Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Йегъовӕйы хъуамӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кадджын кӕнӕм

Йегъовӕйы хъуамӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кадджын кӕнӕм

Йегъовӕйы хъуамӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй кадджын кӕнӕм

«Кадджын кӕнут Йагъы!» (ПС. 111:1).

1, 2. Цы нысан кӕны дзырд «аллилуйя» ӕмӕ дзы Чырыстон Грекъаг Фыстыты куыд спайда кодтой?

«АЛЛИЛУЙЯ!» Ацы дзырд арӕх ис фехъусӕн чырыстон аргъуанты. Иуӕй-иутӕ та дзы пайда кӕнынц алы бон дӕр. Фӕлӕ йын йӕ нысаниуӕг тынг стӕмтӕ зонынц, ӕмӕ дзы чи пайда кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ сӕ цардыуагӕй худинаг кӕнынц Хуыцауы (Тит. 1:16). Иу библион дзырдуатмӕ гӕсгӕ «псаломты фысджытӕ дзырд „аллилуйя“-йӕ иннӕты хуыдтой Йегъовӕйы иумӕ кадджын кӕнынмӕ». Библииртасджытӕй бирӕтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, «аллилуйя» нысан кӕны «кадджын кӕнут Йагъы, [ома] Йегъовӕйы».

2 Уӕдӕ диссаг нӕу, «Ног дунейы тӕлмац»-ы ацы дзырд Псаломы 111:1 кӕй ралӕвӕрдтой афтӕ: «Кадджын кӕнут Йагъы!». Йӕ грекъаг формӕ Раргомады 19:1–6 ӕмбӕлы цыппар хатты ӕмӕ дзы дзырд цӕуы, мӕнг динты сӕфт цы стыр циндзинад ӕрхаста, ууыл. Уыцы хабар куы ’рцӕуа, уӕд Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕн фадат уыдзӕн, цӕмӕй дзырд «аллилуйя»-йӕ скадджын кӕной сӕ Хуыцауы.

Йе стыр хъуыддӕгтӕ

3. Иумӕ цӕмӕн ӕрӕмбырд вӕййӕм?

3 111 псалом чи ныффыста, уый бацамыдта, Йегъовӕйы ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕй тыххӕй хъуамӕ кадджын кӕнӕм, бирӕ ахӕм хъуыддӕгтӕм. Фыццаг стихы фыст ис: «Ӕз Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кадджын кӕндзынӕн рӕстзӕрдӕ адӕмы ’хсӕн, се ’мбырды». Ахӕм фӕндон ис Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕм абон дӕр. Мах ӕмбырды фембӕлдты ӕмӕ конгрессты куы ӕрӕмбырд вӕййӕм, уӕд нӕ сӕйраг нысан вӕййы Йегъовӕйы кадджын кӕнын.

4. Адӕмӕн сӕ бон куыд у Йегъовӕйы хъуыддӕгтыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын?

4 «Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ сты диссаг, лӕмбынӕг сыл хъуыды кӕнынц, циндзинад кӕмӕн хӕссынц, уыдон» (Пс. 111:2). Ӕркӕсӕм-ма дзырдбаст «лӕмбынӕг хъуыды кӕнын»-мӕ. Иу бӕрӕгуат куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ацы стих ахӕссӕн ис, Хуыцауы хъуыддӕгтӕ «лӕмбынӕг чи ахуыр кӕны» ӕмӕ «сыл арф чи хъуыды кӕны», ахӕм адӕммӕ. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уымӕй бӕрӕг кӕны йӕ диссаджы фӕнд. Хур, зӕхх ӕмӕ мӕй ахӕм бынӕтты сӕвӕрдта, цӕмӕй зӕххыл уа фаг рухс ӕмӕ хъарм, стӕй цӕмӕй кӕрӕдзи ивой бон ӕмӕ ’хсӕв, афӕдзы афонтӕ, стӕй ма денджызы ӕрбафӕйлыдтӕ ӕмӕ афӕйлыдтӕ.

5. Адӕм Дун-дунейы тыххӕй фылдӕр куы базонынц, уӕд цы рабӕрӕг вӕййы?

