Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Нӕ кӕстӕртӕн

Ныфсджын лӕппу

Ныфсджын лӕппу

Хӕслӕвӕрд. Скӕн ӕй, кӕм дӕ ничи хъыгдардзӕн, ахӕм бынаты. Библи куы кӕсай, уӕд дӕ цӕстытыл ауайын кӕн, цыма ды дӕр уым дӕ: цы аразынц, уый дӕхи цӕстӕй уыныс, цы дзурынц, уый хъусыс. Дӕхи сӕвӕр сӕйраг архайджыты бынаты ӕмӕ бацархай, сӕ зӕрдӕйы цы ис, уый бамбарыныл.

АХЪУЫДЫ КӔН АЦЫ СКЪУЫДДЗАГЫЛ. БАКӔС 1 САМУИЛЫ 17:1–11, 26, 32–51.

Дӕумӕ гӕсгӕ Голиаф цыхуызӕн уыд ӕмӕ йын цавӕр хъӕлӕс уыд?

․․․․․

Кӕд Давид израилӕгты ӕфсады нӕ уыд, уӕддӕр Голиафы ныхмӕ цӕмӕн рацыд? (Бакӕс 26 стих.)

․․․․․

Давид йӕ ныфс цӕмӕн дардта, Йегъовӕ йын кӕй баххуыс кӕндзӕн, ууыл? (Иу хатт ма бакӕс 34–37 стихтӕ.)

․․․․․

ЛӔМБЫНӔГДӔР АХЪУЫДЫ КӔН.

Нӕ литературӕйы ӕрмӕг бацагур ӕмӕ сбӕлвырд кӕн

1) Голиаф цӕйас уыд (1 Самуилы 17:4). ․․․․․.

2) Голиафы згъӕрхӕдоны уӕз цас уыд (1 Самуилы 17:5). ․․․․․.

3) Голиафы арцы ӕфсӕйнаг бырынчъы уӕз цас уыд (1 Самуилы 17:7). ․․․․․.

ЦЫ БАЗЫДТАЙ, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. НЫФФЫСС, ЗОНДӔН ЦЫ РАЙСТАЙ...

Хъӕбатырдзинады тыххӕй.

․․․․․

Нӕ ныфс нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл дарын кӕй хъӕуы, уый тыххӕй.

․․․․․

ДАРДДӔР КУЫД АРХАЙДЗЫНӔ?

Цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уыдонӕй дӕм Голиафау стыр кӕцытӕ кӕсынц?

․․․․․

Йегъовӕ нӕ ӕнӕ ’ххуысӕй кӕй нӕ ныууадздзӕн, уый цавӕр хабӕрттӕй зоныс (дӕхиуыл кӕнӕ иннӕтыл чи ’рцыд)?

․․․․․

АЦЫ ХАБАРӔЙ ДЫН СТЫРДӔР ПАЙДА ЦЫ ӔРХАСТА ӔМӔ ЦӔМӔН?

․․․․․