Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Уыдон цӕуынц Уӕрыччы фӕдыл

Уыдон цӕуынц Уӕрыччы фӕдыл

Уыдон цӕуынц Уӕрыччы фӕдыл

«Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уыдон дӕр уырдӕм цӕуынц йӕ фӕдыл» (РАРГ. 14:4).

1. Йесойы иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ цы цӕстӕй кастысты йӕ фӕдыл цӕуыны тыххӕй?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ зӕххыл лӕггад кодта дыууӕ аз ӕмӕ ’рдӕджы бӕрц. Иухатт «Капернаумы адӕмы ӕмбырдӕй куы ахуыр кодта», уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕтӕм йӕ ныхӕстӕ ӕнахуыр фӕкастысты ӕмӕ «сӕ раздӕры хъуыддӕгтӕм аздӕхтысты ӕмӕ йемӕ нал цыдысты». Йесо йӕ дыууадӕс апостолы куы бафарста, зӕгъгӕ, сымах ацӕуын нӕ фӕнды, уӕд ын Симон Петр загъта: «Хицау, кӕмӕ хъуамӕ ацӕуӕм? Ӕнусон царды ныхӕстӕ дӕумӕ куы сты. Ӕмӕ дыл мах баууӕндыдыстӕм ӕмӕ йӕ базыдтам, ды Хуыцауӕй ӕрвыст кӕй дӕ» (Иоан. 6:48, 59, 60, 66–69). Йесойы йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ ныууагътой. Уыдон сыгъдӕг удӕй сӕрст куы ’рцыдысты, уӕд дӕр йӕ фӕдыл цыдысты (Ап. хъ. 16:7–10).

2. а) Чи у «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» йе та «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕг»? ӕ) Цагъар Уӕрыччы фӕдыл рагӕй фӕстӕмӕ дӕр куыд цӕуы?

2 Цы зӕгъӕн ис сӕрст чырыстӕттӕй та абон? Йесо, йе «’рцыд ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн», уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд ма загъта, зӕххыл ын кӕй уыдзӕн, сыгъдӕг удӕй сӕрст чи ’рцыд, ахӕм фӕдылдзӕуджыты къорд – «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар» йе та «ӕууӕнкджын... хӕдзармӕгӕсӕг» (Матф. 24:3, 45; Лук. 12:42). Куыд къорд, афтӕ, цагъар, Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы, уырдӕм рагӕй фӕстӕмӕ дӕр иузӕрдионӕй цӕуы йӕ фӕдыл. (Бакӕс Раргомад 14:4, 5.) Уыдон «Стыр Вавилоны» (мӕнг динтӕ ӕмткӕй райсгӕйӕ) ахуырӕдтӕй ӕмӕ хъуыддӕгтӕй сӕхи нӕ фӕчъизи кодтой ӕмӕ сты сыгъдӕг (Рарг. 17:5). Сӕрст чырыстӕттӕ динимӕ баст хъуыддӕгты «иу мӕнг ныхас дӕр никуы загътой» ӕмӕ кӕд Сайтаны дунейы цӕрынц, уӕддӕр сӕм фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй ис (Иоан. 15:19). Сӕрстытӕй ма зӕххыл чи ис, уыдон фидӕны Уӕрыччы фӕдыл ацӕудзысты уӕларвмӕ (Иоан. 13:36).

3. Цӕмӕн хъуамӕ ’ууӕндӕм цагъарыл?

3 Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары бар бакодта «йӕ хӕдзаронты» – цагъары къордмӕ чи хауы, уыдоны – «цӕмӕй сын хӕринаг афоныл дӕтта». Йесо ма йын йӕ бар бакодта, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый» дӕр (Матф. 24:45–47). «Цыдӕриддӕр ӕм ис», уымӕ, ома йӕ исбонмӕ хауы, фылдӕрӕй-фылдӕр чи кӕны, уыцы «тынг бирӕ адӕм» «ӕндӕр фыстӕй» (Рарг. 7:9; Иоан. 10:16). Цымӕ алы сӕрст чырыстон дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр хъуамӕ ма ӕууӕндой, кӕй дӕлбар сӕ бакодтой, уыцы цагъарыл? Цагъарыл бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй ис ӕууӕндӕн. Сӕйраджыдӕр та ацы дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй: 1) цагъарыл ӕууӕнды Йегъовӕ; 2) уыцы цагъарыл ӕууӕнды Йесо дӕр. Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл цӕмӕн ӕууӕндынц, цӕуылнӕ йыл дызӕрдыг кӕнынц, уымӕ.

