Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Тырнут, «фарн цы хӕссы... уымӕ»

Тырнут, «фарн цы хӕссы... уымӕ»

Тырнут, «фарн цы хӕссы... уымӕ»

НОГ асфальт фӕндагмӕ кӕсгӕйӕ адӕймаг фенхъӕлы, зӕгъгӕ, тынг фидар у. Афтӕ йӕм фӕкӕсы, цыма алы хатт дӕр афтӕ рӕсугъд ӕмӕ лӕгъз уыдзӕн. Фӕлӕ рӕстӕг рацӕуы, ӕмӕ хӕлын райдайы, ранӕй-рӕтты скӕлы. Ӕмӕ йыл цӕмӕй цӕуын тӕссаг ма уа, стӕй бынтондӕр ма фехӕла, уый тыххӕй йӕ фӕхъӕуы цалцӕг кӕнын.

Раст афтӕ у йӕ хабар, иннӕтимӕ куыд цӕрӕм, уымӕн дӕр – вӕййы, ӕмӕ кӕрӕдзимӕ раздӕр цы зӕрдӕ дардтам, уыцы зӕрдӕ мауал дарӕм кӕнӕ та нӕ ахастытӕ хӕлгӕ дӕр фӕкӕной. Апостол Павел зыдта, Ромы чырыстӕттӕ цавӕрдӕр хъуыддӕгты кӕрӕдзи кӕй не ’мбӕрстой. Уымӕ гӕсгӕ сын радта ахӕм уынаффӕ: «Тырнӕм, фарн цы хӕссы ӕмӕ кӕрӕдзийы цӕй фӕрцы ис бафидар кӕнӕн, уымӕ» (Ром. 14:13, 19). Цӕмӕн хъӕуы «тырнын, фарн цы хӕссы... уымӕ»? Куыд у нӕ бон хъӕбатырдзинад ӕвдисын ӕмӕ афтӕмӕй фарнмӕ тырнын, ӕмӕ уый нӕ къухы куыд бафтдзӕн?

Цӕмӕн хъӕуы фарнмӕ тырнын?

Асфальт кӕмдӕр гыццыл куы фехӕла ӕмӕ йӕ афтӕмӕй куы ныууадзой, уӕд уыцы къахырӕй рауайдзӕн стыр дзыхъхъ ӕмӕ уыцы ран цӕуын уыдзӕн тӕссаг. Уӕдӕ искӕимӕ кӕрӕдзи куы не ’мбарӕм, ӕмӕ кӕрӕдзи бамбарыны тыххӕй куы ницы аразӕм, уӕд уый дӕр афтӕ тӕссаг уыдзӕн. Апостол Иоанн фыста: «Афтӕ чи зӕгъы, ӕз уарзын Хуыцауы, зӕгъгӕ, йе ’фсымӕрӕй та йе сӕфт чи уыны, уый сайгӕ кӕны. Уымӕн ӕмӕ, кӕй уыны, уыцы ӕфсымӕры чи нӕ уарзы, уымӕн йӕ бон нӕу, кӕй нӕ уыны, уыцы Хуыцауы уарзын» (1 Иоан. 4:20). Чырыстон куы нӕ бацархайа, цӕмӕй йе ’фсымӕримӕ кӕрӕдзи бамбарой, уӕд дзы ӕппынфӕстаг йе сӕфт уынын дӕр райдайдзӕн.

Йесо Чырыстийы ныхӕстӕй бӕрӕг у, иннӕтимӕ фӕрнӕй куы нӕ цӕрӕм, уӕд нӕ лӕггад Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕудзӕн. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд дӕ кувинаг уым, нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, бафидау уал де ’фсымӕримӕ, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн» (Матф. 5:23, 24). О, фарнмӕ сӕйраджыдӕр уымӕн тырнӕм, ӕмӕ нӕ фӕнды Йегъовӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын *.

Фарнмӕ тырнын ма ноджыдӕр цӕй тыххӕй хъӕуы, уый хорз зыны Филиппты ӕмбырды уавӕрӕй. Дыууӕ чырыстон хо Еводи ӕмӕ Синтихийы ’хсӕн цы рауад, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ тӕссаг уыд, уыцы хабар ӕнӕхъӕн ӕмбырды фарнӕн дӕр зиан кӕй ӕрхастаид, уымӕй (Фил. 4:2, 3). Дыууӕ адӕймаджы ’хсӕн цы рауад, уый куы нӕ аскъуыддзаг кӕнынц, уӕд хабар уайтагъд ахъӕр вӕййы. Ӕмбырды цы уарзондзинад ӕмӕ фарн ис, уый бахъахъхъӕнын нӕ кӕй фӕнды, не ’мчырыстӕттимӕ фарнӕй цӕрынмӕ дӕр уымӕн тырнӕм.

