Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕхиуыл кусгӕйӕ цӕмӕ тырныс?

Дӕхиуыл кусгӕйӕ цӕмӕ тырныс?

Дӕхиуыл кусгӕйӕ цӕмӕ тырныс?

ФИЛИППИНӔТЫ иу горӕты пъӕлицӕйы хистӕр иу пионер-хойы бафарста: «Цы бакуыстат ацы лӕгӕн, бынтондӕр куы аивта?» Стӕй, йе стъолыл цы гӕххӕттыты рӕдзӕгъд уыд, уымӕ ацамыдта ӕмӕ йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Адон цы сты, уый зоныс? Йӕ фыдракӕндты тыххӕй тӕрхондоны цы хъуыддӕгтӕ хъуамӕ ӕвзӕрстаиккой, уыдон. Уӕллӕй, мах дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн горӕт дӕр иу сӕрнизӕй фервӕзын кодтат». Пъӕлицӕйы хистӕр цы нӕлгоймаджы кой кодта, уый уыд нуазаг ӕмӕ хылгӕнаг – горӕты адӕм дзы сӕ хъуырмӕ уыдысты. Цымӕ йӕ афтӕ тынг цы аивын кодта? Хуыцауы Ныхас, Библи.

Бирӕтӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой апостол Павелы уынаффӕ, зӕгъгӕ, уӕ раздӕры митӕй бӕрӕг чи у, уыцы зӕронд адӕймаджы удыхъӕд ныууадзут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут, «уыцы удыхъӕд та конд у Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ» (Еф. 4:22–24). Фӕнды бирӕ цыдӕртӕ аивын хъӕуӕд адӕймаджы, фӕнды – гыццыл, уӕддӕр йӕ удыхъӕд ногмӕ куы нӕ раива, уӕд ӕнӕ уымӕй чырыстон не суыдзӕн.

Фӕлӕ цӕмӕй донаргъуыд райсыны аккаг уӕм, уый тыххӕй нӕ царды дӕр ӕмӕ нӕ удыхъӕды дӕр цыдӕртӕ кӕй фӕивӕм, уый у ӕрмӕст фыццаг къахдзӕф. Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд нырма вӕййӕм фӕрӕтӕй амад хъӕды лыггаджы хуызӕн. Хъӕдгуыстгӕнӕг дзы цы сараздзӕн, уый зына-нӕзына йеддӕмӕ бӕрӕг нӕма вӕййы. Хъӕды лыггаг ӕрцамадта, фӕлӕ йыл нырма хъӕуы бирӕ кусын. Хъӕдгуыстгӕнӕг ын хъуамӕ бӕстон бакуса йӕ лыстӕг хӕйттыл, цӕмӕй дзы рӕсугъд дзаума рауайа. Донаргъуыд куы райсӕм, уӕд нӕм вӕййы, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдонӕн сӕ сӕйрагдӕртӕ. Фӕлӕ нӕ нӕ удыхъӕд ногмӕ раивыныл нырма фӕхъӕуы бирӕ бакусын. Хъуамӕ ӕдзухдӕр нӕхи ивӕм ӕмӕ афтӕмӕй дарддӕр дӕр нӕ удыхъӕд хуыздӕр кӕнӕм.

Суанг ма Павелы дӕр хъуыди йӕ удыхъӕд хуыздӕр кӕнын. Йӕхӕдӕг йӕхицӕй загъта: «Раст цы у, уый саразын мӕ куы фӕфӕнды, уӕд мӕ разы ӕрбалӕууы ӕвзӕрдзинад» (Ром. 7:21). Павел зыдта, цавӕр адӕймаг у, уый, стӕй йӕ цавӕр адӕймаг фӕндыд, ӕмӕ суыдаид, уый дӕр. Цы зӕгъӕн ис махӕй та? Мах дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Цавӕр адӕймаг дӕн? Мӕхиуыл кусгӕйӕ цӕмӕ тырнын?»

Цавӕр адӕймаг дӕн?