Йегъовӕ ӕууӕнды цагъарыл

4. Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар цы хӕринаг дӕтты, ууыл цӕмӕн ӕууӕндӕм?

4 Дӕ хъус-ма ӕрдар, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн цы ӕххуыс кӕны, цӕмӕй афоныл хӕрзад хӕринаг дӕтта. «Ӕмбаргӕдзинад дын ратдзынӕн ӕмӕ дӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, ууыл дӕ сараздзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ ӕмӕ ма дзуры:– Ратдзынӕн дын уынаффӕ ӕмӕ дӕм мӕ цӕст дардзынӕн» (Пс. 32:8). Бӕрӕг у, цагъарӕн разамынд Йегъовӕ кӕй дӕтты. Уымӕ гӕсгӕ мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, цагъар Фыстад раст кӕй ӕмбарын кӕны ӕмӕ хорз разамынд кӕй дӕтты, ууыл.

5. Цӕмӕй бӕрӕг у Хуыцауы сыгъдӕг уд цагъарӕн кӕй ӕххуыс кӕны?

5 Йегъовӕ ма цагъары хайджын кӕны йӕ сыгъдӕг удӕй дӕр. Йегъовӕйы сыгъдӕг удӕн кӕд цӕстӕй фенӕн нӕй, уӕддӕр кӕуыл ӕндавы, уыдонмӕ цы миниуджытӕ сӕвзӕрын кӕны, уый иннӕтӕ ӕнӕ бафиппайгӕ нӕ фӕвӕййынц. Ахъуыды-ма кӕн, цӕмӕй адӕм ӕгас зӕххыл дӕр Йегъовӕ Хуыцау, йӕ Фырт ӕмӕ Паддзахады тыххӕй хъусой, уыцы хъуыддаджы ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарӕн цы бантыст, ууыл. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ Паддзахады тыххӕй зӕрдиагӕй хъусын кӕнынц 230 бӕстӕ ӕмӕ территорийӕ фылдӕры. Цы ма уа уымӕй хуыздӕр бӕлвырдгӕнӕн, Хуыцауы сыгъдӕг уд цагъарӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уымӕн? (Бакӕс Хъуыддӕгты 1:8.) Цӕмӕй Йегъовӕйы адӕмӕн ӕппӕт дунейы дӕр афоныл хӕринаг уа, уый тыххӕй цагъары арӕх бахъӕуы ахсджиаг уынаффӕтӕ рахӕссын. Цагъар уыцы уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссы ӕмӕ сӕ куыд феххӕст кӕны, уым алкӕддӕр бӕрӕг вӕййы йӕ уарзондзинад, йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад, стӕй ма сыгъдӕг удӕй чи гуыры, ӕндӕр ахӕм миниуджытӕ дӕр (Гал. 5:22, 23).

6, 7. Йегъовӕ ӕууӕнкджын цагъарыл кӕй ӕууӕнды, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

