

Ахсджиагдӕр цы у?

9. Цавӕр ахсджиаг хъуыддаг нӕ нӕ хъӕуы рох кӕнын ӕмӕ цӕуылнӕ?

9 Кӕд, ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кодтам, уӕд зӕрдиагӕй архайдзыстӕм, адӕмӕн Хуыцаумӕ баввахс кӕнынӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы хъуыддаджы. Уый у адӕмӕн Хуыцауы Ныхас хъусын кӕнын ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын. Уый пайда у нӕхицӕн дӕр ӕмӕ, кӕй ахуыр кӕнӕм, уыдонӕн дӕр (Ӕмб. 17:22; 1 Тим. 4:15, 16). Журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут»-ы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ вӕййы статьятӕ, не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хотӕй уӕззау низимӕ чи тох кӕны, уыдоны тыххӕй. Уыцы статьяты арӕх дзырд фӕцӕуы, сӕ низтӕн цӕй руаджы фӕразынц. Сӕхӕдӕг куыд дзурынц, афтӕмӕй адӕмӕн Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ йӕ диссаджы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй кӕй фӕдзурынц, уый фӕрцы сӕ рӕстӕгмӕ сӕхи зындзинӕдтӕ дӕр айрох вӕййынц *.

10. Нӕхицӕн куыд хос кӕндзыстӕм, уый лӕмбынӕг цӕмӕн хъуамӕ ӕвзарӕм?

10 Чырыстӕттӕй чи фӕрынчын вӕййы, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ «йӕхи уаргъ ахӕсса» – йӕхицӕн куыд хос кӕндзӕн, уый йӕхӕдӕг равзара (Гал. 6:5, фип.). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕхицӕн куыд хос кӕндзыстӕм, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕй нӕ кӕсы. Библийы уагӕвӕрдтӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый нӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй «нӕхи хизӕм... тугӕй». Стӕй Хуыцауы Ныхасӕн дӕр кӕй аргъ кӕнӕм, уый фӕрцы нӕхицӕн ахӕм хос кӕныны мадзӕлттӕ нӕ равзардзыстӕм, нӕ уырнындзинад кӕнӕ нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, ууыл ӕвзӕрырдӕм чи фӕзына (Ап. хъ. 15:20). Низыхатт куыд фӕбӕрӕг кӕнынц ӕмӕ куыд фӕхос кӕнынц, уыцы мадзӕлттӕй иуӕй-иутӕ тынг хӕстӕг лӕууынц хинтӕ ӕмӕ кӕлӕнтӕм. Израилӕгтӕй раст дин чи ныууагъта ӕмӕ йӕхи «сау тыхтимӕ» чи сбаста, кӕнӕ хинтӕ-кӕлӕнтыл чи ныххӕцыд, уыдонӕн Йегъовӕ бауайдзӕф кодта. Загъта сын: «Мауал мын хӕссут ӕнӕпайда хоры кувинӕгтӕ. Буд ӕлгъаг у мӕ удӕн. Сымах бӕрӕг кӕнут ногмӕй ӕмӕ сабат, ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы. Уӕхи сау тыхтимӕ бӕттут ӕмӕ ма уыимӕ бӕрӕгбоны ӕмбырд дӕр кӕнут – ӕнӕуынон мын у уый» (Ис. 1:13). Рынчын куы вӕййӕм, уӕд ахӕмӕй хъуамӕ мацы саразӕм, цӕмӕй нын Хуыцау нӕ куывдтытӕ мауал хъуса ӕмӕ нӕ йемӕ цы хӕлардзинад бӕтты, уый фехӕла (Йер. хъ. 3:44).

Хъуамӕ «уӕм ӕмбаргӕ»

11, 12. Цӕмӕн хъуамӕ «уӕм ӕмбаргӕ», нӕхицӕн куыд хос кӕндзыстӕм, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ?

11 Рынчын куы вӕййӕм, уӕд хъуамӕ ма ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ нӕ диссаджы хуызы кӕй сдзӕбӕх кӕндзӕн. Фӕлӕ йӕм нӕ бон у кувын, цӕмӕй нын зонд дӕтта, нӕхицӕн куыд хос кӕндзыстӕм, уый ӕвзаргӕйӕ. Стӕй хъуамӕ разамынд агурӕм Библийы уагӕвӕрдты ӕмӕ уӕм ӕмбаргӕ. Низ уӕззау куы уа, уӕд хорз уаид цалдӕр дохтыримӕ бауынаффӕ кӕнын. Ӕмбисӕндты 15:22 дӕр фыст ис: «Ӕргом ныхас кӕм нӕ уа, уым фӕндтӕ фехӕлдзысты, бирӕ уынаффӕгӕнджытӕ кӕм уа, уым та алцыдӕр рауайдзӕн». Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн дзырдта, цӕмӕй «ацы цардӕвӕрды уой ӕмбаргӕ, цӕрой рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдионӕй» (Тит. 2:12).

