Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сфӕлдыстад дзурӕг у Йегъовӕйы ӕгӕрон зондыл

Сфӕлдыстад дзурӕг у Йегъовӕйы ӕгӕрон зондыл

Сфӕлдыстад дзурӕг у Йегъовӕйы ӕгӕрон зондыл

«Цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй, йӕ уыцы миниуджытӕ... бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты» (РОМ. 1:20).

1. Абон дунейы зонд бирӕтыл куыд ӕндавы?

ДЗЫРД «зонд» адӕм арӕх раст нӕ фембарынц. Адӕймаджы зондджын фылдӕр хатт фӕхонынц, бирӕ зонындзинӕдтӕ йӕм кӕй вӕййы, ӕрмӕст уый тыххӕй. Фӕлӕ ацы дунейы зондджынтӕн сӕ бон нӕу адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй бамбарой, цӕмӕн цӕрынц, уый. Чи сӕм хъусы, уыдоны «цыма уылӕнтӕ фӕраппар-баппар кӕнынц, афтӕ дыууӕрдӕм фӕкӕнынц ӕмӕ сӕ алыхуызон ахуырӕдты дымгӕтӕ фӕрахӕсс-бахӕсс кӕнынц куы иуырдӕм, куы иннӕрдӕм» (Еф. 4:14)

2, 3. а) Йегъовӕ «иунӕг зондджын» цӕмӕн у? ӕ) Хуыцауы зонд дунейы зондӕй цӕмӕй хицӕн кӕны?

2 Куыд тынг хицӕн кӕнынц уыдонӕй, ӕцӕг зондӕй чи схайджын вӕййы, уыцы адӕм! Уыцы ӕцӕг зонд цӕуы Йегъовӕ Хуыцауӕй. Библи нын дзуры, «иунӕг зондджын» Йегъовӕ кӕй у (Ром. 16:27). Уый Дун-дунейы тыххӕй ӕппӕт дӕр зоны – зоны куыд конд у ӕмӕ дзы алцыдӕр куыд фӕзынд. Ахуыргӕндтӕ иртасӕн куыстытӕ фӕкӕнынц физикон закъӕттӕм гӕсгӕ. Уыцы закъӕттӕ та иууылдӕр сфидар кодта Йегъовӕ. Уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ нӕ дис кӕны, адӕм ногӕй цы ’рымысынц, ууыл дӕр ӕмӕ сӕ философийы «бӕрзонд хъуыдытыл» дӕр, ома сӕ зондджын ныхӕстыл дӕр. «Ацы дунейы зонд Хуыцауы цӕсты у ӕнӕзонддзинад» (1 Кор. 3:19).

3 Библи нын дзуры, Йегъовӕ кӕй дӕтты зонд йӕ лӕггадгӕнджытӕн (Ӕмб. 2:6). Адӕмы зондджын ныхӕстӕй уӕлдай Хуыцауы зонд ӕбӕлвырд ӕмӕ зынӕмбарӕн нӕу. Уый ’вдисы, алцӕуылдӕр лӕмбынӕг хъуыды кӕнын кӕй хъӕуы ӕмӕ ӕнцайы бӕлвырд зонындзинӕдтӕ ӕмӕ ӕмбаргӕдзинадыл. (Бакӕс Иаковы 3:17.) Апостол Павел Йегъовӕйы ӕгӕрон зонды тыххӕй загъта ахӕм ныхӕстӕ: «О, куыд ӕнӕкӕрон сты Хуыцауы хорздзинӕдтӕ, йӕ зонд ӕмӕ йӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ йын чи раиртасдзӕн йӕ хъуыддӕгтӕ!» (Ром. 11:33). Йегъовӕйӕ зондджындӕр кӕй ничи ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ фидарӕй уырны, йӕ закъӕттӕ нӕ кӕй кӕнынц ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, Йегъовӕйӕ хуыздӕр ӕй чи зоны, цӕмӕй амондджын уӕм, уымӕн нӕ цы хъӕуы, уый? (Ӕмб. 3:5, 6).