Зӕронд хӕдзарӕн йӕ хъӕдтӕ мидӕгӕй ӕмбыд куы уой, уӕд ӕй ӕдде рацахорын фаг нӕу. Бӕстон бацалцӕг кӕнинаг дзы цы у, уый куы ницӕмӕ ӕрдарӕм, уӕд нын фӕстӕдӕр ноджы зындӕр уыдзӕн. Афтӕ мах дӕр, хуызӕй хӕрзӕгъдау уӕм, уый фаг нӕу. Хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм ӕмӕ бамбарӕм, цы нӕ хъӕуы аивын, кӕннод нӕ зӕронд удыхъӕды миниуджытӕ ногӕй рабӕрӕг уыдзысты. Уӕдӕ-иу хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсӕм (2 Кор. 13:5). Хъуамӕ-иу не ’взӕр миниуджытӕ сбӕрӕг кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕ сраст кӕнӕм. Уымӕн та нын ӕххуыс кӕны Йегъовӕ.

Павел фыста: «Хуыцауы ныхас у удӕгас ӕмӕ дзы ис стыр тых, уый у цыфӕнды дыууӕкомон хъамайӕ дӕр цыргъдӕр: адӕймаджы афтӕ ахизы, ӕмӕ равдисы, бакастӕй куыд зыны ӕмӕ мидӕгӕй цавӕр у, уый, кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕны стджытӕ ӕмӕ стджыты магъз, ӕмӕ базоны зӕрдӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» (Дзут. 4:12). Хуыцауы Ныхас тынг ӕндавы нӕ цардыл. Уый нӕ афтӕ арф ахизы, ӕмӕ зӕгъӕн ис, ахизы суанг не стджыты магъзы онг. Уый нын ӕргом кӕны нӕ хъуыдытӕ ӕмӕ нӕ зӕрдӕйы фӕндтӕ, стӕй, ӕцӕгдӕр цавӕр адӕймӕгтӕ стӕм, уый – иннӕты цӕсты цавӕрфӕнды ма уӕм кӕнӕ нӕхимӕ цавӕрфӕнды адӕймӕгтӕ ма кӕсӕм. Ӕцӕгдӕр, куыд тынг нын ӕххуыс кӕны Хуыцауы Ныхас нӕ хъӕндзинӕдтӕ фенынӕн!

Зӕронд хӕдзар цалцӕг кӕнгӕйӕ фаг нӕ вӕййы, цы дзы нал бӕззы, уыдӕттӕ баивын. Цыдӕртӕ дзы цӕмӕн фехӕлд, уый куы базонӕм ӕмӕ сӕ куы бацалцӕг кӕнӕм, уӕд хӕдзар фӕстӕмӕ ахӕм уавӕрмӕ нал ӕрцӕудзӕн. Уӕдӕ афтӕ у мах хабар дӕр: нӕ удыхъӕды цы ’взӕр миниуджытӕ ис, уыдон хъуамӕ ӕрмӕст зонгӕ ма бакӕнӕм, фӕлӕ ма бамбарӕм, цӕй аххосӕй нӕм сты, уый дӕр. Уый нын баххуыс кӕндзӕн нӕ хъӕндзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн. Цыхуызӕн стӕм, ууыл бирӕ цыдӕртӕ ӕндавы. Зӕгъӕм, ӕхсӕнады нын цавӕр бынат ис, хъӕздыг стӕм ӕви мӕгуыр, цавӕр бинонтӕ кӕнӕ цавӕр адӕмыхатты ’хсӕн схъомыл стӕм. Ӕндавынц ма ныл нӕ ныййарджытӕ, не ’мбӕлттӕ, цавӕр диныл хӕст уыдыстӕм раздӕр, уый дӕр. Нӕ удыхъӕдыл ма ӕндавынц, цавӕр программӕтӕм ӕмӕ кинотӕм кӕсӕм, стӕй цавӕр хиирхӕфсӕнтӕ ӕвзарӕм, суанг уыдон дӕр. Ӕвзӕрырдӕм ныл цы ӕндавы, уый куы фембарӕм, уӕд нын ӕнцондӕр вӕййы уавӕр фӕивын.

