Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ хӕрзиуӕгмӕ кӕс

Дӕ хӕрзиуӕгмӕ кӕс

Дӕ хӕрзиуӕгмӕ кӕс

«Ӕз тырнын мӕ нысанмӕ, цӕмӕй райсон... хӕрзиуӕг» (ФИЛ. 3:14).

1. Цавӕр хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ каст апостол Павел?

АПОСТОЛ Павел, зыдтой ма йӕ Савлӕй дӕр, уыд кадджын бинонтӕй. Йӕ фыдӕлты ӕгъдӕуттыл ӕй ахуыр кодта зындгонд закъонамонӕг Гамалиил (Ап. хъ. 22:3). Бирӕтӕ хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, Павелы къухы бафтдзӕн стыр ӕнтыстытӕ, фӕлӕ уый йӕ дин ныууагъта ӕмӕ сси чырыстон. Уыцы бонӕй уый ӕнхъӕлмӕ кӕсын райдыдта йӕ фидӕны хӕрзиуӕгмӕ – ӕнусон цардмӕ ӕмӕ Хуыцауы уӕларвон Паддзахады ӕнӕмӕлгӕ паддзах ӕмӕ сауджын куы суа, уымӕ. Уыцы Паддзахад та разамынд дӕтдзӕн дзӕнӕтон зӕххӕн (Матф. 6:10; Рарг. 7:4; 20:6).

2, 3. Павел уӕлӕрвты цӕрыны хӕрзиуӕгӕн стыр аргъ кӕй кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

2 Павел уыцы хӕрзиуӕгӕн стыр аргъ кӕй кодта, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй: «Царды хорзӕй цы ссардтон, уыдон Чырыстийы тыххӕй ныууагътон. О, ӕз ӕппӕт дӕр банымадтон ницӕуыл, уымӕн ӕмӕ ссардтон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр цы у, уый – ӕз базыдтон мӕ Хицау Йесо Чырыстийы. Уый тыххӕй ӕз алцыдӕр ныууагътон ӕмӕ сӕ нымайын быроныл» (Фил. 3:7, 8). Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый Павел бӕлвырд куы базыдта, уӕд быроныл банымадта, адӕмӕн сӕ фылдӕр тынг цӕмӕн аргъ кӕнынц, уый – хорз ном, хъӕздыгдзинад, стыр бынат.

3 Уӕдӕй фӕстӕмӕ Павелӕн ӕппӕты ахсджиагдӕр уыдысты зонындзинӕдтӕ Йегъовӕ ӕмӕ Чырыстийы тыххӕй. Йесо дӕр Хуыцаумӕ кувгӕйӕ уыцы зонындзинӕдты кой кодта: «Ӕнусон цард та уымӕй кӕнгӕ у, цӕмӕй базоной дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ ды кӕй рарвыстай, уыцы Йесо Чырыстийы» (Иоан. 17:3). Павел ӕнусон цардмӕ тынг кӕй бӕллыд, уый бӕрӕг у йӕ ныхӕстӕй Филиппӕгтӕм 3:14: «Ӕз тырнын мӕ нысанмӕ, цӕмӕй райсон, Хуыцау мӕ Йесо Чырыстийы фӕрцы кӕмӕ ӕрхуыдта, уыцы хӕрзиуӕг – уӕларвон цард». Ӕцӕгдӕр, уый каст йӕ хӕрзиуӕгмӕ – ӕнустӕм уӕлӕрвты кӕй цӕрдзӕн ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады хицӕуттӕй иу кӕй уыдзӕн, уымӕ.

Ӕнусон цард зӕххыл

4, 5. Цавӕр хӕрзиуӕг ӕнхъӕлмӕ кӕсы, абон Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы милуангай адӕммӕ?

