Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кадджын кӕндзысты ӕнустӕм

Рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кадджын кӕндзысты ӕнустӕм

Рӕстгӕнджытӕ Хуыцауы кадджын кӕндзысты ӕнустӕм

«Рӕстгӕнӕджы нӕ ферох кӕндзысты... Йӕ рӕстдзинад уыдзӕн ӕнустӕм» (ПС. 112:6, 9).

1. а) Цавӕр диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау рӕстгӕнджытыл кӕй нымайы, уыдонмӕ? ӕ) Цавӕр фарста ӕвзӕры?

ЦӔЙ диссаджы фидӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Хуыцау рӕстгӕнджытыл кӕй нымайы, уыдонмӕ! Ӕнусты дӕргъы Хуыцауы диссаджы миниуджыты тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ кӕй базондзысты, уый сын циндзинад хӕсдзӕн. Хуыцау цы сфӕлдыста, уый тыххӕй цас фылдӕр базондзысты, уыйас сӕ тынгдӕр фӕнддзӕн Хуыцауы кадджын кӕнын. Цӕмӕй адӕймаг уыцы фидӕн фена, уый тыххӕй хъуамӕ уа, 112 псаломы цы «рӕстгӕнӕджы» кой цӕуы, уый хуызӕн. Фӕлӕ сыгъдӕг ӕмӕ рӕстаг Хуыцау Йегъовӕйӕн йӕ бон куыд у, тӕригъӕдджын адӕмы рӕстгӕнджытыл банымайын, кӕд ӕмӕ цасфӕнды рӕстӕй ма архайӕм, уӕддӕр фӕрӕдийӕм, хатт та стыр рӕдыдтытӕ дӕр ӕруадзӕм? (Ром. 3:23; Иак. 3:2).

2. Йегъовӕ йе стыр уарзтӕй цавӕр дыууӕ диссаг хъуыддаджы сарӕзта?

2 Йегъовӕ йе стыр уарзтӕй хъуыддаг афтӕ аскъуыддзаг кодта, ӕмӕ тӕригъӕдджын адӕмы рӕстгӕнджытыл банымадта. Куыд? Фыццаджыдӕр, йӕ уарзон Фырты цард уӕлӕрвтӕй диссаджы хуызы ӕнӕцыд чызджы хуылфмӕ рахаста, ӕмӕ райгуырд ӕххӕст адӕймагӕй (Лук. 1:30–35). Фӕстӕдӕр, Йесойы йе знӕгтӕ куы амардтой, уӕд Йегъовӕ сарӕзта ӕндӕр диссаг: Йесойы уӕларвон цардмӕ райгас кодта хъомысджын зӕдӕй (1 Пет. 3:18).

3. Йегъовӕ йӕ Фыртӕн уӕларвон цард ӕхсызгонӕй цӕмӕн радта?

3 Йегъовӕ йӕ Фырты схорзӕхджын кодта ӕмӕ йын радта, цалынмӕ зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ йын цы нӕ уыд, уый – фесафӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм цард уӕлӕрвты (Дзут. 7:15–17, 28). Йегъовӕ уый ӕхсызгонӕй бакодта, уымӕн ӕмӕ Йесо тынг уӕззау фӕлварӕнты дӕр Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ не сивта. Афтӕмӕй Йесо йӕ Фыдӕн радта фадат, цӕмӕй Сайтаны мӕнг ныхӕстӕн ӕппӕты хуыздӕр дзуапп радтаид. Сайтан та загъта, зӕгъгӕ, адӕм Хуыцауӕн сыгъдӕгзӕрдӕйӕ нӕ лӕггад кӕнынц, фӕлӕ сӕхи пайдайӕн (Ӕмб. 27:11).

4. а) Йесо уӕларвмӕ аздӕхгӕйӕ мах тыххӕй цы сарӕзта ӕмӕ Йегъовӕ уымӕ цы цӕстӕй ракаст? ӕ) Йегъовӕ ӕмӕ Йесо мах тыххӕй цы сарӕзтой, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

4 Уӕлӕрвты Йесо «йӕхи тугимӕ» «мах тыххӕй ӕрлӕууыд Хуыцауы раз». Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд ӕхсызгонӕй райста Йесойы зынаргъ кувинаг – «нӕ тӕригъӕдты тыххӕй фидауынгӕнӕг нывонд». Уымӕ гӕсгӕ нын ис сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ нӕ бон у «лӕггад кӕнын удӕгас Хуыцауӕн». Уӕдӕ мах ӕппӕт зӕрдӕйӕ разы стӕм 112 псаломы фыццаг ныхӕстимӕ: «Кадджын кӕнут Йагъы!» (Дзут. 9:12–14, 24; 1 Иоан. 2:2).