«Амондджын сты, иннӕтимӕ хӕларӕй чи цӕры, уыдон» (Матф. 5:9). Фарнмӕ тырнын хӕссы циндзинад. Фарн ма ӕххуыс у ӕнӕниздзинадӕн дӕр, уымӕн ӕмӕ «сабыр зӕрдӕ буарӕн у цард» (Ӕмб. 14:30). Фӕлӕ адӕймаг маст куы хӕсса, уӕд ын уый исты низмӕ дӕр асайдзӕн.

Чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр ӕмбарынц, фарнмӕ тырнын ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы. Ӕмӕ, чи зоны, хъуыды кӕныс, искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд цы ис бакӕнӕн, зӕгъгӕ? Цӕй ӕмӕ ӕркӕсӕм Фыстадӕй цалдӕр уагӕвӕрдмӕ.

Сабыр ныхас фарн хъахъхъӕны

Асфальт хӕлын куы райдайы, уӕд дзыхъхъытӕ ногӕй асфальтӕй бамбӕрзынц. Цымӕ не ’фсымӕртӕй искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд ын ныххатыр кӕнын ӕмӕ йын йӕ гыццыл хъӕндзинад «бамбӕрзын» нӕ бон нӕ бауыдзӕн? Фылдӕр хатт вӕййы афтӕ бакӕнӕн. Апостол Петр фыста, зӕгъгӕ, «уарзондзинад хатыр кӕны [«ӕмбӕрзы», фип.] бирӕ тӕригъӕдтӕ» (1 Пет. 4:8).

Фӕлӕ хатт уавӕр афтӕ хуымӕтӕг нӕ вӕййы, цӕмӕй йӕ мацӕмӕ ’рдарӕм. Ӕркӕсӕм, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бацыдысты, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр цы ’рцыд, уымӕ. «Рувимы фырттӕ, Гады фырттӕ ӕмӕ Манассийы мыггагӕн се ’рдӕг» цалынмӕ Иорданы цӕугӕдоны иннӕ фарсмӕ нӕ ахызтысты, уӕдмӕ сарӕзтой «стыр нывондхӕссӕн». Израилы иннӕ мыггӕгтӕ ӕнхъӕлдтой, нывондхӕссӕн мӕнг хуыцӕуттӕн кувынӕн кӕй сӕвӕрдтой, ӕмӕ уый мацӕмӕ ӕрдардтаиккой, уый сӕ бон нӕ уыд. Ӕмӕ сӕхи хӕстмӕ рарӕвдз кодтой (Йес. Н. 22:9–12).

Иорданы хурныгуылӕн фарс чи цард, уыдонӕй, чи зоны, чидӕртӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, нӕхи цӕстӕй уынӕм, тӕригъӕд кӕй сарӕзтой ӕмӕ сӕм ӕнӕнхъӕлӕджы куы бабырсӕм, уӕд къаддӕр адӕм фӕцагъды уыдзӕн. Фӕлӕ уыдон нӕ фӕтагъд кодтой. Се ’фсымӕртӕм арвыстой минӕвӕрттӕ, цӕмӕй семӕ аныхас кодтаиккой. Минӕвӕрттӕ сӕ бафарстой: «Израилы Хуыцауыл уӕ зӕрдӕ куыд сивтат? Йегъовӕйы коммӕ цӕуылнӕуал кӕсут ӕмӕ нывондхӕссӕн цӕмӕн сарӕзтат, ӕмӕ абон Йегъовӕйы ныхмӕ цӕмӕн рацыдыстут?» Ӕцӕгӕй та, нывондхӕссӕн цы мыггӕгтӕ сарӕзтой, уыдон Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ нӕ сивтой. Фӕлӕ ахӕм ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ куыд бакодтой? Мыййаг семӕ схыл сты кӕнӕ та фӕтӕргай сты, ӕмӕ сӕм дзыхӕй нал дзырдтой? Нӕ. Уыдон сын фӕлмӕнӕй дзуапп радтой, бӕлвырд сын бамбарын кодтой, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын сӕ кӕй фӕндыд, афтӕ уымӕн кӕй бакодтой. Фӕлмӕнӕй семӕ кӕй ныхас кодтой, уый сын баххуыс кодта, цӕмӕй Хуыцауы дӕр ма фӕхъыг кодтаиккой ӕмӕ ма удӕгасӕй дӕр баззадаиккой. Сабыр ныхасы фӕрцы кӕрӕдзи бамбӕрстой ӕмӕ, се ’хсӕн цы фарн уыди, уый нӕ фехӕлд (Йес. Н. 22:13–34).

