Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Баввахс у Хуыцаумӕ

Алы хатт дӕр рӕст чи тӕрхон кӕны, ахӕм Тӕрхонгӕнӕг

Алы хатт дӕр рӕст чи тӕрхон кӕны, ахӕм Тӕрхонгӕнӕг

Райдиан 18:22–32

РАСТ. Ӕнӕзӕрдӕхудт. Цӕстмӕмитӕ чи нӕ кӕны. Ацы хорз миниуджытӕ дӕ зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц? Мах афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй нӕ ӕнаххосӕй ӕфхӕрой. Хъыгагӕн, ацы дуне хӕрам хъуыддӕгтӕй йедзаг у. Фӕлӕ ис, нӕ бон ӕууӕндын кӕуыл у, ахӕм раст Тӕрхонгӕнӕг – Йегъовӕ Хуыцау. Уый алы хатт дӕр рӕстӕй архайы. Уый бӕрӕг у, Йегъовӕ Авраамимӕ куы ныхас кодта, уыцы хабарӕй, фыст ис Райдианы 18:22–32 *.

Йегъовӕ Авраамӕн куы загъта, Содом ӕмӕ Гоморрӕйы хъуыддӕгтӕм кӕй ӕркӕсдзӕн, уӕд Авраам фӕтарст, цы рӕстгӕнджытӕ дзы цард, уыдонӕн, уыимӕ йе ’фсымӕры лӕппу Лотӕн дӕр. Авраам Йегъовӕйӕн балӕгъста кодта: «Ау, рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ фесафдзынӕ? Уӕдта ма уыцы горӕты фӕндзай рӕстгӕнӕджы ис?... Цы фӕндзай рӕстгӕнӕджы дзы цӕры, уыдоны тыххӕй уыцы горӕт нӕ ныууадздзынӕ?» (23, 24 стихтӕ). Хуыцау ын загъта, 50 рӕстгӕнӕджы тыххӕй дӕр уыцы горӕттӕ кӕй нӕ фесафдзӕн. Авраам ма фондз хатты лӕгъстӕ кодта Йегъовӕйӕн, ӕмӕ алы хатт дӕр адӕмы нымӕц къаддӕрӕй-къаддӕр кодта, цалынмӕ 10 онг не ’рцыд, уӕдмӕ. Ӕмӕ та-иу ын Хуыцау загъта, рӕстгӕнджытӕ дзы куы уа, уӕд сӕ кӕй нӕ фесафдзӕн.

Цымӕ Авраам Хуыцауимӕ быцӕу кодта? Нӕ, уый тынг къӕйных ми уыдаид. Авраамы ныхасӕй бӕрӕг уыд, Хуыцауӕн кӕй кад кодта ӕмӕ сӕрныллӕг кӕй уыд. Йӕхи тыххӕй загъта, «рыг ӕмӕ фӕнык» йеддӕмӕ ницы дӕн, зӕгъгӕ, цыппар хатты та загъта, «курӕг дӕ дӕн» (27, 30–32 стихтӕ). Уымӕй уӕлдай, Авраамы ныхӕстӕй бӕрӕг уыд, Йегъовӕ рӕстӕй кӕй архайы, ууыл кӕй ӕууӕнды. Авраамы нӕ уырныдта, Йегъовӕ рӕстгӕнджыты фыдгӕнджытимӕ кӕй фесафдзӕн, уый. Дыууӕ хатты дӕр уый тыххӕй загъта, «нӕ мӕ уырны», зӕгъгӕ. Авраам фидарӕй загъта, «ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг раст тӕрхон [кӕй] рахӕсдзӕн» (25 стих).

Цымӕ Авраамы ныхӕстӕ раст уыдысты? Раст нӕ уыд, афтӕ кӕй хъуыды кодта, Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ӕппынкъаддӕр дӕс рӕстгӕнӕджы кӕй ис. Фӕлӕ раст уыд, афтӕ куы загъта, Хуыцау рӕстгӕнӕджы фыдгӕнӕгимӕ никуы фесафдзӕн, зӕгъгӕ. Фӕстӕдӕр Хуыцау уыцы горӕттӕ куы фесӕфта, уӕд рӕстгӕнӕг Лоты йӕ дыууӕ чызгимӕ зӕдтӕ фервӕзын кодтой (2 Петры 2:7–9).

Ацы хабарӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдтам? Йегъовӕ Авраамӕн куы загъта, уыцы дыууӕ горӕты хъуыддӕгтӕм ӕркӕсдзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд уымӕй равдыста, йӕ хъуыды базонын ӕй кӕй фӕндыд. Стӕй йын йӕ хӕлар Авраамы цы тыхсын кодта, уымӕ лӕмбынӕг байхъуыста (Исай 41:8). Куыд хорз нын ӕвдисы уый, Йегъовӕ сӕрныллӕг Хуыцау кӕй у, йӕ лӕггадгӕнджыты хъуыдыйӕн кӕй аргъ кӕны ӕмӕ сын кӕй кад кӕны! Уӕдӕ бӕрӕг у, нӕ бон кӕй у фидарӕй ӕууӕндын, Йегъовӕ алы хатт дӕр раст кӕй тӕрхон кӕны, ууыл.

[Фиппаинаг]

^ 1 абз. Уӕд Йегъовӕ ныхас кодта зӕды уылты. Ӕндӕр ахӕм хабар ма фыст ис Райдианы 16:7–11, 13.

[Ныв 14 фарсыл]

Авраам Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй Содом ӕмӕ Гоморрӕйы ма фесӕфтаид