Йесо у «дӕсны кусӕг»

4. Йегъовӕйы зонд цӕмӕй бӕрӕг у?

4 Йегъовӕйы зонд, стӕй ма йӕ иннӕ диссаджы миниуджытӕ дӕр, бӕрӕг сты йе сконд хъуыддӕгты. (Бакӕс Ромӕгтӕм 1:20.) Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый зыны цы сфӕлдыста, уыдӕтты: ӕппӕты стырдӕрӕй райдай ӕмӕ ӕппӕты гыццылдӕрӕй фӕу. Цӕмӕфӕнды ма кӕсӕм – нӕ сӕрмӕ цы цъӕх арв ис, уый уа ӕви, нӕ къӕхты бын цы зӕхх ис, уый – алцыдӕр дзурӕг у, иунӕг зондджын ӕмӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг кӕй ис, ууыл. Йӕ къухты скондмӕ йын лӕмбынӕг куы кӕсӕм, уӕд Хуыцауы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ базондзыстӕм (Пс. 19:1; Ис. 40:26).

5, 6. а) Йегъовӕйӕн Дун-дуне сфӕлдисынӕн чи ’ххуыс кодта? ӕ) Нӕ ныхас цӕуыл уыдзӕн ӕмӕ цӕмӕн?

5 Йегъовӕ Хуыцау «арв ӕмӕ зӕхх» иунӕгӕй не сфӕлдыста (Райд. 1:1). Библи дзуры, Хуыцау Дун-дуне сфӕлдисынӕй бирӕ раздӕр кӕй сфӕлдыста уӕлӕрвон удгоймаджы, ӕмӕ «ӕппӕт дӕр уый ӕххуысӕй» кӕй фӕзынд. Уыцы уӕларвон удгоймаг уыд Хуыцауы иунӕггуырд Фырт – «Хуыцау цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕй фыццаг». Фӕстӕдӕр уый цард зӕххыл, куыд адӕймаг, афтӕ, ӕмӕ хуынди Йесо (Кол. 1:15–17). Йегъовӕйау Йесо дӕр у стыр зонды хицау. Ӕмбисӕндты 8-ӕм сӕры Йесо дзуры зонды номӕй. Уыцы сӕры ма фыст ис, Йесо кӕй у Хуыцауы «дӕсны кусӕг» (Ӕмб. 8:12, 22–31).

6 Уӕдӕ, цӕстӕй фенӕн цӕмӕн ис, уымӕй зыны, Йегъовӕмӕ дӕр ӕмӕ йӕ Дӕсны кусӕг Йесомӕ дӕр кӕй ис ӕгӕрон зонд. Ӕрдзмӕ кӕсгӕйӕ нӕхицӕн зондӕн бирӕ цыдӕртӕ райсдзыстӕм. Аныхас кӕнӕм, «ӕрдзӕй зондджын» чи у, цыппар ахӕм цӕрӕгойыл, сӕ кой ис Ӕмбисӕндты 30:24–28 *.

Куыстуарзаг цӕрӕгой – фӕзминаг махӕн

7, 8. Мӕлдзгуыты цардӕй дӕм дисссаг цы кӕсы?

7 Зӕххыл ӕппӕты гыццылдӕр цӕрӕгойтӕ дӕр цыхуызӕн сты ӕмӕ цы аразынц, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд сӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдзыстӕм. Нӕ хъус ӕрдарӕм, зӕгъӕм, мӕлдзгуытӕм – ӕрдзӕй зондджын цӕрӕгойтӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндты 30:24, 25.)

