Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Къӕрцхъус ут

Къӕрцхъус ут

Къӕрцхъус ут

«Тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон. ...Макуы уӕ рох кӕнӕд кувын» (1 ПЕТ. 4:7).

1. Йесо сӕйраджыдӕр адӕмӕн цӕй тыххӕй дзырдта?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ зӕххыл куы уыд, уӕд адӕмӕн сӕйраджыдӕр дзырдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Уыцы Паддзахады руаджы Йегъовӕ сбӕлвырд кӕндзӕн, Дун-дунейы хицау кӕй у, ӕмӕ йӕ ном срухс кӕндзӕн. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты ахуыр кодта Хуыцаумӕ кувын: «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад. Дӕ фӕндон уӕлӕрвты куыд ис, афтӕ уӕд зӕххыл дӕр» (Матф. 4:17; 6:9, 10). Уыцы Паддзахад тынг тагъд кӕрон скӕндзӕн Сайтаны дунейӕн ӕмӕ стӕй йӕ хъус дардзӕн, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕст кӕна. Пехуымпар Данел куыд загъта, афтӕмӕй Хуыцауы Паддзахад «ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ фесафдзӕн ӕппӕт уыцы [абоны] паддзахӕдтӕ, йӕхӕдӕг та уыдзӕн ӕнустӕм» (Дан. 2:44).

2. а) Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ куыд хъуамӕ базыдтаиккой, Йесо паддзах кӕй сси, уый? ӕ) Уыцы нысан ма цӕмӕ хъуамӕ амыдтаид?

2 Йесойы фӕдылдзӕуджытӕн Хуыцауы Паддзахады ’рцыд тынг ахсджиаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бафарстой: «Ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн [«уымӕн йӕ нысан цы уыдзӕн», фип.]?» (Матф. 24:3). Чырысти уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси, уый, зӕххыл чи цардаид, уыдон нӕ федтаиккой, фӕлӕ йӕ бамбӕрстаиккой, цӕстӕй фенӕн кӕй уыд, ахӕм нысанӕй. Уыцы нысан цавӕр хабӕрттӕй хъуамӕ уыдаид бӕрӕг, уый тыххӕй развӕлгъау фыст ӕрцыд Фыстады. Йесойы фӕдылдзӕуджытӕй уыцы рӕстӕг чи хъуамӕ цардаид, уыдон уыцы нысанмӕ гӕсгӕ бамбӕрстаиккой, Йесо уӕлӕрвты хицауиуӕг кӕнын кӕй райдыдта. Йесо паддзах кӕй сси, уымӕй ма райдыдтаид, Библи ацы фыддунейы «фӕстаг бонтӕ» кӕй хоны, уыцы рӕстӕг. Ӕмӕ абон мах ӕцӕгдӕр цӕрӕм ахӕм фыддунейы (2 Тим. 3:1–5, 13; Матф. 24:7–14).

Фӕстаг бонты къӕрцхъус ут

3. Чырыстӕттӕ къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уыдаиккой?

3 Апостол Петр фыста: «Тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон. Уымӕ гӕсгӕ ут ӕмбаргӕ ӕмӕ уӕ макуы рох кӕнӕд кувын» (1 Пет. 4:7). Йесойы фӕдылдзӕуджытӕ хъуамӕ къӕрцхъус уыдаиккой, цӕмӕй базыдтаиккой, Йесо Паддзах кӕй сси, уымӕ цы цаутӕ амыдтаиккой, уыдон. Ӕмӕ ацы фыддунейы кӕрон цас хӕстӕгдӕр кодтаид, уыйас хъуамӕ ноджы къӕрцхъусдӕр уыдаиккой. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цырддзаст ут, уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ зонут, кӕд ӕрцӕудзӕн хӕдзары хицау [Сайтаны дунейӕн стӕрхон кӕнынмӕ]» (Марчы 13:35, 36).

4. Абар, дунейы цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдонмӕ цы цӕстӕй кӕсынц Сайтаны дунейы адӕм ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджынтӕ. (Спайда кӕн фӕлгӕтӕй.)

