Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны ӕмӕ Иудӕйы фыстӕджытӕй

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны ӕмӕ Иудӕйы фыстӕджытӕй

Йегъовӕйы Ныхас у ӕгас

Ахсджиаг хъуыдытӕ Иоанны ӕмӕ Иудӕйы фыстӕджытӕй

АПОСТОЛ Иоанн йӕ ӕртӕ фыстӕджы дӕр ныффыста Ефесы н. э. 98 азмӕ ӕввахс. Уыдон хауынц Фыстады чингуытӕй фӕстӕгтӕм. Фыццаг дыууӕ фыстӕджы чырыстӕтты разӕнгард кӕнынц, цӕмӕй рухсы цӕуой ӕмӕ сӕхи хизой, раст дин чи ныууагъта, уыдонӕй. Ӕртыккаг фыстӕджы Иоанн чырыстӕттӕн ӕрмӕст ӕцӕгдзинады фӕндагыл цӕуыны тыххӕй нӕ дзуры, фӕлӕ ма сӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй се ’хсӕн иудзинад уа.

Йесойы ӕфсымӕр Иудӕ йӕ фыстӕг ныффыста Палестинӕйы, ӕвӕццӕгӕн н. э. 65 азы. Уый йе ’мчырыстӕтты фӕдзӕхсы, ӕмбырдмӕ ӕвзӕр адӕм кӕй бахъуызыд, ӕмӕ сын амоны, сӕхи сӕ куыд бахизой. Иоанны ӕртӕ фыстӕджы ӕмӕ Иудӕйы фыстӕгмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы ӕрдарӕм, уӕд нын уыдон баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй фӕлварӕнтыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр уырнындзинады фидар лӕууӕм (Дзут. 4:12).

ДАРДДӔР ЦӔУТ РУХСЫ, УАРЗОНДЗИНАД ӔМӔ УЫРНЫНДЗИНАДЫ

(1 Иоан. 1:1–5:21)

Иоанны фыццаг фыстӕг фыст у, Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, сӕйраджыдӕр уыдонмӕ, ӕмӕ дзы ис хорз уынаффӕтӕ чырыстӕттӕн. Уыцы уынаффӕтӕ сын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй, раст динӕй чи аздӕхт, уыдоны ныхмӕ фидар фӕлӕууой ӕмӕ ӕцӕгдзинады ӕмӕ рӕстдзинады цӕуой. Иоанн ма дзуры, ӕнӕмӕнг кӕй у рухсы ӕмӕ уарзондзинады цӕуын ӕмӕ уырнындзинад хъуыддагӕй ӕвдисын.

«Уый [Хуыцау] йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, мах дӕр кӕд афтӕ рухсы цӕуӕм, уӕд не ’хсӕн ис иудзинад»,– фыссы Иоанн. Ӕмӕ Хуыцау уарзондзинад кӕй у, уымӕ гӕсгӕ апостол дзуры: «Уарзӕм нӕ кӕрӕдзийы». «Хуыцауы кӕй уарзӕм», уымӕ гӕсгӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм ӕмӕ, Йегъовӕ Хуыцауыл, йӕ Ныхасыл ӕмӕ йӕ Фыртыл кӕй ӕууӕндӕм, уымӕй дунейыл уӕлахиз кӕнӕм (1 Иоан. 1:7; 4:7; 5:3, 4).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

2:2; 4:10 – Йесо «фидауынгӕнӕг нывонд» куыд у? «Фидауын кӕнын» нысан кӕны, адӕймаджы зӕрдӕйы сӕвзӕрын кӕнын ахӕм ӕнкъарӕнтӕ, цӕмӕй иннӕмӕн фӕтӕригъӕд кӕна ӕмӕ йӕм фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдиса. Йесо дӕр йӕ цард «фидауынгӕнӕг нывондӕн» уыцы хуызы радта, ӕмӕ афтӕмӕй рӕстдзинады тӕрӕзтӕ сӕмуӕз кодта. Уыцы нывонды фӕрцы Хуыцау фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы ӕмӕ, Йесойы нывондыл чи ӕууӕнды, уыдонӕн сӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕны (Иоан. 3:16; Ром. 6:23).