12 Йесойы бонты иу сылгоймаг цы зын уавӕры уыд, уый хуызӕн зын уавӕры сты бирӕтӕ абон. Марчы 5:25, 26 кӕсӕм: «Уым уыд, дыууадӕс азы тугцыдӕй чи удхар кодта, ахӕм сылгоймаг. Уый фӕцыди алы дохтыртӕм ӕмӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, стӕй йӕм цыдӕриддӕр уыд, уый схардз кодта. Фӕлӕ фыддӕр йеддӕмӕ хуыздӕр нӕ фӕци». Йесо сылгоймагӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта (Марчы 5:27–34). Чырыстӕттӕй иуӕй-иутӕ сӕ низӕй афтӕ стыхсынц, ӕмӕ сӕ бафӕнды, сӕ низыхатт сбӕрӕг кӕнын кӕнӕ сӕхицӕн схос кӕнын, Библийы ныхмӕ чи у, ахӕм мадзӕлттӕй.

13, 14. а) Нӕхицӕн куыд хос кӕнӕм, уый руаджы нын Сайтан нӕ иузӕрдиондзинад фесафыныл куыд архайы? ӕ) Хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕныны тӕфаг цӕмӕдӕриддӕр хӕццӕ кӕны, уыдӕттӕй нӕхи цӕмӕн хъуамӕ хизӕм?

13 Сайтан цӕмӕйфӕнды дӕр спайда кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ раст динӕй аздаха. Йӕ къӕппӕджытӕ ӕрмӕст ӕнӕгъдаудзинад ӕмӕ мулкуарзондзинад не сты. Цӕмӕй Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ сӕ иузӕрдиондзинад фесафой, уый тыххӕй сӕ ардауы, сау тыхтимӕ кӕнӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст чи у, ахӕм хос кӕныны мадзӕлттӕй пайда кӕнынмӕ. Мах Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нӕ «Фыдбылызӕй» ӕмӕ «ӕппӕт фыдхъуыддӕгтӕй» фервӕзын кӕна. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ, хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст чи у, ахӕм хъуыддӕгтӕ ма аразӕм ӕмӕ афтӕмӕй Сайтаны зӕрдӕ ма рухс кӕнӕм (Матф. 6:13; Тит. 2:14).

14 Йегъовӕ израилӕгты фӕдзӕхста, цӕмӕй дӕсны ма фарстаиккой ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ ма кодтаиккой (Дык. з. 18:10–12). Павел «хинтӕ-кӕлӕнтӕ» нымайы «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтыл» (Гал. 5:19, 20). Уымӕй уӕлдай ма, «хинтӕ-кӕлӕнтӕ» чи кӕны, уыдонӕн Йегъовӕйы ног дунейы бынат нӕй (Рарг. 21:8). Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй, хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕныны тӕфаг цӕмӕдӕриддӕр хӕццӕ кӕны, уый Йегъовӕйӕн у ӕлгъаг.

«Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр»

15, 16. а) Цӕмӕн хъуамӕ уӕм зондджын, нӕхицӕн куыд хос кӕндзыстӕм, уый ӕвзаргӕйӕ? ӕ) Цавӕр хорз уынаффӕ радта фыццаг ӕнусы разамонӕг совет?

15 Уӕлдӕр цӕй кой кодтам, уымӕ гӕсгӕ, кӕд, нӕ низыхатт куыд сбӕрӕг кӕнӕм кӕнӕ нӕхицӕн куыд схос кӕнӕм, уыдӕттӕй истӕуыл дызӕрдыг кӕнӕм, уӕд раст бакӕндзыстӕм, куы нӕ йыл сразы уӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, дохтыр нӕ куыд дзӕбӕх кӕндзӕн, уый куы не ’мбарӕм, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтимӕ баст у. Не ’нӕниздзинадыл тыхсгӕйӕ цӕмӕй Библийы уагӕвӕрдты сӕрты ма ахизӕм, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм ӕмбаргӕ ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы зонд агурӕм. Ӕмбисӕндты 3-аг сӕры ис ахӕм фӕдзӕхст: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн. [...] Фидар хӕц куырыхон зондыл ӕмӕ хъуыды кӕнын зон, ӕмӕ дӕ удӕн суыдзысты цард» (Ӕмб. 3:5, 6, 21, 22).

16 Уӕдӕ не ’нӕниздзинад бахъахъхъӕныныл хъуыды кӕнгӕйӕ хъуамӕ уӕм лӕмбынӕг, цӕмӕй ахӕмӕй мацы бакӕнӕм, Хуыцауы хорзӕх цӕй тыххӕй фесафӕм. Куыд иннӕ хъуыддӕгты, афтӕ не ’нӕниздзинадыл тыхсгӕйӕ дӕр хъуамӕ архайӕм Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Библи та нын дзуры: «Уе ’мбаргӕдзинадӕй уӕ зонӕд алчидӕр» (Фил. 4:5). Фыццаг ӕнусы разамонӕг совет ныффыста, чырыстӕттӕн тынг ахсджиаг чи уыд, иу ахӕм фыстӕг. Уым сӕ фӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи хизой мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндтӕй, тугӕй ӕмӕ хӕтындзинадӕй. Уыцы фыстӕджы уыд ахӕм ныхӕстӕ: «Адӕттӕй уӕхи куы хъахъхъӕнат, уӕд уыдзыстут фӕрнӕйдзаг» (Ап. хъ. 15:28, 29). Уый куыд ӕмбарын хъӕуы?

