Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм, уымӕн фондз аххосаджы

Адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсӕм, уымӕн фондз аххосаджы

ИУ ЛӔППУ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ куы аныхас кодта, уӕд ӕм афтӕ фӕкаст, цыма йӕ цӕстытӕ байгом сты. Бирӕ азты дӕргъы йын иу фарста ӕнцой нӕ лӕвӕрдта: Хуыцау адӕмы зындзинӕдтӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы? Ӕмӕ йын ныр Библийӕ дзуапп базыдта. Уый ӕнхъӕл нӕ уыд, Библийы ахӕм диссаджы хабӕрттӕ фыст кӕй ис.

Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ куы ацыдысты, уымӕй цалдӕр минуты фӕстӕ йӕм балӕбурдта, кӕй хӕдзары цард, уыцы сылгоймаг ӕмӕ йӕ мӕстыйӕ бафарста: «Уыдон та дын чи уыдысты?»

Фыртыхстӕй лӕппуйӕн йӕ бон ницыуал сси зӕгъын.

Уӕд сылгоймаг ныхъхъӕр кодта: «Ӕз ӕй зонын, чи уыдысты, уый. Искуы ма сӕ ам куы фенон, уӕд-иу дӕхицӕн ӕндӕр искуы бынат агур!»

Дуар ныггуыпп кодта ӕмӕ ацыд.

Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ зонынц, кӕй сӕ ӕфхӕрдзысты, уый

Ахӕм хабӕрттӕ арӕх вӕййы. Хуыцауы Ныхас Библийы фыст ис: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕййафдзысты ӕфхӕрд» (2 Тимофеймӕ 3:12). Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты никуы уарзтой. Цӕуылнӕ? Апостол Иоанн йе ’мчырыстӕттӕн загъта: «Зонӕм ӕй: мах стӕм Хуыцауӕй, ӕгас дуне та ис Фыдбылызы къухы». Хӕйрӕджы тыххӕй ма Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра», уыдоны (1 Иоанны 5:19; 1 Петры 5:8). Хӕйрӕг бирӕ мадзӕлттӕй пайда кӕны, цӕмӕй адӕмы фӕрӕдийын кӕна, ӕмӕ уыдонӕй иу у адӕмӕй тӕрсын.

Кӕд Йесо Чырысти хорздзинад йеддӕмӕ ницы арӕзта ӕмӕ рӕдийгӕ дӕр ницӕмӕй фӕкодта, уӕддӕр ыл худтысты ӕмӕ йӕ ӕфхӕрдтой. Чырысти загъта: «Ницы сын кодтон, афтӕмӕй мӕ се сӕфт федтой» (Иоанны 15:25). Йӕ мӕлӕты размӕ ’хсӕв йӕ фӕдылдзӕуджыты фӕдзӕхста: «Кӕд уӕ ацы дуне йе сӕфт уыны, уӕд ӕй зонут, сымахӕй раздӕр мӕнӕй кӕй федта йе сӕфт. Цы уын загътон, уый уӕ зӕрдыл дарут: цагъар йӕ хицауӕй уӕлдӕр нӕу. Кӕд мӕн ӕфхӕрдтой, уӕд сымах дӕр ӕфхӕрдзысты» (Иоанны 15:18, 20).

Йесо афтӕ кӕй загъта, уый тыххӕй бирӕтӕ тарстысты раст дины фарс слӕууын. Иухатт Чырыстийы чи агуырдта, уыдоны тыххӕй Библийы фыст ис: «Йесойы тыххӕй ӕргом дзурын ничи уӕндыд, уымӕн ӕмӕ дзуттӕгтӕй тарстысты» (Иоанны 7:13; 12:42). Чырыстийыл чи ӕууӕндыд, уыдонмӕ дины разамонджытӕ ӕртхъирӕн кодтой, ӕмбырдгӕнӕнтӕй сӕ кӕй асурдзысты. Адӕмӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй бирӕтӕ чырыстон дин нӕ райстой (Хъуыддӕгтӕ 5:13).

Фӕстӕдӕр чырыстон ӕмбырдтӕ куы фӕзынд, уӕд Иерусалимы чырыстӕтты «карзӕй ӕфхӕрын» райдыдтой (Хъуыддӕгтӕ 8:1). Сӕ ныхмӕ цыдысты ӕнӕхъӕн Ромы паддзахады. Ромы зындгонд цӕрджытӕ апостол Павелӕн загътой: «Куыд зонӕм, афтӕмӕй алы ран дӕр дзурынц ацы сектӕйы ныхмӕ» (Хъуыддӕгтӕ 28:22). Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджыты ныхмӕ алы ран дӕр цыдысты.