8 Ахуыргӕндтӕй иуӕй-иутӕ куыд зӕгъынц, афтӕмӕй зӕххыл мӕлдзгуытӕ адӕмӕй 200 мин хатты фылдӕр сты. Мӕлдзгуытӕй алкӕцы дӕр уӕззау куыст кӕны – чи зӕххы уӕлцъар, чи та зӕххы бын. Мӕлдзгуытӕ дих вӕййынц стыр къордтыл, ома колонитыл. Уыцы стыр къордтӕн сӕ фылдӕры вӕййы ӕртӕ хуызы мӕлдзгуытӕ: сылтӕ, нӕлтӕ ӕмӕ кусӕг мӕлдзгуытӕ. Уыдонӕй алчидӕр кӕны йӕхи куыст. Хуссар Америкӕйы цӕры сыфтӕрлыггӕнӕг мӕлдзгуытӕ. Схонӕн сӕ ис диссаджы дыргъдонгӕстӕ. Уыдонӕн зӕххы бын ис зокъоты быдыртӕ. Цӕмӕй фылдӕр тыллӕг сисой, уый тыххӕй зокъотыл фӕкӕнынц хъацӕнтӕ, сӕ бынат сын рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ аивынц, стӕй сӕ фехсӕдынц. Ахуыргӕндтӕ сбӕрӕг кодтой, зӕгъгӕ, ацы диссаджы дыргъдонгӕстӕ самал кӕнынц растдӕр уыйбӕрц хӕринаг, цӕмӕй сӕ къорды фаг суа. Фыргуыст дӕр нӕ кӕнынц ӕмӕ ӕвдӕлонӕй дӕр нӕ бадынц – сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутыл ауӕрдынц *.

9, 10. Нӕ бон куыд у, ӕмӕ мӕлдзгуыты хуызӕн куыстуарзаг уӕм?

9 Мах бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнӕм мӕлдзгуытӕй. Цӕмӕй нӕ къухы истытӕ бафта, уый тыххӕй мах дӕр хъуамӕ зӕрдӕбынӕй кусӕм. Библи нын дзуры: «Ацу, зивӕггӕнаг, мӕлдзыгмӕ. Бакӕс, куыд кусы, уымӕ, ӕмӕ дзы дӕхицӕн зонд райс. Уымӕн нӕдӕр хицау ис, нӕдӕр уынаффӕгӕнӕг, нӕдӕр цӕстдарӕг, фӕлӕ сӕрдыгон фӕцӕттӕ кӕны йӕхицӕн хӕринаг, хуымгӕрдӕнты афон фембырд кӕны хойраг» (Ӕмб. 6:6–8). Йегъовӕ дӕр ӕмӕ йӕ Дӕсны кусӕг Йесо дӕр сты куыстуарзаг. «Мӕ Фыд ныронг дӕр фыдӕбон кӕны, ӕмӕ ӕз дӕр фыдӕбон кӕнын»,– загъта Йесо (Иоан. 5:17).

10 Хуыцау ӕмӕ нӕ Йесо Чырыстийы фӕзмын кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ мах дӕр хъуамӕ куыстуарзаг уӕм. Хуыцауы организацийы ныл цавӕрфӕнды хӕстӕ ма уа, уӕддӕр хъуамӕ «бирӕ фыдӕбон кӕнӕм Хицауы хъуыддаджы» (1 Кор. 15:58). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъус ӕрдарӕм, Павел Ромы чырыстӕттӕн цы уынаффӕ радта, уымӕ: «Уӕ хъуыддаджы зивӕггӕнаг ма ут. Уӕ удӕй арт уадзут. Йегъовӕйӕн цагъартау лӕггад кӕнут» (Ром. 12:11). Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕнгӕйӕ нӕ фыдӕбон дзӕгъӕлы никуы фӕуыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нын Библи зӕрдӕ ӕвӕры: «Хуыцау мӕнгард Хуыцау нӕу, ӕмӕ уын нӕ ферох кӕндзӕн уӕ фыдӕбон ӕмӕ, йӕ номмӕ цы уарзондзинад равдыстат, уый» (Дзут. 6:10).

Куыд хъахъхъӕнӕм нӕхи

11. Радзур хӕххон даманты тыххӕй.