6 Йегъовӕ ӕууӕнкджын цагъарыл куыд тынг ӕууӕнды, уый бӕрӕг у, сӕрстытӕн цы загъта, уымӕй. «Уадындз ныууасдзӕн,– фыста апостол Павел,– ӕмӕ мӕрдтӕ райгас уыдзысты ӕнӕмӕлгӕйӕ, ӕмӕ мах та фӕивдзыстӕм. Уымӕн ӕмӕ, ӕмбийгӕ цы кӕны, уый хъуамӕ суа ӕнӕмбийгӕ, ӕмӕ, мӕлӕты бар цӕуыл цӕуы, уый хъуамӕ суа ӕнӕмӕлгӕ» (1 Кор. 15:52, 53). Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ, Хуыцауӕн ӕнӕххӕст адӕймӕгтӕй иузӕрдионӕй чи лӕггад кодта ӕмӕ чи амард, уыдон уӕлӕрвты куы райгас вӕййынц, уӕд сын ӕрмӕст ӕнусон цард лӕвӕрд не ’рцӕуы. Хуыцау сын радты ӕнӕмӕлгӕ цард – кӕрон дӕр кӕмӕн нӕй ӕмӕ фесафӕн дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм цард. Уымӕй уӕлдай ма сӕ схайджын кӕны ахӕм буӕрттӕй, ӕмбийгӕ дӕр чи нӕ кӕны ӕмӕ зилын дӕр кӕмӕ нӕ хъӕуы. Чи райгас, уыдоны тыххӕй Раргомады 4:4 фыст ис, зӕгъгӕ, бадынц паддзӕхбадӕнтыл ӕмӕ сӕ сӕртыл та ис сызгъӕрин кады худтӕ. Хуыцау сӕрст чырыстӕтты скадджын кӕндзӕн ӕмӕ сын паддзахиуӕг кӕныны бар ратдзӕн. Фӕлӕ Йегъовӕ цагъарыл кӕй ӕууӕнды, уый ма бӕрӕг у ӕндӕр цӕмӕйдӕртӕй дӕр.

7 «Уӕрыччы чындзӕхсӕв ӕрхӕццӕ, ӕмӕ йӕ усаг йӕхи ӕрцӕттӕ кодта. Ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд бар, цӕмӕй скӕна цӕхӕркалгӕ, сыгъдӕг, ӕппӕты хуыздӕр кӕттагӕй уӕлӕдарӕс, уымӕн ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр кӕттаг ӕвдисы сыгъдӕджыты раст хъуыддӕгтӕ»,– дзырдӕуы Раргомады 19:7, 8. Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты равзӕрста йӕ Фыртӕн усагӕн. Цӕй диссаджы лӕвӕрттӕ сын скодта – ӕнӕмбийгӕ буар, ӕнӕмӕлгӕ цард, паддзахы бартӕ, «Уӕрыккимӕ чындзӕхсӕв»! Ӕппӕт адӕттӕй хорз зыны, Хуыцау кӕй ӕууӕнды, «Уӕрыкк кӕдӕм цӕуы», уырдӕм йӕ фӕдыл чи цӕуы, уыцы сӕрстытыл.

Йесо ӕууӕнды цагъарыл

8. Йесо куыд равдыста, йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытыл кӕй ӕууӕнды, уый?

8 Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытыл кӕй ӕууӕнды, ӕппындӕр сыл кӕй нӕ дызӕрдыг кӕны? Йесо йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв йӕ 11 иузӕрдион апостолӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Сымах мӕ фӕлварӕнты рӕстӕг уыдыстут мӕ фарсмӕ. Ӕмӕ ӕз уемӕ аразын бадзырд паддзахады тыххӕй, мӕ Фыд мемӕ куыд сарӕзта бадзырд, афтӕ, цӕмӕй мӕ паддзахады мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат, ӕмӕ цӕмӕй паддзахбадӕнтыл ӕрбадат ӕмӕ Израилы дыууадӕс мыггагӕн тӕрхон кӕнат» (Лук. 22:28–30). Йесо уӕд йӕ 11 апостолимӕ цы бадзырд сарӕзта, уый хауы 144 мин сӕрст чырыстонӕй алкӕмӕ дӕр (Лук. 12:32; Рарг. 5:9, 10; 14:1). Уӕдӕ сыл Йесо куыннӕ ӕууӕндыдаид, уӕд семӕ бадзырд сарӕзтаид, цӕмӕй сын йемӕ йӕ Паддзахады хицауиуӕг кӕныны бар радтаид?