4 Адӕмӕн сӕ фылдӕр сты Сайтаны дӕлбар ӕмӕ хъуыды дӕр нӕ кӕнынц, дунейы хабӕрттӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл. Уыдон не ’мбарынц, Йесо Чырысти Паддзах кӕй у. Фӕлӕ Чырыстийы ӕцӕг фӕдылдзӕуджытӕ къӕрцхъус кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ бамбӕрстой ивгъуыд ӕнусы хабӕртты нысаниуӕг. 1925 азы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хуыздӕр бамбӕрстой, Фыццаг дунеон хӕст ӕмӕ йӕ фӕстӕ цы цаутӕ цыд, уыдон кӕй бӕлвырд кӕнынц, Чырысти 1914 азы уӕлӕрвты Паддзах кӕй сси. Уӕд райдыдтой Сайтаны фыддунейы фӕстаг бонтӕ. Уыцы хабӕртты нысаниуӕг бирӕтӕ кӕд нӕ зонынц, уӕддӕр ӕмбарынц, Фыццаг дунеон хӕсты размӕ цы цард уыд, уый тынг кӕй хицӕн кӕны, уыцы хӕсты фӕстӕ цы цард ралӕууыд, уымӕй. (Кӕс фӕлгӕты  «Райдыдта змӕст дуг».)

5. Дарддӕр дӕр къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

5 Фӕстаг сӕдӕ азы дӕргъы ӕгас дунейы цы ӕвирхъау хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕй зыны, фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм. Бирӕ нал хъӕуы, Йегъовӕ Сайтаны дунейы ныхмӕ Чырыстийы йӕ уӕларвон ӕфсадимӕ куы рарвита, уымӕ (Рарг. 19:11–21). Ӕцӕг чырыстӕттӕн загъд уыд, цӕмӕй ма бафынӕй уой. Ӕмӕ йӕ уынӕм, ацы цардӕвӕрды кӕронмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ, уый куыд ӕнӕмӕнгхъӕугӕ у (Матф. 24:42). Хъуамӕ уӕм къӕрцхъус ӕмӕ Чырыстийы разамындӕй ахсджиаг хъуыддаг ӕппӕт зӕххыл дӕр кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнӕм.

Ӕппӕтдунеон хъуыддаг

6, 7. Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг фӕстаг бонты куыд апарахат?

6 Йегъовӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ цы хъуыддаг кӕнынц, уый тыххӕй развӕлгъау загъд уыд, уый кӕй у, ацы фыддунейы фӕстаг бонтӕ цы хабӕрттӕй бӕрӕг кӕнынц, уыдонӕй сӕ иу. Йесо ацы ӕппӕтдунеон хъуыддаджы кой скодта, кӕроны рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уыдон куы ранымадта, уӕд. Уый фӕдыл Йесо загъта ахӕм ахсджиаг ныхӕстӕ: «Паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:14).

7 Ахъуыды-ма кӕн, Йесойы пехуымпарад куыд ӕххӕст кӕны, ууыл. 1914 азы фӕстаг бонтӕ куы райдыдтой, уӕд хорз хабар хъусынгӕнджытӕ бирӕ нӕ уыдысты. Фӕлӕ абон дзӕвгар фӕфылдӕр сты. Ныр ӕгас зӕххыл дӕр хъусын кӕны 7 милуанӕй фылдӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕны ӕмӕ ӕмбырдты нымӕц та 100 минӕй ахызт. 2008 азы Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй фӕстӕмӕ ӕрбацыд 10 милуан адӕймаджы бӕрц. Фаронимӕ абаргӕйӕ уый у зынгӕ фылдӕр.

8. Сайтанӕн цӕуылнӕ уайы уацамынды хъуыддаг бакъуылымпы кӕнын?

8 Ацы цардӕвӕрды кӕроны размӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар ӕппӕт адӕмыхӕттытӕн дӕр куыд бӕстон цӕуы хъуыстгонд! Ӕмӕ уый тынг диссаг у, уымӕн ӕмӕ «ацы цардӕвӕрды хуыцау» у Сайтан (2 Кор. 4:4). Йӕ къухы ис ацы дуне ӕнӕхъӕнӕй дӕр – хицӕуттӕ, динтӕ ӕмӕ базарад, стӕй ма дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ. Цымӕ уӕд хъусын кӕныны хъуыддаг афтӕ тынг куыд апарахат ис? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕйы ӕххуысӕй. Уымӕ гӕсгӕ Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуы, кӕд ӕй Сайтан бакъуылымпы кӕнынмӕ хъавы, уӕддӕр.

9. Йегъовӕйы адӕмӕн афтӕ бирӕ кӕй ӕнтысы, уый диссаг цӕмӕн ис схонӕн?