Ӕмбаргӕ стӕм ӕмӕ нӕ рох кӕнӕм, тагъд низтӕ кӕй нал уыдзӕн

17. Библийы амындтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый не ’нӕниздзинадӕн цы пайда у?

17 Хорз уаид, алчи дӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Ӕмбарын ӕй, ӕнтыстджын уый руаджы кӕй дӕн, Библийы туг ӕмӕ хӕтындзинады тыххӕй цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрын?» Стӕй ма ахъуыды кӕнын хъӕуы, цы пайда нын у, «нӕ буар ӕмӕ нын нӕ уд цыдӕриддӕр чъизи кӕны», уымӕй нӕхи кӕй хъахъхъӕнӕм, уый (2 Кор. 7:1). Библи нын буары сыгъдӕгдзинады тыххӕй цы дзуры, уымӕ кӕй хъусӕм, уый нӕ бирӕ низтӕй хизы. Мах тамако нӕ дымӕм ӕмӕ наркотиктӕ нӕ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон зиан хӕссынц нӕ уырнындзинадӕн дӕр ӕмӕ не ’нӕниздзинадӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма пайда у, хӕрдӕй ӕмӕ нуӕзтӕй бӕрц куы зонӕм, уый дӕр. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 23:20; Титмӕ 2:2, 3.) Улӕфт ӕмӕ фӕлтӕрӕнты фӕрцы бирӕ низтӕй нӕхи хизӕм. Фӕлӕ не ’нӕниздзинад ӕмӕ нӕ уырнындзинад фидар сӕйраджыдӕр уый руаджы сты, Библийы амындтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм.

18. а) Сӕйраджыдӕр нӕ цӕуыл хъӕуы тыхсын? ӕ) Цавӕр пехуымпарады сӕххӕстмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм?

18 Фӕлӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр у, цӕмӕй тыхсӕм нӕ уырнындзинадыл ӕмӕ фидар кӕнӕм нӕ хӕлардзинад нӕ уӕларвон Фыдимӕ – нӕ «цард абон дӕр ӕмӕ фидӕны дӕр» кӕмӕй кӕнгӕ у, уыимӕ (1 Тим. 4:8; Пс. 36:9). Нӕ тӕригъӕдтӕ Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывонды руаджы хатыргонд кӕй цӕуынц, уый фӕрцы ног дунейы Хуыцауы раз ӕппындӕр ницӕмӕйуал рӕдийдзыстӕм ӕмӕ иунӕг низӕй дӕр нал схъӕрздзыстӕм. Хуыцауы Уӕрыкк, Йесо Чырысти, мах «кӕндзӕн царды суадӕттӕм». Хуыцау нын нӕ цӕстытӕй ныссӕрфдзӕн алы цӕссыг дӕр (Рарг. 7:14–17; 22:1, 2). Уыцы рӕстӕг ма нӕхиуыл бавзардзыстӕм, ацы диссаджы пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уый: «Иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Ис. 33:24).

19. Не ’нӕниздзинадыл тыхсгӕйӕ нӕ фидар ныфс цӕмӕй хъуамӕ уа?

19 Мах фидарӕй зонӕм, ирвӕзындзинад ӕввахс кӕй у. Ӕмӕ зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ адӕмы низтӕй ӕмӕ мӕлӕтӕй кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ. Уӕдмӕ та уал нӕ ныфс ис, нӕ уарзӕгой Фыд нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн нӕ низтӕ фӕразынӕн, уымӕн ӕмӕ «уый тыхсы махыл» (1 Пет. 5:7). Цӕй уӕдӕ не ’нӕниздзинадыл тыхсӕм, фӕлӕ алы хатт дӕр архайӕм Хуыцауы Ныхасы бӕлвырд амындтӕм гӕсгӕ!

[Фиппаинаг]

^ 9 абз. Ахӕм статьяты хыгъд ссарӕн ис 2003 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы 29 фарсыл фӕлгӕты.

Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

• Кӕй аххосӕй рынчын кӕнӕм ӕмӕ нӕ чи фервӕзын кӕндзӕн тӕригъӕды уацарӕй?

• Не ’нӕниздзинадыл кӕй тыхсӕм, уый кӕд ӕвзӕр нӕу, уӕддӕр нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм?

• Нӕхицӕн куыд хос кӕндзыстӕм, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй цӕуылнӕ кӕсы?

• Библийы амындтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрӕм, уый не ’нӕниздзинадӕн цы пайда у?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 23 фарсыл]

Хуыцау адӕмы рынчын кӕнынӕн ӕмӕ зӕронд кӕнынӕн не сфӕлдыста

[Ныв 25 фарсыл]

Йегъовӕйы адӕм кӕд рынчын кӕнынц, уӕддӕр сын сӕ лӕггад циндзинад хӕссы