4 Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын чи равзӕрста, уыдонӕй сӕ фылдӕрӕн сӕ хӕрзиуӕг уыдзӕн ӕнусон цард Хуыцауы ног дунейы. Ӕмӕ уыцы хъуыддаг та уый аргъ у, цӕмӕй ӕппӕт тыхтӕй архайой (Пс. 37:11, 29). Йесо фидарӕй загъта, уыцы ныфсыл ӕууӕндӕн кӕй ис: «Амондджын сты, фӕлмӕн удыхъӕды хицау чи у, уыдон, уымӕн ӕмӕ зӕхх уыдоны уыдзӕн» (Матф. 5:5). Псаломы 2:8 куыд зыны, афтӕмӕй Йесо йӕхӕдӕг у зӕххы сӕйраг бындар ӕмӕ ма йын уӕлӕрвты уыдзӕн 144 мин ӕмпаддзахы (Дан. 7:13, 14, 22, 27). Ӕндӕр фыстӕ та цӕрдзысты зӕххыл, ома «бынӕн райсдзысты», «дунейы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сын цӕттӕ чи у», Паддзахады уыцы зӕххон арӕнтӕ (Матф. 25:34, 46). Уыцы хабӕрттӕ иууылдӕр ӕнӕмӕнг сӕххӕст уыдзысты, уымӕн ӕмӕ нын зӕрдӕ чи бавӕрдта, уыцы Хуыцауӕн «йӕ бон сайын... нӕу» (Тит. 1:2). Хуыцау йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл мах дӕр Йесо Навинау ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм. Уый израилӕгтӕн загъта: «Сымах иттӕг хорз зонут, уӕ Хуыцау Йегъовӕ уын цы хорз ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иу дӕр кӕй нӕ фӕмӕнг. Иууылдӕр сӕххӕст сты. Иу дӕр дзы нӕ фӕмӕнг» (Йес. Н. 23:14).

5 Хуыцауы ног дунейы абоны хуызӕн цард нӕ уыдзӕн. Хӕстытӕн, фыдракӕндтӕн, мӕгуырдзинадӕн, ӕнӕрастдзинадӕн, низтӕн ӕмӕ мӕлӕтӕн сӕ кой дӕр нал уыдзӕн. Зӕхх дзӕнӕт суыдзӕн ӕмӕ йыл адӕм ӕнӕнизӕй цӕрдзысты. Уый уыдзӕн, адӕймаг йӕ фыны дӕр кӕй нӕ федта, ахӕм цард. Алы бон дӕр нын хӕсдзӕн стыр циндзинад. Цӕй диссаджы хӕрзиуӕг у, уый!

6, 7. а) Йесо куыд равдыста, Хуыцауы ног дунейы цавӕр диссӕгтӕ сараздзӕн, уый? ӕ) Мӕрдтӕ ногӕй цӕрын куыд райдайдзысты?

6 Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд ӕй Хуыцау схайджын кодта йӕ сыгъдӕг удӕй, цӕмӕй равдыстаид, цавӕр диссаджы хабӕрттӕ ӕрцӕудзӕн ног дунейы ӕгас зӕххыл дӕр. Зӕгъӕм, 38 азы параличӕй рынчын чи уыд, ахӕм нӕлгоймагӕн Йесо загъта, цӕмӕй сыста ӕмӕ цӕуа. Библийы фыст ис, уыцы лӕг ӕцӕгдӕр кӕй сыстад ӕмӕ цӕуын кӕй райдыдта. (Бакӕс Иоанны 5:5–9.) Иннӕ хатт та Йесо фембӕлд «куырмӕй чи райгуырд, ахӕм адӕймагыл» ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кодта. Фӕстӕдӕр уыцы лӕджы куы бафарстой, чи дӕ сдзӕбӕх кодта, зӕгъгӕ, уӕд сын загъта: «Рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр ахӕм хабар ничи фехъуыста, ӕмӕ, куырмӕй чи райгуырд, ахӕм адӕймаджы исчи цӕстӕй ракӕсын кӕна. Уыцы адӕймаг Хуыцауӕй куы нӕ уаид, уӕд йӕ бон ӕппындӕр ницы уаид аразын» (Иоан. 9:1, 6, 7, 32, 33). Йесо уыцы хъуыддӕгтӕ кодта, Хуыцау ын хъару кӕй лӕвӕрдта, уый фӕрцы. Ӕмӕ-иу Йесо кӕдӕмфӕнды ма ацыдаид, алы ран дӕр-иу «дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыд, уыдоны дзӕбӕх кодта» (Лук. 9:11).