9 Йегъовӕйы адӕмӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ кӕй ӕнтысы, сӕ нымӕцыл кӕй ӕфты, Хуыцау ӕмӕ йӕ фӕндты тыххӕй сӕ зонындзинӕдтӕ кӕй фылдӕр кӕнынц, уый диссаг куыннӕ ис схонӕн. Хуыцау йӕ адӕмӕн куы не ’ххуыс кодтаид, разамынд сын куы нӕ лӕвӕрдтаид, куы нӕ сӕ хъахъхъӕдтаид, уӕд хъусын кӕныны хъуыддаг афонмӕ ӕрлӕууыдаид. (Бакӕс Матфейы 19:26.) Хуыцауы сыгъдӕг уд ӕндавы, къӕрцхъус чи у ӕмӕ ӕнӕзивӕгӕй чи лӕггад кӕны, уыцы адӕмы зӕрдӕтыл. Ӕмӕ фидарӕй зонӕм, уый фӕрцы хъусын кӕныны хъуыддаг кӕронмӕ кӕй ахӕццӕ уыдзӕн, «ӕмӕ уӕд [кӕй] ӕрцӕудзӕн кӕрон». Уыцы рӕстӕг та кӕны ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр.

«Стыр бӕллӕх»

10. Йесо «стыр бӕллӕхы» тыххӕй цы загъта?

10 Ацы фыддуне фесӕфдзӕн «стыр бӕллӕхы» (Рарг. 7:14). Уыцы рӕстӕг цас ахӕсдзӕн, уый тыххӕй Библийы ницы ис загъд. Уый бӕсты Йесо загъта: «Уӕд уыдзӕн, дунейы фӕзындӕй нырмӕ чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх – нӕ уыд, ӕмӕ нал дӕр уыдзӕн» (Матф. 24:21). Ацы дуне бавзӕрста бирӕ бӕллӕхтӕ, зӕгъӕм, Дыккаг дунеон хӕст, фӕмард дзы 50-60 милуан адӕймаджы бӕрц, фӕлӕ фидӕны цы стыр бӕллӕх ӕрцӕудзӕн, уый бирӕ карздӕр уыдзӕн. Стыр бӕллӕх фӕуыдзӕн Армагеддоны хӕстӕй. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ йӕ зӕдты арвитдзӕн, Сайтанӕн зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый ныппырх кӕнынмӕ (Рарг. 16:14, 16).

11, 12. Стыр бӕллӕх цӕмӕй райдайдзӕн?

11 Стыр бӕллӕх кӕд райдайдзӕн, уый тыххӕй Библийы нӕй фыст, фӕлӕ дзы дзырдӕуы, цы диссаджы хабарӕй райдайдзӕн, уый: хицӕуттӕ ӕппӕт мӕнг динты ныхмӕ рацӕудзысты ӕмӕ сӕ фесафдзысты. Раргомады 17 ӕмӕ 18 сӕрты мӕнг дин барст цӕуы, зӕххон хицӕуттимӕ чи хӕты, ахӕм сӕфт сылгоймагимӕ. Раргомады 17:16 стихмӕ гӕсгӕ тагъд ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, ӕмӕ зӕххон хицӕуттӕ «хӕтаг сылгоймагӕй се сӕфт фендзысты, ницыуал ын ныууадздзысты, сбӕгънӕг ӕй кӕндзысты, йӕ буар ын бахӕрдзысты ӕмӕ йӕ арты басудздзысты».

12 Афон куы ’рцӕуа, уӕд Хуыцау хицӕуттӕн «сӕ зӕрдӕты бавӕрдзӕн йӕ фӕнд сӕххӕст кӕнын», цӕмӕй мӕнг динты иууылдӕр фесафой (Рарг. 17:17). Уӕдӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ Хуыцауы азар баййафдзӕн. Афтӕмӕй сӕххӕст уыдзӕн, Хуыцау цӕстмӕхъус динтӕн цы тӕрхон рахаста, уый. Уымӕн ӕмӕ уыйбӕрц рӕстӕг адӕмӕн амыдтой, Хуыцауы чи фауы, ахӕм ахуырӕдтӕ ӕмӕ йын йӕ лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрдтой. Мӕнг динтӕ кӕй фесӕфдзысты, уымӕ дуне ӕмткӕй райсгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ дӕр нӕ кӕсы, Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ та уыцы хабармӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц. Ӕмӕ ацы фӕстаг бонты адӕмӕн уый тыххӕй ӕдзух дзурынц.