Нӕ зӕрдӕмӕ куы ныккӕсӕм, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ зӕгъӕм: «Ахӕм дӕн, ӕмӕ цы бакӕнон». Фӕлӕ уыцы хъуыды раст нӕу. Павел Коринфы ӕмбырдмӕ куы фыста, уӕд, чи хӕтыд, кӕрӕдзиимӕ лӕг ӕмӕ усы цард цы нӕлгоймӕгтӕ кӕнӕ сылгоймӕгтӕ кодтой, расыггӕнджытӕ чи уыдысты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм митӕ чи кодта, уыдоны кой скодта ӕмӕ загъта: «Сымахӕй дӕр иуӕй-иутӕ ахӕмтӕ уыдысты. Фӕлӕ ӕхсад ӕрцыдыстут... нӕ Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы» (1 Кор. 6:9–11). Йегъовӕйы сыгъдӕг уды ’ххуысӕй махӕн дӕр нӕ бон у аивын.

Ӕркӕсӕм Маркосы * хабармӕ. Маркос цӕры Филиппинӕты. Раздӕр куыд цард, уый тыххӕй дзуры: «Мӕ ныййарджытӕ ӕдзух хыл кодтой. Уыцы хылтӕм хъусын мӕ бон нал уыд ӕмӕ мыл 19 азы куы цыд, уӕд сыстадтӕн ӕмӕ хӕдзарӕй ацыдтӕн». Маркос райдыдта ӕхцайыл хъазын, давын ӕмӕ адӕмы стигъын. Йе ’мбӕлттӕй цалдӕримӕ хъавыд суанг хӕдтӕхӕг адавынмӕ дӕр, фӕлӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад. Маркос ус куы ракуырдта, уӕд дӕр йӕ митӕ нӕ ныууагъта. Фӕстагмӕ, ӕхцайыл хъазгӕйӕ, фембылд, цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый. Уыцы рӕстӕг Маркосы ус Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ ахуыр кодта Библи. Ӕмӕ гыццыл фӕстӕдӕр Маркос дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Фыццаг йӕхи уый аккагыл нӕ нымадта, цӕмӕй Ӕвдисӕн суа. Фӕлӕ-иу Библийӕ цы базыдта, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайдта ӕмӕ фембӕлдтӕм кӕй цыд, уый йын радта тых йӕ раздӕры митӕ ныууадзынӕн. Ныр Маркос у донаргъуыд чырыстон ӕмӕ адӕмӕн амоны, уыдонӕн дӕр сӕ бон сӕ цард аивын куыд у, уый.

Дӕхиуыл кусгӕйӕ цӕмӕ тырныс?

Цавӕр ивындзинӕдтӕ хъуамӕ скӕнӕм, цӕмӕй чырыстон миниуджытӕ нӕ удыхъӕды ноджы ирддӕрӕй зыной? Павел чырыстӕттӕн дзуры: «Ныууадзут ӕппӕт уыдӕттӕ: фыдӕх, маст, ӕвзӕрдзинад ӕмӕ ӕфхӕрӕн ныхас, ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ӕнӕфсарм ныхас дӕр макуы схауӕд. Кӕрӕдзийы ма сайут. Зӕронд адӕймаджы удыхъӕд йӕ митимӕ ныууадзут». Дарддӕр ма дзуры: «Уӕ удыхъӕд ногмӕ раивут – уыцы удыхъӕд ног кӕны бӕлвырд зонындзинӕдты фӕрцы, чи йӕ сфӕлдыста, уый удыхъӕдмӕ гӕсгӕ» (Кол. 3:8–10).

Уӕдӕ сӕйраджыдӕр хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ зӕронд адӕймаджы удыхъӕд ногмӕ раивӕм. Уый тыххӕй нӕ цавӕр миниуджытыл хъӕуы кусын? Павел дзуры: «Уӕ зӕрдӕмӕ арф исут уӕ кӕрӕдзийы зын, ут хӕларзӕрдӕ, сӕрныллӕг, фӕлмӕн ӕмӕ бирӕфӕразон. Кӕд-иу уӕ иу иннӕмӕ истӕуыл хӕрам уа, уӕд-иу ын ныббарӕд ӕмӕ-иу ын зӕрдӕйӕ ныххатыр кӕнӕд. Йегъовӕ уын зӕрдӕйӕ куыд ныххатыр кодта, сымах дӕр кӕрӕдзийӕн афтӕ хатыр кӕнут. Фӕлӕ ма уӕм уымӕй уӕлдай уӕд уарзондзинад, уымӕн ӕмӕ уый хуызӕн ницы иу кӕны ӕмӕ ницы бӕтты кӕрӕдзийыл» (Кол. 3:12–14). Ацы миниуджытыл зӕрдиагӕй куы кусӕм, уӕд «Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕудзыстӕм» (1 Сам. 2:26). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд Хуыцауы миниуджытӕ ирдӕй зындысты йӕ удыхъӕды. Йесойы царды хабӕртты тыххӕй куы кӕсӕм ӕмӕ йӕ куы фӕзмӕм, уӕд махӕн дӕр хуыздӕр уайдзӕн «фӕзмын Хуыцауы» (Еф. 5:1, 2).