5 Ахуыргӕндтӕ бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, Хуры системӕйы Зӕхх цы бынат ахсы, уый тыххӕй, стӕй йе стыр ӕмбӕлццон Мӕй цы орбитӕйыл зилы, йӕ ас ӕмӕ йӕ уӕз цас сты, уый тыххӕй дӕр. Ацы уӕларвон буӕрттӕ куыд ӕвӕрд сты ӕмӕ кӕрӕдзийыл куыд ӕндавынц, уый фӕрцы зӕххыл афӕдзы афонтӕ кӕрӕдзи ивынц, ӕмӕ уый та адӕймагӕн хӕссы циндзинад. Адӕм ма бирӕ цыдӕртӕ базыдтой, Дун-дунейы цы физикон закъӕттӕ ис, уыдоны тыххӕй дӕр. Машинӕтӕ аразыны фадыджы иу зындгонд специалист иу статьяйы ныффыста: «Фӕстаг 30 азы дӕргъы ахуыргӕндтӕй бирӕтӕ сӕ цӕстӕнгас цӕмӕн фӕивтой, уый ныр хуыздӕр ӕмбарын. Адӕймаджы ӕцӕгдӕр стыр уырнындзинад хъӕуы, цӕмӕй уыцы хъуыдыйыл сразы уа, зӕгъгӕ, дам, космосы цыдӕр срӕмыгъта ӕмӕ дзы Дун-дуне фӕзынд. Зӕхх куыд диссаджы конд у, уый тыххӕй цас фылдӕр базонӕм, уыйас тынгдӕр рабӕрӕг вӕййы, зондджын аразӕг ын кӕй ис, уый» («The Designed ‘Just So’ Universe»).

6. Хуыцау адӕймаджы куыд диссаг сфӕлдыста, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

6 Хуыцау хъомысджын Сфӕлдисӕг кӕй у, уый рабӕрӕг адӕймаджы сконд куыд диссаг у, уымӕй (Пс. 139:14). Хуыцау ын радта зонд, буар ӕмӕ йӕ цӕрынӕн ӕнӕмӕнг чи хъӕуы, ахӕм оргӕнтӕ. Схайджын ма йӕ кодта, алыхуызон хъуыддӕгтӕн чи хъӕуы, ахӕм курдиӕттӕй дӕр. Зӕгъӕм, диссаг схонӕн ис, адӕймагӕн йӕ бон дзурын, хъусын, фыссын ӕмӕ кӕсын кӕй у, уый. Бирӕтӕн у сӕ бон ацы хъуыддӕгтӕ кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕнцойгӕнӕн-цӕуӕн системӕ (опорно-двигательный аппарат) кӕй ис, уый фӕрцы нӕ бон у раст лӕууын, ӕмӕ уый дӕр зондджын Сфӕлдисӕгыл дзурӕг куыннӕ у. Буары хӕйттӕ куыд арӕзт сты, кӕрӕдзийыл куыд баст сты ӕмӕ куыд змӕлынц, стӕй ӕнӕхъӕн организмы цы химион процесстӕ цӕуы, уыдӕттыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ бафӕнды Йегъовӕйы кадджын кӕнын. Адӕймагӕн йӕ нервытӕ кӕрӕдзиимӕ куыд диссаджы баст сты, уый фӕрцы йӕ сӕры магъз кусы, ӕмбары тӕф ӕмӕ хӕринаджы ад, уыны, хъусы ӕмӕ уырдзӕй сгары. Ӕмӕ уыдон иууылдӕр куыд баст сты, уыимӕ нӕй абарӕн, фӕстаг азты ахуыргӕндтӕ кӕй ӕрымысыдысты, уыцы аппараттӕй иу дӕр. Адӕмӕн се ’нтыстытӕ сӕ къухы бафтыдысты, сӕ бон хъуыды кӕнын кӕй у ӕмӕ, сӕ алыварс цы цӕуы, уый сӕ бон ӕмбарын кӕй у, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы. Иу дӕсны ӕмӕ курдиатджын инженерӕн дӕр йӕ бон не суыдаид ӕрхъуыды кӕнын, дӕ дыууӕ къухыл дӕр цы дӕс ӕнгуылдзы ис, уыдоны хуызӕн рӕсугъд ӕмӕ ӕнцонпайдагӕнӕн кусӕнгӕрзтӕ. Ахъуыды-ма кӕн: адӕмӕн аивады ӕмӕ арӕзтады уыйбӕрц бантыстаид, Хуыцау сын ӕнгуылдзтӕ куы нӕ радтаид, уӕд?

Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ миниуджытӕ

7. Библи цӕмӕн ис схонӕн Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕй сӕ иу?