13. Мӕнг динтӕ тынг тагъд кӕй фесӕфдзысты, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

13 Адӕм арвы цӕфау фӕуыдзысты, мӕнг динтӕ кӕй нал сты, уый куы феной, уӕд. Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй суанг «зӕххон паддзӕхтӕй» дӕр чидӕртӕ хъыг кӕндзысты: «Мӕгуыр дӕ бон, мӕгуыр дӕ бон... Иу сахатмӕ дӕ дӕ тӕрхон баййӕфта!» (Рарг. 18:9, 10, 16, 19). Ацы стихы ахӕм ныхӕстӕ кӕй ис, «иу сахатмӕ», зӕгъгӕ, уый ӕвдисы, уыцы хабар цыбыр рӕстӕгмӕ кӕй ӕрцӕудзӕн.

14. Цы сараздзӕн Йегъовӕ, знӕгтӕ йӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд?

14 Мӕнг динты сӕфтӕй бирӕ нӕ рацӕудзӕн, афтӕ знӕгтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ – Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ чи хъусын кӕны, уыдоны ныхмӕ (Иез. 38:14–16). Сӕ ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд фембӕлдзысты Йегъовӕимӕ. Йегъовӕ та зӕрдӕ ӕвӕры, йӕ иузӕрдион адӕмы кӕй хъахъхъӕндзӕн. Уый дзуры: «Ӕз цӕхӕртӕ калгӕйӕ ӕмӕ мӕстӕй судзгӕйӕ дзурдзынӕн... Ӕмӕ базондзысты, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн». (Бакӕс Иезекилы 38:18–23.) Хуыцау йӕ Ныхасы ныфс ӕвӕры: «Сымахмӕ [мӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕм] чи ӕвналы, уый мын ӕвналы мӕ цӕсты гагуымӕ» (Зах. 2:8). Уӕдӕ Йегъовӕйы знӕгтӕ ӕгас дунейы дӕр йӕ лӕггадгӕнджыты ныхмӕ куы рацӕуой, уӕд уый ӕнцад нӕ лӕудзӕн, хъуыддӕгтӕ цӕхгӕр фӕивдзӕн ӕмӕ райдайдзӕн стыр бӕллӕхы фӕстаг хай – Армагеддон. Хъомысджын зӕдтӕ Чырыстийы сӕргълӕудӕй сӕххӕст кӕндзысты, Йегъовӕ Сайтаны дунейӕн цы тӕрхон рахаста, уый.

Цы хъуамӕ аразӕм

15. Ацы фыддунейы кӕрон ӕввахс кӕй у, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм?

15 Ацы фыддунейы кӕрон ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразӕм? Апостол Петр фыста: «Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд ма ахъуыды кӕнут, цавӕр адӕймӕгтӕ хъуамӕ уат, куыд сыгъдӕг цард хъуамӕ кӕнат ӕмӕ Хуыцауыл куыд ӕнувыд хъуамӕ уат, Йегъовӕйы боны ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ!» (2 Пет. 3:11, 12). Ацы ныхӕстӕй зыны, нӕ хъус лӕмбынӕг кӕй хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй стӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм. Цалынмӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ хъуамӕ Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныныл ӕппӕт тыхтӕй архайӕм. Петр ма фыста: «Тагъд алцӕмӕн дӕр ӕрцӕудзӕн кӕрон. ...Ӕмӕ уӕ макуы рох кӕнӕд кувын» (1 Пет. 4:7). Мах Йегъовӕмӕ ӕдзухдӕр куы кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг уды фӕрцы ӕмӕ йӕ организацийы уылты разамынд куы курӕм, уӕд ӕм ӕввахсдӕр кӕнӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый йын ӕвдисӕм.

16. Хуыцауы уынаффӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф цӕмӕн хъуамӕ айсӕм?