Цы ма нын баххуыс кӕндзӕн, нӕ удыхъӕды нӕ цы ивындзинӕдтӕ хъӕуы скӕнын, уый базонынӕн? Библи кӕсгӕйӕ нӕ хъус куы дарӕм, кӕй кой дзы цӕуы, уыцы адӕм цавӕр миниуджытӕй хайджын уыдысты, уымӕ. Куы фиппайӕм, сӕ удыхъӕды хорзӕй ӕмӕ ӕвзӕрӕй цы уыд, уый. Зӕгъӕм, ахъуыды кӕнӕм Иаковы фырт Иосифыл. Кӕд уый бирӕ ӕнӕрастдзинад бавзӕрста, уӕддӕр йӕ ныфс никуы асаст ӕмӕ йӕ удыхъӕды рӕсугъддзинад кӕронмӕ бахъахъхъӕдта (Райд. 45:1–15). Бынтон ӕндӕрхуызон та уыд паддзах Давиды фырт Авессалом. Уый цӕстмӕ митӕ кодта, цыма адӕмыл тынг тыхсти, ӕмӕ дзы уыдон дӕр йӕ рӕсугъддзинады тыххӕй ӕппӕлыдысты. Фӕлӕ ӕцӕгдӕр та уыд уӕйгӕнӕг ӕмӕ лӕгмар (2 Сам. 13:28, 29; 14:25; 15:1–12). Иннӕты цӕстмӕ дӕхи хорз адӕймагӕй ӕвдисай ӕмӕ ӕддаг бакастӕй рӕсугъд уай,– уый ӕцӕг рӕсугъддзинад нӕу.

Нӕ бон алцыдӕр бауыдзӕн

Цӕмӕй нӕ удыхъӕд фӕхуыздӕр кӕнӕм ӕмӕ Хуыцауы цӕсты рӕсугъд уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ нӕ хъус дарӕм нӕ мидадӕймагмӕ, нӕ удыхъӕд цавӕр у, уымӕ (1 Пет. 3:3, 4). Нӕ удыхъӕд аивын нӕ куы фӕнда, уӕд уал фыццаг хъуамӕ базонӕм не ’взӕр миниуджытӕ ӕмӕ нӕм цӕй аххосӕй сты, уый. Уымӕй уӕлдай ма нӕ хъӕуы кусын, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, уыцы миниуджытыл. Цымӕ нӕ бон бауыдзӕн ахӕм ивындзинӕдтӕ скӕнын?

О! Йегъовӕйы фӕрцы бауыдзӕн. Псаломзарӕггӕнӕгау мах дӕр кувӕм: «Скӕн мын мӕ мидӕг сыгъдӕг зӕрдӕ, о Хуыцау, ӕмӕ мын ратт ног зонд, цӕмӕй ӕнӕфӕцудгӕ уон» (Пс. 51:10). Нӕ бон у кувын, цӕмӕй Хуыцауы сыгъдӕг уд нӕ мидӕг архайа ӕмӕ нӕ тынгдӕр фӕнда нӕ цард Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ аразын. Дзырд дӕр ыл нӕй, нӕ бон кӕй бауыдзӕн, цӕмӕй аивӕм ӕмӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ тынгдӕр цӕуӕм!

[Фиппаинаг]

^ 11 абз. Ном ивд у.

[Ныв 4 фарсыл]

Тыхдымгӕ цы хӕдзар ныппырх кодта, уый ӕддейӕ рацахорын йеддӕмӕ ницы хъӕуы?

[Ныв 5 фарсыл]

Дӕ удыхъӕд Чырыстийы удыхъӕды хуызӕн сси?