9. Чырыстийы исбонмӕ цы хауы?

9 Уымӕй уӕлдай ма Йесо Чырысти ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары бар бакодта, «цыдӕриддӕр ӕм ис, уый» – зӕххыл Хуыцауы Паддзахадимӕ баст хъуыддӕгтӕ иууылдӕр (Матф. 24:47). Уыцы исбонмӕ хауынц Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты сӕйраг хайады агъуыстытӕ, алы бӕстӕты филиалтӕ, Конгрессты ӕмӕ Паддзахады залтӕ ӕппӕт дунейы. Уымӕ ма хауы хорз хабар хъусын кӕныны ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаг дӕр. Цымӕ адӕймаг кӕуыл не ’ууӕнды, уымӕн йӕ бар бакӕнид, зынаргъӕй йӕм цыдӕриддӕр ис, уый?

10. Йесо Чырысти йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

10 Йесо, цалынмӕ уӕлӕрвтӕм нӕ ацыд, уый хӕдразмӕ йӕ иузӕрдион ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ӕмӕ сын зӕрдӕ бавӕрдта: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:20). Йесо йӕ ныхасӕн хицау разынд? Фӕстаг 15 азы дӕргъы ӕппӕт дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕ фӕфылдӕр сты: сӕ нымӕц 70 минӕй 100 минмӕ схызт, ома сыл бафтыд 40 процентӕй фылдӕр. Ӕмӕ ног ахуыргӕнинӕгты хабар та куыд у? Фӕстаг 15 азы донаргъуыд райстой иу-4,5 милуан адӕймаджы – рӕстӕмбис нымадӕй алы бон дӕр 800 адӕймагӕй фылдӕр. Ӕвдисӕнты нымӕц алы бӕстӕты куыд тынг рӕзы, уымӕй хорз зыны, Чырысти разамынд кӕй дӕтты, йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕ ӕмбырдты фембӕлдтӕн цы программӕ цӕттӕ кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сын кӕй ӕххуыс кӕны ахуыргӕнинӕнгтӕ цӕттӕ кӕныны хъуыддаджы.

Цагъар у ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын

11, 12. Цагъарӕн йӕхи хъуыддӕгтӕй дӕр куыд зыны, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын кӕй у?

11 Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл ӕууӕндынц, ӕппындӕр ыл нӕ дызӕрдыг кӕнынц. Цымӕ йыл мах дӕр афтӕ хъуамӕ ма ӕууӕндӕм? Ӕууӕндгӕ та йыл уымӕн хъуамӕ кӕнӕм, ӕмӕ цагъарӕн йӕхи хъуыддӕгтӕй дӕр зыны, цы куыст ын бахӕс кодтой, уый ӕнӕзӕрдӕхудтӕй кӕй аразы. Зӕгъӕм, журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» мыхуыры цӕуы 130 азы бӕрц. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты фембӕлдтӕ ӕмӕ нын конгресстӕ ӕдзух нӕ уырнындзинад фидар кӕнынц.

12 Ӕууӕнкджын цагъар ма у зондджын дӕр. Уый бӕрӕг кӕны, Йегъовӕйы разӕй кӕй ницы аразы, стӕй йын Хуыцау бӕлвырдӕй цыдӕр куы бамбарын кӕны, уӕд йӕ сӕххӕст кӕнынмӕ фӕстӕ дӕр нӕ фӕлӕууы. Зӕгъӕм, ацы дунейы адӕм хиуарзон ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕй кӕнынц, уымӕ мӕнг динты разамонджытӕ ӕнцад кӕсынц кӕнӕ та уымӕй разы сты. Цагъар та ӕппынӕдзух фӕдзӕхсы Сайтаны дунейы къӕппӕджытӕй. Цагъар афоныл зондджын уынаффӕтӕ фӕдӕтты, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ Хуыцау ӕмӕ Йесо Чырысти арфӕ кӕнынц. Уӕдӕ цагъар уый аккаг у ӕмӕ йыл мах дӕр ӕууӕндӕм, ӕппындӕр ыл ма дызӕрдыг кӕнӕм. Нӕ бон куыд у равдисын, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл кӕй ӕууӕндӕм, уый?