11 Зондӕн ма бирӕ цыдӕртӕ ис райсӕн иу гыццыл цӕрӕгойӕ – хӕххон даманӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндты 30:26.) Уый цӕмӕйдӕр у стыр тӕрхъусы хуызӕн, фӕлӕ йын ис гыццыл, тымбыл хъустӕ ӕмӕ цыбыр къӕхтӕ. Ацы гыццыл цӕрӕгой цӕры къӕдзӕхджын рӕтты. Хорз кӕй уыны, уый йын стыр ӕххуыс у. Хуыккӕмттӕ ӕмӕ йын хӕхты цъассытӕ сты хорз ӕмбӕхсӕн бынӕттӕ тугдзых цӕрӕгойтӕй. Дамантӕ цӕрынц стыр къордтӕй ӕнгом бинонтау. Иумӕ кӕй вӕййынц, уымӕ гӕсгӕ сын у ӕдасдӕр ӕмӕ зымӕджы та хъарм *.

12, 13. Хӕххон даманӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Хӕххон даманӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фыццаг уый, ӕмӕ уыцы цӕрӕгой у къӕрцхъус ӕмӕ тӕссаг уавӕртӕй йӕхи хизы. Хорз кӕй уыны, уымӕ гӕсгӕ тугдзых цӕрӕгойты дардмӕ дӕр ауыны ӕмӕ йӕхи бааууон кӕны. Даман фылдӕр хатт фӕлӕууы хуыккӕмттӕм ӕмӕ хӕхты цъассытӕм хӕстӕг ӕмӕ, истӕмӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд уайтагъд уым амбӕхсы. Уыйау мах дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уӕм, цӕмӕй фиппайӕм, Сайтаны дуне нын цы къӕппӕджытӕ ӕвӕры, уыдон. Апостол Петр чырыстӕтты фӕдзӕхста: «Къӕрцхъус ут, ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ уе знаг, Хӕйрӕг, богътӕгӕнаг домбайау разил-базил кӕны ӕмӕ агуры, кӕй аныхъуыра» (1 Пет. 5:8). Йесо зӕххыл куы царди, уӕд ӕппынӕдзух уыд къӕрцхъус, ӕмӕ кӕд Сайтан архайдта, цӕмӕй йӕ фӕрӕдийын кодтаид, уӕддӕр йӕ къӕппӕджы никуы бахауд (Матф. 4:1–11). Ӕвӕдза, цӕй хорз цӕвиттон ныууагъта Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн!

13 Цӕмӕй къӕрцхъус уӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы пайда кӕнын, Йегъовӕ нын нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнынӕн цы дӕтты, ӕппӕт уыдӕттӕй. Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнынмӕ ӕмӕ ’мбырды фембӕлдтӕм цӕуынмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй (Лук. 4:4; Дзут. 10:24, 25). Ӕмӕ дамантӕ стыр къордтӕй ӕнгом бинонтау куыд цӕрынц, афтӕ мах дӕр хъӕуы нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ хӕстӕг-хионы цард кӕнын, цӕмӕй «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй фидар уӕм» (Ром. 1:12). Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ хъахъхъӕна, уый тыххӕй хъуамӕ кӕнӕм, цы нын дзуры, уый. Афтӕмӕй ӕвдисдзыстӕм, псаломзарӕггӕнӕг Давиды ныхӕстимӕ разы кӕй стӕм: «Йегъовӕ у мӕ айнӕг къӕдзӕх, мӕ фидар мӕсыг ӕмӕ мӕ Ирвӕзынгӕнӕг. Мӕ Хуыцау у мӕ къӕдзӕх» (Пс. 18:2).

Нӕ ныхмӕ цӕуынц, фӕлӕ стӕм фидар

14. Кӕд иу мӕтых цӕсты нӕ ахады, уӕд мӕтыхы ’фсадӕй та цы зӕгъӕн ис?