5. а) Цӕмӕй нӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл нымайа, уый тыххӕй цы хъуамӕ аразӕм? ӕ) 111 ӕмӕ 112 псаломтӕ куыд арӕзт сты?

5 Цӕмӕй нӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл нымайа, уый тыххӕй мах хъуамӕ кӕддӕриддӕр ӕууӕндӕм Йесойы тугныккалдыл. Йегъовӕ нӕ тынг уарзы ӕмӕ ныл иу бон дӕр афтӕ хъуамӕ ма рацӕуа, ӕмӕ йын уый тыххӕй бузныг ма зӕгъӕм (Иоан. 3:16). Стӕй ма хъуамӕ ӕдзух Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнӕм ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архайӕм, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ цӕрыныл. 112 псаломы ис хорз уынаффӕтӕ, Хуыцауы раз йӕ цӕсгом сыгъдӕгӕй бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уыдонӕн. Ацы псалом дарддӕр кӕны 111 псаломы хъуыдыты хал. Дыууӕ псаломы дӕр райдайынц ныхӕстӕй «Кадджын кӕнут Йагъы!», кӕнӕ «Аллилуйя!», ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр ацы ныхӕсты фӕстӕ ис 22 рӕнхъы. Алы рӕнхъ дӕр райдайы, дзуттаг алфавиты цы 22 дамгъӕ ис, уыдонӕй сӕ иуӕй *.

Адӕймаг амондджын цӕй фӕрцы вӕййы

6. Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы адӕймаг арфӕгонд куыд цӕуы?

6 «Амондджын у, Йегъовӕйӕ чи тӕрсы, йӕ фӕдзӕхстытӕ стыр циндзинад кӕмӕн хӕссынц, уыцы адӕймаг. Зӕххыл йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты тыхджын. Рӕстзӕрдӕ адӕм уыдзысты арфӕгонд» (Пс. 112:1, 2). Фыццаг стихы псаломзарӕггӕнӕг кӕны иу «адӕймаджы» кой, дыккаг стихы кӕрон та кӕны бирӕты, ома «рӕстзӕрдӕ адӕмы» кой. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ 112 псаломы дзырд цӕуы бирӕ адӕмы тыххӕй. Банысан кӕнын хъӕуы уый, ӕмӕ апостол Павел Псаломы 112:9 ныхӕстӕ ахаста фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕм. (Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 9:8, 9.) Куыд хорз ӕвдисы ацы псалом, Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕн абон дӕр сӕ бон кӕй у, ӕмӕ амондджын уой!

7. а) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ йӕ зӕрдӕхудты бацӕуынӕй цӕмӕн хъуамӕ тӕрсой? ӕ) Цы цӕстӕй кӕсыс Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм?

7 Псалом 112:1 бӕрӕг у, ӕцӕг чырыстӕттӕ амондджын кӕй сты, Йегъовӕйӕ кӕй тӕрсынц ӕмӕ йемӕ кӕй цӕуынц, уый тыххӕй. Йегъовӕйы зӕрдӕхудты бацӕуынӕй кӕй тӕрсынц, уый фӕрцы сӕхи хизынц Сайтаны дунейы зондӕй. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн «стыр циндзинад хӕссы» Фыстад ахуыр кӕнын ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусын. Хуыцауы фӕдзӕхстытӕй иу у Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕгас зӕххыл дӕр. Чырыстӕттӕ ӕппӕт адӕмыхӕттытӕй дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ фыдгӕнджыты дӕр фӕдзӕхсынц, Хуыцауы тӕрхоны бон кӕй ӕрӕввахс (Иез. 3:17, 18; Матф. 28:19, 20).