Сӕрстытимӕ Уӕрыччы фӕдыл цу

13. Захарийы пехуымпарадӕй куыд зыны, афтӕмӕй нӕ бон куыд у равдисын, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл кӕй ӕууӕндӕм?

13 Захарийы чиныджы дзырд цӕуы, зӕгъгӕ, «дӕс адӕймаджы» иудейагмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Мах дӕр уемӕ цӕуӕм». (Бакӕс Захарийы 8:23.) Иудейаг лӕгӕн афтӕ кӕй загътой, «уемӕ цӕуӕм» зӕгъгӕ, уый амоны, иу нӕ, фӕлӕ къорд кӕй сты. Нӕ рӕстӕджы уый амоны, сӕрст чырыстӕттӕй ма зӕххыл чи ис, уыдонмӕ – «Хуыцауы Израилмӕ» (Гал. 6:16). «Алы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмтӕй дӕс адӕймаджы» та амонынц тынг бирӕ адӕммӕ ӕндӕр фыстӕй. Сӕрст чырыстӕттӕ Йесойы фӕдыл ӕдзух куыд цӕуынц, раст афтӕ тынг бирӕ адӕм дӕр цӕуынц ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъаримӕ. Тынг бирӕ адӕм хъуамӕ ’фсӕрмы ма кӕной, «уӕларвмӕ хуынд чи у, уыдоны» ӕмбӕлттӕ кӕй сты, уымӕй (Дзут. 3:1). Йесомӕ худинаг нӕ кӕсы, сӕрстыты йе ’фсымӕртӕ кӕй хоны, уый (Дзут. 2:11).

14. Чырыстийы ӕфсымӕртӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн?

14 Йесо Чырысти загъта, зӕгъгӕ мын ме ’фсымӕртӕн чи баххуыс кӕны, уый мӕнӕн баххуыс кӕны. (Бакӕс Матфейы 25:40.) Цымӕ зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон Чырыстийы сӕрст ӕфсымӕртӕн куыд ӕххуыс кӕнынц? Сӕйраджыдӕр сын ӕххуыс кӕнынц Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаджы (Матф. 24:14; Иоан. 14:12). Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ зӕххыл сӕрст чырыстӕтты нымӕц къаддӕр кӕны, ӕндӕр фысты нымӕц та – фылдӕр. Зӕххон ныфс кӕмӕн ис, уыдон уацамынды куы фӕцӕуынц, гӕнӕн уӕвгӕйӕ та ӕххӕстрӕстӕг лӕггадгӕнджытӕ куы вӕййынц, уӕд сӕрст чырыстӕттӕн феххуыс кӕнынц ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕныны хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнынӕн (Матф. 28:19, 20). Уыдоны ма нӕ рох кӕны ацы хъуыддагӕн ӕхцайӕ дӕр ӕмӕ ӕндӕр хуызы дӕр ӕххуыс кӕнын.

15. Чырыстӕттӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсой, цагъар афоныл цы хӕринаг ратты ӕмӕ ӕмбырды хъуыддӕгты цы фӕивы, уымӕ?

15 Махӕй алчидӕр цы цӕстӕй кӕсы, ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъар афоныл цы хӕринаг дӕтты, уымӕ – нӕ литературӕйы цы бакӕсӕм ӕмӕ нӕ фембӕлдты цы фехъусӕм, уымӕ? Цы базонӕм, уымӕй бузныг вӕййӕм ӕмӕ дзы царды ӕнӕзивӕгӕй фӕпайда кӕнӕм? Цагъар ӕмбырды хъуыддӕгты исты куы фӕивы, уӕд уымӕ цы цӕстӕй фӕкӕсӕм? Сӕ амындтӕм сын зӕрдиагӕй кӕй хъусӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕ разамынд кӕй уылты дӕтты, уыдоныл кӕй ӕууӕндӕм (Иак. 3:17).