14 Хорз цӕвиттон ма нын у мӕтых дӕр. Адӕймаг дзы иу куы фена (йӕ дӕргъ у 5 сантиметры бӕрц), уӕд ӕй, чи зоны, ӕппындӕр мацӕмӕ ’рдара, фӕлӕ мӕтыхы ӕнӕхъӕн ӕфсадӕй уый зӕгъӕн нӕй. (Бакӕс Ӕмбисӕндты 30:27.) Ацы сасчъытӕ тынг ӕнӕфсис сты. Къордтӕ-къордтӕй куы ратӕхынц, уӕд цӕттӕ хуымтӕ цӕстыфӕныкъуылдмӕ сгӕмӕх кӕнынц. Сасчъытӕ, уыимӕ мӕтых дӕр, куы ’рбацӕйхӕццӕ кӕнынц, уӕд, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй сӕ уынӕр вӕййы уӕрдӕтты гыбар-гыбуры ӕмӕ, арт хус хъӕмпыл сирвӕзгӕйӕ куыд фӕкъӕрцц-къӕрцц кӕны, раст уый хуызӕн (Иоил 2:3, 5). Мӕтыхы ’фсад бауромыны тыххӕй адӕм ссудзынц арт, фӕлӕ уымӕй арӕх ницы пайда вӕййы. Цӕуылнӕ? Мӕтыхӕй чи басудзы, уыдон арты ныххауынц ӕмӕ куыдфӕстагмӕ арт ныххуыссы, удӕгасӕй дзы чи баззайы, уыдон та дарддӕр размӕ фӕцӕуынц. Кӕд сын паддзах кӕнӕ раздзог нӕй, уӕддӕр мӕтых фӕархайы хорз ахуыргонд ӕфсадау ӕмӕ йӕ бауромын ницы фӕразы * (Иоил 2:25).

15, 16. Паддзахады хъусынгӕнджытӕ абон мӕтыхы хуызӕн куыд сты?

15 Пехуымпар Иоил Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты абарста мӕтыхимӕ. Уый ныффыста: «Уыдон згъорынц хъомысджын адӕмау, ӕфсӕддонтау къултыл сбырынц. Алчи дӕр сӕ цӕуы йӕхи фӕндагыл ӕмӕ никуыдӕм фӕзилы. Кӕрӕдзи нӕ хъыгдарынц, ӕмӕ тыхджын нӕлгоймаг куыд цӕуы, афтӕ цӕуынц. Ӕмӕ сӕ кӕд искӕуыл фат сӕмбӕлы ӕмӕ ӕрхауы, уӕддӕр иннӕтӕ сӕ фӕндаджы кой фӕкӕнынц» (Иоил 2:7, 8).

16 Куыд хорз зыны ацы пехуымпарадӕй, абон Хуыцауы Паддзахады хъусынгӕнджытӕ куыд архайынц, уый! Сӕ ныхмӕ куыдфӕнды ма цӕуой ӕмӕ сын сӕ разы цыфӕнды «къул» ма самайой, уӕддӕр сын уый сӕ хъуыддаг нӕ бауромдзӕн. Уыдон фӕзмынц Йесойы. Уый та фӕндфидарӕй ’ххӕст кодта Хуыцауы фӕндон, кӕд дзы бирӕтӕ се сӕфт уыдтой, уӕддӕр (Ис. 53:3). Кӕд чырыстӕттӕй кӕуылдӕрты «фаттӕ» сӕмбӕлд ӕмӕ сӕ дины тыххӕй хъизӕмайраджы мӕлӕтӕй амардысты, уӕддӕр хъусын кӕныны хъуыддаг не ’рлӕууыд ӕмӕ Паддзахады хъусынгӕнджытӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц. Ӕцӕгдӕр, чырыстӕтты ныхмӕ-иу кӕй цыдысты, уый фӕрцы-иу хорз хабар фехъуыстой бирӕ адӕм. Хъуыддаг-иу афтӕ куы нӕ рауадаид, уӕд-иу уыцы адӕммӕ хорз хабар, чи зоны, ӕмӕ нӕдӕр бахӕццӕ уыдаид (Ап. хъ. 8:1, 4). Ды дӕр уацамынды мӕтыхау хъӕддыхӕй фӕархайыс, адӕм дӕм уазал цӕстӕй куы фӕкӕсынц ӕмӕ дӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд дӕр? (Дзут. 10:39).