16 Ацы фыдрӕстӕг мах хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ арф айсӕм, Хуыцау йӕ Ныхасы кӕй загъта, уыцы уынаффӕ: «Куыд цӕрут, уымӕ кӕсут, цӕмӕй ӕнӕзонд ма уат, фӕлӕ зондджынтӕ. Рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыд у, афтӕ пайда кӕнут, уымӕн ӕмӕ рӕстӕг тынг ӕвзӕр у» (Еф. 5:15, 16). Зӕххыл фыддзинад абоны хуызӕн парахат никуы уыд. Сайтан бирӕ цыдӕртӕ ӕрхъуыды кодта, цӕмӕй адӕм Йегъовӕйы фӕндон ма ӕххӕст кӕной, кӕнӕ та се ’ргом ӕндӕр цӕмӕдӕрты здахой. Мах, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, уый хорз зонӕм ӕмӕ нӕхи хизӕм, Хуыцауӕй нӕ чи адард кӕна, ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕй. Зонӕм ма, ацы дуне тагъд кӕй аивгъуыйдзӕн ӕмӕ нӕ ныфс дарӕм Йегъовӕйыл, стӕй нӕ уырны, йӕ фӕндон ӕнӕмӕнгдӕр кӕй сӕххӕст уыдзӕн. (Бакӕс 1 Иоанны 2:15–17.)

17. Радзур, Армагеддоны чи фервӕза, уыдон цы ’нкъардзысты, мӕрдтӕ куы райгасой, уӕд.

17 Хуыцау сӕххӕст кӕндзӕн йӕ диссаджы зӕрдӕвӕрд: мӕрдты фӕстӕмӕ цардмӕ раздахдзӕн, уымӕн ӕмӕ «райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр» (Ап. хъ. 24:15). Ацы ныхӕстыл дызӕрдыг кӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ сӕ Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта! Исайы 26:19 нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Чи дын амард, уыдон фӕстӕмӕ цӕрдзысты... Райхъал ут ӕмӕ фырцинӕй хъӕр кӕнут, сыджыты уӕвджытӕ! Уымӕн ӕмӕ... ма зӕхх дӕр ратдзӕн мӕрдты». Ацы ныхӕстӕ фыццаг сӕххӕст сты рагзаманты, Хуыцауы адӕм фӕстӕмӕ сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы ’рыздӕхтысты, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фидар ныфс ис, ацы зӕрдӕвӕрд ног дунейы комкоммӕ кӕй сӕххӕст уыдзӕн. Цӕй стыр циндзинад уыдзӕн, чи райгас уа, уыдон та сӕ хиуӕттимӕ ногӕй куы фембӕлой! О, Сайтаны дунейӕн бирӕ нал баззад. Хуыцауы ног дуне та ис къӕсӕрыл. Уӕдӕ куыд ахсджиаг у, цӕмӕй къӕрцхъус уӕм!

Бахъуыды кодтай

• Йесо сӕйраджыдӕр адӕмӕн цӕй тыххӕй дзырдта?

• Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг абон кӕй онг аххӕссыд?

• Къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

• Цавӕр диссаджы зӕрдӕвӕрд ис Хъуыддӕгты 24:15?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Рамкӕ/Рыв 16 фарсыл]

 РАЙДЫДТА ЗМӔСТ ДУГ

Алан Гринспан 2007 азы рауагъта чиныг «Змӕст дуг: ӕнӕзонгӕ ӕмӕ тӕссаг ног дуне» («The Age of Turbulence: Adventures in a New World»). Алан Гринспан уыд Америкӕйы Иугонд Штатты федералон резервон системӕйы сӕрдар 20 азы бӕрц. Уыцы системӕйы бӕрны сты АИШ-ы централон банктӕ иууылдӕр. Йӕ чиныджы дзуры, 1914 азы размӕ цард цыхуызӕн уыд ӕмӕ уый фӕстӕ куыд тынг фӕивта, ууыл.

«1914 азы размӕ дунейы тыххӕй цы фыстой, уыдонӕй бӕрӕг уыд, хицӕн адӕймӕгтӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн адӕмыхӕттытӕ дӕр кӕрӕдзимӕ тынг хорз цӕстӕй кӕй кастысты, кӕрӕдзийӕн тынг кӕй аргъ кодтой. Адӕм афтӕ хорз цӕрын райдыдтой, ӕмӕ зӕгъӕн уыд, цыма сӕ ӕххӕстдзинадмӕ бирӕ нал хъуыд. Нудӕсӕм ӕнус кӕрон скодта цагъартӕ уӕй кӕныны хъуыддагӕн. Афтӕ зынди, цыма адӕймаджы чи ӕгад кӕны, уыцы ӕгъатырдзинад къаддӕрӕй-къаддӕр кодта. [...] Нудӕсӕм ӕнусы адӕмӕн сӕ къухы тынг бирӕ цыдӕртӕ бафтыд, зӕгъӕм, сарӕзтой ӕфсӕнвӕндӕгтӕ, фӕзынди телефон, электрон рухс, кино, машинӕ, стӕй уыйбӕрц хӕдзарон техникӕ рауагътой ӕмӕ сӕ банымайӕн дӕр нӕй. Медицинӕ размӕ кӕй ацыд, хӕринаджы хъӕд кӕй фӕхуыздӕр ӕмӕ нуазыны дон ӕнцондӕр амал кӕнӕн кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ адӕм фылдӕр цӕрын райдыдтой... Адӕм иууылдӕр хъуыды кодтой, цард дарддӕр дӕр афтӕ кӕй ахӕсдзӕн».