2:7, 8 – Иоанн цавӕр фӕдзӕхст хоны «рагон» ӕмӕ «ног»? Иоанн дзуры, ӕфсымӕртӕ кӕрӕдзи удуӕлдай уарзт кӕй хъуамӕ кӕной, уыцы фӕдзӕхсты тыххӕй (Иоан. 13:34). Рагон ӕй уымӕн хоны, ӕмӕ йӕ Йесо радта, Иоанн йӕ фыццаг фыстӕг куы ныффыста, уымӕй 60 азы раздӕр. Уымӕ гӕсгӕ ацы фӕдзӕхст уырнджытӕ зыдтой «райдианӕй», чырыстӕттӕ куы систы, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Фӕлӕ ма ацы фӕдзӕхст у «ног» дӕр, уымӕн ӕмӕ иннӕты дӕр хъуамӕ уарзой, сӕхи куыд уарзынц, ӕрмӕст афтӕ нӕ, фӕлӕ ма сӕ удуӕлдай уарзт дӕр кӕной (Лев. 19:18; Иоан. 15:12, 13).

3:2 – Сӕрст чырыстӕттӕн цы «нӕма раргом» ӕмӕ, «цыхуызӕн у, ахӕмӕй» кӕй фендзысты? Уыдонӕн ӕргом нӕма уыд, уӕларвон цардмӕ куы райгас уой ӕмӕ сын уӕларвон буӕрттӕ куы уа, уӕд цыхуызӕн уыдзысты, уый (Фил. 3:20, 21). Фӕлӕ уыдон зонынц, «[Хуыцау] куы раргом уа, уӕд [уыдон] уый хуызӕн суыдзысты, уымӕн ӕмӕ цыхуызӕн у, ахӕмӕй йӕ фендзысты», ӕмӕ Хуыцау та у «ӕнӕуынгӕ Уд» (2 Кор. 3:17, 18).

5:5–8 – Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, уымӕн дон, туг ӕмӕ сыгъдӕг уд ӕвдисӕн куыд лӕууыдысты? Дон ӕвдисӕн уыцы хуызы лӕууыд, ӕмӕ Йесо донаргъуыд куы райста, уӕд Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта, йӕ Фыртӕй райгонд кӕй у (Матф. 3:17). Йесойы туг, ома йӕ цард, «се ’ппӕты тыххӕй дӕр сӕрмӕ-сӕр ахӕсты аргъ бафидыны» тыххӕй лӕвӕрд кӕй ӕрцыд, уымӕй дӕр рабӕрӕг, Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у (1 Тим. 2:5, 6, фип.). Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у, уымӕн ма сыгъдӕг уд дӕр ӕвдисӕн лӕууыд, донаргъуыд куы райста, уӕд ыл куы ӕрцыд ӕмӕ йын хъару куы радта, цӕмӕй «зылдаид ӕгас бӕстӕйыл ӕмӕ адӕмӕн хорздзинӕдтӕ арӕзтаид, Хӕйрӕг тухӕнӕй кӕй мардта, уыдоны се ’ппӕты дӕр дзӕбӕх кодтаид» (Иоан. 1:29–34; Ап. хъ. 10:38).

Зондзонӕнтӕ махӕн

2:9–11; 3:15. Чырыстон уый бар куы радта, цӕмӕй йын исты кӕнӕ исчи йе ’фсымӕрты уарзын бахъыгдара, уӕд уый цӕуы талынджы ӕмӕ кӕдӕм цӕуы, уый нӕ зоны.

ДАРДДӔР ДӔР «ЦӔРУТ ӔЦӔГДЗИНАДМӔ ГӔСГӔ»

(2 Иоан. 1–13)

Иоанн йӕ дыккаг фыстӕг райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Хистӕр нӕлгоймаг фыссы, зӕрдиагӕй кӕй уарзы, уыцы ӕвзӕрст сылгоймагмӕ ӕмӕ йӕ сывӕллӕттӕм». Тынг ӕхсызгон ын уыди, куы базыдта, йӕ «сывӕллӕттӕй чидӕртӕ [кӕй] цӕрынц ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ» (2 Иоан. 1, 4).

Иоанн чырыстӕтты уарзондзинад сӕ удыхъӕды фидар кӕнынмӕ куы сразӕнгард кодта, уӕд ныффыста: «Уарзондзинад уый мидӕг ис, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрӕм». Иоанн ма загъта, цӕмӕй сӕхи хизой «фӕлитойӕ ӕмӕ Чырыстийы ныхмӕлӕууӕгӕй» (2 Иоан. 5–7).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

1, 13 – Чи у «ӕвзӕрст сылгоймаг»? Чи зоны, Иоанн кодта цавӕрдӕр сылгоймаджы кой ӕмӕ йӕ схуыдта Кириа. Уый та грекъагау нысан кӕны «сылгоймаг». Кӕнӕ та, чи зоны, Иоанн фӕсномыгӕй цавӕрдӕр ӕмбырды кой кодта, цӕмӕй знӕгтӕ мацы бамбӕрстаиккой. Кӕд ӕцӕгдӕр знӕгтӕй тарст ӕмӕ фӕсномыгӕй ӕмбырды кой кодта, уӕд сылгоймаджы сывӕллӕттӕ уыдысты уыцы ӕмбырды адӕм, йӕ «хойы сывӕллӕттӕ» та – ӕндӕр ӕмбырды адӕм.