8. а) Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уый тыххӕй абон хорзӕхджын куыд цӕуынц? ӕ) Зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдонмӕ цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

8 Уыцы фӕдзӕхстытӕм хъусгӕйӕ Хуыцауы адӕм фылдӕр кӕнынц. Абон ӕгас дунейы дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты 7 милуанӕй фылдӕр. Йегъовӕйы адӕм зӕххыл кӕй стыхджын сты, ууыл чи не сразы уыдзӕн? (Иоан. 10:16; Рарг. 7:9, 14). Ӕмӕ Хуыцау йӕ фӕндон куы сӕххӕст кӕна, уӕд та цӕй стыр арфӕдзинӕдтӕ банкъардзысты! Зӕххыл чи цӕрдзӕн, уыдон куыд къорд, афтӕ «стыр бӕллӕхы» сӕрты ахиздзысты, цӕмӕй, «рӕстдзинад кӕм уыдзӕн», ахӕм «ног зӕхх» суой. Рӕстӕг куыд цӕуа, афтӕ, Армагеддоны чи фервӕзт, уыдоны Хуыцау ноджы фылдӕр арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн. Милуантӕ куы ӕгас кӕной, уӕд Хуыцауы адӕм сӕ размӕ цӕудзысты. Цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы разӕй! Хуыцауы «фӕдзӕхстытӕ стыр циндзинад кӕмӕн хӕссынц», уыдон ӕппынфӕстаг суыдзысты ӕххӕст ӕмӕ, «Хуыцауы хъӕбултӕн» цы сӕрибардзинад уыдзӕн, уымӕй ӕнустӕм зӕрдӕрухс уыдзысты (2 Пет. 3:13; Ром. 8:21).

Дӕ хъӕздыгдзинадӕй раст пайда кӕн

9, 10. Ӕцӕг чырыстӕттӕ сӕ «хъӕздыгдзинадӕй» куыд пайда кӕнынц ӕмӕ сӕ рӕстдзинад ӕнустӕм куыд уыдзӕн?

9 «Йӕ хӕдзары – хорздзинӕдтӕ ӕмӕ хъӕздыгдзинад. Йӕ рӕстдзинад уыдзӕн ӕнустӕм. Уый рӕстзӕрдӕ адӕмӕн рухсау ӕрттивы талынджы. Уый у хӕларзӕрдӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг» (Пс. 112:3, 4). Раджы заманты Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ афтӕ хъӕздыг уыдысты, ӕмӕ сӕ кой дардыл айхъуыст. Фӕлӕ Хуыцау разы кӕмӕй у, уыдон ӕндӕр хуызы дӕр сты хъӕздыг. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауы раз йӕхи чи ныллӕг кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ сты мӕгуыр ӕмӕ сӕм адӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕсынц. Йесойы рӕстӕджы дӕр мӕгуыр адӕммӕ раст ахӕм цӕстӕй кастысты (Лук. 4:18; 7:22; Иоан. 7:49). Фӕлӕ алкӕмӕндӕр – хъӕздгуытӕн дӕр ӕмӕ мӕгуыртӕн дӕр – сӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы цӕсты хъӕздыг уой (Матф. 6:20; 1 Тим. 6:18, 19; бакӕс Иаковы 2:5).

10 Сӕрст чырыстӕттӕ ӕмӕ се ’мбӕлттӕ сӕ «хъӕздыгдзинад» не ʹмбӕхсынц. Уыдон Сайтаны талынг дунейы «рӕстзӕрдӕ адӕмӕн рухсау ӕрттивынц» – ӕххуыс сын кӕнынц, цӕмӕй сын Хуыцауы зонындзинӕдтӕ ӕмӕ йӕ зонд пайда ӕрхӕссой. Знӕгтӕ архайынц, цӕмӕй Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕныны хъуыддаг ӕрлӕууын кӕной, фӕлӕ сын дзы ницы уайы. Уыцы рӕстаг хъуыддаг цы дыргъ хӕссы, уый уыдзӕн ӕнустӕм. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ дарддӕр дӕр рӕстдзинады фӕндагыл куы цӕуой ӕмӕ фидар куы уой, уӕд «уыдзысты ӕнустӕм».

11, 12. Хуыцауы адӕм сӕ исбонӕй куыд пайда кӕнынц?