7 Йегъовӕ ма адӕмы тыххӕй ноджыдӕр цы стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонимӕ нӕ зонгӕ кӕны Библи. Уыцы чиныг йӕхӕдӕг дӕр у Йегъовӕйы стыр хъуыддӕгтӕй иу, иу хай дзы иннӕйы ныхмӕ нӕу. Ӕппӕт иннӕ чингуытӕй уӕлдай «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн» (2 Тим. 3:16). Зӕгъӕм, Райдианы, Библийы фыццаг чиныджы, фыст ис, Нойы бонты Хуыцау зӕхх фыддзинадӕй куыд ссыгъдӕг кодта. Дыккаг чиныджы, Рацыды, дзырд цӕуы, Йегъовӕ Израилы адӕмы Египетӕй кӕй ссӕрибар кодта, уымӕй куыд равдыста, ӕцӕг Хуыцау кӕй у, уый. Ӕвӕццӕгӕн, псаломзарӕггӕнӕджы хъуыдыйы уыдысты уыцы цаутӕ, куы фыста: «[Йегъовӕйы] хъуыддӕгтӕ сты кадджын ӕмӕ намысджын, йӕ рӕстдзинад у ӕнустӕм. Уый афтӕ сарӕзта, ӕмӕ йӕ диссаджы хъуыддӕгтӕн ферох кӕнӕн нӕй. Йегъовӕ у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ» (Пс. 111:3, 4). Йегъовӕ историйы дӕргъы, стӕй дӕ рӕстӕджы дӕр цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй зыны, кад ӕмӕ намысы аккаг кӕй у, уый.

8, 9. а) Хуыцауы хъуыддӕгтӕ адӕмы хъуыддӕгтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц? ӕ) Хуыцауы миниуджытӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц?

8 Дӕ хъус-ма ӕрдар, псаломзарӕггӕнӕг ма кӕй кӕны Йегъовӕйы диссаджы миниуджыты кой дӕр, зӕгъӕм, йӕ рӕстдзинад, йӕ хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинады кой. Алчидӕр ӕй зоны, тӕригъӕдджын адӕм рӕстӕй стӕм хатт кӕй фӕархайынц. Уыдон арӕх вӕййынц зыдгӕнаг, хӕлӕгцӕст ӕмӕ ӕнӕрвӕссон. Уый зыны, ӕхца бакусыны тыххӕй цы мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарз рауадзынц, стӕй ма хӕстытӕ кӕй расидынц ӕмӕ милуангай ӕнаххос адӕмы ӕвирхъау бӕллӕхты кӕй баппарынц, уымӕй. Цас цыдӕртӕ ма саразынц мӕгуыр адӕмы уӕззау фыдӕбоны фӕрцы. Ӕвӕццӕгӕн, алчи дӕр цӕвиттонӕн ӕрхӕсдзӕн, пирамидӕтӕ аразынӕн цагъарты кӕй кусын кодтой, уый. Пирамидӕтӕ та сӕйраджыдӕр уыдысты сӕрбӕрзонд фараонты мардӕвӕрӕн бынӕттӕ. Цӕмӕй адӕмӕн абон сӕ фӕндтӕ сӕ къухы бафтой, уый тыххӕй иннӕтыл ӕрмӕст уӕззау уаргъ нӕ сӕвӕрынц, фӕлӕ ма зӕхх дӕр сафынц. (Бакӕс Раргомады 11:18.)

9 Куыд тынг хицӕн кӕнынц адӕмы хъуыддӕгтӕ Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕй. Йегъовӕйы хъуыддӕгтӕ та кӕддӕриддӕр вӕййынц рӕстдзинадыл дзурӕг! Уыдонӕй иу у, тӕригъӕдджын адӕмы фервӕзын кӕныны тыххӕй ахӕсты аргъ кӕй бафыста, уый. Хуыцау афтӕмӕй «равдыста йӕ рӕстдзинад» (Ром. 3:25, 26). Ӕцӕгдӕр, «йӕ рӕстдзинад у ӕнустӕм»! Хуыцауы хӕларзӕрдӕдзинад та уымӕй зыны, ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмимӕ фӕразонӕй кӕй архайы. Куы-иу сын лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдджын фӕндӕгтӕ ныууадзой ӕмӕ ногӕй рӕстӕй цӕрын райдайой, уӕд-иу сын хатт загъта: «Уӕ хорзӕхӕй». (Бакӕс Иезекилы 18:25.)