16. Не ’ппӕт дӕр Чырыстийы ӕфсымӕртӕм цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

16 «Мӕ фыстӕ хъусынц мӕ хъӕлӕсмӕ,– загъта Йесо,– ӕмӕ сӕ ӕз зонын, ӕмӕ уыдон цӕуынц мӕ фӕдыл» (Иоан. 10:27). Сӕрст чырыстӕттӕ раст афтӕ кӕнынц. Семӕ чи цӕуы, уыцы ӕндӕр фыстӕй та цы зӕгъӕн ис? Уыдон дӕр хъуамӕ хъусой Йесомӕ, стӕй ма йе ’фсымӕртӕм дӕр. Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау сӕйраджыдӕр сӕрст чырыстӕттӕн бабар кодта йӕ адӕмӕн разамынд дӕттын ӕмӕ сын сӕ уырнындзинад фидар кӕнын. Цы нысан кӕны Чырыстийы ’фсымӕрты «хъӕлӕсмӕ» хъусын?

17. Цы нысан кӕны цагъармӕ хъусын?

17 Абон ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары номӕй архайы Разамонӕг совет. Уыцы Совет разамынд дӕтты ӕмӕ йӕ хъус дары Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддагмӕ ӕгас зӕххыл дӕр. Разамонӕг советы уӕнгтӕ сты фӕлтӕрдджын сӕрст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Растдӕр ацы хистӕр нӕлгоймӕгты ис схонӕн, «разамынд нын чи дӕтты», уыдон (Дзут. 13:7). Уыцы сӕрст цӕстдарджытӕ «ӕдзухдӕр бирӕ фыдӕбон кӕнынц Хицауы хъуыддаджы», уымӕн ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр сӕ бӕрны ис иу-7 милуан хъусынгӕнӕджы ӕмӕ сты 100 мин ӕмбырдӕй фылдӕры (1 Кор. 15:58). Цагъармӕ хъусын нысан кӕны Разамонӕг советимӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй архайын.

Арфӕгонд сты, цагъармӕ чи хъусы, уыдон

18, 19. а) Ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъармӕ чи хъусы, уыдон арфӕгонд куыд ӕрцӕудзысты? ӕ) Нӕ фидар фӕнд цы хъуамӕ уа?

18 Йесо ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары куы снысан кодта, уӕдӕй фӕстӕмӕ уый «бирӕты рӕстдзинадмӕ» ӕркодта (Дан. 12:3). Уыдонмӕ хауынц, ацы фыддуне куы сӕфа, уӕд чи фервӕздзӕн, уыцы адӕм дӕр. Уӕдӕ цӕй стыр арфӕдзинад у, Хуыцауы цӕсты рӕстгӕнӕгыл нымад ӕрцӕуай, уый!

19 Фидӕны «уӕларвӕй, Хуыцауӕй... сыгъдӕг сахар – Ног Иерусалим [хауы йӕм 144 мины] – йӕ мойагӕн чындзау рӕсугъд арӕзтӕй» ӕрцӕудзӕн. Уыцы рӕстӕг цавӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзысты, цагъары «хъӕлӕсмӕ» чи хъуыста, уыдон? Библи дзуры: «Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ. Ӕмӕ сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Рарг. 21:2–4). Цӕй уӕдӕ хъусӕм Чырыстимӕ ӕмӕ йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕм, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, уыдонмӕ.

Цы базыдтай?

• Цӕмӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъарыл кӕй ӕууӕнды?

• Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо Чырысти цагъарыл тынг кӕй ӕууӕнды?

• Ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕгыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм?

• Цагъарыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Зоныс ӕй, Йегъовӕ йӕ Фыртӕн «усагӕй» кӕй равзӕрста?

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Йесо Чырысти ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары бар бакодта йӕ исбон

[Ныв 27 фарсыл]

Хъусын кӕнгӕйӕ мах ӕххуыс кӕнӕм сӕрст чырыстӕттӕн