«Хорз цы у, ууыл... фидар хӕцут»

17. Гекконы къӕхтӕ лӕгъз царыл дӕр цӕмӕн ныхӕсынц?

17 Афтӕ зыны, цыма гыццыл гӕккуыри гекконмӕ зӕххы химӕлвасыны закъон ӕппындӕр ницы бар дары. (Бакӕс Ӕмбисӕндты 30:28.) Ахуыргӕндтӕ тынг дис кӕнынц, ацы гыццыл цӕрӕгой къултыл ӕмӕ суанг лӕгъз царыл дӕр куыд цӕрдӕг рауай-бауай кӕны ӕмӕ бынмӕ куыд нӕ хауы. Цымӕ йын уый куыд уайы? Гекконӕн йӕ къӕхты ’нгуылдзтыл ӕндӕдзаг буаргъӕд нӕй. Фӕлӕ йе ’нгуылдзты бынтыл ис мингай къуызыртӕ. Уыдон сты лыстӕг хъуынты хуызӕн. Ацы къуызыртӕ ӕвӕрд сты хӕдзарӕмбӕрзӕн дуртӕ кӕрӕдзийыл рӕнхъгай куыд ӕвӕрд вӕййынц, афтӕ. Алы къуызырыл дӕр ис сӕдӕгай лыстӕг тӕгтӕ – сӕ кӕрӕттӕ сты тъӕпӕн. Ӕппӕт уыцы тӕгтӕ кӕрӕдзимӕ цы тых ӕлвасы (межмолекулярные силы), уый фаг у, цӕмӕй геккон бынмӕ ма хауа, суанг авгыл сӕрбынмӕ куы фӕрауай-бауай кӕны, уӕд дӕр! Уый ахуыргӕндты тынг бацымыдис кодта, ӕмӕ сӕ фӕнды, гекконӕн йӕ ’нгуылдзтӕ куыд арӕзт сты, уымӕ гӕсгӕ исты ахӕм ӕрхъуыды кӕнын, цӕмӕй цыфӕндыдӕр цӕуылфӕндыдӕр фидар хӕца ӕмӕ ма хауа *.

18. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хорз цы у, ууыл ӕппынӕдзухдӕр фидар хӕцӕм?

18 Цӕуыл ахуыр кӕнӕм гекконӕй? Библи нын дзуры: «Ӕвзӕрдзинадӕй уе сӕфт уынут, хорз цы у, ууыл та фидар хӕцут» (Ром. 12:9). Сайтаны дунейы зианхӕссӕг ӕндӕвдад ныл гӕнӕн ис, афтӕ фӕзына, ӕмӕ Хуыцауы уагӕвӕрдтыл фидар мауал хӕцӕм. Зӕгъӕм, Хуыцауы закъӕттыл йӕхи чи нӕ бӕтты, уыдонимӕ куы лымӕн кӕнӕм, скъолайы уа ӕви куысты, стӕй Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм хиирхӕфсӕнтӕ куы ’взарӕм, уӕд нӕ, гӕнӕн ис, хорздзинад аразын мауал фӕнда. Хуыцау нӕ уымӕй бахизӕд! Хуыцауы Ныхас нӕ фӕдзӕхсы: «Дӕхимӕ зондджын ма кӕс» (Ӕмб. 3:7). Уый бӕсты байхъус, рагзаманты Моисей Хуыцауы адӕмӕн цы зондджын уынаффӕ радта, уымӕ: «Хъуамӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ тӕрсай, хъуамӕ уымӕн лӕггад кӕнай, хъуамӕ ууыл уай ӕнувыд, [комк. «ууыл баныхӕсай»]» (Дык. з. 10:20). Нӕхи Йегъовӕйыл куы «ныхасӕм», ӕнувыд ыл куы уӕм, уӕд уымӕй фӕзмдзыстӕм Йесойы. Уый тыххӕй та Библийы ис фыст: «Ды бауарзтай рӕстдзинад, фыддзинадӕй та де сӕфт федтай» (Дзут. 1:9).