11 Хуыцауы адӕм – сӕрст цагъары къорд ӕмӕ «тынг бирӕ адӕм» – сӕ рӕдаудзинад ӕвдисынц, сӕ исбон кӕй не ’вгъау кӕнынц, уымӕй. Псаломы 112:9 фыст ис: «Уый дӕтты рӕдауӕй, ӕххуыс кӕны мӕгуыртӕн». Абон ӕцӕг чырыстӕттӕ арӕх баххуыс кӕнынц се ’муырнджытӕн ӕмӕ ма, ӕххуысхъуаг чи у, суанг уыдонӕн дӕр. Искуы ӕрдзон бӕллӕх куы ’рцӕуы, ӕмӕ уый фӕстӕ цалцӕггӕнӕн куыстытӕ кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд чырыстӕттӕ фӕстӕ нӕ фӕлӕууынц, се ’ххуысы къух бадарынц. Ӕмӕ Йесо куыд загъта, афтӕмӕй адӕймаг амондджын уыцы хъуыддаджы фӕрцы дӕр вӕййы. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 20:35; 2 Коринфӕгтӕм 9:7.)

12 Ахъуыды-ма кӕн, цас ӕхца бахъӕуы, цӕмӕй ацы журнал 172 ӕвзагыл ныммыхуыр кӕной, уымӕн. Ацы ӕвзӕгтыл дзурӕг адӕмӕй бирӕтӕ цӕрынц мӕгуыр бӕстӕты. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ма цӕуы алыхуызон къухӕйамонгӕ ӕвзӕгтыл къуырматӕн, стӕй ма йӕ Брайлы шрифтыл мыхуыр кӕнынц куырмытӕн дӕр.

Хӕларзӕрдӕ ӕмӕ рӕстаг

13. Хӕларзӕрдӕдзинад ӕмӕ рӕдаудзинад ӕппӕты хуыздӕр чи равдыста ӕмӕ сӕ махӕн та нӕ бон куыд у фӕзмын?

13 «Хорз адӕймаг уый у, хӕларзӕрдӕ чи у ӕмӕ ӕфстау чи дӕтты» (Пс. 112:5). Ӕвӕццӕгӕн, сразы уыдзынӕ, адӕмӕн чи ӕххуыс кӕны, уыдон иууылдӕр хӕларзӕрдӕ кӕй не сты. Иуӕй-иутӕ уыцы хъуыддаг уымӕн фӕкӕнынц, цӕмӕй сӕ хъӕздыгдзинадӕй раппӕлой, кӕнӕ та уый фӕкӕнынц ӕвӕндонӕй. Ӕнӕрвӕссон цӕстӕй дӕм чи кӕсы кӕнӕ дыл былысчъилтӕ чи кӕны, уыцы адӕймаджы ӕххуыс дӕ уӕвгӕ хъӕугӕ дӕр нӕ кӕны. Фӕлӕ цас ӕхсызгондӕр вӕййы, хӕларзӕрдӕ адӕймаг дӕ цуры куы балӕууы, уӕд. Йегъовӕйы хуызӕн хӕларзӕрдӕ ӕмӕ амондджын Хуыцау нӕй (1 Тим. 1:11; Иак. 1:5, 17). Ацы хъуыддаджы Йегъовӕ Хуыцауы ӕппӕты хуыздӕр фӕзмыдта Йесо Чырысти (Марчы 1:40–42). Уӕдӕ нӕ цӕмӕй Хуыцау рӕстгӕнджытыл нымайа, уый тыххӕй хъуамӕ уӕм рӕдау ӕмӕ хӕларзӕрдӕ, уӕлдайдӕр та уацамынды адӕмӕн Йегъовӕйы базонынӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд.

14. Цавӕр хъуыддӕгты хъуамӕ архайӕм рӕстӕй?

14 «Уый йӕ алы хъуыддаджы дӕр архайы рӕстӕй» (Пс. 112:5). Развӕлгъау куыд уыди загъд, афтӕмӕй ӕууӕнкджын хӕдзармӕгӕсӕг Хицауы хъуыддӕгтыл тыхсы Йегъовӕйы рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ. (Бакӕс Лукайы 12:42–44.) Уый зыны, Фыстады бындурыл хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы амындтӕ ис лӕвӕрд, уыдонӕй. Хатт ӕмбырды исчи уӕззау тӕригъӕд куы ракӕны, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты бахъӕуы уыцы хъуыддаг равзарын. Цагъары рӕстдзинад ма бӕрӕг у, ӕмбырдтӕ, миссионерты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Вефилтӕ куыд хъуамӕ кусой, уый фӕдыл Библийӕ разамынд кӕй дӕтты, уымӕй. Ӕрмӕст хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ ма архайой рӕстӕй, фӕлӕ чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр – сӕ кӕрӕдзиимӕ, ӕнӕуырнджытимӕ, стӕй ма ӕхцайы хъуыддӕгты дӕр. (Бакӕс Михейы 6:8, 11.)