Йегъовӕ йӕ ныхас никуы фӕсайы

10. Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй никуы фӕсайы, уый куыд рабӕрӕг, Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уымӕй?

10 «Чи дзы тӕрсы, уыдонӕн дӕтты хӕринаг. Йӕ бадзырд йӕ зӕрдыл дардзӕн ӕнустӕм» (Пс. 111:5). Ӕвӕццӕгӕн, псаломзарӕггӕнӕг ам дзуры, Хуыцау Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый тыххӕй. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, Авраамы байзӕддагӕн кӕй раарфӕ кӕндзӕн ӕмӕ загъта, уый йе знӕгты горӕттӕ кӕй бацахсдзӕн (Райд. 22:17, 18; Пс. 105:8, 9). Ацы зӕрдӕвӕрдтӕ фыццаг хатт сӕххӕст сты, Авраамы байзӕддаг куы сбирӕ ис ӕмӕ Израилы адӕм куы сси, уӕд. Израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг уыдысты цагъартӕ Египеты, фӕлӕ стӕй Хуыцауы «зӕрдыл ӕрлӕууыд, Авраамимӕ... цы бадзырд скодта, уый» ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта (Рац. 2:24). Йегъовӕ дзуттӕгтӕм уый фӕстӕ дӕр цы зӕрдӕ дардта, уымӕй рабӕрӕг, куыд рӕдау у, уый. Хуыцау сӕ хӕринаг цух нӕ уагъта, стӕй ма сын зонындзинӕдтӕ дӕр лӕвӕрдта, цӕмӕй йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цардаиккой (Дык. з. 6:1–3; 8:4; Неем. 9:21). Ӕнусты дӕргъы-иу израилӕгтӕн сӕ хабар арӕх афтӕ рауад, ӕмӕ-иу Хуыцаумӕ нал хъуыстой, кӕд-иу сӕм йӕ пехуымпарты ӕрвыста ӕмӕ-иу сын дзырдта, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ раздӕхой, уӕддӕр. Дзуттӕгтӕ Египетӕй куы ссӕрибар сты, уымӕй 1 500 азы фӕстӕ Хуыцау йӕ иунӕггуырд Фырты рарвыста зӕхмӕ. Дзуттӕгтӕн сӕ фылдӕр Йесойы ныхмӕ рацыдысты ӕмӕ йӕ амардтой. Уый фӕстӕ Йегъовӕ йӕхицӕн скодта ног адӕм – «Хуыцауы Израил». Уыцы адӕм Чырыстиимӕ иумӕ сты Авраамы «байзӕддаг», ӕмӕ Йегъовӕ йӕ зӕрдӕвӕрдмӕ гӕсгӕ адӕмӕн уый уылты раарфӕ кӕндзӕн (Гал. 3:16, 29; 6:16).

11. Йегъовӕ Авраамимӕ цы бадзырд скодта, уый куыд нӕ ферох кодта?

11 Йегъовӕ нӕ ферох кодта «йӕ бадзырд» ӕмӕ, уый фӕрцы адӕм цы арфӕдзинӕдтӕй хъуамӕ схайджын уой, уый. Абон нын парахатӕй дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн литературӕ 400 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Уымӕй уӕлдай ма нӕ уый хъусы, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уый тыххӕй куы фӕкувӕм: «Ратт нын абоны фаг къӕбӕр» (Лук. 11:3; Пс. 72:16, 17; Ис. 25:6–8).

Йегъовӕйы стыр тых

12. Рагон Израил «иннӕ адӕмты бынтӕ» куыд райста?

12 «Йӕ адӕмӕн базонын кодта, йӕ хъуыддӕгты цы тых равдыста, уый, иннӕ адӕмты бынтӕ сын кӕй радта, уымӕй» (Пс. 111:6). Ам псаломзарӕггӕнӕг Израилы адӕмы хабӕрттӕй йӕ хъуыдыйы, ӕвӕццӕгӕн, дардта, дзуттӕгтӕ Египетӕй куы ссӕрибар сты, уый. Уыцы хабар та ӕцӕгдӕр уыди диссаг. Йегъовӕ ӕппынфӕстаг израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ куы бакодта, уӕд бацахстой, Иорданы цӕугӕдоны хурыскӕсӕн ӕмӕ хурныгуылӕнфарс цы паддзахӕдтӕ уыд, уыдон. (Бакӕс Нееми 9:22–25.) О, Йегъовӕ израилӕгтӕн радта «иннӕ адӕмты бынтӕ». Цӕй диссаджы хуызы равдыста Хуыцау йӕ тых!