7 Йесо ӕрмӕст рынчын ӕмӕ сахъат адӕмы нӕ дзӕбӕх кодта, фӕлӕ ма мӕрдты дӕр ӕгас кодта. Зӕгъӕм, иухатт иу 12-аздзыд чызг амард ӕмӕ йӕ ныййарджытӕ тынг хъыг кодтой. Йесо уый куы федта, уӕд загъта: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст!» Ӕмӕ чызг дӕр сыстад! Ахъуыды-ма кӕн, куыд фӕуыдаиккой йӕ ныййарджытӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр, чызджы удӕгасӕй куы федтой, уӕд. (Бакӕс Марчы 5:38–42.) Хуыцауы ног дунейы «рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» миллиардгӕйттӕй куы ӕгас кӕной, уӕд адӕм «фырцинӕй цы кӕной, уый нал зондзысты» (Ап. хъ. 24:15; Иоан. 5:28, 29). Чи райгас уа, уыдон та ногӕй цӕрын райдайдзысты ӕмӕ сын суанг ӕнусон царды ныфс дӕр уыдзӕн.

8, 9. а) Адамӕй нӕ туджы цы тӕригъӕд рахастам, уый Чырыстийы Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы цы фӕуыдзӕн? ӕ) Мӕрдтӕй чи райгас уа, уыдон цӕмӕ гӕсгӕ цӕудзысты тӕрхонгонд?

8 Мӕрдтӕ уый тыххӕй нӕ райгас уыдзысты, цӕмӕй та ногӕй амӕлой. Чи райгас уа, уыдоны нал хъӕудзӕн дзуапп дӕттын, сӕ мӕлӕты размӕ цы тӕригъӕдтӕ сарӕзтой, уыдоны тыххӕй (Ром. 6:7). Чырысти йӕ Миназон хицауиуӕгады рӕстӕджы пайда кӕндзӕн йӕ нывонды аргъӕй, цӕмӕй коммӕгӕс адӕмы ӕххӕстдзинадмӕ ӕркӕна ӕмӕ сӕ ӕппынфӕстаг Адамы тӕригъӕдӕй бынтондӕр ссӕрибар кӕна (Ром. 8:21). Йегъовӕ «мӕлӕт ӕнустӕм фесафдзӕн, ӕмӕ Иунӕг Кадджын Хуыцау Йегъовӕ ныссӕрфдзӕн цӕссыгтӕ се ’ппӕт цӕсгӕмттӕй дӕр» (Ис. 25:8). Хуыцауы Ныхасы ма дзырдӕуы, зӕгъгӕ, «тыхтӕттӕ байгом уыдзысты», ома уӕд чи цӕра, уыдон ног зонындзинӕдтӕ райсдзысты (Рарг. 20:12). Зӕхх дзӕнӕт куы суа, уӕд йӕ цӕрджытӕ сахуыр уыдзысты рӕстдзинадыл (Ис. 26:9).