Израилы иннӕ мыггӕгтӕ ӕмбаргӕдзинад равдыстой ӕмӕ, цалынмӕ хӕстмӕ нӕ рацыдысты, уӕдмӕ аныхас кодтой Рувим ӕмӕ Гады мыггӕгтимӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ’рдӕгимӕ. «Гыццыл ницӕй тыххӕй дӕр-иу ма фӕтӕргай у,– дзуры Хуыцауы Ныхас,– уымӕн ӕмӕ ӕнӕзӕндтӕ сты тӕргайгӕнаг» (Еккл. 7:9). Иннӕтимӕ стыр хъуыддӕгты кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд, Фыстад куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ сабырӕй ӕмӕ ӕргом аныхас кӕнӕм. Афтӕ нӕм куы кӕса, чидӕр нӕ фӕхъыг кодта, ӕмӕ йӕм уый тыххӕй маст куы хӕссӕм кӕнӕ йӕм куы нӕ дзурӕм, уӕд нын цымӕ Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн?

Ӕмӕ нын, зӕгъӕм, не ’мчырыстон дзуры, кӕй йӕ фӕхъыг кодтам, йе та зӕгъы, мӕнг ныхӕстӕ дзы кӕй фӕкодтам. «Фӕлмӕнӕй дзуапп ратт, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ маст ссӕудзӕн»,– дзуры Библи (Ӕмб. 15:1). Рувим ӕмӕ Гады мыггӕгтӕ ӕмӕ Манассийы мыггаджы ӕрдӕг се ’фсымӕртӕн фӕлмӕнӕй, фӕлӕ бӕлвырд бамбарын кодтой, афтӕ цӕмӕн бакодтой, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый сын се ’фсымӕрты маст ӕрсабыр кодта. Фӕнды нӕхӕдӕг бацӕуӕм не ’фсымӕрмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл аныхас кӕнынмӕ, фӕнды нӕм уый ӕрбацӕуа,– хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм: «Цӕмӕй, не ’хсӕн цы фарн ис, уый ма фехӕла, уый тыххӕй цавӕр ныхӕстӕ равзарон, цавӕр хъӕлӕсыуагӕй дзурон ӕмӕ мӕ мӕхи куыд дарон?»

Цы дзурыс, ууыл хъуыды кӕн

Йегъовӕ ӕмбары, цы нӕ тыхсын кӕны, уыдӕттӕ нӕ искӕмӕн кӕй фӕхъӕуы радзурын. Фӕлӕ кӕимӕдӕр кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, ӕмӕ уый фӕдыл йемӕ куы нӕ аныхас кӕнӕм, уӕд нын зын уыдзӕн нӕхи бауромын ӕмӕ уыцы хабары тыххӕй ӕндӕр искӕмӕн ма радзурын. Маст куы хӕссӕм, уӕд ӕнцонтӕй райдайдзыстӕм искӕй фыдкой кӕнын. Цы дзуры, ууыл чи нӕ хъуыды кӕны, уыдоны тыххӕй Ӕмбисӕндты 11:11 фыст ис: «Фыдгӕнджыты дзых [горӕт] халгӕ кӕны». Афтӕ не ’мчырыстонӕй дӕр ӕнӕрхъуыдыйӕ исты куы зӕгъӕм, уӕд гӕнӕн ис, ӕмӕ фехалӕм ӕмбырды фарн – горӕтимӕ абарӕн кӕй ис, уый.