13, 14. а) Йегъовӕ йӕ тых Вавилоныл куыд равдыста, уыцы хабӕрттӕй псаломзарӕггӕнӕг йӕ хъуыдыйы, ӕвӕццӕгӕн, цы дардта? ӕ) Йегъовӕ ма цавӕр стыр хъуыддӕгтӕ сарӕзта?

13 Фӕлӕ мах хорз зонӕм, кӕд Йегъовӕ израилӕгтӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уӕддӕр уыдон кӕй нӕ аргъ кодтой нӕдӕр Хуыцауӕн, нӕдӕр сӕ фыдӕлтӕн – Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковӕн. Уыдон Хуыцауы ныхмӕ цыдысты, цалынмӕ сӕ вавилойнӕгтӕн уацары нӕ акӕнын кодта, уӕдмӕ (2 Аз. 36:15–17; Неем. 9:28–30). Библииртасджытӕй иуӕй-иутӕ дзурынц, зӕгъгӕ, 111 псалом чи ныффыста, уый цардис, израилӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ӕрыздӕхтысты, уӕд. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд хъуамӕ Йегъовӕйы тынгдӕр кадджын кодтаид йӕ иузӕрдиондзинад ӕмӕ йе стыр хъаруйы тыххӕй. Хуыцау ацы миниуджытӕ равдыста, дзуттӕгты Вавилонӕй куы ссӕрибар кодта, уӕд. Уыцы паддзахад та-иу йӕ уацайрӕгты никуы ауагъта (Ис. 14:4, 17).

14 Иу-фондз ӕнусы фӕстӕ, Йегъовӕ йӕ тыхӕй спайда кодта ноджы диссагдӕр хъуыддагӕн – чи ӕрфӕсмон кодта, уыцы адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй фервӕзын кодта (Ром. 5:12). Уый фӕрцы Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕй 144 мин адӕймаджы сыгъдӕг удӕй сӕрст ӕрцыдысты. 1919 азы та Йегъовӕ йӕ тых афтӕ равдыста, ӕмӕ мӕнг дины уацарӕй ссӕрибар кодта, уыцы сӕрстытӕй ма зӕххыл чи уыд, уыдоны. Кӕроны рӕстӕджы сын цыдӕриддӕр бантыст, уый уыди ӕрмӕстдӕр Хуыцауы тыхы фӕрцы. Сӕрстытӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй куы баззайой, уӕд уӕлӕрвты Йесо Чырыстиимӕ зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ, ӕмӕ чи ӕрфӕсмон кӕна, уыдоны хӕрзӕбонӕн архайдзысты (Рарг. 2:26, 27; 5:9, 10). Рагон Израилӕй уӕлдай уыдон бынӕн ноджы фылдӕр зӕххытӕ райсдзысты (Матф. 5:5).

Ӕнусон, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уагӕвӕрдтӕ

15, 16. а) Хуыцауы «къухты хъуыддӕгтӕм» цы хауы? ӕ) Хуыцау рагон Израилӕн цавӕр фӕдзӕхстытӕ радта?

15 «Йӕ къухты хъуыддӕгтӕ сты ӕцӕгдзинад ӕмӕ раст тӕрхон, йӕ бардзырдтыл се ’ппӕтыл дӕр ис ӕууӕндӕн, уыдон фидаргонд сты ӕнустӕм, мыггагмӕ. Скодта сӕ ӕцӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ» (Пс. 111:7, 8). Йегъовӕйы «къухты хъуыддӕгтӕм» хауынц дыууӕ къӕйдуры дӕр. Фыст сыл уыди дӕс закъоны (Рац. 31:18). Ацы закъӕттӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр фӕдзӕхстытӕ систы, Хуыцау Моисеимӕ цы Закъоны бадзырд скодта, уый хай, ӕмӕ бындуриуӕг кодтой ӕнусон, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уагӕвӕрдтыл.