Абон дӕр Хӕйрӕг архайы, цӕмӕй адӕмы зӕрдӕты тас бауадза ӕмӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ма суой. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы фефхӕрынц сӕ сыхӕгтӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ, стӕй скъолайы ӕмӕ куысты дӕр. Чи зоны, Библи чи ахуыр кӕны, уыдон тӕрсынц, адӕм сын куы нал аргъ кӕной, се ’мгӕрттӕ сӕ куы ныууадзой кӕнӕ сын сӕ бинонтӕ куы нал ӕххуыс кӕной. Фӕлӕ уӕддӕр бирӕтӕ сфӕнд кодтой Чырыстийау сӕ зӕрдӕ Хуыцауыл дарын ӕмӕ йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын. Ӕмӕ сын уый тыххӕй Йегъовӕ дӕр арфӕ кӕны.

Цӕмӕн хъӕуы, адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй тӕрсын?

Библийы фыст ис, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм, фӕлӕ Хуыцауӕй: «Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн» (Псалом 111:10). Ам ныхас ууыл нӕ цӕуы, цӕмӕй не Сфӕлдисӕг Хуыцауӕй ӕмризӕджы ризӕм, фӕлӕ цӕмӕй йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй тӕрсӕм. Ахӕм тас ӕнгом баст у уарзондзинадимӕ. Адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй тӕрсын цӕмӕн хъӕуы? Ӕркӕсӕм фондз хъуыддагмӕ.

1 Йегъовӕ у Дунесфӕлдисӕг Хуыцау. Йегъовӕмӕ цы тых ис, ахӕм тых иу адӕймагмӕ дӕр нӕй. Дунесфӕлдисӕг Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд не ’фсӕрмы кӕндзыстӕм, йӕ лӕггадгӕнджытӕ кӕй стӕм, уымӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ цӕсты «адӕмтӕ сты ведрайӕ иу ӕртахы хуызӕн» (Исай 40:15). Хуыцауы тыхӕн ӕмбал кӕй нӕй, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у фехалын, йӕ адӕмы ныхмӕ цыдӕриддӕр хӕцӕнгарз арӕзт ма уа, уый (Исай 54:17). Ӕнусон царды аккаг чи уыдзӕн, уый Хуыцауӕй аразгӕ у. Уымӕ гӕсгӕ раст уаид, куы архаиккам, цӕмӕй нӕ мацы бахъыгдара Хуыцауы тыххӕй базонын ӕмӕ йын йӕ фӕнд ӕххӕст кӕнын (Раргомад 14:6, 7).

2 Хуыцау нын ӕххуыс кӕндзӕн ӕмӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн. Библийы, Ӕмбисӕндты 29:25 фыст ис: «Адӕмӕй тӕрсын къӕппӕгӕй уӕлдай нӕу, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дары, уымӕн та тӕссаг ницӕмӕй уыдзӕн». Ахӕм тас къӕппӕг уымӕн у, ӕмӕ уӕд адӕймаг ӕргом нал фӕдзуры, Хуыцауӕн кӕй лӕггад кӕны, уый. Хуыцау нын зӕрдӕ ’вӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн. Алырдӕм ма ракӕс-бакӕс кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн дӕ Хуыцау. Ӕз дӕ бафидар кӕндзынӕн. Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз дыл фидар хӕцдзынӕн рӕстдзинады рахиз къухӕй» (Исай 41:10).

3 Хуыцау уарзы, чи йӕ уарзы, уыдоны. Апостол Павел ныффыста зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ: «Ӕз ӕй фидарӕй зонын: нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр цард, нӕдӕр зӕдтӕ, нӕдӕр хицауӕдтӕ, нӕдӕр, ныртӕккӕ цы ис ӕмӕ нӕдӕр, фидӕны цы уыдзӕн, уыдӕттӕ, нӕдӕр барджынтӕ, нӕдӕр, уӕлейӕ цы ис, уый, нӕдӕр, бынӕй цы ис, уый, ӕмӕ ма Хуыцау ноджыдӕр цы сфӕлдыста, уыдонӕй дӕр нӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн, Хуыцау нӕм нӕ Хицау Йесо Чырыстийы фӕрцы цы уарзондзинад равдыста, уымӕй» (Ромӕгтӕм 8:37–39). Хуыцауыл нӕ ныфс дарын ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын куы сахуыр уӕм, уӕд бамбардзыстӕм, Дунедарӕг Хуыцау нӕ куыд тынг уарзы, уый. Цӕй стыр кад у, уый!