9 Чи райгас уа, уыдон тӕрхонгонд цӕудзысты, Адамӕй цы тӕригъӕд рахастой, уымӕ гӕсгӕ нӕ, фӕлӕ цы аразой, уымӕ гӕсгӕ. Раргомады 20:12 фыст ис, зӕгъгӕ, «мӕрдтӕ тӕрхонгонд цыдысты, тыхтоны сӕ кӕмӕн цы хъуыддӕгтӕ уыд фыст, уыдонмӕ гӕсгӕ», ома куы райгас сты, уый фӕстӕ цы арӕзтой, уымӕ гӕсгӕ. Цӕй диссаджы цӕвиттон у, Йегъовӕ рӕстаг, тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у! Уымӕй уӕлдай ма, «хъуыды дӕр нал ӕркӕндзысты ӕмӕ сӕ зӕрдыл дӕр нал ӕрлӕудзысты», ацы зӕронд дунейы сын сӕ зӕрдӕ чи риссын кодта, уыцы хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ (Ис. 65:17). Адӕм бонӕй-бонмӕ сӕ зонындзинӕдтӕ кӕй фылдӕр кӕндзысты ӕмӕ сӕ цард хорздзинӕдтӕй йедзаг кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ сӕ сӕ ивгъуыд царды хабӕрттӕ сагъӕсты нал ӕфтаудзысты. Уыцы ӕвзӕр хабӕрттӕ сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нал уыдзысты, ферох сӕ кӕндзысты (Рарг. 21:4). Афтӕ уыдзӕн сӕ хабар, Армагеддоны чи фервӕза, уыцы «тынг бирӕ адӕмӕн» дӕр (Рарг. 7:9, 10, 14).

10. а) Цавӕр цард уыдзӕн ног дунейы? ӕ) Дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ хӕрзиуӕгмӕ кӕсай?

10 Хуыцауы ног дунейы адӕм нал дӕр рынчын кӕндзысты, нал дӕр мӕлгӕ. «Иу адӕймаг дӕр нал зӕгъдзӕн: „Ӕз рынчын дӕн“» (Ис. 33:24). Фӕстагмӕ, ног зӕххы цӕрджытӕ алы райсом дӕр куы хъал кӕной, уӕд сӕхи ӕнӕниздӕр хатдзысты ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты, уыцы бон сын цы хорздзинад ӕрхӕсдзӕн, уымӕ. Сӕ куыстӕй сӕ зӕрдӕ райдзӕн, сӕ алыварс та уыдзӕн зӕрдӕхӕлар адӕм. Ахӕм цард ӕцӕгдӕр диссаджы лӕвар у! Дӕ хорзӕхӕй, дӕ Библи ма бакӕн ӕмӕ бакӕс Исайы 33:24 ӕмӕ 35:5–7 пехуымпарӕдтӕ. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цыма уым дӕ. Уый дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ хӕрзиуӕгмӕ кӕсай.

Сӕ хӕрзиуӕг нал уыдтой

11. Радзур, Соломон райдианы хорз паддзах кӕй уыд, уый тыххӕй.

11 Хӕрзиуӕджы тыххӕй базонгӕйӕ, хъуамӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цӕмӕй йӕ алкӕддӕр уынӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ фесафӕн дӕр ис. Зӕгъӕм, рагон Израилы паддзах Соломон куы сси, уӕд Хуыцауӕй сӕрныллӕгӕй куырдта ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд, цӕмӕй йӕ бон уыдаид Хуыцауы адӕмӕн раст тӕрхон кӕнын. (Бакӕс 1 Паддзахӕдты 3:6–12.) Ӕмӕ Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй «Хуыцау Соломонӕн лӕвӕрдта зонд ӕмӕ арф ӕмбарындзинад». Ӕцӕгдӕр, «Соломоны зондӕн ӕмбал нӕ уыд нӕдӕр ӕгас скӕсӕйнаг адӕмы ’хсӕн, нӕдӕр ӕгас Египеты» (1 Пад. 4:29–32).

12. Израилы суинаг паддзӕхты Йегъовӕ цӕмӕй фӕдзӕхста?

12 Фӕлӕ Йегъовӕ раздӕр фӕдзӕхста, зӕгъгӕ, паддзах чи суа, уый йӕхицӕн «бирӕ бӕхтӕ» ӕмӕ «бирӕ устытӕ хъуамӕ ма скӕна, цӕмӕй йӕ зӕрдӕ ма адзӕгъӕл уа» (Дык. з. 17:14–17). Паддзах йӕ бӕхтӕ куы фылдӕр кодтаид, уӕд уымӕй равдыстаид, йӕ ныфс Йегъовӕйыл, Хъахъхъӕнӕгыл, кӕй не ’вӕры, фӕлӕ йе ’фсадыл. Бирӕ устытӕ курын та тӕссаг уымӕй уыдаид, ӕмӕ сӕ чидӕртӕ разындаид ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй, мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмӕй, ӕмӕ уӕд уыцы устытӕ паддзахы зӕрдӕ Йегъовӕйӕ аздӕхтаиккой.