7 – Иоанн афтӕ кӕй зӕгъы, Йесо «ӕрцыд», зӕгъгӕ, уымӕй цавӕр ӕрцыды кой кӕны ӕмӕ фӕлитойтӕ, «не ’рцыд», зӕгъгӕ, кӕй дзурынц, уый куыд ӕмбарын хъӕуы? Йесо «ӕрцыд», зӕгъгӕ, уый уымӕ нӕ амоны, фидӕны, ӕнӕуынгӕ хуызы кӕй ӕрцӕудзӕн. Уый амоны, зӕхмӕ адӕймагӕй кӕй ӕрцыд ӕмӕ йӕ кӕй байсӕрстой ӕмӕ Чырысти кӕй сси, уымӕ (1 Иоан. 4:2). Фӕлитойты нӕ уырны, Йесо зӕхмӕ адӕймагӕй кӕй ӕрцыд. Ӕвӕццӕгӕн, разы не сты, кӕддӕр зӕххыл кӕй цард ӕмӕ сыгъдӕг удӕй сӕрст кӕй ӕрцыд.

Зондзонӕнтӕ махӕн

2, 4. Цӕмӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй ӕнӕмӕнг хъӕуы ӕцӕгдзинад базонын ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕрын. Ӕцӕгдзинад та у, Библийы фыст чи сты, уыцы чырыстон ахуырӕдтӕ иууылдӕр (3 Иоан. 3, 4).

8–11. Цӕмӕй «нӕ Фыд Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийы стыр хорзӕхӕй, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ фарнӕй» ӕнӕхай ма фӕуӕм ӕмӕ нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уарзондзинадӕй ма фӕцух уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ «нӕхимӕ кӕсӕм», цӕмӕй Чырыстийы ахуырӕдтыл фидар хӕцӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм, «Чырыстийы ахуырадыл чи нӕ хӕцы», уыдонӕй (2 Иоан. 3).

«ӔЦӔГДЗИНАДЫ СУӔМ ӔМКУСДЖЫТӔ»

(3 Иоан. 1–14)

Иоанн йе ’ртыккаг фыстӕг ныффыста йӕ хӕлар Гаймӕ. Уым фыссы: «Мӕ хъӕбултӕ ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уымӕй ӕхсызгондӕр хабар та мын цы хъуамӕ уа!» (3 Иоан. 4).

Иоанн Гайӕ ӕппӕлы, «тынг зӕрдиагӕй [кӕй] балӕггад кӕны», чи сӕм ӕрцӕуы, уыцы ӕфсымӕртӕн. Апостол дзуры: «Ахӕм адӕмы мах хъуамӕ суазӕг кӕнӕм, цӕмӕй ӕцӕгдзинады суӕм ӕмкусджытӕ» (3 Иоан. 5–8).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

11 – Иуӕй-иутӕ ӕвзӕр хъуыддӕгтыл цӕмӕн бафтынц? Иуӕй-иутӕ – йӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕмӕн у, уыдон – не ’мбарынц, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый. Сӕ бон ӕй цӕстӕй уынын кӕй нӕу, уымӕ гӕсгӕ сӕхи афтӕ дарынц, цыма сӕ уый дӕр нӕ уыны (Иез. 9:9).

14 – Ам дзырд «хӕлӕрттӕ» кӕмӕ амоны? Ам дзырд «хӕлӕрттӕ», ӕввахс ахастыты чи ис, ӕрмӕст уыдонмӕ нӕ амоны. Иоанн афтӕ хоны йе ’мчырыстӕтты иууылдӕр.

Зондзонӕнтӕ махӕн

4. Ӕмбырды фӕлтӕрд чырыстӕттӕн тынг ӕхсызгон вӕййы, ӕрыгӕттӕ «ӕцӕгдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй цӕрынц», уый. Ӕмӕ куыд тынг фӕцин кӕнынц ныййарджытӕ дӕр, сӕ сывӕллӕттӕн куы баххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ суой.

5–8. Йегъовӕйы чи уарзы ӕмӕ ӕфсымӕртӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл зӕрдиагӕй чи архайы, уыдонмӕ ма ахӕссӕн ис цӕугӕ цӕстдарджыты, миссионерты, Вефилты ӕмӕ офисты кусджыты, стӕй пионерты дӕр. Сӕ уырнындзинад у фӕзминаг ӕмӕ сын хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм.

9–12. Мах хъуамӕ фӕзмӕм иузӕрдион Димитрийы, ӕфсымӕрты фыдкой чи кодта, уыцы Диотрефы нӕ, фӕлӕ.