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм сфӕлдыстадӕй

19. а) Йегъовӕйы миниуджытӕй ды цавӕртӕ бафиппайдтай йе сконд хъуыддӕгты? ӕ) Хуыцауы зонд нын цы пайда у?

19 Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕйы миниуджытӕ ирдӕй зынынц йе сконд хъуыддӕгтӕй ӕмӕ, цы сфӕлдыста, уыдон нын сты хорз зондзонӕнтӕ. Йегъовӕйы хъуыддӕгты тыххӕй цас фылдӕр базонӕм, уыйас тынгдӕр бадис кӕнӕм, цӕй стыр зонды хицау у, ууыл. Хуыцауы зондмӕ нӕ хъус лӕмбынӕг куы дарӕм, уӕд абон уыдзыстӕм амондджындӕр ӕмӕ фидӕны та хъахъхъӕд уыдзыстӕм (Еккл. 7:12). О, уӕд нӕхиуыл ӕцӕгдӕр бавзардзыстӕм, Ӕмбисӕндты 3:13, 18 ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый: «Амондджын у, зонд чи ссардта ӕмӕ арфуынӕг чи сси, уыцы адӕймаг, чи йыл ныххӕцы, уыдонӕн у царды бӕлас, ӕмӕ йыл фидар чи хӕцы, уыдоны схондзысты амондджын».

[Фиппаинӕгтӕ]

^ 6 абз. Фиппаинӕгты амынд статьятӕ уӕлдай цымыдисаг уыдзысты ӕрыгӕттӕн. Уыцы журналтӕй цы базоной, уый сӕ бон уыдзӕн радзурын, ацы статья ӕмбырды куы ’взарӕм, уӕд.

^ 8 абз. Сыфтӕрлыггӕнӕг мӕлдзгуыты тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг ис журнал «Райхъал ут!»-ы 1997 азы 22 мартъийы, 31 ф., (уыр.) ӕмӕ 2002 азы 22 майы, 31 ф., (уыр.).

^ 11 абз. Хӕххон даманты тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг ис журнал «Райхъал ут!»-ы, 1990 азы 8 сентябры, 15, 16 ф., (англ.).

^ 14 абз. Мӕтыхы тыххӕй фылдӕр бакӕсӕн ис 1996 азы 15 июлы «Хъхъахъхъӕнӕн мӕсыг»-ы, 23 ф., (уыр.) ӕмӕ 1976 азы 22 октябры «Райхъал ут!»-ы, 11 ф., (англ.)

^ 17 абз. Гекконы тыххӕй фылдӕр ӕрмӕг ис 2008 азы апрелы «Райхъал ут!»-ы, 26 ф., (уыр.)

Бахъуыды кодтай?

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм...

• мӕлдзыгӕй?

• хӕххон даманӕй?

• мӕтыхӕй?

• гекконӕй?

[Фарстатӕ ахуыр кӕнынӕн]

[Ныв 16 фарсыл]

Сыфтӕрлыггӕнӕг мӕлдзыгау куыстуарзаг дӕ?

[Нывтӕ 17 фарсыл]

Дамантӕ къордтӕй ӕнгом бинонтау кӕй цӕрынц, уый фӕрцы сты ӕдас. Ды дӕр чырыстон ӕмбырдыл фидар хӕцыс?

[Нывтӕ 18 фарсыл]

Мӕтыхау чырыстӕттӕ дӕр хъӕддыхӕй архайынц

[Ныв 18 фарсыл]

Геккон лӕгъз къулыл дӕр куыд баныхӕсы, афтӕ чырыстӕттӕ та баныхӕсынц, хорз цы у, ууыл

[Барлӕвӕрдӕй]

Stockbyte/​Getty Images