Фӕлӕ фарнмӕ тырнын ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ не ’фсымӕртӕ ӕмӕ нӕ хоты кой ӕппындӕр хъуамӕ ма кӕнӕм. Апостол Павел йе ’мчырыстӕттӕн радта ахӕм уынаффӕ: «Уӕ дзыхӕй иу ӕмбыд ныхас дӕр ма схауӕд». Стӕй ма йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Дзурут, бахъуаджы сахат иннӕты чи бафидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи уӕм хъуса, уыдонӕн пайда куыд фӕуой [...] Кӕрӕдзимӕ ут хӕларзӕрдӕ, уӕ кӕрӕдзийы зын ӕмбарут, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн... зӕрдӕйӕ хатыр кӕнут» (Еф. 4:29–32). Зӕгъӕм, дӕ ныхӕстӕм кӕнӕ дын дӕ митӕм чи смӕсты, ахӕм ӕфсымӕр дӕм ӕрбацыд. Хатыр дзы ракурын ӕмӕ фарн бахъахъхъӕнын ӕнцондӕр уыдзӕн, куы йӕ зонай, ӕмӕ дӕ уый ӕвзӕрӕй никуы ницы загъта. Уӕдӕ искӕимӕ кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕд нын фарн бахъахъхъӕнын бирӕ ӕнцондӕр уыдзӕн, йе ’мчырыстӕтты тыххӕй ӕрмӕстдӕр хорз чи фӕдзуры, ахӕм адӕймагӕй нӕ куы зоной иууылдӕр уӕд (Лук. 6:31).

Хуыцауӕн «уӕхски–уӕхск» лӕггад кӕнӕм

Ӕнӕххӕст адӕймаг афтӕ у, ӕмӕ йӕ чи фӕхъыг кӕны, уымӕ хӕстӕг дӕр нал фӕцӕуы, йӕхи дзы иуварс фӕласы. Фӕлӕ уый раст нӕу (Ӕмб. 18:1). Махӕн, Йегъовӕйы адӕмӕн, нӕ фидар фӕнд у, цӕмӕй йын «уӕхски-уӕхск лӕггад кӕнӕм» (Соф. 3:9).

Искӕй ӕнӕрхъуыды ныхӕстӕн кӕнӕ митӕн уый бар хъуамӕ ма раттӕм, цӕмӕй Йегъовӕйӕн куыд зӕрдиагӕй лӕггад кодтам, афтӕ йын мауал лӕггад кӕнӕм. Иухатт Йесо бафиппайдта, иу мӕгуыр идӕдз ус кувӕндоны ӕхцавӕрӕны кӕй нывӕрдта, «цыдӕриддӕр ӕм уыд, уый». Уыцы хабар ӕрцыд, Йесо йӕхи нывондӕн куы ’рхаста ӕмӕ кувӕндоны нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдау куы баивта, уымӕй цалдӕр боны раздӕр ӕмӕ, чиныджыдӕсныты карзӕй куы бафхӕрдта, уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр. Уӕдӕ кӕд кувӕндоны ӕгъдӕуттӕ хъуамӕ тагъд ивд ӕрцыдаиккой, уӕд цымӕ Йесо уыцы мӕгуыр усы ӕхца ӕвӕрын нӕ бауагъта? Нӕ, уый йӕ уромгӕ нӕ бакодта, фӕлӕ дзы раппӕлыд, Йегъовӕйӕн уӕд цы ӕмбырд уыд, уымӕн иузӕрдионӕй кӕй баххуыс кодта, уый тыххӕй (Лук. 21:1–4). Уыцы сылгоймаг афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ кӕд иннӕтӕ ӕнӕраст хъуыддӕгтӕ кӕнынц, уӕд уый дӕр сӕрибар у, Йегъовӕйы раз ыл цы хӕс ис, уый ӕххӕст кӕнынӕй.

Нӕ чырыстон хо кӕнӕ ӕфсымӕр раст куы нӕ бакӕна, уӕд нӕхи куыд дардзыстӕм? Йегъовӕйӕн ӕппӕт удӕй нал лӕггад кӕндзыстӕм? Ӕви, цыфӕнды фарсты фӕдыл дӕр кӕрӕдзи куы нӕ бамбарӕм, уӕддӕр хъӕбатыр уыдзыстӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайдзыстӕм, цӕмӕй Хуыцауы ӕмбырды фарн бахъахъхъӕнӕм?

«Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат»,– уынаффӕ нын дӕтты Фыстад (Ром. 12:18). Уӕдӕ фӕндфидар уӕм ӕмӕ афтӕ архайӕм, цӕмӕй царды фӕндагыл ӕдасӕй цӕуӕм.

[Фиппаинаг]

^ 6 абз. Матфейы 18:15–17 фыст Йесойы уынаффӕйы тыххӕй кӕс 1999 азы 1 ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 14–19 фӕрстӕ.

[Ныв 17 фарсыл]

Еводи ӕмӕ Синтихийы хъуыди фарнмӕ тырнын

[Ныв 18 фарсыл]

Цавӕр ныхӕстӕ, цавӕр хъӕлӕсыуаг ӕмӕ цавӕр уагахаст баххуыс кӕндзысты фарн бахъахъхъӕнынӕн?