13. Соломонӕн лӕвӕрд цы ’рцыд, уый куыд нал уыдта?

13 Соломон уыцы фӕдзӕхстытӕм нӕ байхъуыста ӕмӕ Йегъовӕ паддзӕхтӕн куыд дзырдта, афтӕ нӕ бакодта, фӕлӕ бынтон ӕндӕрхуызон. Йӕхицӕн ӕрӕмбырд кодта мингай бӕхтӕ ӕмӕ барджытӕ (1 Пад. 4:26). Соломонӕн ма уыди 700 усы ӕмӕ 300 номылусы,– бирӕтӕ дзы уыдысты мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕмӕй. Уыдон ын «йӕ зӕрдӕ ӕндӕр хуыцӕутты ’рдӕм аздӕхтой ӕмӕ йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй нал уыди Йегъовӕимӕ». Соломоны йӕ ӕндӕрбӕстаг устытӕ ӕлгъаг мӕнгхуыцӕуттӕн кувыныл бафтыдтой. Уымӕ гӕсгӕ йын Йегъовӕ загъта: «Дӕ паддзахад дын байсдзынӕн» (1 Пад. 11:1–6, 11).

14. Соломон ӕмӕ Израилы адӕм ӕгоммӕгӕс кӕй уыдысты, уый сӕ цӕмӕ ’ркодта?

14 Соломон нал аргъ кодта, ӕцӕг Хуыцауы минӕвар кӕй уыд, уыцы стыр кадӕн. Паддзах кувын райдыдта ӕрмӕстдӕр мӕнгхуыцӕуттӕн. Фӕстӕдӕр адӕм се ’ппӕт дӕр раст дин ныууагътой ӕмӕ сыл уымӕ гӕсгӕ н. э. размӕ 607 азы сау бон акодта. Кӕд дзуттӕгтӕ фӕстагмӕ раст динмӕ раздӕхтысты, уӕддӕр цалдӕр ӕнусы фӕстӕ Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыдонӕн». Хабар растдӕр афтӕ рауад. Йесо ма загъта: «Ныр уын уӕ хӕдзар ныууагъдӕуыдзӕн» (Матф. 21:43; 23:37, 38). Дзуттӕгтӕ иузӕрдион кӕй нӕ разындысты, уымӕ гӕсгӕ фесӕфтой, ӕцӕг Хуыцауы минӕвӕртӕ уой, уыцы стыр кад. Н. э. 70 азы ромаг ӕфсӕддонтӕ ныппырх кодтой Иерусалим ӕмӕ кувӕндон, израилӕгтӕй удӕгасӕй чи баззад, уыдоны та уацары акодтой.

15. Ӕрхӕсс, ахсджиаг цы у, уый чи нал уыдта, ахӕм адӕмы цӕвиттонтӕ.

15 Иудӕ Искариот уыди Йесойы 12 апостолӕй сӕ иу. Уый хъуыста, Йесо цӕуыл ахуыр кодта, уыдӕттӕ ӕмӕ уыдта, Хуыцауы сыгъдӕг уды фӕрцы цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон. Фӕлӕ Иудӕ йӕ зӕрдӕ нӕ хъахъхъӕдта. Йӕ бар ын бакодтой Йесо ӕмӕ апостолты ӕхцатӕ. «Фӕлӕ [уый] уыди давӕг: ӕхцайы къопп уымӕ уыди, ӕмӕ дзы цы ’хцатӕ ӕвӕрдтой, уыдонӕй-иу систа» (Иоан. 12:6). Фырзыдӕй цӕстмӕхъус хистӕр сауджынтимӕ баныхас кодта, Йесойы сын 30 ӕвзист ӕхцайыл кӕй ауӕй кӕндзӕн (Матф. 26:14–16). Йӕ хӕрзиуӕг чи нал уыдта, ӕндӕр ахӕм адӕймаг та уыди апостол Павелы ӕмкусӕг, Димас. Уый дӕр йӕ зӕрдӕ нӕ хъахъхъӕдта. Павел уый тыххӕй фыста: «Димас ацы дуне бауарзта, ӕмӕ мӕ ныууагъта» (2 Тим. 4:10; бакӕс Ӕмбисӕндты 4:23).