«ХУЫЦАУЫ УАРЗТӔЙ УӔХИ ӔНӔХАЙ МА ФӔКӔНУТ»

(Иудӕ 1–25)

Иудӕ дзуры, ӕмбырдмӕ кӕй бахъуызыд, ӕдзух хъуыр-хъуыр чи кӕны, йӕ цардӕй чи хъаст кӕны, йӕ зӕрдӕйы фӕдыл чи цӕуы ӕмӕ исты райсын кӕй фӕнды, ахӕм адӕм. Уыдон «кӕнынц цӕстмӕ митӕ ӕмӕ ӕппӕлӕн ныхӕстӕ» (Иудӕ 4, 16).

Чырыстӕттӕн сӕ бон куыд у ӕвзӕр ӕндӕвдады ныхмӕ фӕлӕууын? Иудӕ фыссы: «Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ӕрхъуыды кӕнут нӕ Хицау Йесо Чырыстийы апостолты ныхӕстӕ». Стӕй ма дзуры: «Хуыцауы уарзтӕй уӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнут» (Иудӕ 17–21).

Фарстытӕн дзуаппытӕ

3, 4 – Иудӕ чырыстӕттӕн цӕмӕн дзырдта, уырнындзинады «сӕрвӕлтау ӕппӕт хъарутӕй тох кӕнут», зӕгъгӕ? Уымӕн ӕмӕ ӕмбырдмӕ ӕрбахъуызыдысты ӕнӕхуыцау адӕм. Уыцы нӕлгоймӕгтӕн «Хуыцауы стыр хорзӕх уый ӕфсон фӕци, цӕмӕй ӕнӕгъдау митӕ кӕной».

20, 21 – Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй «Хуыцауы уарзтӕй нӕхи ӕнӕхай ма фӕкӕнӕм»? Уый тыххӕй хъӕуы: 1) Хуыцауы Ныхас лӕмбынӕг иртасын, ӕмӕ афтӕмӕй нӕ «сыгъдӕг уырнындзинад» фидар кӕнын ӕмӕ хорз хабар зынгзӕрдӕйӕ хъусын кӕнын; 2) «кувын, сыгъдӕг удимӕ ӕмвӕнд уӕвгӕйӕ»; 3) ӕууӕндын Йесо Чырыстийы ӕлхӕнӕг нывондыл – ӕнусон цардӕн гӕнӕн цӕй фӕрцы ис, ууыл (Иоан. 3:16, 36).

Зондзонӕнтӕ махӕн

5–7. Цымӕ фыдгӕнджытӕн сӕ бон бауыдзӕн Йегъовӕйы тӕрхонӕй сӕхи бахизын? Иудӕ цӕвиттонӕн цы ӕртӕ хъуыддаджы ӕрхаста, уымӕ гӕсгӕ уымӕн гӕнӕн нӕй.

8–10. Мах хъуамӕ фӕзмӕм хистӕр зӕд Михаилы ӕмӕ аргъ кӕнӕм, Йегъовӕ бартӕ кӕмӕн радта, уыдонӕн.

12. Доны бынӕй чи нӕ зыны, ахӕм къӕдзӕхтӕ наутӕн ӕмӕ ленкгӕнджытӕн куыд тӕссаг сты, афтӕ нӕ уырнындзинадӕн дӕр тӕссаг у, раст динӕй чи аздӕхт, уыдоны цӕстмӕ уарзондзинад. Мӕнг ахуыргӕнджытӕ, гӕнӕн ис, хӕларзӕрдӕ зыной, фӕлӕ ӕцӕгӕй та ӕнӕдон мигътӕй уӕлдай не сты, уымӕн ӕмӕ сӕм уырнындзинад нӕй. Уыдон сты, дыргътонӕн афон дыргъ кӕуыл нӕй, ахӕм бӕлӕсты хуызӕн ӕмӕ сӕ тагъд бындзарыл стондзысты. Зондыл дзурӕг уыдзӕн, раст динӕй чи аздӕхт, уыдонӕй нӕхи куы хизӕм.

22, 23. Чырыстӕттӕ се сӕфт уынынц фыддзинадӕй. Цӕмӕй, «дызӕрдыг чи кӕны, уыдоны» ӕнусон сӕфты артӕй фервӕзын кӕной, уый тыххӕй сын ӕмбырды фӕлтӕрд чырыстӕттӕ, уӕлдайдӕр та нысангонд цӕстдарджытӕ, ӕххуыс кӕнынц сӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн.

[Нывтӕ 28 фарсыл]

«Йесо Хуыцауы Фырт кӕй у», уымӕн ӕвдисӕн лӕууыдысты дон, сыгъдӕг уд ӕмӕ туг