Рӕстгӕнджыты арфӕдзинӕдтӕ

15, 16. а) Ацы дунейы ӕвзӕр хабӕрттӕ рӕстгӕнджытыл куыд ӕндавынц? ӕ) Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕн сӕ фидар фӕнд цы у?

15 «Уый никуы фӕцуддзӕн. Рӕстгӕнӕджы нӕ ферох кӕндзысты ӕнустӕм дӕр. Уый ӕвзӕр хабӕрттӕй нӕ фӕтӕрсдзӕн. Йӕ зӕрдӕ у фидар, Йегъовӕйӕ ныфсджын. Йӕ зӕрдӕ у ӕнӕфӕцудгӕ, ницӕмӕй фӕтӕрсдзӕн ӕмӕ йе знӕгтӕм кӕсдзӕн сӕрыстырӕй» (Пс. 112:6–8). Раздӕр уыйбӕрц ӕвзӕр хабӕрттӕ зӕххыл никуы уыд фехъусӕн, зӕгъӕм, хӕстытӕ, фыддзинад, мӕгуырдзинад ӕмӕ терроризмы тыххӕй, стӕй ма ног низтӕ кӕй фӕзынд ӕмӕ зӕронд низтӕ кӕй ранӕуӕг сты, уый тыххӕй, иннӕ ахӕм, зӕхх куыд тынг сафынц, уый тыххӕй. Хуыцау рӕстгӕнджытыл кӕй нымайы, уыдоныл уыцы ӕвзӕр хабӕрттӕ ма бандавой, уымӕн гӕнӕн нӕй, фӕлӕ уӕддӕр сӕ ныфс нӕ сӕтты. Сӕ зӕрдӕтӕ сты «фидар» ӕмӕ «ӕнӕфӕцудгӕ», уымӕн ӕмӕ фидӕнмӕ кӕсынц ныфсджынӕй ӕмӕ зонынц, Хуыцауы ног рӕстаг дуне хӕстӕг кӕй у. Исты фыдбылыз сыл куы ’рцӕуы, уӕд та хъӕддых фӕлӕууынц, сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй фӕдарынц, уый руаджы. Хуыцау рӕстгӕнджыты фӕцудын нӕ бауадзы – бахъуаджы сахат сӕ фарс балӕууы ӕмӕ сын тых радты, цӕмӕй фидар лӕууой (Фил. 4:13).

16 Рӕстгӕнджытӕй ма се знӕгтӕ мӕнг ныхӕстӕ дӕр фӕкӕнынц ӕмӕ сыл адӕмы сардауынц. Фӕлӕ уыцы фыдхъуыддӕгтӕ ӕцӕг чырыстӕтты никуы баурӕдтой ӕмӕ сӕ никуы дӕр бауромдзысты. Уый бӕсты, Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ фӕндфидарӕй ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕйӕ ӕххӕст кӕнынц, Йегъовӕ сын сӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый – Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц ӕмӕ уыцы хабар йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдонӕй ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнынц. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕрон куыд ӕввахсдӕр кӕна, афтӕ рӕстгӕнджыты ныхмӕ карздӕрӕй цӕудзысты. Дуне Хуыцауы адӕмӕй йе сӕфт кӕй уыны, уый ӕппӕты тынгдӕр рабӕрӕг уыдзӕн, Сайтан Хӕйрӕг, Гог Магогы зӕххӕй, ӕгас зӕххыл дӕр знӕгты сӕ ныхмӕ куы ракӕна, уӕд. Уыцы рӕстӕг не знӕгтӕ састы бынаты баззайдзысты ӕмӕ сӕм мах кӕсдзыстӕм сӕрыстырӕй. Цӕй стыр диссаг уыдзӕн, Йегъовӕ йӕ ном куыд срухс кӕндзӕн, уый фенын! (Иез. 38:18, 22, 23).