Зондзонӕн махӕй алкӕмӕн дӕр

16, 17. а) Нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уымӕ цавӕр хъару ис? ӕ) Цы нын баххуыс кӕндзӕн Сайтаны хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууынӕн?

16 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр хъуамӕ лӕмбынӕг ахъуыды кӕна, Библи кӕй кой кӕны, уыцы адӕмы цӕвиттонтыл, уымӕн ӕмӕ сыл «цы хабӕрттӕ... ӕрцыд, уыдон та сты цӕвиттонтӕ, ӕмӕ фыст ӕрцыдысты, цӕмӕй дзы мах, заманты кӕрон чи ӕрӕййӕфта, уыдон, нӕхицӕн зонд райсӕм» (1 Кор. 10:11). Мах та цӕрӕм ацы фыддунейы фӕстаг бонты (2 Тим. 3:1, 13).

17 Сайтан Хӕйрӕг, «ацы цардӕвӕрды хуыцау», зоны «рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад» (2 Кор. 4:4; Рарг. 12:12). Уый йӕ тых йӕ бонӕй архайдзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл йӕ лӕггадгӕнджытӕ сӕ зӕрдӕ сивой. Сайтаны къухы ис ацы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр, уыимӕ ма телеуынынад, радио, газеттӕ ӕмӕ Интернет. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ» (2 Кор. 4:7). Йегъовӕ нын цы хъару дӕтты, ууыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд Хӕйрӕджы хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕудзыстӕм. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕдзухдӕр кувӕм ӕмӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ кӕй «ратдзӕн сыгъдӕг уд, чи дзы куры, уыдонӕн» (Лук. 11:13).

18. Ацы дунемӕ цы зӕрдӕ хъуамӕ дарӕм?

18 Фидар нӕ кӕны, тагъд Сайтаны дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр кӕй фесӕфдзӕн, ӕцӕг чырыстӕттӕ та кӕй фервӕздзысты, уый. «Дуне ӕмӕ йӕ монцтӕ фӕивгъуыйынц, Хуыцауы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый та цӕрдзӕн ӕнустӕм» (1 Иоан. 2:17). Уымӕ гӕсгӕ раст нӕ уаид хъуыды кӕнын, зӕгъгӕ, ацы дунейы ис, Йегъовӕимӕ хӕларӕй цӕрынӕй зынаргъдӕр чи у, ахӕм цыдӕр. Сайтаны дуне абарӕн ис, дӕлдон кӕнын чи райдыдта, ахӕм науимӕ. Фӕлӕ Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн радта «ирвӕзынгӕнӕн бӕлӕгъ» – чырыстон ӕмбырд. Сӕ ных ног дунемӕ кӕй сарӕзтой, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй ӕууӕндынц ацы зӕрдӕвӕрдыл: «Фыдгӕнджытӕ фесӕфдзысты, йӕ ныфс Йегъовӕйыл чи дары, уыдон та зӕхх бынӕн райсдзысты» (Пс. 37:9). Уӕдӕ уыцы диссаджы хӕрзиуӕгмӕ алкӕддӕр кӕс!

Бахъуыды кодтай?

• Павел йӕ хӕрзиуӕгмӕ цы цӕстӕй каст?

• Ӕнустӕм зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон тӕрхонгонд цӕмӕ гӕсгӕ цӕудзысты?

• Ныр дӕ цы кӕнын хъӕуы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 12, 13 фарсыл]

Библи кӕсгӕйӕ дӕ хӕрзиуӕг уыныс?