4 Хуыцау нын цыдӕриддӕр радта, уымӕн аргъ кӕнӕм. Йегъовӕ у не Сфӕлдисӕг, цард уый фӕрцы ис. Стӕй нын радта, царды нӕ ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма сарӕзта, нӕ зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕны ӕмӕ нӕ дисы чи ’фтауы, ахӕм хъуыддӕгтӕ. Ӕппӕт хорздзинӕдтӕ дӕр Хуыцауӕй цӕуынц (Иаковы 1:17). Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнӕг Давид аргъ кодта йе Сфӕлдисӕджы ӕнувыд уарзтӕн. Уый ныффыста: «Бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзтай, О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, бирӕ сты дӕ диссаджы хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ дӕм бирӕ хъуыдытӕ ис мах тыххӕй... Уыйбӕрц сты, ӕмӕ сӕ мӕ бон банымайын нӕ бауыдзӕн» (Псалом 40:5).

5 Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон, гӕнӕн ис, аивой. Хуыцауӕй куы тӕрсай ӕмӕ йӕ куы уарзай, уӕд баххуыс кӕндзынӕ, дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн. Зӕгъӕм, Чырыстийыл йӕ хӕстӕджытӕ фыццаг не ’ууӕндыдысты ӕмӕ дзырдтой, «йӕ сӕрызонд фӕцыди», зӕгъгӕ (Марчы 3:21; Иоанны 7:5). Фӕлӕ фӕстӕдӕр, Йесо куы амард ӕмӕ куы райгас, уӕд ыл йӕ хӕстӕджытӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты. Йе ’фсымӕртӕ Иаков ӕмӕ Иудӕ Библийӕ кӕцыдӕр хӕйттӕ дӕр ныффыстой. Савл дӕр раздӕр чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрдта, фӕлӕ фӕстӕдӕр сси апостол Павел. Хуыцауыл фидарӕй куы ’ууӕндӕм, уӕд нӕ чи ’фхӕры, уыдонӕй дӕр иуӕй-иутӕ, чи зоны, бамбарой, Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ кӕй стӕм (1 Тимофеймӕ 1:13).

Африкӕйӕ иу сылгоймаг, Абераш, зӕгъгӕ, Хуыцаумӕ куывта, цӕмӕй йӕ хуыздӕр базона. Фӕстӕдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ бинонтӕ ӕмӕ дины разамонджытӕ йӕ ныхмӕ рацыдысты. Йӕ хӕстӕджытӕй дӕр чидӕртӕ райдыдтой Библи ахуыр кӕнын, фӕлӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд фӕтарстысты ӕмӕ сӕ ахуыр ныууагътой. Фӕлӕ Абераш куывта Хуыцаумӕ, цӕмӕй йын тыхтӕ ӕмӕ ныфс радта ӕмӕ фӕстӕдӕр сси Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Йӕ хӕстӕджытӕ та цы баисты? Афтӕ фидар кӕй разынд, уый йӕ хӕстӕджыты ныфс бауагъта ӕмӕ астӕй ногӕй Библи ахуыр кӕнын райдыдтой.

Дӕ бон у, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсай

Цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсай, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы ноджы тынгдӕр уарзай. Уый тыххӕй хъӕуы Библи ахуыр кӕнын ӕмӕ дзы цы фыст ис, ууыл хъуыды кӕнын, зӕгъӕм, Дзуттӕгтӕм 13:6 стихыл: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?» Рох дӕ ма уӕд, адӕмӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй тӕрсын раст ӕмӕ зондджын ми цӕмӕн у, уый.

Дӕ зӕрдыл дар, Библийӕ цы базоныс, уымӕ гӕсгӕ куы цӕрай, уӕд дын уый стыр пайда кӕй хӕсдзӕн. Бирӕ ахсджиаг фарстатӕн базондзынӕ дзуапп ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн зындзинӕдты сӕрты хизын. Кӕд абон уӕззау рӕстӕг цӕрӕм, уӕддӕр дын фидӕнӕй диссаджы ныфс фӕзындзӕн. Уымӕй уӕлдай ма дӕ бон уыдзӕн Дунесфӕлдисӕг Хуыцаумӕ кӕдфӕнды дӕр кувын.

Апостол Иоанн загъта: «Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ фӕивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоанны 2:17). Ныр хъӕуы фидар лӕууын ӕмӕ Хуыцауӕй тӕрсын. Адӕмӕй тӕрсыны бӕсты, Хуыцауы ныхасмӕ хъус: «Зондджын у, мӕ хъӕбул, ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ рухс кӕн, цӕмӕй мӕ бон уа, фидистӕ мын чи кӕны, уымӕн дзуапп дӕттын» (Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Цӕй стыр кад у Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын.

Фидарӕй зон, иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу, Хуыцау нын цы ратдзӕн, уый раттын: «Сӕрныллӕг чи у ӕмӕ Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, уый ссардзӕн хъӕздыгдзинад, кад ӕмӕ цард» (Ӕмбисӕндтӕ 22:4).

[Ныв 23 фарсыл]

Абераш фидар кӕй разынд, уый йӕ хӕстӕджыты ныфс бауагъта ӕмӕ астӕй ногӕй Библи ахуыр кӕнынц