«Сбӕрзонд уыдзӕн, скадджын уыдзӕн»

17. Рӕстгӕнджытӕ куыд «сбӕрзонд уыдзысты, скадджын уыдзысты»?

17 Хӕйрӕг ӕмӕ нӕ йӕ дуне куы нал хъыгдарой, уӕд нын Йегъовӕйы иумӕ кадджын кӕнын цӕй стыр циндзинад хӕсдзӕн! Хуыцауы раз рӕстӕй чи баззайа, уыдон Йегъовӕйы кадджын кӕндзысты ӕнустӕм. Уыдон нӕ фӕхӕрд уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, рӕстгӕнӕджы «сыкъа» кӕй «сбӕрзонд уыдзӕн, скадджын уыдзӕн» (Пс. 112:9). Рӕстгӕнджытӕ уӕлахизы зарӕг кӕндзысты, Йегъовӕйы хицаудзинады знӕгтӕ састы бынаты кӕй баззадысты, уый куы феной, уӕд.

18. 112 псаломы фӕстаг ныхӕстӕ куыд сӕххӕст уыдзысты?

18 «Фыдгӕнӕг уый фендзӕн ӕмӕ смӕсты уыдзӕн. Йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ атайдзӕн. Фыдгӕнджытӕн сӕ фӕндтӕй ницы рауайдзӕн» (Пс. 112:10). Хуыцауы адӕмы чидӕриддӕр хъыгдары, уыдон «атайдзысты» сӕ хӕлӕгдзинад ӕмӕ се ’нӕуынондзинадимӕ. Нӕ сӕфтмӕ чи бӕллы, уыдон дӕр ӕмӕ сӕ фӕндтӕ дӕр «стыр бӕллӕхы» фесӕфдзысты (Матф. 24:21).

19. Фидарӕй нӕ цы хъуамӕ уырна?

19 Цымӕ Хуыцауы стыр уӕлахиз йӕхи цӕстӕй чи фена, уыцы амондджын адӕмы ’хсӕн уыдзынӕ? Ӕви уыдзынӕ, Хуыцау кӕй райгас кӕна, уыцы «рӕстгӕнджыты» ’хсӕн – цалынмӕ Сайтаны дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ низы фыдӕй йе та зӕронды аххосӕй цардӕй чи фӕхъуыд, уыдоны ’хсӕн? (Ап. хъ. 24:15). Разыйы дзуапп уӕд ратдзынӕ, кӕд ӕмӕ Йесойы нывондыл ӕууӕндыс ӕмӕ Йегъовӕйы фӕзмыс, 112 псаломы рӕстгӕнӕгӕй ӕвдыст чи у, уыцы адӕмау. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:1, 2.) Йегъовӕ бацархайдзӕн, цӕмӕй ахӕм адӕм ӕмӕ сӕ раст хъуыддӕгтӕ макуы ферох уой. Йегъовӕ сӕ йӕ зӕрдыл дардзӕн ӕмӕ сӕ уарздзӕн ӕнустӕм (Пс. 112:3, 6, 9).

[фиппаинаг]

^ 5 абз. Ацы дыууӕ псаломӕй иу иннӕйы хъуыды кӕй дарддӕр кӕны, уый зыны, куыд арӕзт сты ӕмӕ дзы цы фыст ис, уымӕй. 111 псалом кадджын кӕны Хуыцауы миниуджытӕ. Ӕмӕ ахӕм миниуджытӕ та ӕвдисы, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыцы адӕймаг, йӕ кой цӕуы 112 псаломы. Уый фендзыстӕм, куы абарӕм Псалом 111:3, 4 ӕмӕ Псалом 112:3, 4.

Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн

• Цӕмӕн хъӕуы дзурын: «Аллилуйя»?

• Абон ӕцӕг чырыстӕттӕн циндзинад цавӕр хъуыддӕгтӕ хӕссынц?

• Йегъовӕ цавӕр адӕмы уарзы?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 25 фарсыл]

Цӕмӕй нӕ Хуыцау рӕстгӕнджытыл нымайа, уый тыххӕй хъуамӕ ӕууӕндӕм Йесойы тугныккалдыл

[Нывтӕ 26 фарсыл]

Мысайнӕгтӕ ӕххуыс кӕнынц цалцӕггӕнӕн куыстытӕн ӕмӕ нӕ литературӕ парахат кӕнынӕн