Фӕлӕ... «кӕд Дыккаг дунеон хӕст Фыццаг дунеон хӕстӕй стырдӕр зиан ӕрхаста – фылдӕр адӕм дзы фӕмард ӕмӕ дзы бӕстӕтӕ фылдӕр ӕфхӕрд баййӕфтой,– уӕддӕр Фыццаг дунеон хӕст адӕмӕн ӕмӕ ӕхсӕнадӕн стырдӕр зиан ӕрхаста. Фыццаг дунеон хӕст байста, адӕм иууылдӕр цы рӕсугъд фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уыцы бӕллиц. Ӕз иудадзыг фӕхъуыды кӕнын, Фыццаг дунеон хӕсты размӕ цы рӕстӕг уыди, ууыл – адӕм куы ӕнхъӕлдтой, цыма сӕ фидӕн у ӕдас ӕмӕ ӕнӕкӕрон. Мах дунемӕ цы цӕстӕй кӕсӕм, уый тынг хицӕн кӕны, иу ӕнусы размӕ адӕм дунемӕ цы цӕстӕй кастысты, уымӕй. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн афтӕ у, ӕмӕ абон мах ӕцӕгдӕр уынӕм, царды цы цӕуы, уый. Уӕды дунейӕн Фыццаг дунеон хӕст ӕрхаста стыр зиан. Цымӕ абоны размӕцыд дугӕн дӕр терроризм, климат кӕй фӕхъармдӕр, стӕй мӕгуыр адӕм сӕ бартыл кӕй тох кӕнынц, уый дӕр ахӕм зиан ӕрхӕсдзӕн? Уымӕн бӕлвырд дзуапп раттын йӕ бон никӕмӕн у».

Гринспанӕн йӕ зӕрдыл лӕууынц, студент ма куы уыд, уӕд экономикӕйы профессор Бенджамин Андерсон (1886–1949) цы ныхӕстӕ загъта, уыдон. Уый загъта: «Фыццаг дунеон хӕсты размӕ цы цард уыд, уый хорз чи хъуыды кӕны, уыдон тынг мысынц уыцы рӕстӕг. Адӕм уӕды хуызӕн ӕдас сӕхи никуы хатыдысты, фӕлӕ сын уыцы ӕнкъарӕн бынтондӕр фесӕфт» («Economics and the Public Welfare»).

Ахӕм хатдзӕг ма скодта Дж. Мейер дӕр йӕ чиныджы «Сӕфт дуне», мыхуыры рацыд 2006 азы. Фыст дзы ис: «Арӕх вӕййы фехъусӕн, зӕгъгӕ, историйы хабӕрттӕ „алцыдӕр ивынц“. Ацы ныхӕстӕ сты раст Стыр хӕсты (1914–1918) кой кӕнгӕйӕ. Хӕст ӕцӕгдӕр фӕивта алцыдӕр: ӕрмӕст арӕнтӕ, хицауӕдтӕ ӕмӕ адӕмыхӕттыты хъысмӕт нӕ фӕивта, фӕлӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕм дунемӕ дӕр ӕмӕ суанг сӕхимӕ дӕр цы цӕстӕй райдыдтой кӕсын, уый дӕр. Уый кӕрӕдзийӕ ӕнустӕм фӕхицӕн кодта дыууӕ дуджы – хӕсты размӕ дуне ӕмӕ хӕсты фӕстӕ дуне» («A World Undone»).

[Ныв 18 фарсыл]

Армагеддоны Йегъовӕ рарвитдзӕн йӕ хъомысджын зӕдты