16 Зӕгъӕм, уыцы къӕйдуртыл фыст фӕдзӕхстытӕй, йе та закъӕттӕй, иу уыди ахӕм: «Ӕз, дӕ Хуыцау Йегъовӕ, домын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр мӕныл уай иузӕрдион». Уым ма загъд уыди, зӕгъгӕ, Йегъовӕ, «чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдонӕн... хай кӕны йе ’нувыд уарзтӕй суанг мин фӕлтӕрмӕ дӕр». Уыцы къӕйдуртыл ма бакӕсӕн уыд, чи нӕ зӕронд кӕны, ахӕм уагӕвӕрдтӕ, куыд, «нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады» ӕмӕ «ма адав». Уыдис ма дзы, Хуыцау адӕймаджы мидзӕрдӕ хорз кӕй зоны, уый кӕмӕй зынди, ахӕм закъон, зӕгъгӕ, искӕй цы у, уымӕ ма бабӕлл (Рац. 20:5, 6, 12, 15, 17).

Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг у сыгъдӕг ӕмӕ тас ӕфтауы

17. Израилӕгтӕ Хуыцауы ном сыгъдӕгыл цӕмӕн хъуамӕ нымадтаиккой?

17 «Уый йӕ адӕмы фервӕзын кодта. Йӕ бадзырд сфидар кодта мыггагмӕ. Йӕ ном у сыгъдӕг ӕмӕ тас ӕфтауы» (Пс. 111:9). Ам дӕр та псаломзарӕггӕнӕджы хъуыдыйы уыди Йегъовӕйы иузӕрдиондзинад. Уый йӕ ныхас нӕ фӕсайдта, Авраамимӕ цы бадзырд скодта ӕмӕ йын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ сӕххӕст кодта. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ йӕ адӕмы рохуаты нӕ ныууагъта, нӕдӕр рагон Египеты цагъартӕ куы уыдысты, ӕмӕ нӕдӕр Вавилоны уацайрӕгтӕ куы уыдысты, уӕд. Дыууӕ хатт дӕр Хуыцау йӕ адӕмы ссӕрибар кодта. Ӕрмӕст уыцы хъуыддӕгты тыххӕй дӕр Израил хъуамӕ Хуыцауы ном сыгъдӕгыл нымадтаид. (Бакӕс Рацыды 20:7; Ромӕгтӕм 2:23, 24.)

18. Куыд хъуыды кӕныс, Хуыцауы ном хӕссын стыр кад цӕмӕн у?

18 Уый абон хауы, тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты цагъарадӕй чи ссӕрибар, уыцы ӕцӕг чырыстӕттӕм дӕр. Мах хъӕуы ӕппӕт тыхтӕй архайын, цӕмӕй цӕрӕм дӕнцон куывды фыццаг ныхӕстӕм гӕсгӕ: «Срухс уӕд дӕ ном» (Матф. 6:9). Ацы стыр ӕмӕ кадджын номыл хъуыды кӕнгӕйӕ, нӕ зӕрдӕты хъуамӕ ӕвзӕра Хуыцауы тас. 111 псалом чи ныффыста, уый раст ӕмбӕрста, Хуыцауӕй тӕрсын цы нысан кӕны, уый: «Йегъовӕйӕ тӕрсын у зонды райдайӕн. Йӕ бардзырдтӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыдон сты ӕмбаргӕ» (Пс. 111:10).

19. Цы равзардзыстӕм иннӕ статьяйы?

19 Хуыцауӕй куы тӕрсӕм, уӕд ӕвзӕрдзинадӕй не сӕфт уындзыстӕм ӕмӕ Йегъовӕйы диссаджы миниуджытӕ фӕзмдзыстӕм. Йӕ миниуджыты тыххӕй дзырд цӕуы 112 псаломы, ӕмӕ уый та ӕвзӕрст цӕудзӕн иннӕ статьяйы. Ацы псалом нын ӕмбарын кӕны, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕм, Хуыцауы ӕнустӕм чи кадджын кӕндзӕн ӕмӕ уый циндзинад кӕмӕн хӕсдзӕн, уыцы милуангай адӕмы ’хсӕн. Хуыцау растдӕр уый аккаг у. «Кад ын – ӕнустӕм» (Пс. 111:10).

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

• Йегъовӕйы ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕмӕн хъуамӕ кадджын кӕнӕм?

• Йегъовӕйы хъуыддӕгты йӕ миниуджытӕй цавӕртӕ зынынц?

• Хуыцауы ном кӕй хӕссыс, уымӕ цы цӕстӕй кӕсыс?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 20 фарсыл]

Иумӕ кӕй ӕмбырд кӕнӕм, уымӕн йӕ сӕйраг нысан у Йегъовӕйы кадджын кӕнын

[Ныв 23 фарсыл]

Йегъовӕйы закъӕттӕ бындуриуӕг кӕнынц ӕнусон, ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм уагӕвӕрдтыл